поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
3. АМРАН, БАДЫРИ ÆМÆ МЫСЫРБИ
Автор: 00mN1ck / 14 октября 2007 / Категория: Даредзанты кадджытæ
Амран, Бадыри æмæ Мысырби æртæ æфсымæры уыдысты. Иу бон куы уыди, уæд загътой:
— Цæй æмæ фос фæкæнæм.
Ацыдысты Тарахъай быдырмæ æмæ бирæ фос бæхтæ, хъомтæ ссардтой æмæ сæ тæрын байдыдтой. Баталынг сыл фæндагыл; иу лæгæт ссардтой, бацыдысты уырдæм æмæ уым бафысым кодтой. Райсом куы сбонис æмæ куы ракастысты, уæд загътой:
— Ай лæджы сæр куы у æмæ йæ цæстыл куы 'рбацыдыстæм, уæд цы диссаг у?
Даредзантæ ахæм адæм уыдысты æмæ-иу хуыцаумæ куы скуывтой, уæд кæй куырдтой, уый сын-иу æцæг кодта. Стæй уыдон хуыцаумæ скуывтой:
— Æхсæв кæм фестæм уыцы лæджы нын сæгас кæн афтæмæй, æмæ къуылых æмæ куырм куыд уа.
Хуыцау æй райгас кодта Даредзанты куывдæй æмæ уыцы лæг фестади бæрзонд хохы хуызæн, куырм æмæ къуылыхæй. Уыдон дзы фæтарстысты æмæ дарддæр алыгъдысты. Стæй уыцы лæг', хохы хуызæнæй чи сыстад, уый сын загъта:
— Даредзантæ, сымах хуыцауæй кæй курат, уый кæй уыдзæни, уый зонын, æмæ мæ сымах йедтæмæ ничи райгас кодтаид. Тæрсгæ миййаг ма фæкæнут — кæнгæ уын ницы кæндзынæн, фæлæ уæ курын, мæ цæсты рухс мын мæ бар ауадзут.
Ракæсын æй кодтой. Даредзантæ ставд адæм нæ уыдысты, æмæ йæ куы ракæсын кодтой, уæд сæм акасти æмæ сын загъта:
— Уæ, куыд лыстæг адæм стут! Уыдон загътой:
— Нæ зæрдæйæ махæй гуымирыдæр нæй. Уый загъта:
— Фалæ-ма, уæ фæндаггæгтæ мæм æрбадæттут!
Уыдон бацыдысты æмæ æртæйæ цы дзæгъадойнаг дур æрбатылдтой, уый йæм балæвæрдтой. Байста йæ йæхимæ æмæ сын загъта: — Уæ, бецаутæ! Куыд рæуæг у! Гъеуымæй цæрут? Уыцы лыстæг дæр уымæн кæнут!
Уый фæстæ æрбаууæрста дур йæ къухы мидæг, къæлуайы хуызæн, æмæ сын загъта:
— Амæй сой куы нæ лæдæрсы! Уæдæ уыцы лыстæг дæр уымæн кæнут; гъе нырма бæласы мæрайæ мæ хæринаг дæр райсут æмæ йæ фенæм.
Райстой йын йæ хæринаг æмæ æппындæр цы хойраджы мыггаг уыди, уый нæ зыдтой:
— Гъе! Нырмауымæ хъахъхъæнут, кæддæра дзы сой алæдæрса? Кæсынц æм: æрбалæмæрстытæ йæ кодта — афтæмæй дзы дыууæ мнркъайы сой алæдæрсти.
— Хæринаг ахæм вæййы, кæннæуæд сымах цæмæй сыставд уат? Уый фæстæ акаст æмæ хуымы æмæ уыгæрдæны арæнтæ куы федта, уæд загъта:
— Уыдон та цы сты? Уыдон ын загътой:
— Алчи йе 'фсымæримæ, йæ фыдимæ уары, афтæмæй алкæмæн йæ зæхх дæр уарæм æмæ ауæдзтæ уымæн сты.
— Уæ, уæ-ууæй! Ныры цардæй мæлæт хуыздæр у! Кæд алчи йæ фыдимæ, йе 'фсымæримæ уарын байдыдта, уæд мæлæт хорз у!
Уыцы рæстæджы æстæмбын быдыр уыди æмæ йыл фаджыс кодтой. Стæй уыдон хъулæттæм куы акаст, уæд загъта:
— Уыдон та цытæ сты?
— Уыдон? Уыдон алчи йæ хуымыл фаджыс кæны æмæ фаджы-симæ куы схæццæ уа, уæд дзы хор хуыздæр зайы.
— О, уæ-ууæй! Алчи йæ лæх фæстæмæ хæрын куы байдыдта, ауадзут, мауал мæ кæсын кæнут.
— Хуыцауты 'хуыцау, куыд стæгдар уыди, афтæ та йæ фæкæ!— загътой уыдон.
Куыд уыди, афтæ та фестади, ныххæррæгъ и. Даредзантæ загътой:
— Цæй, ацы стæгдаримæ кæдмæ бадæм? Фæцæуæм æмæ искуы фос фæкæнæм!
Ацыдысты æмæ цæуын байдыдтой. Дæлæ быдырмæ акастысты æмæ иу дынджыр адаргъ вæййы æмæ та æрбатымбыл вæййы. Амран тыхгæнæг æмæ тыхагур кæм нæ уыди.
— Æз уый куы нæ басгарон, уæд æй нæ ныууадздзынæн. Бадыри дæр ма йæ æмхуызон лæг уыди, Мысырби та æвзæрдæр
уыд, фæлæ уæддæр семæ цыд. Бадыри афтæ зæгъы:
— Амран, Амран, æз дæр де 'мдых, де 'фсымæр дæн, фæлæ йæ куы ныууадзиккам, кæннæуæд нын куы батых кæна.
Амран загъта:
— Æппындæр мæнæн хос нæй æнæ йæ басгарын.
Амраны коммæ бакастысты æмæ ацыдысты. Куы йæм бахæстæг сты, уæд сæм йæхи æрбауагъта. Акастысты йæм æмæ дын уый та зариаг калм. Бадыри загъта:
— Гъеныр раны фестæм!
Æрбауагъта йæхи зариаг калм æмæ Амраны аныхъуырдта. Иннæ дыууæ æфсымæры алыгъдысты. Æмæ ныхъхъæр кодта Бадыри:
— Амран, Амран! Даредзантæ сæ фæдджибын хæрынкъа дарынц æмæ уый ма ферох уæд.
Амран дæр калмы гуыбыны уыцы хæрынкъа фелвæста, йæ хуылфыдзауматæ йын кæрдын байдыдта. Калм дæр йæхинымæры змæлы, йæ гуыбын риссын куы байдыдта, уæд. Дыууæ æфсымæры йæм кæсынц дæрддзæфæй.
Зариаг калм зæгъы:
— Æрдæбон иу дзынга аныхъуырдтон æмæ уæдæй нырмæ мæ гуыбын куы риссы, уæд ын цы кæнон?
Афтæмæй йæ сæрæн нал уыди калм æмæ амарди. Уалынджы йæм Мысырби æмæ Бадыри дæр бахæццæ сты.
— Амран, кæд ма дæ сæрæн дæ, уæд ын йæ тæн райгæрд æмæ уырдыгæй рацу.
Райгæрста йын йæ тæн æмæ уырдыгæй ралæст Амран. Хæрзлæгуын сси Амран калмы гуыбыны. Дыууæ æфсымæры дзы фæтарстысты æмæ уæртæ фæлидзынц. Амран сæм дзуры:
— Ма тæрсут мæнæй, марджы тæфæй ныллæгуын дæн. Æрлæууыдысты йæм æмæ загътой:
— Цы хос ма йын скæнæм?
Фæлæ Даредзантæ уыдысты æмæ сæ амонд бирæ уыди. Дыууæ хъæуы ма сæ цæуын хъуыди дарддæр, Æхсæртæккатæн уым сæндон уыди. Уым цæхæрадоны куы ныххуыссыдысты, уæд æртæ бæлоны æрбадтысты бæласы сæр:
— Амран, Амран! Райсом хурыскæсæны æппæты фыццаг хур цы фæткъуымæ бакæса, уымæй хæдæзгъæлгæйæ раздæр чи 'рхауа, уый бахæр æмæ та дыл хъуын разайа.
Амран раджы сыстад æмæ хæрзлæгуынæй уыцы бæласы бын дзой-дзой кæны. Уалынмæ æппæты фыццаг хур цы фæткъуымæ бакасти, уымæй иу фæткъуы æрхауди; Амран ыл йæхи ныццавта æмæ йаз бахордта. Раздæр ыл 'цы хъуын уыди, уымæй 'йыл хуыздæр хъуын рацыд. Даредзанты амонд бирæ куыд нæ уыди?! Уырдыгæй та араст кодтой:
— Мах æнæ фос фæкæнгæ нæ ныууадздзыстæм. Ацыдысты, цæуын байдыдтой æмæ сыл быдыры астæу баталынги. Æрбадтысты, сæ фæндаггæгтæ систой, кæрдзын бахæрæм, зæгъгæ.
— Дон нын чи æрбахæсса?
Æвзæр Мысырби, цыма истæмæн бæззыди, уыйау афтæ зæгъы:
— Æз æрбахæсдзынæн!
Доны былыл сбадти æмæ матара донмæ дары. Уæларвæй Пакъондзы йæхи рауагъта æмæ Мысырбийы йæ ныхтæ ныссагъта æмæ йæ сфардæг кодта уæларвмæ. Уæд Бадыри афтæ зæгъы:
— Амран, Мысырби нын куыд æрæгмæ цæуы, — зæгъгæ, агæпп ласта, æмæ Мысырби дæр нал æмæ æндæр дæр. Агурын байдыдтой æхсæв-бонмæ æмæ кæм ма цы ссардтаиккай? Амран загъта Бадырийæн:
— Ацу, Бадыри, ныр ды нæ хæдзармæ. Æз цалынджы Мысырбийы ссарон, уалынмæ хæдзар агурынвæнд нал скæндзынæн.
Бадыри ацыди сæ хæдзармæ. Амран æфсæн æрчъитæ æмæ æфсæйнагбын лæдзæг скодта. Зилын байдыдта Амран, зилын байдыдта æмæ йæ никуы ары. «Цы ма бакæнон, уымæн куы ницы зонын,— зæххыл æй куы никуы арын; кæд исты зонын, уæд æй Пакъондзы уæларвмæ схастаид æмæ ма уырдæм исты хос куы скæнин». Ацыд, денджызмæ бацыд æмæ стырдæр цы гал ссардта, уый ракодта, быдырмæ йæ скодта æмæ йæ къупристыгъд бакодта, йæхæдæг та йæ мидæг балæсти. Даредзантæн хуыцауæй курдиат уыди. «Пакъондзы мæн дæр кæд схæссид Мысырби кæм и, уырдæм, кæд ма йæ удæгасæй сæййафин, цалынмæ йæ нæма аргæвстой!» — загъта Амран.
Æхсæв йедтæмæ Пакъондзы бон нæ цыдис; изæрмилæй кæсы æмæ загъта: «Дæлæ ма мын цы физонæггаг быдыры астæу». йæхи ра-уагьта æмæ дзы йæ ныхтæ ныссагъта, хæссын æй байдыдта зилгæ-зилгæ уæларвмæ. Иу бирæ куы сиртæсти зæххæй, уæд æй нал фæрæзта æмæ йын феуæгъди — йæ гуыпи фæцыди зæххыл. Амран Даредзан уыди æмæ скуывта:
— Хуыцау, хуыцау! Пакъондзы мæ куыд сфæраза, афтæ рог мæ скæн.
Хуыцау та йæ срог кодта. Па'къондзы афтæ зæгъы:
— Дæ бинонты хуыздæр амæла, куыд уæззау дæ! Æз дæ нæ ныууадздзынæн.
Æрыздæхти та йæм æмæ йæ йе 'ккой скодта: фæрогдæр ын и. Схаста йæ æмæ йæ хæдзары астæу æрæппæрста:
— Уаринаг уæ хæдзар фод, уæззауæй мæ куы амардтай! Æхсæвы Пакъондзыйы бинонтæ ныххуыссыдысты, йæхæдæг дæр; Амран къупри бакъæртт кодта; ралæст уырдыгæй æмæ къуымты агуры Мысырбийы.
— Æз Амран дæн, фæлæ ма кæд æнæ 'ргæвст баззадтæ? Мысырби загъта:
— Райсом нæ фынтæ дзурæн у, сомæхсæв та ме 'ргæвдæн.
— Райсом уæ фынтæ дзурдзыстут, — загъта Амран, — æмæ Пакъондзы æмæ йæ мад зæгъдзысты: «Æмбисонды хорз фын федтам: дысон Мысырбийы фыны аргæвстам, ахæм руд дзы афæлдæхтам — æртæ ивазны, йæ фарсы та нын хъама нæ зынди, афтæ нард уыди». Уый фæстæ ды та зæгъ: «Æз дæр иу фын федтон æмæ уын æй куы зæгъин». Уыдон зæгъдзысты: «йе мæгуыр Мысырби! Ды нæ кусæрттаг дæ æмæ дæ аргæвддзыстæм; дзур цас дæ фæнды, уыйас». Уæд ды радзур: «Дысон цыма фыны Амран ам фестади, рагæпп уæм ласта æмæ фæцагъта уе 'ппæты дæр!» Уый фæстæ цы уыдзæн, уый фендзынæ.
Райсом Мысырби йæ фын куы радзырдта, уæд Пакъондзы æмæ йæ мад ныхъхъæр кодтой:
— Ацы куыдз цытæ дзуры? Марадзут, æрбаргæвдут æй! Æрбадавтой Мысырбийы.
— Хæрджытæ, кæй æфсымæры æргæвдут! — фæцагъта сæ Амран зæронд мадæй фæстæмæ. Ныр æм Амран йе 'взат рауагъта:
— Нæ мад, ныр нын дæлзæхмæ фæндаг цæмæй ссарæм, уый бацамон.
Ус ын загъта:
— Уæлæ цары æрчъиаджы дæргъ райс æмæ уый куы айтындзай, уæд дын дæлзæхмæ уæрдонвæндаг фестдзæни. Йннæ уæртæ къæбицы зæлдаг бæндæн, æмæ йæ куы рахæссай, уæд нæ хæдзары цы дзаума и, уыдон дзы куы бабæттай, уæд дын бæндæны уæз дæр нæ фæкæндзæни. Иу чырын сызгъæрин æхцайæ дзаг у, иннæ чырын æвзист æхцайæ, — уыдон дæр дын хæзнатæ, æндæр дзы нæй.
Уый куы фехъуыста Амран, уæд усæн йæ дæндæгтæ ныцъцъæл кодта; фыццаг æрчъиаг райста, айхæлдта йæ æмæ йæ аппæрста æмæ æцæг уæрдонвæндаг фестади. Стæй афтæ зæгъы:
— Ныр мæ бауырныдта, йæ иннæ дзырдтæ дæр æцæг кæй еты, уый.
Стæй та бацыди, бæндæн рахаста æмæ бирæ дзауматæ бабаста. Æвзæр Мысырбимæ сæ радта æмæ, æцæг, бæндæны уæз дæр нæ кодтой.
— Адон æцæг хорз хæзнатæ куы сты, — загъта Амран; стæй къæ-бицмæ бацыд æмæ дыууæ чырьгаы рахаста, сæ иуы еæр бакодта æмæ æцæг сызгъæрин æхцайæ йе 'дзаг; иннæ чырыны сæр бакодта, уый дæр æвзист æхцайæ йе 'дзагæй лæууы. Се 'ппæты дæр иу ранмæ æрæмбырд кодта æмæ сæ уыцы зæлдаг бæндæнæй бабаста. Се 'рцыдмæ Бадыри йæхинымæр загьта: «Æвæццæгæн мын Пакъондзы бахордта ме 'фсымæрты», — æмæ сын хистытæ фæкодта. Уалынджы Амран сбаста уыцы дзауматæ, ацыди æмæ иу изæрмилты уым балæууыд. Бадыри сыл куыд нæ бацин кодтаид?

Всеволод Миллер. «Осетинские этюды», часть I.
Ученые записки имп. Моск. университета, вып. I, Москва, 1881. стр. 58—68.



«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru