Главная > Царциаты таурагъта > Царциаты сыхтæ

Царциаты сыхтæ


4 октября 2009. Разместил: 00mN1ck
Æртæ гуымиры хо, Ахуыйы ус, зæгъы йæ фыртæн иу бон:
- Нæ цæрæнбыууæттæ фондз æрдыгæй ис æсхизæн. Ныр лæгтæ дæр стут æмæ фондз раны æрбынат кæнут. Фыдбылыз уæм кæцырдыгæй цæуа, уый-иу зондзыстут æмæ уын тыхгæнæг тых нæ фæраздзæни.
Ахуыйы фырттæй хистæр Суа уыд. Уый æрлæууыди уæллаг комы сæр æмæ æрбиноныг ис, йæ ног цæрæны.
Дыккаг фырт Фæрныг дæллаг комы æрбиноныг ис, æртыккаг фырт Едысо астæу комы æрбиноныг ис, цыппæрæм фырт Хæтгар цæгат комы æрбиноныг, фæндзæм фырт, сæ кæстæр, Хъæлæг та хуссар комы æрбиноныг ис.
Сæ мад баззади йæ зæронд ныййарджытимæ.
Цыдысты бонтæ, цыдис рæстæг дæр. Сæ цард уыд цуанæй æмæ цардамал кодтой Царциатæ.
Уæд иу бон сæ мады ныййаджытæ рарынчын сты. Бирæ нал ахастой, амардысты, уыдон уæлгъæд сæхи мад дæр амарди. Фондз æфсымæрæй скодтой се ‘ртæ зианы кадыл бавæрын. Суа зæгъы иннæ æфсымæртæн:
- Абон хъуамæ макæй бахъыг дарæм. Махæн саубон у, исчи кæд бырса æмæ нæ цæва, уæддæр мацы æсдзурæм нæ мæрдты тыххæй.
Ацы ныхæсты рæстæджы чысыл донбеттыр уым февзæрыди, хъуыста Суайы ныхæстæм. Азгъордта æмæ рафæзмыдта Донбеттæртæн ацы дзырдты.
Донбеттыртæ дын куыннæ ныццин кæниккой.
Царциатæ сæ мæрдтæн зæппадз æскодтой, бавæрдтой сæ мæрдты æмæ рацæйцыдысты. Раст сæ уыцы афон Донбеттыртæ раййæфтой. Худтысты Царциатыл, фæлæ уыдон сыбыртт нæ кодтой. Иуыл тынгдæр сыл худти тыппыр Донбеттыр.
Царциаты мыхъхъытæ кодтой, сынæгæй сæ цавтой, куы сыл дуртæ дæр æхстой, куы та сыл цъыфтæ пырх кодтой. Уæддæр сæ иу сыбыртт никæмæй цыди, иу ныхас дæр сæ ничи æсдзырдта. Æгомыг æмæ цымæ дзурын дæр нæ зонынц, сæхи афтæ дардтой Царциатæ. Бæргæ сæм мæсты кодтой, фæлæ сæ нæ фæндыди сæ ныхас сайын. Боны суанг хурныгуылæнмæ сæ фæхынджылыг кодтой. Хурныгуылды тыппыр Донбеттыр зæгъы:
- Адагыл сæ сифтындзæм æмæ сыл нæ чыззыты сæвæрæм, уадз æмæ сыл тезгъо кæной.
Афтæ бакодтой.
Царциаты фондзæй адагыл сифтыгътой. Донбеттырты чыззытæ сындзæй ехстæ сарæзтой æмæ Царциаты галты тард кодтой. Фæрæзтой Царциатæ, уæдæ цы уыдаид.
Уæд ноджы тыппыр Донбеттыр зæгъы:
- Хицæн адæгтыл сæ сифтындзут, кæннод нæ чыззытæ се ‘ппæт иу адагыл нæ цæуынц.
Хицæн фондз ададжы æрбаластой, Царциатæй алкæй дæр иу адагыл сифтыгътой æмæ алы адагыл дæр чызг сæвæрдтой.
Тыппыр Донбеттыры чызг Суайы адагыл бадт фæци.
Чыззытæ та сындзын ехстæй рацæфтæ кодтой Царциаты æмæ сæ аскъæрдтой. Царциатæ куыддæр фæдæрддзæф æсты Донбеттыртæй, афтæ Суа йе ‘фсымæртæн зæгъы:
- Луаны(1) фæзмæ цæут, уæдмæ бон дæр кæндзæн æмæ ма нын ацы хуылыдз сыдзтæ кæдæм ивæрзынц.
Царциатæ иу дугъ акодтой æмæ сæ Донбеттырты чыззытæ уромын дæр нал фæрæзтой. Луаны фæзмæ ныххæццæ сты, уæдмæ бон дæр æрбацис. уым Царциатæ сæ кæрæдзи бæттæнтæ адæгтæй феуæгъд кодтой. Донбеттырты чыззытæн се ‘рдиаг æссыди.
Суа сæм дзуры:
- Уæдæ мах галты тард куы кодтат, уæд цымæ цы ‘нхъæл уыдыстут.
Донбеттыртæ бамбæрстой се ‘намонддзинад. Лæгъстæ ма кодтой, фæлæ сæ Царциатæ иннæ абонмæ нал рауагътой, цæрдзæф(2) сæ фæкодтой, æмæ ма сæ уадултыл цæппузыртæй сæ цæссыг уади.
Донбеттыртæ се ‘намонддзинад базыдтой æмæ тыппыр Донбеттыры æрцахстой æмæ зæгъынц:
- Дæ аххосæй фенамонд стæм.
Уый зæгъы:
- Мæхи чызг дæр цæрдзæф у Царциатæй.
Царциатæ Донбеттырты чыззытимæ рацыдысты Луаны фæзæй, схæцыдысты Донбеттыртыл æмæ сæ саубын над фæкодтой.
Донбеттыртæ лæгъстæ байдыдтой:
- Нæмгæ нæ мауал кæнут, нæ азымы исæм нæхимæ, фæлтау бафидауæм.
Царциатæ сразы сты æмæ фидыды алдзæн Донбеттыртæ сæ чыззыты хæстæгиуæджы охыл Царциатæн ныууагътой. Стыр чындзæхсæв дæр ма æскодтой.
Царциатæ фондзæй æсбинонджынтæ сты. Донбеттыртæ та сын зынаргъ лæвæрттæ ракодтой, афтæмæй.
Фыццаг къуыри ралæууыди æмæ иу къуырийы мидæг алы райсомы Суайæн лæппу гуырдис. Уый адыл Суайæн авд фырты иу къуыри мидæг йæ хæдзары хъазын байдыдтой.
Дыккаг къуыри ралæууыди æмæ къуырийы дæргъы Едысойæн дæр изæры лæппу гуырди. Иу къуырийы мидæг йæ хæдзары авд фырты хъазыдысты.Æртыккаг къуырийы астæу Хæтгарæн дæр иу фырт фæзынди боны.
Цыппæрæм къуырийы та Хъæлæгæнфæзынди иу фырт æмбисæхсæвты.
Фæндзæм къуыри ралæууыд. Фарнæгы ус тæппалгъ байдыдта. Æхсæзæм къуыриты та хъæрзын байдыдта, йæ гуырдты арын афон уыди, фæлæ ус арын нæ фæрæзта.
Фарнæгмæ йæ ус дзуры æвдæм къуыриты:
- Æз арын нæ фæразын, фæлæ мын мæ базыгы бын бакъæртт кæн æмæ дæхион уырдыгæй райс.Фæрныг йæ усы базыгы бын бакъæртт ласта æмæ райста цæхæр кæлгæ уырдыгæй лæппу. Уый адыл æй æсхуыдтой Базыг.
Фæрныгмæ йæ ус дзуры:
-Дыккаг æнхъæлцау дæр йæ фæстæ ис.
Фæрныг та бавнæлдта æмæ дыккаг гуырды дæр райста. Уый та схуыдта Æмбазыг.
Æфсымæртæй алчидæр йæ цæрæны æрбынат кодта йæ бинонтимæ æмæ царди царды дзæбæхæй. Афтæ Царциатæ баисты фондз сыхы. Хъалæгæн ницы уыд зæнæгæй. (Стр. 92-95).

1 Луаны фæз – цавæрдæр фæз.

2 Цæрдзæф – ома, чындзон чызг лæппумæ (моймæ) куы фæцæуы, уæд чызг нал вæййы, фæлæ лæппуйы æрдыгæй агайд æрцæуы, фæцæф вæййы, ома, уый нысан фæкæны цæрыны хъуыддаг. Чизоны, афтæ у, æмæ нæ цард нырæй фæстæмæ нысандзæф стæм æмæ ныр иумæ цæуæд.


источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru