Главная > Царциаты таурагъта > Царциатæ æмæ уæйгуытæ

Царциатæ æмæ уæйгуытæ


3 октября 2009. Разместил: 00mN1ck
Царциаты сыхы райгуырди æрдхæрæны рæсугъд чызг. Чызг та ахæм уыди, æмæ йæ цæстытæй æртытæ сыгъди, йæ дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, йæ цæсгомы рухсмæ хур ныгуылгæ кодта. Чызг хуынди Нагъуыллæ. Хъомыл кодта чызг, æмæ ахæм рауади: чыззыты рæсугъдтыл уымæн абарæн нæ уыди, се ‘хсон стъалыйау æрттивгæ кодта. Лæппутыл æй абарстаис, æмæ уыдонæй хæрзконддæр, уындджындæр æмæ хъаруджындæр уыди. Нæ уыди Нагъуыллæйæн æмбал нæ арæхстæй, нæ фезмæлдæй, нæ æгъдау раттынæй.
Иу ахæмы Царциатæм фынгыл бадт фесты уæйгуыты фæсивæд дæр. Царциатæ хъабахъ æрывæрдтой æмæ фæтдзæф(1) райдыдтой. Бæстæ фæтты æхситтæй кæмттæ нæрыдысты, сырдтæ хуынчъытæм лыгъздысты, мæргътæ æдас бынæтты æмбæхстысты. Ничи цæф кодта хъабахъы: нæ Царциаты фондз сыхæй исчи, нæ уæйгуытæй.
Царциаты хистæртæ загътой:
- Царциаты номыл кадæй цы ис, уый уæд уыцы адæймаджы, хъабахъ чи фæцæф кæна.
Никæй бон баци хъабахъы фæцæф кæнын.
Нагъуыллæ бацыди æмæ хистæртæн сæркъул(2) акодта, стæй зæгъы:
- Бар мын раттут иу фат фехсынæн.
Царциаты хистæртæ сразы сты.
Нагъуыллæ йæ астæу æлхъывдæлвæст æрбакодта, фат æрдыныл акодта, ныхъхъавыди æмæ суагъта фаты.
Фат атахти æмæ хъабахъы йемæ фæхаста. Дæлæсыхы Царциаты гæсæныл(3) сæмбæлди. Гæсæны дуртæй уæллаг тæлийы(4) дуртæ фæхаста фат йемæ.
Нагъуыллæйы хъуыддагыл ныццин кодтой Царциатæ æмæ йын радтой Царциатæ кады ном.
Нагъуыллæ кады номыл цæрын байдыдта Царциаты æхсæн. Уæйгуытæм хардзау касти, сылгоймаг сæ куыд амбылдта, зæгъгæ.
Уæд та дыккаг хъабахъ æрывæрдтой ногæй Царциатæ. Бæстæ та фатæхситт æссис. Кæмттæ нæрыдысты ногæй, фæлæ та хъабахъы ничи фæцæф кодта: нæ фондз сыхаг царцитæ, нæ уæйгуытæ.
Нагъуыллæ дыккаг хатт бацыди Царциаты хистæртæм. Сæркъул та сæм бакодта æмæ зæгъы:
- Иу æхсты бар ма мын раттут.
Бар та йын радтой æмæ фат афидар кодта æрдыныл. Фехста хъабахъы æмæ фат хъабахъы фæхаста, дæлæсыхы Царциаты гæсæныл та сæмбæлди æмæ дуртæй дыккаг тæлийы дуртæ фæхаста фат йемæ.
Царциатæ Нагъуыллæйæ ныббуц сты, æмæ загътой:
- Царциаты номыл æгъдауæн цы ис, уымæй хайджын у.
Нагъуыллæ кадджын, æгъдауджыныл нымад æрцыди.
Дывæр тæлмау(5) æркасти уæйгуытæм Нагъуыллæйы хъуыддаг. Нагъуыллæ та цинæй мардис.
Фæстæдæр та Царциатæ æртыккаг хатт дæр хъабахъ æрывæрдтой, загътой афтæ:
- Æуый чи фæцæф кæна, ууыл æрцæуæд, Царциатæн номыл цы баззади, уый.
Ногæй та фæтдзæф райдыдтой фондз сыхæй Царциатæ, иннæ æрдыгæй – уæйгуытæ, фæлæ та хъабахъы ничи цæф кодта.
Нагъуыллæ æртыккаг хатт Царциаты хистæртæм сæркъул акæны æмæ зæгъы:
- Æххæст ма мын ацы æхсты бар дæр раттут.
Царциаты хистæртæ бар раттой Нагъуыллæйæн æртыккаг хатт дæр.
Нагъуыллæ дæр та фат æрдыныл авæры, ныхъхъавыди æмæ фат æхситгæнгæ атахти. Фат хъабахъы йемæ ахаста æмæ та дæлæсыхы Царциаты гæсæныл сæмбæлди, æртыккаг тæлийы дуртæ фæхаста.
Нагъуыллæ æссис нымад кадджыныл, æгъдауджыныл, стæй номджыныл дæр.
Куыннæ та уыдаид хъыг уытыппæт фæсивæдæн, фæлæ сæ бон ницы уыди. Царциаты цæсты Нагъуыллæ фæкадджындæр ис æмæ йæ койы йеддæмæ æндæр кой нал уыдис.
Тæлмау та æркастис фæсивæдмæ, уæлдайдæр – уæйгуытæм. Ацы хабар Нагъуыллæ бамбæрста, сæхимæ азгъоры, йæхи гæрзифтонг акæны æппæтæй, бæхыл абады æмæ фæстæмæ бадзуры Царциаты хистæртæм:
- Аипп ма уæд мæ ныхас, фæлæ уе стæн, бар мын куы радтиккат, абон мæнмæ хæлæг чи кæны, уыцы фæсивæдæй йæхи кадджын, æгъдауджын æмæ номджын чи хоны, уыдон мемæ куы бавзариккой. Æммыст, кæд æппын нæ, уæддæр дзы иу донхæссæджы(6) куы равзарин мæхицæн.
Царциаты хистæртæ ныддис кодтой, стæй фæсивæдмæ дзурынц:
- Зæгъут ма, чи ис уе ‘хсæн ахæм гуырд, йæ ныфс Нагъуыллæимæ чи бавзара.
Фондзæй Царциатæй фæхицæн сты, дыууæйæ та – уæйгуытæй. Авд барæджы, амæй ай хуыздæр, ралæууыдысты Царциаты хистæрты раз. Нагъуыллæ хистæрæн зæгъы:
- Ахæм хæснæгтæ скæнут, амæй ай фыддæр æмæ зындæр куыд уа.
Царциаты хистæртæ загътой:
- Æртæ хæснаджы кæнæм, фæлæ сæ иууыл мах раттæм, уый æгъдау нæ дæтты. Иу уæд махæй, иу – Донбеттыртæй, иннæ – зæдтæй.
Нагъуыллæ сразы ис æмæ скуывта:
- О, ме сфæлдисæг, кæд мæ истæмæн æскодтай, уæд зæдтæй ам исчи цы февзæра.
Куывд уæларвмæ фехъуысти. Хуыцау фæрсы зæдты:
- Чи уæ ацæудзæни Царциатæм иу хæснаг раттыны тыххæй?
Зæдтæ загътой:
- Махæй ничи ацæудзæн, Царциатæ нæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ нæхи худинаджы бын нæ кæнæм.
Хуыцау уæд фæрсы дауджыты:
- Уæд та сымахæй исчи ацæуæд.
Дауджытæ зæгъынц:
- Махæй дæр ничи ацæудзæни, сæ сæрмæ нæ нæ хæссынц, сæ цæсты нæ ахадæм æмæ нæхи не ‘гад кæнæм.
Хуыцау та фæрсы дзуæртты дæр:
- Сымахæй дæр ничи ацæудзæни?
Дзуæрттæ загътой:
- Махæй дæр ничи ацæудзæни, Царциатæн æлгъаг стæм, хынджылæг нæ кæнынц, нæ номыл нуазæн никуы рауадзынц.
Хуыцау ноджы фæрсы:
- Уæдæ кæй фервитæм?
Зæдтæ загътой:
- Уастырджийы арвитæм, уый зæхмæ арæхдæр æфты.
Уастырджи уым нæ уыди. Уæд фæдис ам фæкодтой æмæ уым февзæрди. Хуыцау æмæ иннæтæ загътой сæ фæндон Уастырджийæн. Уастырджи уæлдай нал загъта, балæууыди Царциаты æмбырды.
Уæд Донбеттыртæй дæр æрбакодтой Хъара Добеттыры.
Царциаты хистæртæ фæрсынц Нагъуыллæйы:
- Куыд дæ фæнды, Нагъуыллæ?
- Æз уын загътон мæ ныхасы. Мæнмæ хæлæгæй чи мæлы, уыдон бавзарæд мемæ.
Царциаты хистæртæ зæгъынц ногæй:
- Уастырджи æмæ Хъара Донбеттыр, фæйнæ хæснаджы нæ фæстæ сымахæн лæвæрд ис. Хæснаг та хъуамæ амæй ай зындæр, амæй ай фыддæр уа авд барæгæй. Царциатæ сты фондзæй, дыууæ – уæйгуытæй. Чи рамбула, уый цы зууыл разы стæм. Мах хæснаг лæвæрд у ахæм: уæлæ Хъугомы рагъыл цы стыр фæтæн ис, уырдыгæй æнæ ахаугæйæ йæ бæхыл чи раскъæра, гъе, уый амбулдзæни. Дугъ уæд хохы тигъ-тигъ.
Авд барæгæй Хъугомы фæтæнмæ ссыдысты æмæ рауагътой дугъы, семæ Нагъуыллæ дæр. Барджытæй Нагъуыллæ иуы æрыййæфта æмæ йæ тæссар цæф фæкодта. Барæг асхъиудта, æмæ кæм ахауд, уый абон дæр “Тæссар” хуыйны, иннæйы къуыбырты æрыййæфта, уый дæр фæцæф кодта æмæ къуыбыртыл атылди. Уый адыл уый та “Къуыбырджын”.(7) Æртыккаджы æрыййæфта лæзгъæрыл, скъуырдта йæ æмæ уый дæр фесхъиудта. Уый адыл уый та “Лæзгъæр”(8) схуыдтой. Цыппæрæмы дон нучы цыд кæм кæны, уым æрыййæфта. Уый дæр та скъуырдта æмæ нукæйы асхъиудта. Уый адыл уый та “Доннук”(9) схуыдтой. Фæндзæмы чысыл дарддæр æрыййæфта, саргъæй йæ фелвæста Нагъуыллæ æмæ йæ рагъмæ баппæрста. Саргъы бадтау сæмбæлди къуылдымыл. Уый адыл уый та “Саргъау”(10) схуыдтой. Æхсæзæмы раййæфта хæристы цур. Хæрисы сæрмæ йæ баппæрста. Уый адыл уый та “Хæрисгом”(11) хуыйны. Æвдæмы чысыл дæлдæр æрыййæфта æмæ йæ саргъæй фелвæста. Цырты сагъд æй зæххыл асагъта йæ уæрджыты уонг. Уый адыл уыцы бынат та “Цыртысæр”(12) хонынц.
Нагъуыллæ фæразæй ис Царциаты ныхасмæ йæ бæхыл. Уæдмæ иннæтæ дæр цæфтæ æмæ сæргуыбырæй æрхæццæ сты.
Дыккаг хæснаг лæвæрдта Уастырджи æмæ зæгъы:
- Фæйнæ галы раттæм авд барæгмæ, иу та – Нагъуыллæмæ. Галы тагъддæр чи бастигъа, чи йæ сфыца æмæ йæ æнæхъæнæй фынгыл чи авæра, уый рамбулдзæни.
Фæлæбурдтой фæйнæ галы æстигъынмæ. Цалынмæ авдæй стигъгæ кодтой, уæдмæ Нагъуыллæ галы бауæларт кодта. Суг бандзæрста æмæ галы мард рафыхти. Авдæй сæ галты уæларт æвæрд куы кодтой, æмæ къодах сугтæ куы калдтой, уæдмæ Нагъуыллæ йæ галы къодах фых акодта æмæ йæ Царциаты хистæрты раз æрывæрдта. Уый адыл уыцы бынат “Къодахджын”(13) хуыйны.
Рамбылдта та Нагъуыллæ. Æртыккаг хæснаг Хъара Донбеттырæн лæвæрд уыди. Уый загъта:
- Æз æрывæрдзынæн рагъыл кæфгæр, кæй фатæхстæй разила йæ бынаты, уый рамбылдта.
Хъара Донбеттыр кæфгæр æрывæрдта рагъыл. Цæст æй гæзæмæ æвзæрста, афтæ. Райдыдтой йæ æхсын. Никæй æхстæн разылди. Уæд æй Нагъуыллæ фехста, кæфгæры зæрдæйы фат иннæрдæм ахызти æмæ кæфгæр разылди. Нагъуыллæ та ацы хатт дæр рамбылдта. Царциатæ стыр кад æскодтой Нагъуыллæйæн æмæ йыл номы рæгъ рауагътой. Нагъуыллæ сæ райста номы нуазæн æмæ сын раарфæ кодта. (Стр. 77-81).

1 Фæтдзæф – ома, фатæй æхсын.

2 Сæркъул – ома, сæрæй ныллæг акувын.

3 Гæсæн – таурæгъгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, бæрзонд амад мæсыджы хуызæн, цы ранæй-иу хæстысты хъахъхъæнджытæ.

4 Тæли – ома, дуртæй иу рæгъ ауадзын амады мидæг, кæнæ иу фæлтæр самайын, иу рæгъы равæрд дуртæй.

5 Тæлмау – хардзау, тæлмау кæсын, хардзау фæкæсын.

6 Донхæссæг – ам дзырд цæуы ууыл, ома мæхицæн къайаг куы равзарин.

7 Къуыбырджын – ацы хох ис Едысы хъæуы сæрмæ.

8 Лæзгъæр – кæнæ ма йæ хонынц, “Сæгты лæзгъæр” дæр. Уый дæр ис Едысы хъæуы сæрмæ цы хох рагъ ис, уым.

9 Доннук – у адаггонд, чысыл дон дзы цæуы, æнæуи та у уыгæрдæн, ис Едысы.

10 Саргъау – ис Едысы Хъугомы чысыл хохы къуылдым.

11 Хæрисгом – уый дæр ис Едысы.

12 Цыртысæр – ныртæккæ дæр хуыйны афтæ, Едысы Хъугомы.

13 Къодахджын – чысыл хох. Ис Едысы, зæгъынц легендæтæ, зæгъгæ, ам уыд стыр хъæд, фæлæ галтæ æргæвдгæйæ хъæды къодахы цагъд кодтой, артыл сæ æндзæрстой, уый адыл йæ ном “Къодахджынæй” баззади.


источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru