КАСУТÆ

Автор: 00mN1ck / 2 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Касуты бæрæгбон вæййы, Куадзæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд — сабаты. Касутæ кадджындæрæй кæнынц Хидыхъусы хъæу, уæлдайдæр Гусатæ, уымæн æмæ Гусатæ кæддæр уыцы бæрæгбонмæ бæгæны куы æхсыстой, уæд сæ цæджджинаджы ныббырыд калм, æмæ йæ нæ базыдтой, афтæмæй цæджджинаджы уый фæстæ йæхи цæппæрста хъæрццыгъа.