Главная > Царциаты таурагъта > Царциатæ Мысырмæ куыд цыдысты

Царциатæ Мысырмæ куыд цыдысты


11 октября 2009. Разместил: 00mN1ck
Царциатыл Хуыцау рахатт æмæ сæ уæлæмæ сыстын дæр нал уагъта. Сæ хуыссæнты хуыссыдысты æмæ хъæрзыдтой. Къуыри æртæ боны æнæниз уыдысты, цыппар боны рынчын кодтой. Нартæ сæм арæх цыдысты æмæ дзырдтой:
- Тæригъæд сты мæлынæн, исты хос сын хъæуы.
Нартæ фервыстой алырдæм, чи цы хос зоны Царциатæн, уый йæ зæгъæд, Нартæй айсдзæни стыр лæвар.
Ничи йæ ныфс бахаста.
Нартæ стыр куывд æскодтой æмæ сæ лæвары æрывæрдтой. саргъы бæх æд уидон, æдсаргъ, нымæт дæр йемæ.
Бæх Мысыры(1) бæсты хаст уыди. сынты базыртау сау йæ буар, къаннæг сæр, æлвæст гуыр æмæ рæсугъд. Куывды уыцы бæхмæ алкæй цæстытæ дæр сæхи тыдтой. Бæхæй цæстытæ разылдаис, уый адæймаджы къухты не ‘фтыди.
Нартæй иу чызг дард мой æскодта, уымæ дæр фехъуысти Нарты фæнд. Нарты чызг йæ лæппумæ фæсидти æмæ йын зæгъы:
- Абоны бонæй дæуæн бадгæйæ нæу, лæппу.
Лæппу йæ фæрсы:
- Уæдæ цы кæнон?
- Нартæ стыр лæвар кæнынц: саргъы бæх æд уидон, æд саргъ, æд нымæт, куывд æскодтой æмæ лæварæн ахæмæн дæттынц, Царциатæн ма хос чи скæна, мæлæтыл лæуд сты, къуыри æртæ боны сæрæн вæййынц, цыппар боны та мæлгæ кæнынц. Уыдон сдзæбæхæн хос ничи зоны мæнæй дарддæр, æмæ йæ ды хъуамæ саразай.
- Куыд æй саразон?
- Нарты куывдмæ ацу, зæгъ сын: “Хос сын æз скæнин, Царциатæ фодзыссæдзæй мемæ куы рацæуиккой, уæд”. Уыдон сразы уыдзысты. Сæ сæрæнтæй фондзыссæдз равзардзысты. Ды сæ акæн демæ Мысыры бæстæм. Мысыры зæхх пайдайы хос у, фондзыссæдзæй фодзыссæдз уаргъы алы бынатæй сисдзысты, рахæссæд æй æмæ йæ сæ бæстыл байуарæд, стæй алæмæты зæхх фестдзæни, сæ фервæстдæр уæд æрцæудзæни. Кæм-иу срынчын уой фæндагыл, уым сæм сæууæлдæф уадз, æндæр ницы.
Нарты хæрæфырт абадти бæхыл æмæ рацыди Нартæм. Дардæй æрбазынди тыдджыты йасæй. Йæ бæхы цæфхæдты бынæй зæхх гæппæлтæй хæрдмæ хаудта æмæ Нартыл æмбæлдысты. Нартæ зæгъынц:
- Ай цы диссаг у, искуы ма хурбоны сыджыт æруаргæ дæр æрцыдис?
Сатана сæм дзуры:
- Уый уын Хуыцау уæ куывды фехъуыста æмæ уæм æрвиты æххуысгæнæгы, фæлæ йæм фыд ма сдзурут, фæлæ йæ бафæрсут, чи у æмæ цы бавæййы Нартæн, уымæй.
Чысыл фæстæдæр тыдджыйы йас далысы бæрцæй æрбазынди æмæ ахæм дымгæ сыстади, æмæ Нарты бæлæстæ фæлдæхтысты.
Нартæ та зæгъынц:
- Ай та циу?
Сатана зæгъы:
- Уыцы æххуысгæнæг бæхыл æрбацæуы æмæ бæхы фындзы хуынчъыты дымгæ у. Фыдæй йæм мачи æсдзурæд, æрмæст æй бафæрсдзыстут, чи у, кæнæ Нартæн цы бахæссы, уымæй.
Рацыди та чысыл рæстæг. Далысы йас барæг дыгæрдыджы йасæй æрбацыди, Нарты хъустæ бакъуырма сты, ахæм гуырт-гуырт цыдис.
Нартæ та ацы хатт дæр зæгъынц:
- Цавæр гуырт-гуырт у, нæ хъустæ куыннæ уал хъусынц, уæд?
Сатана та зæгъы:
- Хуыцауы æрбарвитгæ æххуысгæнæг æрбахæццæ кæны æмæ йæ бæхы къæхты гуырт-гуырт у, фæлæ йæм фыдæй мацы æсдзурут, æрмæст æй бафæрсут кæцæй цæуы æмæ цы бавæййаг у Нартæн.
Уалынмæ Нарты хæрæфырт æрбахæццæ ис æмæ бæхæй цæрдæг æргæпп ласта, æгъдауæй салам радта куывды адæмæн:
- Фарн уæ куывды уæд, Нартæ!
Нартæ кæрæдзи хъусы дзурынц:
- Амæ не ‘нгæсæй цыдæр ис, фæлæ йæ куыннæ зонæм, чи у, кæцон у, уæд мах цæмæй зоны?
Фæстаг хатт зæгъынц:
- Фæрнæйдзаг уай, лæппу, æмæ нæм хорзæн цыд фæуай.
Йæ бæхы йын айстой, æрбастой йæ, стæй йæ æрбадын кодтой. Уырызмæг уазæгæн æмбæлæггаг аназын кодта, рæвдауæн цæстæнгасæй йæм Нартæ ракастысты æмæ йæхимидæг хъуыды кæны: “Уагæры мæ куы зониккой, æз Нарты хæрæфырт дæн, уæд та мæм куыд кæсиккой?”
Иу рæгъ та рацыди, Уырызмæг сыстади æмæ зæгъы:
- Мах хæрд æмæ нуæзт мондаджы тыххæй нæ кæнæм ацы куывды. Ацы куывд у Царциаты намысы тыххæй. Уыдонæн чи баххуыс кæна сæ тыхсты, уый айсæд нæ лæвар, стæй Царциатæм скæндзыстæм сæ ивæрзынгæнджыты номæй цыты куывд. Мæ нуазæн айсæд уыцы гуырд, йæ ныфс чи хæссы Царциаты фервæзын кæнынмæ.
Нарты хæрæфырт йæ цæст ахаста куывды бадджытыл. Куы ничи стади, уæд æрæджиау сыстадис йæ бынатæй Нарты хæрæфырт æмæ бацыдис Уырызмæгмæ, райста нуазæны æмæ зæгъы:
- Дæ нуазæн бирæ уæд, цытджын хистæр, æз дæн æрхауæггаг. Æз фехъуыстон уæ куывды сæр цæуыл у, уый дæр æмæ уæм фæзынддæн.
Хæмыц æм дзуры:
- Хатыр бакæн, уазæг, фæлæ ахæм хъуыддаджы дæ ныфс кæм хæссыс, уым нын дæхи дæр бацамон. Лæг хъуамæ йæ хæрзгæнæджы зона.
Нарты хæрæфырт зæгъы:
- Уый раст зæгъыс, аипп мæхимæ дæр хауы, фæлæ æз æрцыдтæн, Нартæй иу чызгы дæрддаг мой скодта, æмæ уый амындæй.
Нартæ зæгъынц:
- Уæдæ нæ ахæм дæрддаг мой чи скодта?
Бурæфæрныг зæгъы:
- Æз æй æмбарын, ныр уазæг кæмæй зæгъы, уый.
- Чи у, кæмæй зæгъы?
Бурæфæрныг дзуры:
- Мæ фыды хо дæрддаг мойгонд у. Айонг рахъомыл уон æмæ йæ нырма никуы бабæрæг кодтон, æвæццæгæн, уый лæппу у нæ уазæг æмæ уæд нæхи цард хæрæфырт у.
Фæрсынц лæппуйы:
- Нартæй дæ цы чызг рарвыста, уый цы хуыйны, зæгъ ма?
Нарты хæрæфырт зæгъы:
- Йæ ном у Мадыма.
Бурæфæрныг сыстади йæ бынатæй æмæ ныхъхъæбыс кодта йæ хæрæфырты, стæй зæгъы:
- Уæдæ ды нæ хæрæфырт дæ. Хатыр бакæн, кæй уæ никуы бабæрæг кодтон, уый тыххæй.
Нартæ химидæзмæлд бакодтой, арфæтæ райдыдтой сæ хæрæфыртæн, сбуц æй кодтой, стæй Нарты хæрæфырт зæгъы:
- Гъеныр мын фондзæссæдз лæджы Царциатæй мемæ фæбалц кæнут.
Нартæ зæгъынц:
- Фæлæу, афтæмæй нæ фервитæм адæмы мах.
- Уæдæ куыдæй фервитут?
- Мах æмæ Царциатæм ис иу æгъдау. Искуыдæм цæугæйæ раздæр æртæ хъуыддаджы сæххæст кæнæн.
Нарты хæрæфырт фæрсы:
- Цавæр хъуыддæгтæ сты?
Нартæ загътой:
- Раздæр нæм кафгæ фæкæнынц.
Ныххæцыдысты симдыл. Нартæн сæ иу кæроны сæ хæрæфырт æрхæцыд, иннæ кæроныл та Царциатæ ныххæцыдысты. Симгæ симын Нарты хæрæфырты нартæ æмæ Царциатæ фæйнæрдæм айвазынц, фæлæ йыл йæ кафты фæкъуыхцы кæной, уый сæ бон нæ бацис. Сæ хæрæфырт-иу сæ кæрæдзимæ йæ цонгты тыххæй æнгом æрбалхъывта. Фæцис сæ симд æмæ Нартæй иу зæгъы:
- Уæллæй-и, лæггаг у, фæлæ ма дын дæ зардмæ дæр байхъусæм.
Нартæ æмæ Царциатæ хъырнгæ кодтой, хæрæфырт та заргæ. Цас фæнды нæ хъырныдтой уыдон, уæддæр Нарты хæрæфырты хъæлæс тынгдæр хъуыстис. Ныууагътой зарын æмæ Нартæй æндæр лæг зæгъы Нарты хæрæфыртæн:
- Хорз арæхсыс, фæлæ хъазгæ та куыд кæныс, уый нын зæгъ.
Нарты хæрæфырт зæгъы:
- Фенгæйæ у.
Тымбыл дойнаг дуртæ æрбатылдтой Нартæ æмæ Царциатæ. Хæрæфыртмæ сæ радыгай æхстой, уый сæ иугай æхста æмæ сæ фæстæмæ æппæрста, иу дуры дæр зæхмæ не ‘руагъта æмæ та сыл стыхи. Ныууагътой дурæй хъазын дæр. Бурæфæрныг зæгъы уæд:
- Хорз арæхсыс, нæ хæрæфырт, ауадзын æй хъæуы.
Царциатæй фондзыссæдз барæгы равзæрстой æмæ сæ Нарты хæрæфыртимæ баиу кодтой. Нарты хæрæфырт йæ фæндаг скодта мысыры бæстæм. Фæцыдысты бирæ бонты æмæ бирæ æхсæвты. Иу ран Царциаты рынчыны рæстæг æрцыди æмæ сæ бæхтыл сæ сæртæ æруагътой. Нарты хæрæфырт сæ ауыдта, цæрдæг æргæпп кодта йæ бæхæй. Дзалайæ хуыссæнтæ акодта зæххыл æмæ Царциаты æрулæфын кодта. Æнæхъæн цыппар боны сæ фæхыгъта сырды фыдæй Нарты хæрæфырт.
Сдзæбæх сты Царциатæ æмæ та араст сты Нарты хæрæфыртимæ мысыры бæстæм. Æппын фæстаг ныххæццæ сты æмæ та Царциатæн сæ рынчыны рæстæг æрцыдис. Срынчынтæ сты. Нарты хæрæфырт фондзæссæдз уаргъы скодта Мысыры сыджытæй, цуан кодта æмæ Царциаты хыгъта сырды фыдæй. Царциаты бынты бакодта хурсыфтæ(2). Алы лæгæн дæр иу сыф йæ быны, иу йæ уæлæ. Фæзылдис сæм æнæхъæн цыппар боны. Сдзæбæх та сты Царциатæ æмæ рараст сты фæстæмæ сæ бæстæм. Рахæссынц Мысыры сыджытæй фæдзсæссæдз бæх уаргъы. Иу ран æрулæфынц талынджы. Фæлмæцыд уыдысты æмæ æрфынæйтæ сты. Уæд сæм залиаг калм æрбабырыди æмæ сæ хъуамæ аныхъуырдтаид. Нарты хæрæфыртæн йæ бæх ныммырмыр кодта. Нарты хæрæфырт фехъали æмæ ауыдта залиаг калмы. Хæцынтæ систа йемæ æмæ йæ амардта. Калмы мард буар ма йæ тæвдæй æзмæлыди, йæ къæдзилæй ратъæпп ласта æмæ Царциаты иууылдæр сыхъал кодта. Царциатæ кæрæдзимæ бакастысты. Нарты хæрæфырт сæм дзуры:
- Тæрсгæ ма кæнут, мард у калм.
Царциатæ зæгъынц:
- Кæй дæ, уымæн æнæнизæй фæцæр, æвæццæгæн, фынæй дæр нæ бакодтай?
Калмимæ хæцгæ кодтон.
Зыны дыл.
Сыстадысты æмæ та цæуынц. Иу доныл сæ хъуыди рахизын. Сæ бæхтæ батардтой доны, уæд сæм доны хуылфæй дзырдæуы:
- Дон ма змæнтут.
Нарты хæрæфырт сæм дзуры:
- Ды донæн уæлыйæ дæ, мах – дæлыйæ, чердæм æй æзмæнтæм.
- Уæддæр дон – мæ дон у.
- Омæ дзы немæ ницы хæссæм.
- Уæ бæхтæ дзы сæ къæхы ныхсадтой.
- Уый та махмæ нæ хауы.
Сурмæ ахыстысты, афтæ Царциаты бæхтæ æррынчын сты. Царциатæ скатай сты. Нарты хæрæфырт фæрсы, донæй йæм чи дзырдта, уый:
- Æддæмæ мæм рахиз.
-Цы дæм хизон?
- Нæ бæхтæн нын хос скæн.
- Куы сбон уа, уæд.
Æрбабони æмæ кæсынц, цы доны æрбахыстысты, уый разынди туг. Æрхы сæр рæбынæй бады иу æстыр гуымир уæиг. Арц йæ ныхмæ дары æмæ туг кæлы æнæхъæн комы дзаг. Нарты хæрæфырт æй фæрсы:
- Цы кæныс? Цæуыл дæхи марыс? Кæнæ чи дæ?
Гуымир зæгъы:
- Æз дæн Гуымирты гуымир. Мысыры мæлик мын мæ чызгы раскъæфта æмæ йæ разы бадын, йæ фæндаг ауылты у, фæлæ уæхæдæг чи стут?
Нарты хæрæфырт зæгъы:
- Æз мæхæдæг Нарты хæрæфырт дæн, мæнæ ме ‘мбæлттæ та Царциатæ сты.
- Æмæ ма Царциатæй змæлæг дæр ис?
- Ис, фæлæ мæнг æзмæлæг сты, кæд сæ бæстыл Мысыры зæххы сыджытæй байзæрой, уæд сын уый æвдадзы хос уыдзæни æмæ фервæздзысты, кæннод фесæфдзысты.
- Кæд афтæ у, уæд дзы цæуылнæ хæссут?
- Фондзыссæдз бæхуаргъы дзы хæссæм.
Гуымир уæиг та зæгъы:
- Уæдæ хорз, æз уын æввахсдæр рæтты фæндаг бацамондзынæн, æрмæст уæ иу чысыл мæ цуры фæлæууæд.
Гуымир уæиг Царциаты бафтыдта иу комыл æмæ зæгъы:
- Ацы комыл цæут, мацæмæй тæрсут, уе ‘мбал дæр уæ тагъд баййафдзæни.
Царциатæ комы араст сты гуымир уæиг та Нарты хæрæфыртæн зæгъы:
- Мæ хъусы ма ныхъхъæр кæн.
Нарты хæрæфырт гуымиры хъусы ныхъхъæр кодта. Уæд уый йæ сæр банкъуыста æмæ зæгъы:
- Ницы.
- Цæмæн зæгъыс? – фæрсы Нарты хæрæфырт.
- Нарты тугæй дæм бирæ нæй.
- Куы уын загътон, æз сæ хæрæфырт дæн.
- Уæдæ уымæн афтæ дæ, мæ хъæлæсы ма мын дæ кардæй цæв.
Нарты хæрæфырт Гуымирты гуымиры хъæлæсы ныццавта, кард фæстæмæ фесхъиудта æмæ та зæгъы:
- Йех, цæй тынг цæвыс, фæлæ куыд фæрисыс дæхæдæг, æппын дæ æхсынчъы тых дæр куы нæ ис. Уæд та мын арцæй мæ тыл ныццæв.
Нарты хæрæфырт гуымиры тыл ныццавта. Уæд гуымир зæгъы:
- О, ныр гæнæн ис æмæ дæ бамбарон. Хъус мæм, Нарты хæрæфырт: æз цасдæр бадын ам æмæ мæ хуыссæг æрцахста. Мæ туг мæ фæцыди, уый хъуамæ æрымбырд кæнон, уый тыххæй мæн хъæуы афынæй кæнын. Ды хъахъхъæн. Мæ чызгы мын чи аскъæфта, уый куы æрбацæйцæуа, уæд мæ сыхъал кæн, стæй дæ æз де ‘мбæлттæм фæхæццæ кæндзынæн.
- Цæмæй базондзынæн дæ чызгы? – афарста Нарты хæрæфырт.
- Мæ чызг ахæм у, æмæ кæд кæугæ кæна, уæд йæ цæссыгтæ зæххыл цæппузыртæй æмбæлдзысты æмæ дуртæ фæддзысты, кæд худгæ кæна, уæд дуртæ сæхимидæг зилдзысты.
Гуымирты гуымир æрфынæй ис, Нарты хæрæфырт æй хъахъхъæны. Дзæвгар фæхъахъхъæдта Нарты хæрæфырт. Æхсæв бонмæ дæр лæууыди. Уæд бон æрбахæстæг ис æмæ кæуын æрбайхъуысти, уый Гуымирты гуымиры чызгы раскъæфтæуыдис. Чызгы цæссыг дуртыл сæмбæлы æмæ дур афады. Базыдта Нарты хæрæфырт хъуыддаджы. Арц систа æмæ йæ Гуымирты гуымиры тылы ныццавта. Гуымир йæхи аныхта, фæлæ хъал не ‘ссис. Дыккаг цæф æй ныккодта æмæ ныффутт ласта, æндæр нæ райхъал ис. Æртыккаг цæф æй ныккодта. Гуымир фехъал, йæ цæстытæ аууæрста, фæрсы Нарты хæрæфырты:
- Фæцæуынц?
- Нæма, фæлæ сын сæ бæрджытæ хъусын æмæ уынын.
- Раст зæгъыс, Нарты хæрæфырт, рацæуы æскъæфæг, фæлæ цы нæ вæййы, лæг амæлын дæр зоны, уæд дын уадзын къухдарæн. Мæ иунæг чызг дæу фæуæд.
Нарты хæрæфырт райста къухдарæн æмæ фæсвæд алæууыд. Уæд æрбазынди æскъæфæг. Гуымирты гуымир кæсы æмæ чызг кæуы. Скъæфæджы размæ фæци, кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, хæцынтæ райдыдтой, кæрæдзи уачъитыл аркъауæхстæй ныххæцыдысты æмæ сæ дыууæ дæр амардысты. Чызг кæуын байдыдта. Нарты хæрæфырт æм бирæ фæкасти, стæй бацыд чызгмæ æмæ зæгъы:
- Айс дæ фыды лæвар, - æмæ йæм бадардта къухдарæн.
Чызг къухдарæны базыдта, Нарты хæрæфыртæн зæгъы:
- Искуы æскодтай удыбæстæ искæмæн?
- Кæмæн скодтон æмæ кæнын, уыдон нæ разæй сты, фендзынæ сæ.
- Уæдæ мæ Хуыцау дæуæн загъта, фæлæ мæ фыды марды цы фæкæнон?
Нарты хæрæфырт дуртæ æрбатымбыл кодта, зæппадз ацарæзта æмæ Гуымирты гуымиры уым бавæрдта. Чызгы чи раскъæфта, уый та йын йæ разы цыртæн ныссагъта.
Нарты хæрæфырт ракодта чызгы, Царциаты æрбаййæфта хаудтæй зæххыл, сæ рынчын афон та уыдис. Нарты хæрæфырт зæгъы чызгæн:
- Донæй сæм зил, æз та сын исты рацагурон.
Цуаны азгъордта Нарты хæрæфырт, сырдтæ амардта, физонджытæ акодта æмæ сын бахæрын кодта.
Нарты хæрæфырты фæрцы та Царциатæ расæрæн сты. Цæуынц сæхимæ. Нарты хæрæфырт чызгæн фæдзырдта йæ фæндаджы хъуыддаг. Уæд чызг зæгъы:
- Гъеныр мæ уырны, удыбæстæгæнæг кæй дæ æмæ уый тыххæй фыдæбон кæй кæныс, уый.
Цæуынц Царциатæ, цæуы Нарты хæрæфырт дæр чызгимæ. Дзæвгар фæцыдысты æмæ иу калак хъæумæ æрхаудтой. Уыцы хъæуы ахæм адæм цардысты: сæ бæстыл цæуæг сæ кæд амбылдтаид æртæ хатты, уæд ын æртывæр лæвæрттæ кодтой, кæд цæуæг йæхæдæг фембылд уыдаид, уæд уымæй æмбæлæггаг агуырдтой æртывæрæй. Хъæуы цæрджытæ Нарты хæрæфырт æмæ Царциатыл зæрдиагæй сæмбæлдысты. Фынгтæ сын сæ размæ, фæндагмæ рахастой, æмæ сæ хыгътой. Хорз сæ федтой, стæй калак хъæуы хистæр фæрсы æрцæуджыты:
- Кафын уæ нæ фæнды?
- Цæуылнæ, æфсæст гуыбын кафын, кæнæ зарын, кæнæ хъазын агуры.
Нарты хæрæфыртæн иу зæронд йæ хъусы дзуры:
- Кыс, кыс, чысыл мæ фæсаууонмæ рауай.
Нарты хæрæфырт хи хъуыдыйы æфсон рауади. Уæд æй зæронд ус фæрсы:
- Чи дæ? Кæцæй дæ?
- Дæн Нарты хæрæфырт.
- О, дæ фæхъау фæуон. Нарты хистæр мемæ лымæн уыди. Фæдзæхсын дæ кафтмæ, е зардмæ кæнæ хъазтмæ куы цæуай, уæд-иу цæуæд уе ‘ппæты тыххæй æмæ хуыздæр азарут, ма фæсайды ут.
Нарты хæрæфырт бузныг загъта усæн. Рацыди йе ‘мбæлттæм. Уæд ныххæцыдысты кафтыл. Калак хъæуы цæрджытæ сæ хуыздæртæй дыууæйы равзæрстой. Нарты хæрæфырт та Царциаты номæй рацыди кафынмæ. Дыууæ кафæджы æхсæн ныххæцыди. Уыдон æй сайæн-майæнтæй æлхъывдтытæ кодтой. Нарты хæрæфырт, цыма сæ хъуыды дæр нæ кодта, уыйау йæ сæр бæрзонд дардта. Сæ къæхтыл сын-иу фæлæууыди æмæ сын сæ къах-къухты æсдондæппалтæ кодта. Дондæппалтæ аскъуыдысты æмæ скъуылыхтæ сты. Калак хъæу сæ кафджыты къулыхæй куы федтой, уæд загътой:
- Фембылды стæм.
Фæци кафт. Ныр та дыууæ къалосджын лæппуйы равзæрстой хъæу зарынтæ. Нарты хæрæфырт сæ астæу ныллæууыди. Уыдон ныззарыдысты Нарты хæрæфырты хъусты, фæлæ сæ хъуыды дæр не ‘ркодта. Уæд Нарты хæрæфырт ныццæлхъ ласта куы иуы, куы иннæйы хъæлæсы æмæ сæ хъусты тæгтæ фæкъуырма сты. Нарты хæрæфырт-иу йæ зард ныллæг куы æруагъта, уæд-иу уыдон та сæ хъырндæй фæдзæгъæл сты. Калак хъæуы адæм та зæгъынц:
- Фембылды та стæм.
Зард дæр фæцис æмæ хъазыныл ныллæуыдысты. Нарты хæрæфырт йæхæдæг, калак хъæуы адæмæй авд бæдæйнаджы(3) кæрæдзимæ дойнаг дуртæ æхстой. Нарты хæрæфырт, авдæй цас дуртæ æппæрстой, уыдоны ахста æмæ сæ цырд фæстæмæ аппæрста. Дур дуры æййафта æмæ калак хъæуы лæппутæ нал арæхстысты дурты æхсынмæ æмæ сын зæхмæ хаудтой. Калак хъæуы адæм та загътой.
- Ноджы та фембылды стæм.
Калак хъæуы хистæр зæгъы:
- Фембылды стæм æмæ уын æртывæр лæвар кæнæм. Нарты лæг рæгъауæн къæбæлдзыг уæлдзæрмттæ худтæн. Сæ ус рæгъауæн – хуысар хъуымац разкъæрттытæн æмæ сæ сывæллæттæн мах номæй – зæлдаг сгæллад хъуымац хæдæттæн.
Царциатæ æмæ Нарты хæрæфырт сын арфæ ракодта æмæ рацыдысты. Бирæ фæцыдысты сæ фæндагыл, уый бæрц дæр сæ нал хъуыди æрхæццæмæ, афтæ та Царциатæ рарынчын сты. Нарты хæрæфырт æмæ чызг та сæм зилын байдыдтой, цалдæр боны сæ æнæркастæй нæ ныууагътой, æмæ та фæсæрæн сты. Араст та сты æмæ цæуынц. Хур асадæн(4) кодта, уæд æрхæццæ сты Нартæм. Нартæ скад кодтой Царциатæ æмæ сæ хæрæфыртæн. Мысыры сыджыты байзæрстой, уæд сæ бæстыл Царциатæ. Сæ хистæртæй иу Суа хуынди. Суа сæ суадæтты цур байзæрста сыджытæй æмæ дзы суæрттæ равзæрди, уæдæй фæстæмæ Царциатæ суæрттæ ныуæзтой.
Царциатæн æлутоны хос фæцис Мысырæй æрхæсгæ сыджыт, сæ хуымтæ уæлдай æфсир уагътой, сæ угæрдæнтæ хуыздæр зайын райдыдтой. Уæдæй фæстæмæ та Царциатæ фæсæрæн сты æмæ нал рынчын кодтой.
Нартæм æрхастой хуынтæ Царциатæ æмæ Нарты хæрæфырты номыл скодтой стыр куывд. Нартæ дæр сæ хæрæфыртæй куыннæ ныббузныг уыдаиккой æмæ Нарты хæрæфырт Нарты адæмæн цы лæвæрдтæ æрхаста калак хъæуæй, уыдон ын йæхицæн балæвар кодтой. Сты чындзæхсæв дæр ма йын æскодтой æмæ йæ кадимæ лæвар бæх æд саргъ, æд идон, æд нымæт арвыстой йæ бæстæм.
Зæгъынц, зæгъгæ, Едысы дæр Мысыры сыджыт ис æмæ дзы бирæ суæрттæ уымæн ис. (Стр. 204-214).

1 Мысыр – ныры Египет.

2 Хурсыфтæ – стыр сыфтæ, чизоны, пальмæтæй загъдæуы.

3 Бæдæйнаг – æвзыгъд лæппу-лæг.

4 Асадæн кæнын – аууон кæнын.


источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.
Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru