ДАУДЖЫТЫ БОН
Автор: 00mN1ck / 4 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Дауджыты бон вæййы, Кæрдæгхæссæнæй иу къуыри куы рацæуы, уæд. Уый размæ бахсидынц бæгæнытæ, чи дыууæ меркъайы задæй, чи та æртæйæ, науæд фылдæрæй, ноджы арахъхъ рауадзынц, стæй алчи дæр балхæны уæрыкк. Хуыцаубон куы æрцæуы, уæд райсомæй аргæвдынц уæрыччытæ, скæнынц уæлибæхтæ, кусартæн та уал йæ раззаг хуылфыдзауматæй скæнынц физонджытæ æмæ скувынц дауджыты дзуармæ.
Просмотров: 94 /
Комментарии (0) /
Узнать больше...

