Главная > Царциаты таурагъта > Царциаты равзæрд

Царциаты равзæрд


24 сентября 2009. Разместил: 00mN1ck
Уæд иу ахæм арвы дуар фегом вæййы, уарын райдайы æмæ къæвда къæрта(1) кæлæгау ныккæлы, арвы тыгъдадыл цыхцырæгтæ равзæрди. Уый Хуыцау йе ‘мвынгонтимæ бадти æмæ кæй ныуæзтой, иннæйы калдтой.
Хуыцауы фынгыл бадтысты зæдтæ æмæ дауджытæ æмæ уыдоны æмбæлттæ. Уым уыдысты Хур æмæ Мæй дæр, фæлæ расыгæй Хуыцауы хонгæ уæвджытæ æрра митæ куы кодтой, уæд уыдон фæтæргай сты æмæ сæхи райстой. Уæды заманы æхсæв æмæ бон нæ уыдысты. Иугæндзон рухс уыди дуне. Хур æмæ Мæй радыгай тавтой зæдты, дауджыты, уыдоны æмбæлтты.
Хуыцау та рæгъытæ кæны, фæлæ акасти æмæ йæ хуынды нал уыдысты Хур æмæ Мæй. Хуыцау фæрсы:
– Уæдæ Хур æмæ Мæй цы фесты, кæдæм фæцыдысты?
Зæдтæй йæм чидæр бадзырдта:
– Табу дæхицæн, Хуыцау, фæлæ фæцыдысты.
Хуыцау сæм фидиуæг фервыста. Фидиуæг Хурмæ ахæццæ ис æмæ йын зæгъы:
– Хуыцау дæм сиды.
Хур зæгъы:
– Хуыцау йæхицæн Хуыцау у, райы æмæ кайы, фæлæ уый фынгыл бадинаг æз нæ дæн. Хæринагæй хынджылæг кæнут, нуæзты дзæгъæлы калут. Хъамылы хуытæй фыддæр фестут. Нæ ацæудзынæн, хæтæнты цæуын.
Фидиуæг Мæймæ æрхæццæ ис æмæ йæм дзуры:
– Хуыцау дæ хоны, фæзын æм.
Мæй дзуры:
– Хуыцау йæхицæн Хуыцау у, æз Хуримæ иугæндзон уый æмæ йе ‘мдзæхдонты хъарм радыгай дарæм. Арвы кæрæттыл зилæм æнæрынцойæ, улæфт нын нæ дæтты сымах хуызæн. Æвзæр хуыты хæрд æмæ нозт кæнут, уæ бын чъизи, уæ ном ницы, хорздзинадæй ницы сарæзтад. Ды Хуцауы минæвар, дæхи айс æмæ нæм дæхи мауал равдис.
Фидиуæг минæвар аздæхти, радзырдта Хуыцау æмæ уый æмвынгонтæн Хур æмæ Мæйы ныхæстæ. Хъыг сæм æркасти æмæ скодтой карз тæрхон.
– Абонæй фæстæмæ Хур æмæ Мæй кæрæдзимæ тырнæнт, фæлæ кæрæдзи мауал æййафæнт. Рухс æмбисыл уæд, æмбис та талынг. Хур боны цæуæд, Мæй – æхсæвы тары.
Тæрхон æрцыди Хур æмæ Мæйыл. Уæд Хур ысмæсты, йæ карз тынты калдта боныгон æмæ фæлмæцыдысты. Мæй дæр смæсты æмæ сæм уазал тынтæ калдта. Уæларвы цæрджытæ куы тæвды фæлмæцыдысты, куы та – уазалы. Æрæмбырд сты ногæй æмæ та тæрхон кæнынц.
Хуыцау зæгъы:
– Мах цыдæриддæр ми бакодтам нæхицæн, фæлтау сын сæ куырдиатмæ байхъусæм.
Рарвыстой та фидиуæг Хур æмæ Мæймæ. Фидиуæг зæгъы:
– Цы уæ хъæуы Хуыцауæй, Хур æмæ Мæй, уый мын зæгъут.
Хур æмæ Мæй загътой:
– Улæфæн бынат агурæм.
Фидиуæг загъта Хур æмæ мæйы ныхас Хуыцауæн. Хуыцау фæрсы йе ‘мбæлтты:
– Ныр цы бакæнæм, а дунейыл Хур æмæ Мæй цæрддзæуæн(2) кæнынц æмæ улæфæн бынат курынц.
Зæдтæ загътой:
– Улæфæн бынат сæ дыууæйæн раттæн нæй, уæд æмхуызæн æндавдзысты иу ранæй æмæ дуне арты хай бауыдзæн, фæлтау сæ иу боны тавæд, иннæ та изæры уазуддзæф(3) кæнæд.
Сразы ис Хуыцау зæдты фæндоныл.
Хуыцау ихдон Мæйыл бакалы æмæ Мæйы рухс фæталынг ис. Мæй уæдæй фæстæмæ Хурау нал тавы. Хуыцауы фæндонæй Хур æдзæф бандоныл(4) бадт æрцыди, æмæ йын сыстæн нал ис, бадгæйæ тавы. Мæй йын фæндаг агуры, æхсæвæй бонæй зилы, фæлæ Хуыцауы раз йæ бон ницы у. Уæд Хур смæсты ис. Æдзæф бандоны ныццæвы æмæ Хурæй къæрт фæхауы, уыцы къæрт фæхауы, уыцы къæртты Мæй уд бауадзы æмæ мигътæ равзæрынц. Ныры мигътæ Мæйы цæссыгтæ сты. Мигътæ сæхи лæбурæг скæнынц æмæ сыл Хуыцау стыр къуыбар рахсы. Къуыбар мигъæртæхæй анæрсы æмæ дзы Зæхх равзæрди. Зæхх бынат æрцахста, фæлæ тæвд кодта æмæ абухти, кæм сызмæнты, уырдæм дымгæ рыг æмæ сыджыт скъæфы, кæм рæгътæ, кæм хæхтæ, кæм фæзтæ, кæм дæлвæзтæ аззади Зæхх. Афтæ сывзæрдысты дзыхъхъытæ æмæ къуыбыртæ. Зæхх фестади дзæнæты бынат, фæлæ йыл нæ æзмæлæг уыди, нæ тæхæг. Уырдæм Хур ныккасти, Зæхх йæ зæрдæмæ цыди, фæлæ æнкъард кодта.
Хуыцау та базыдта Хуры æнкъард æмæ йæм рарвыста:
– Цы кæныс, Хур, уый дын бадæн дæхицæй æмæ мæ армæй. Цæуыл ма маст кæныс?
Хур зæгъы:
– Алæмæт бæстæм мæ тынты фервитын, алæмæт бæстæтыл фæлгæсын, фæлæ та мæ тынты æнкъардæй райсын. Уыцы алæмæт бæстæйы æз æзмæлæг нæ уынын, уæд цæуыл цин кæнон?
Хуцау та йе ‘мвынгонтæн ракодта Хуры ныхæстæ æмæ загъта:
– Хур агуры змæлджыты, йæ тынтыл цæмæй хъазой.
Зæдтæ загъынц:
– Бар дæхи, Хуыцау, сараз æппæтдæр, дæу куыд фæнды. Æрмæст афтæ: кæрæдзи ма æмбарæнт æзмæлджытæ, кæннод кæрæдзи куы ‘мбарой, уæд ма дæуæй цæй Хуыцау уыдзæни, сомбон дæм сæхæдæг бырдзысты.
Хуыцау Зæххыл разылди, йе ‘рттыдзаг сыджыт систа, лыстæг æй æрмур кодта, баулæфыди сыл, стæй йæ акалдта æмæ загъта:
– Æзмæлæг фестут.
Уыцы сыджыты æзгъæлæнтæ фестадысты лыстæг бырджытæ: кæлмытæ, хъæндилтæ, уаллæттæ, бындзытæ, хилджытæ æмæ бæстæ сæфтой, зæхх къахтой, кæрæдзи ахстой.
Хур та ныттархуыз ис æмæ та Хуыцаумæ фехъусын чындæуыди. Хуыцау та йæ фидиуæгæн бафæдзæхста, зæгъгæ, цы ма агуры Хур.
Фидиуæгæн Хур зæгъы:
– Зæгъ Хуыцауæн, æз уымæй уый нæ агуырдтон, кæцыты сфæлдыста.
Фидиуæг та Хуыцауæн Хуры хъаст ракодта. Хуыцау зæгъы йе ‘мвынгонтæн:
– Хур разы нæу ме ‘сфæлдисгæтыл.
Зæдтæ загътой:
– Фестырдæр кæн де ‘сфæлдисгæты æмæ сæ æндæр хуызæн дæр фæкæн.
Хуыцау та разылди зæххыл. Стыр сыджыты къуыбæрттæ акодта æмæ сæ донæй бапырх кодта, стæй загъта:
– Æзмæлæг фестут.
Уыдонæй та равзæрдысты къаддæр сырдтæ: бирæгътæ, æрсытæ, тæрхъустæ, рувæстæ, сæгтæ, дзæбидыртæ æмæ æндæртæ.
Хур сæм касти æмæ уыдта: сырдтæ кæрæдзи фыд хæрынц, æрдзы рæсугъд сафынц. Тынгдæр смæсты, йæ тынты уæларв цæрджытыл ауагъта æмæ сæ фæлмæцын кодта тæвды.
Хуыцау та æртыккаг хатт рарвыста фидиуæг Хурмæ.
Фидиуæг Хурмæ æрхæццæ ис æмæ йæ фæрсы:
– Цæуыл ма мæсты дæ, Хур, Хуыцауы йæ базонын фæнды.
Хур зæгъы:
– Зæгъ Хуыцауæн: Уый алæмæттаг бæстæйæ хынджылæг кæны. Мæн ахæм змæлджытæ нæ хъæуынц. Мæн хъæуы Зæххы рæсугъддзинады æвæрын чи зоны, йæ хъахъхъæнын кæй бон у, æмæ кæд тыххæй нæ, уæддæр зонды фæрцы Зæххыл ныртæккæ цы змæлджытæ ис, уыдоныл тых кæна. Хуыцау кæй сывзæрын кодта, уыдон кæрæдзи фыдхортæ сты. Мæн хъæуы ахæм змæлджытæ, кæрæдзи фыд куыннæ хæрой.
Фидиуæг рафæзмыдта Хуры ныхæстæ Хуыцауæн. Хуыцау æмæ йе ‘мбæлттæ та тæрхон кæнынц. Уæд зæдтæй иу зæгъы:
– Рафæлдис-иу ахæм змæлæджы, иннæтæй хицæн чи кæна, Зæххæн йæхицæй куыд уа, махмæ йын фæндаг куыннæ уа, цардыл уæд, фæлæ æмбал ма зонæд.
Хуыцау зæххыл йæ фæндаг ракодта, сыджыт æзмæст скодта, къæдзæхы фæрчытæ йыл æрывæры æмæ сæ сыджыт æзмæсты бафидар кæны, хохаг суадон ауадзы æзмæстыл æмæ равзæрыд лæг. Сыджыт фыд фестади, къæдзæхы фæрчытæ – сæр фестынц, хохаг суадон – туг фесты.
Лæг базмæлыди, фæлæ уыди гоби, нæ дзыхæй дзырдта, нæ йæ дзых кодта. Уæд дымгæйы бардуаг Галæгон лæджы хъусты ныхситт ласта æмæ хъустæ фæндырдзæгъдау базмæлыдысты. Лæг фестади æцæг адæймаг. Лæг акасти фæйнæрдæм. Хур æй рæвдыдта, Мæй йæм ныккасти, цард æм бахудтис. Лæг цыди зæххыл, куы иу ран, куы æндæр ран æрбынат кæны. Йæ цард кодта цуанæй, Хуыцау раздæр кæй æсфæлдыста, уыцы фосæй, кæм дыргъ æмæ халсар бахордта. Уыцы лæг кодта рацу-бацу, ома кодта цæрддзу цард. Ардыгæй равзæрди Царциаты мыггаг. Лæг – цæрддзой, цардагурæг, цардгæнæг. Царциаты мыггаг фæстагмæ фесæфт, фæлæ сæ ном кадимæ баззади.
Афтæ равзæрди Царциаты мыггаг. (Стр. 7-11).

1 Къæрта – хъæдын ведра

2 Цæрддзæуæн – ома, цардмæ цæуæг цыдысты.

3 Уазуддзæф – ома, уазал уæвæг дымгæ.

4 Æдзæф бандон – цавæрдæр бандон, ахæм бандон уыд Хуыцауæн. Ууыл-иу чи æрбадтаид, уый цæугæ нал кодта, фæлæ бар дæттæг уыди.


источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru