поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
7. БЕЗАНЫ ТАУРÆГЪ
Автор: 00mN1ck / 18 октября 2007 / Категория: Даредзанты кадджытæ
Пиллонгомы (Гудзареты), фæзынди иу хуы æмæ тых кодта адæмæн. Пиллонгомы царди уæйгуытæ, æмæ уыдонæн дæр тых кодта. Атъенгомы (Гудзаретьп та цардысты Даредзашæ, æмæ Даредзантæм дзырд æрбацыд уæйгуытæй дæр æмæ иннæ адæмæй дæр: «Ахæм гуырд ма чи рацæудзæнис Даредзантæй, æмæ уыцы хуыйы чи амара?» Уыцы дзырд сæм æрбарвыста Апрасионты (тæтæры) паддзах.
Даредзантæ бадтысты ныхасы мидæг, æмæ сæ тыхджынтæ чи уыдысты: Ростъом, Гиви æмæ Годердзе, — уыдысты æртæ æфсымæры æмæ зæнæгæй уыди Гивийæн æрмæст иу лæппу, Безан, зæгъгæ, йæ ном.
Æмæ ахъуыды кодтой, стæй загътой:
— Ахæм гуырд Даредзантæм ничиуал рацæудзæнис, уыцы хуы-йы чи амара.
Безан сæм авдазыкконæй хъуыста æмæ загъта:
— Æз æй бæргæ амарин, фæлæ мæм дзаума нæй, — мæ фыды 'фсымæр мын куы раттид йæ фат, йе'рдын æмæ йæ бæх Реси стæй мын куы раттид йæ архъан æмæ йæ кард, уæд æм æз ацæуин æмæ йæ амарин.
Уæд ыл Ростъом схъæр кодта:
— Æмæ дæуæн дæ хъуымыз дæ донгæмттæй куы кæлы! Кæд æм цæуыс, уæд æм дæхи дзаумайы ацу.
Стæй лæппу фæмæсты, йæхи бæх æмæ йæхи дзаумайы рацыдис. Ростъом загъта:
— Йæ бæх нæ бæззы, йæ дзаумæттæ дæр нæ бæззынц, æмæ йæ хуы бахæрдзæн.
— Безан, кæд цæуыс, уæд дын дæттын мæ бæх æмæ мæ дзаумæттæ, фæлæ 'ххæст лæг нæма дæ нырма, æмæ дын тæрсын, куы дæ бахæра, уымæй.
Радта йын йæ бæх дæр, йæ фат, йе 'рдын, йæ кард. Загъта лæппу:
— Нæ зонын фæндаг, æмæ мын мемæ фæндагамонæг бафтаут, мæ мард, ме 'гасæй бæрæг куыд 'рбахæсса, афтæ.
Бафтыдтой йын сæ сау лæттæй (лæггадгæндж'ытæй) — Гургены. Ацыдысты уыдон æмæ бахæццæ сты иу рагъмæ; рагъæй йæ акæсын кодта Гурген æмæ загъта:
— Ардыгæй дæлæмæ мæ бон ныццæуын нæу. Акæс, дæлæ хуы æрбацæуы! Хъазгæ æрбацæуы хуы, мигъы хуызæн рыг обадтис йæ сæрмæ.
— Уæдæ лæуу ам, — загъта Безан, — æмæ мæм кæс, куы мæ амара, уæддæр мæ уындзынæ, куы 'йæ амарон, уæддæр æй уындзынæ.
Гургены сæргъæвта тулдз бæласы сæрмæ Безан, йæхæдæг ацыдис хуымæ. Хуы бабырыдис йæбынатмæ. Безан дæр ныххæццæ ис бынаты размæ æмæ хуымæ хъæр кæны мидæмæ:
— Хуы, рабыр дæ бынатæй, сцыргъ кæ дæ сыгъзæрин ссыртæ, æз æмæ ды ахъазæм иумæ!
Хуы рабырыд æддæмæ, скасти Безанмæ уæлбæхмæ, æмæ йын загъта:
— Цы кæныс, Безан? Ды дæр дæ мадæн иунæг, æз дæр иунæг, æмæ дæ цæмæн бафæндыд мемæ хъазын?
— Ницы кæны, бафæлварæм иумæ хъазын! Хуы загъта:
— Акæс-ма уыцы сау обаумæ, уый æз кæй фæхордтон, уыдонæн сæ сæрыхъуын у. Акæс-ма уыцы обаумæ, ноджы уыцы сырх цадмæ: уый та у, æз кæй фæхордтон, уыдонæн сæ туг. Ноджыдæр акæс уы-цы урс обаумæ: уый та у се 'стæгдар.
— Ницы кæны, хуы, мæ сæрыхъуын дæр уым уæд! Гъеныр дæ хъазт циу, уый мын бацамон!
— Кæс-ма, уæдæ, мæ хъазт цну, уый дын бацамонон!—загъта хуы æмæ йе 'ссыр фæсагъта зæххы, дардыл хахх æркодта æмæ загъта:
— Ацы хаххы былыл æрлæуу, æмæ æз дæ фæстæ æрлæудзынæн, алидз, æмæ дае кæд баййафон иннæ хахмæ, уæд дæ сриуыгъдзынæн æмæ дæ амардзынæн; кæд дæ нæ баййафон, уæд æз дæр фæстæмæ фездæхдзынæн, æмæ мæ куыд æрбаййафай, афтæ мæ цæв.
Безан загъта:
— Уæдæ æз æрлæудзынæн, ды мæ расур, — æмæ йæ бæхæн загъта: — Реси, ма сауæрд дæ хъаруйыл!
Сбадти æмæ слæууыди ха.ххæн мидæгæй, бæхы ныцдавта æмæ алыгъдис Безан.
Хуы дæр æй асырдта фæстейы, æмæ йын хаххæй куы агæпп ласта, уæд ма йæ сриуыгъта æмæ ма йын йæ бæхы къæдзилæй цалдæр хъисы аскъуыдта, фæстæмæ фездæхти хуы.
Расырдта йæ Безан, хаххы астæумæ куы 'рбахæццæ хуы, уæд æй фехста фатæй æмæ йæ дыууæ уæны астæу ныууади, риуыгуыдырæй ахызти æмæ разæй гутоны хахх кодта фаты æртих (фаты бырынкъыл кæй кодтой, уый).
Хуы ма лыгъдис æмæ баирвæзтис йæ бынатмæ, фат дæр йемæ бахаста.
Безан бæхæй æрхызтис æмæ загъта: «Мидæмæ йæм цæуин, æмæ мæ куы бахæра миййаг». Ахъуыды кодта æмæ загъта: «Цæй, цыдæриддæр уон», — æмæ йæ иу къухы бахаста йæ сыгъзæрин фистон хъама, йе 'ннæ къухы дардта бæхы арц æмæ йæм бабырыдис йæ бынатмæ. Хуы амарди йæ бынаты.
Безан ыл фæархайдта, фæлæ йæ нæ рафæрæзта æддæмæ раласын, рацыд æмæ йæ бæхæн загъта:
— Хуы амардис, æмæ йæ нæ фæразын æддæмæ раласын. Бæх ын загъта:
— Архъан ыл бабæтт йе 'ссыртыл æмæ йæ бабæтт мæ къæдзилыл, æз æй раласдзынæн.
Бæхы къæдзилыл æй абаста, æмæ йæ бæх раласта. Безан ын йе 'ссыртæ ралыг кодта, йæ сыгъзæрин ссыртæ, æмæ сæ бæхы фæсарны æрбаста, æмæ зæхмæ æрхæццæ сты ссыртæ.
Бæхыл сбадт, рарасти æмæ ссыди Гургенмæ. Гурген йæ уындæй фæтарстис æмæ бæлас фесæфта...
Æддæдæр ацыдысты æмæ:
— Цæй, кæрдзын бахæрæм, — загъта Гурген.
Æмæ æрбадтысты кæрдзын хæрыныл. Скъуывтой хуыцаумæ, хæрынц, нуазынц. Гурген сайдæй рацыдис Безаныл æмæ йæм тых хатыд кодта, тых нозт кæнын ын кодта, фæрасыг æй кодта, æмæ йын загъта Гурген:
— Сгуыхгæ хорз фæкодтай, фæлæ ма ныр Апрасионы паддзахы чызг Манидзаны дæхицæн куы ракурис.
Æмæ Безан загъта:
— Уый хъуыддаг дæу нæй, фæлæ сбад дæ бæхыл æмæ ацу мæ фыды 'фсымæрмæ, Ростъоммæ, фæу хæрзæггурæггаг, æмæ дын ратлзысты де 'муæз сыгъзæрин.
Стæй Гурген йæхинымæр загъта: «Расыг нæма у», — æмæ æрхъуыды кодта, цæмæй йæ бынтон расыг фæкæна. Йæхæдæг нозта афтид сыкъа, Безанæн та лæвæрдта дзаг сыкъа æмæ йæ бынтон ра-сыг фæкодта. Стæй та йын загъта:
— Манидзаны куы ракурис.
Безан æм ницыуал сдзырдта. Стæй йын Гурген загъта:
— Гыццыл уал арацу-бацу кæнæм, кæд дæ нозты тæф æрцæуид. — Йæ къухыл ын ныххæцыдис Гурген æмæ йæ акодта, Апрасионты дзыхдон кæм уыдис, уырдæм ныххæццæ, æмæ йæ уым расыгæй аппæрста, хæцæнгарзæй йæм ницыуал баззадис, æрмæст йæ хъамайы йедтæмæ. Гурген æй ныууагъта афтидæй.
Рацыдис Гурген æмæ хуыйы ссыртæ Безаны бæхæй систа æмæ сæ йæхи бæхыл сæвæрдта, сбадти йæ бæхыл, æмæ Даредзантæм куы бахæццæ ис, уæд дис кодтой Даредзантæ:
«Ай барæг мах барæг куы у, йæ ехсы фелвæст æмæ йæ бæхы ныццавд дæр, æмæ Безан куы нæ у?! Æмæ кæд хуы Безаны бахордта, уæд Гурген куыд фервæзти?»
Бахæццæ сæм ис Гурген дæр, æмæ йæ фæрсынц:
— Безан цы фæци? Æмæ загъта:
— Алчи йæ дзидзидайы хæстмæ æрвиты!.. Хуы йæ бахордта, æмæ хуыйы та æз амардтон, мæнæ йе 'осыртæ.
Безанæн йæ нозты тæф куы 'рцыдис, уæд ракастис æмæ загъ-та: «Ай, мæнæ диссаг! Ай, кæм дæн æмæ ныр чердæм цæуон, уый куы нæ зонын!» Хъуыды кæны, æмæ æрхъуыды кодта. Хъæды къутæр-тæ дзы уыдис æмæ хъæды къутæртæй ралыг кодта, сарæзта хъæдын тæрхъус æмæ хъæдын егар, иу тæрхъус ауагъта æмæ йын иу егар йæ фæдыл бафтыдта, æмæ йын-иу æй йæ дзыхы æрхаста фæстæмæ Безанмæ.
Уый фæстæ цæуын байдыдтой дондзаутæ. Æмæ Апрасионты Ма-нидзанæн уыдис фондзыссæдз чызджы лæггадгæнджытæ. Уыдон цыдысты дыгæйттæй иумæ, дыууæйæ-иу иумæ æрбадтысты, æмæ-иу Безан уьгцы тæрхъус æмæ егарæй куы хъазыди, уæд-иу æм кастысты. Афтæмæй уыцы фондзыссæдз лæггадгæнæджы се 'ппæт дæр рацыдыcты; загъта уæд Манидзан, чи йæ схаста, уыцы мадæн:
— Акæс-ма, кæд мæ амонд чемæ у, уый миййаг æрцыдис. Кæсынц æмæ — Безан.
Чызг хъуыдыйыл фæцис: «Куыд æй схонæм нæхимæ?» Уыцы чызтæн та уыдис хъалагъуртæ — фондзыссæдз гуымирыйы дуарæн мидæгæй, фондзыссæдз — æддейы, æмæ нæ уæндыдис чызг уыдонæй йе 'схонын. Æмæ æрхъуыды кодта чызг: «Цæй, æмæ йæм арвитон сылгоймаджы дзаума, уыдон скæндзæн йæ уæлæ æмæ ссæудзæнис уыцы чызджытимæ». Æмæ йæм рарвыста сылгоймаджы дзаума, æмæ йын куы загътой Безанæн: «Ацы дзаума скæн æмæ немæ рацу, æмæ дæ ничи базондзæн», уæд уый загъта: «Ау, уый та куыд?! Мæ сæрмæ куыд æрхæссон сылгоймаджы дзаума скæнын?!. Ацæут, æз æй агурдзынæн мæхæдæг».
Бавдæлди æмæ хъæдмæ бацыдис, кæрз къæбæлтæ сарæзта фидар, æхсæвыгон ссыдис мæсыгмæ, фæстæрдыгæйты бахъуызыдис æмæ мæсыджы къулы къæбæлтæ садзын байдыдта, уыдоныл хизын байдыдта уæлæмæ-уæлæмæ æмæ схæццæ ис йæсæрмæ. Йæ сæрæй мæсыгæн уырдыгмæ æрхызтис æмæ æрхæццæ ис йæ уарзон Манидзанмæ, æмæ фæцин кодтой кæрæдзийыл сусæг цинæй.
Иннæ абонæй иннæ абонмæ кæрæдзиуыл фæцин кодтой сусæг цинæй, стæй иннæ иннабон куы 'рцыдис, уæд сæ хъазын, сæ зарын æддæмæ хъуысын байдыдта æмæ гуымирытæ дуармæ гуыппытæ байдыдтой. Безан сæм радзырдта:
— Цы кæнут, æнцад ут, кæннод уæм ацæудзынæн æмæ уæ фон-дзыссæдзы ныццæгъддзынæн мæ сыгъзæрин фистонджын хъамайæ, иннæты та фендзынæн хъæбысæй!
Æмæ гуымирытæ загътой:
— Цом, паддзахæн фехъусын кæнæм — дæ чызгæй зарыны, кафыны хъæр цæуы.
Ацыдысты æмæ фехъусьш кодтой паддзахæн, æмæ паддзах загъта:
— Уый уыдзæн Даредзантæй, æмæ уымæн фæндæй куы ницы скæнæм, уæд ын тыхæй ницы скæндзыстæм.
Ацыдис æм паддзах йæхæдæг мæсыджы дуармæ æмæ йæм дзуры мидæмæ:
— Безан, Безан, æддæмæ рацу! Адæмы уынд дæхицæн цæмæн хæлæг кæныс? Рагæй дæр уыцы чызг уыдис дæуæн аккаг, æмæ мæнæ чындзæхсæв скæндзыстæм, фæцин кæндзыстæм кæрæдзиуыл, æмæ дын æй хайыр хуыцау скæнæд.
Безан рацыдис, æмæ паддзах чындзæхсæв сцæттæ кодта. Сбадын кодтой Безаны авд рæнхъы сæр, æмæ йæм лæвæрдтой нозт; авдырдæм гаджидæуттæ кæны Безан æмæ.иу рæнхъæн авд нуазы. Уайтагъд ыл фавтых ис нозт. Куы ахаудта, уæд загътой:
— Цæй, ныр æй бабæттæм, — æмæ йæ бабастой фидар бæндæнтæй. Расыг лæг йæхи куы аивæзта, уæд сæ апырх кодта.
Стæй та йæ бабастой рæхыстæй æмæ рæхысты дæр апырх кодта. Стæй загътой:
— Уæдæ ма йын цы бакæнæм, рæхыстæ йæ куы нæ уромынц, уæд?
Уæд Даредзантæй чи алыгъдис, ахæм, Ростъомæн йæ сау лæг, — йæ ном та хуындис Пиран, уый сын загъта:
— Уый нæ бауромдзыстут бастæй, фæлæ ма йæ фенут, — дардтой Даредзантæ æрдынбос, æмæ ма йæм æрцагурут, кæддæра йæм нæй?
Æрцагуырдтой йæ дзыппы æмæ дзы систой уæлдай æрдынбос, уыцы æрдынбосæй йын бабастой йæ къахы æнгуылдз æмæ рахиз къухы дыууæ æнгуылдзы, стæй сæ бабастой кæрæдзимæ æмæ къамбец-дзарм бастыгътой къупристыгъд,- уым æй цæвæрдтой, фидар ын бабастой йæ ком. Куы та ныуулæфыдис, уæд та йæ аскъуыдта.
— Уæдæ цы бакæнæм? Ныр ын ралыг кæнæм йæ сæр, æмæ йæ базармæ ахæсдзыстæм, цъыфты йæ къахæй ратул-батул кæндзыстæм, æмæ нæ чи фæрса — кæй сæр у, уымæн зæгъдзыстæм: «Даредзанты Безаны сæр».
— Ахæссæм æмæ йæ æртæ фæндаджы астæу æрцауындздзыстæм æмæ чи у, зæгъгæ, куы фарстæуа, уæд зæгъдзыстæм: «Даредзанты Безан».
Ныр сæм Пиран хъуыста æмæ сын загъта:
— Даредзантæн афтæ нæ баззайдзæн сæ туг, фæлæ йæ маргæ ма акæнут, уæрм ын скъахут æмæ йæ уым ныппарут, æмæ йыл уæле-йы ныффæлдахут стыр дур.
Коммæ бакастысты, уæрм ын скъахтой æмæ йæ уым ныппæрстой, дыууадæс цæды гуымирытæй цы къæй æрластой, уый йыл ныффæлдæхтой. Йæ ус Манидзан сын балæгъстæ кодта:
— Хъуывгъан ныддæттæн æмæ хъуывгъан сдæттæн ма мын дзы ныууадзут.
Ныууагътой дзы æмæ йæхæдæг скодта Манидзан уьщы къæйæн йæ уæлæ халагъуд, цалынмæ йæхимæ æхца уыдис, уалынмæ фелхæдта кæрдзын дæр, алцы дæр, æмæ йын лæвæрдта уæрммæ. Стæй йæм æхца куынæуал уыдис, уавд курæг зылдис æмæ йын аф-тæмæй амал кодта, лæвæрдта йын хæринаг.
Безаныл ацыдис уыцы уæрмы афæдз æмæ 'рдæг. Даредзантæм уыдис ахæм къус æвзистæй, æмæ дзы-иу ногбоны ныккодтаиккой бæгæны, æмæ-иу æм ныккастаиккой, федтаиккой-иу, цы зиан сыл цыда.ид, уый дæр, æмæ сыл цы хорз цыдаид, уый дæр.
Ногбоны ныккастис Ростъом æмæ дзы федта, Безан мард кæй нæу, уый, æмæ ныххудти йæ дзыхыдзаг. йæ дыууæ æфсымæры загътой:
— Куыннæ худай, махыл цы хорз æрцыдис: иунæг фырт нын уыдис, æмæ уый нал ис, ды худгæ кæныс уæддæр!
Уæд сын Ростъом загъта:
— Ма тæрсут, æгас у, фæлæ нæ хъæуы лæджыхъæды сæр, æмæ мах сфæнд кæнæм. Ахст у Безан. Апрасионтæм бацæуæм æмæ йæ рахæссæм.
— Афтæмæй куыд бацæуæм, æфсæдтæ йедтæ нæ хъæуы. Уæд Ростъом загъта:
— Нæ, афтæмæй цæугæ дæр нæу.
Бавдæлдис Ростъом æмæ йæ фæллой цыдæриддæр уыдис — суæлдай сæ кодта æмæ балхæдта хорз хъуымац, хорз скæллад æмæ скодта уыдонæй фондзыссæдз теуайы уаргъы; иуырдыгæй фарс сыл сæвæрдта хъуымац, иннæрдыгæй фарс — уæйыг æмæ гуымирыйы. Æмæ йæ дыууæ æфсымæры дæр уыцы уæргъты мидæг бакодта. Стæй Апрасионты паддзахмæ барвыста: «Ахæм базаргæнæг къупец дæм фæ-цæуы, æмæ дæ магазинтæй стырдæр чи у, уый расыгъдæг кæн, алцы дæр асламдæр дæтдзæнис». Æмæ йæм æрбарвыста паддзах, «рацу», зæгъгæ, дзуапп.
йæхи коса даст ныккодта Ростъом, йæ бæхы барц сæлвыдта, тæтæйраг худ ныккодта йæ сæрыл æмæ ацыдис уыцы фондзыссæдз теуаимæ, сæ уæргътæ сæ уæлæ, афтæмæй. Бацыдис Апрасионты горæтмæ æмæ магазин сыгъдæг уыдис. Æриста уæргъты уыцы магазины æмæ базар кæнын райдыдта: хъуымац сыхæлдта, скæллад сыхæлдта; гуымирыты, уæйгуыты ныууагъта бастæй магазины мидæг. Базар кодта, афтæмæй йæм æрбацыдис иу коса æмæ базар кæныныл схæцыдис; гуымирыйы фарсыл сбадти, туас йæ къухы, æмæ йæ фарсы мидæг нытътъыста. Гуымирымæ куы ныххæццæ ис туас, уæд фесхъиудта æмæ коса чи уыди, уый царыл сæмбæлдис. Коса йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццавта:
— Уæуу, мæнæ диссаг, чи æрхъуыды кæндзæнис уый æмæ Даредзанты Ростъом Апрасионты горæтмæ тæлфгæ базайраг æрхæсдзæни?!
Ростъом æй фехъуыста æмæ йæм йæ къух батылдта, ма схъæр кæн, зæгъгæ. Рацыдис Ростъом, акодта йæ хибармæ æмæ йын загъта:
— Ма схъæр кæн.
Систа йын сыгъзæринтæ æмæ йын йæ дзыппытæ байдзаг кодта, ноджыдæр ма йы.н загъта:
— Кæд ма дæм исты æвæрæн ис, уæд ма дын уым дæр ныккæнон.
— Нал ис, — зæгъгæ, загъта коса.
— Ацу, уæдæ, æмæ кæд дæ хуызæн коса искуы зоныс, узæд уый дæр ракæ.
Ацыд æмæ фæзылдис горæты æмæ иу йедтæмæ не 'ссардта, æрбакодта йæ Ростъоммæ.
— Рацæут, æз уын сызгъæринтæ радтон, — загъта сын Ростъом.
Бакодта сæ хибар ранмæ æмæ сын сыгъзæринæй сæ дзыппытæ байдзаг кодта. -- Æрбадарут ныр уæ дзыхтæ æмæ уын уæ дзыхтæ дæр байдзаг кæнон.
Схæлиу кодтой сæ дзыхтæ. Ростъом сæм февнæлдта, се 'взæгтæ сын фелвæста, æмæ сын сæ дзырд ничиуал æмбæрста, уый йедтæмæ йæ банымыгътаиккой.
Манидзан фехъуыста Ростъомы тыххæй æмæ йæхицæн загъта: «Цон æмæ мын уыцы къупец исты ралæвар кæна». Манидзан æм ссыдис æмæ йын бакуывта:
— Ахæсты хицау дæн, æмæ мын исты баххуыс кæн, исты мын балæвар кæн.
Æмæ йын загьта Ростъом:
— Цавæр ахæст у дæ ахæст? Æмæ йын уый дæр загъта:
— Даредзанты Безан.
Ростъом æй ратардта: «Ацу, — зæгъгæ, — уæдæ мæ нæ хъæуыс, кæд уый хицау дæ, уæд». Стæй йæм фæдзырдта: «Рацу, рацу», — æмæ йын загъта:
— Хъусыс, æз дын ратдзынæн бирæ æхца, куы сæххæст кæнай, æз дьш кæй зæгъдзынæн, уый, уæд. Бацу дæ фыдмæ æмæ йын балæтъстæ кæн: иу майрæмбонæй иннæ майрæмбонмæ суг цыдæриддæр æрцæуа базармæ, уый ды куыд æлхæнай æрмæст, афтæ.
Фыд Манидзанæн суг æлхæныны бар радта æмæ уæд фæстæмæ Ростъоммæ бацыдис.
— Бар мын радта.
— Уæдæ дын мæнæ æхца æмæ æлхæн.
Радта йын æхца бирæ, цас æй хъуыд, уыйас, стæй йын загъта:
— Гъеныр сæ, ахæст кæм ис, уыцы уæрмы алыварс амай. Æмæ балхæдта сардзинтæ æмæ сæ æртæ фæлтæрæй самадта.
Амад куы фесты, уæд æм ссыдис Манидзан æмæ йын загъта:
— Фесты ныр амад. Ростъом ын загъта:
— Фæлæуу ныр, ахæстæн исты хæринаг ахæсс.
Аргæвста гогыз, адзæбæх æй кодта, сфыхта йæ æмæ йын йæ мидæг цæвæрдта йæ къухдарæн, æмæ йын загъта Манидзанæн Ростъом.
— Гъе уый йæм-иу ныддæтт, ма йæ алыг кæн, афтæмæй, æмæ йæм-иу ныдздзур: «Иним æрхæццæ ис».
Ныххаста йæм æй Манидза, ныллæвæрдта йæ æмæ йæм ныдздзырдта:
— Иним æрхæццæ ис.
Куы алыг кодта Безан гогызы, уæд къухдарæн систа æмæ ныххудтис, куы ныххудтис, уæд йæ уæлæ цы къæй æмбæрзт уыдис, уыиадли бæрц фæгæпп кодта йæ худынæй. Æмæ йæм Манидзан фæстæмæ ныдздзырдта:
— Цæуылнæ худай ды? Æз мæ уæздан сæр дæу тыххæй скодтон курæг!..
Сдзырдта йæм Безан:
— Ма тæрс, ис мыл зилæг.
— Æмæ чи у дæ зилæг?
— Мæнæ цы ном æрдзырдтай, уый у мæ зилæг — Иним, мæнæ дын йæ къухдарæн дæр, — æмæ йæм йæ къухдарæн слæвæрдта,— ныр нæм ахсæв цæудзысты æмæ бафснай, цы дзаума дæм ис, уыдон.
Æхсæвы Ростъом гуымирыты æмæ йæ æфсымæрты дæр суæгъд кодта æмæ Безанмæ æрцыдис уæрммæ. Уæрмы алыварс цы сардзин-тæ амад уыд, уыдоныл арт бафтыдта. Загъта йе 'фсымæр Гивийæн Ростъом:
— Схæц къæйыл, Гиви!
Уый бацыдис къæймæ, схæцыдис ыл æмæ йæ систа йæ астæуы онг æмæ йын фæстæмæ æрхаудта, уый тыххæй æмæ йæ фыртмæ куы ныккастис,.уæд йæ зæрдæ суынгæг ис. Æмæ Ростъом загъта:
— Гъе, уæу-уæй, гъе, фæзæронд дæ.
Ростъом бауадис, къæй фелвæста йæ и.у къухæй, фехста йæ æмæ загъта:
— Гъе, хуыцау, ацы къæй ауадз æмæ косайы сыхыл куыд сæмбæла!
Къæй ацыдис æмæ косайы сыхыл сæмбæлдис æмæ сæ ныппырх кодта. Къæй куы аппæрстой, уæд ныдздзырдтой Безанмæ:
— Схиз!
— Не 'схиадзынæн! — зæгъгæ, загъта.—Кæд мын Гургеныл фæткъуы цæвын бауадздзыстут, уæд хизын, кæннод нæ.
— Уый нæ уыдзæнис, — дæ фæткъуыйы цæф ын сармадзаны цæфы хуызæн фæуыдзæн.
— Уæд та мын ыл бæмбæг цæвын бауадзут.
— Бæмбæг ыл калгæ дæр кæн!
— Уæдæ хизын.
Схызтис æмæ рацыдысты уырдыгæй, Манидзаны дæр рахастой. Фæдис сæ фæстæ рацыдысты, æфсæдтæ сæ фæстæ. Даредзантæ æрбаирвæзтысты иу къæдзæх рæбынмæ. Уырдыгæй хæцын райдыдтой фæдисæттыл. Апрасионты æфсæдтæ уыдысты бирæ. Фæхæцыдысты æртæ боны, стæй фæлмæцын байдыдтой. Даредзанты Ростъом загъта:
— Исчи уæ ацæуæд æмæ фехъусын кæнæд Даредзантæн, æмæ нын куыд баххуыс кæной.
Æмæ загъта Гиви:
— Æз ацæуин, æмæ мыл цин кæндзысты: дæ фырт Безан фервæзти, зæгъгæ. Бафæстиат уыдзынæн.
— Æз тагъддæр æрцæуин бæргæ, фæлæ æнæ мæн куы ницы бакæнат ам, — загъта Ростъом.
— Цалынмæ ды цæуай, уалынмæ мæ уæнггай куы лыг кæной, уæддæр бафæраздзынæн,—загъта Безан.
— Уæдæ цæуын æз, фæлæ цырд лæуут! — æмæ Ростъом ацыдис. Уæд Апрасионты тыхджынтæй иу хъæргæнгæ æрбацыдис.
— Ростъом, кæм дæ, Ростъом, кæм дæ?
Ростъом уым нæ уыдис, æмæ Ростъомы лæггадгæнджытæй иу абадти бæхыл, æз æм ацæуон, зæгъгæ. Фæцæуы, фæлæ йын Апрасионты тыхджын йæ бæхы арц фæсагъта æмæ йæ ахаста арцыл хæ-цъилы хуызæн. Ныххаста йæ Апрасионты паддзахмæ, æмæ йæ 6афарста паддзах.
— Чи у, кæй æрхастай, уый? Уый йын загъта:
— Ростъомы æрхастон. Уæд Пиран ныххудти:
— Уый Ростъом нæма у, нæма!
Тыхджынмæ хъыг фæкасти уыцы дзырд, æмæ йын загъта:
— Дæуæн Ростъом дæ хъустæ ралыг кодта, фæлæ æз Ростъомы дæр афтæ æрхæсдзынæн.
Уыцы дзырдтæм Ростъом дæр ракасти рагъæй; кæсæнцæстæй кæсы, æмæ йæ лæггадгæнæг Апрасионты паддзахæн хураууон сагъд у. Ростъоммæ хъыг фæкастис. «Кæсма, мæ лæггадгæнæджы мын ахастой», — æмæ Апрасионты лæггадгæнæг йæ рæзты куы 'рбацæйцыдис, уæд æй фехста Ростъом рагъæй æмæ йæ фидары къулыл асагъ-та лæггадгæнæджы. Стæй æрцыдис. Æмæ Пиран афтæ зæгъы:
— Гъе уый Ростъомы гæрах уыди, гъе!
— Уæдæ ма йæм кæс, — загъта уыцы тыхджын æмæ йæм хъæргæнгæ æрбацыдис:
— Ростъом, кæм дæ, Ростъом, кæм дæ?
Ростъом дæр йæ бæхыл абадт, ацыдис хæстмæ. Æмæ ныллæууыдысты кæрæдзимæ, æмæ фатæй æхсын райдыдтой кæрæдзийы, сæ фат сæ иуы дæр нæ ныхсти, се 'ннæйы дæр нæ ныхсти. Стæй кардæй ацыдысты кæрæдзимæ, æмæ сæ иуы дæр нæ карста кард, се 'ннæйы дæр нæ карста кард. Гиви дзуры Ростъоммæ.
— Архъанæй дæр ма куы зыдтой Даредзантæ, архъанæй, уæд ыл цæуылнæ аппарыс архъан?
Ростъом дæр февнæлдта архъанмæ, айхæлдта йæ, æмæ йыл æй аппæрста. Тыхджынæн йæ хурхыд æвæрд фæцис архъан, йæ бæх фæстæмæ фездæхта, — Ростъом дæр æй фездæхта. Ахæцыдысты дыууæ бæхы, æмæ сæ иу дæр йæ зонгуытæм ныссагъдис сау мæры, æмæ се 'ннæ дæр. Ростъом йæ бæхыл схъæр кодта:
— Ахæц, Реси, кæннод ахиздзынæн æмæ дын дæ сырх бæрзæй ахауын кæндзынæн кардæй! Уый та фендзынæн хъæбысæй.
Æмæ бæх йæ тыхæй ахæцыдис æмæ тыхджын йæ саргъимæ дыууадæс хъандзалы 'хтонджы раскъуыдта, саргъ радавта æмæ йæ æрбаласта Ростъоммæ, Ростъом æй радта нæ лæггадгæнджытæн:
— Ай мын райсоммæ бавæрут, æмæ йæ райсом хъæбысæй куыд фенон, афтæ.
Лæггадгæнджытæ, куы 'рталынг ис, уæд загътой:
— Ай, абон Ростъомы сахат уыд, æвæццæгæн, æмæ йыл фæтых ис; райсом та ацы тæтæйраджы сахат куы уа, Ростъомы куы абынæй кæна, уæд сæфæм иууылдæр, æмæ йæ ныммардтой тыхджыны. Райсом сын Ростъом афтæ зæгъы:
— Цы фæкодтат уыцы тыхджыны?
— Мæнæ мард лæг æрбаластой æмæ йæ аппæрстам. Уалынмæ хъæргæнгæ æрбацыдис Апрасионты паддзахы фырт,
Манидзаны æфсымæр:
— Безан, кæм дæ?
Безан дæр æм ацыд хæцынмæ. Фыццаг фæхæцыдысты фатæй, стæй уый фæстæ хæцын байдыдтой кардæй, æмæ сæ ничи никæуыл тых кодта. Стæй аздæхтысты хъæбысæй хæцынмæ, афтæ хæцыды-сты, æмæ-иу дур сæ быны фæцис, уæд-иу ныммур ис. Бирæ фæхæцы-дысты, стæй сфæлмæцыдысты дойныйæ æмæ загътой:
— Ныр нæ фæллад суадзæм, дон ба.нуазæм, стæй та хæцдзыстæм. Радтой кæрæдзийæн æууæнк æмæ сæ фæллад суагътой. Загъта
æлдары фырт:
— Баназ, Безан. Уый загъта:
— Нæ, ды уал баназ, æз нæ баназдзынæн дæ фыццаг. Доныл ныффæлдæхтис æмæ банызта æлдары фырт. Безан дæр загъта:
— Æз дæр нуазын, фæлæ дæ сомы ма фехал.
Безан дæр ныффæлдæхт доныл æмæ дзы иу хуыпп куы акодта, уæд йе 'ккой абадтис æлдары фырт, хъама йæм сласта æмæзагъта:
— Гъе, хуыцау, Даредзантæй амардтон æртæ, ныр ай цыппæрæм марын.
Безан дæр сæвнæлдта æмæ йын йе 'фцæгготыл фæхæст ис, йæ разы йæ уæлгоммæ ныццавта æмæ загъта:
— Цæй, хуыцау, йæхи дзыхæй æппæлыди æмæ йæ æргæвдын ныр, — æмæ йæ цæргæвста уыцы ран æмæ йын йæ хотыхтæ ахаста. Апрасионты паддзах æрбарвыста Ростъоммæ:
- Адæмы кæрæдзийæн мауал цæгьдын кæнæм, фæлæ рацу ныр мæнæ хæстмæ.
Ростъом дæр загъта:
— Цон, уæдæ, æз æм цæуын.
Йæ бæхыл сбадтис, æмæ йæм Манидзан дзуры:
— Ницы йын кæндзынæ, хуымæтæджы ма ацу!
— Æмæ. йын архъанæй дæр ницы кæндзынæн?—дзуры Ростъом.
— Долапийы фыд хæссы йæ сæрыл.
— Æмæ цы фæнды хæссæд, цæргæ хæдзæрттæ дæр хæссæд, уæддæр æй æз архъанæй æрцахсдзынæн, — æмæ ацыдис Ростъом Апрасионты паддзахмæ. Фыццаг кардæй фæхæцыдысты, стæй фатæй. Стæй кæрæдзийæн куы ницы тых ардтой, уæд ыл Ростъом архъан аппæрста æмæ йын дæларм-уæларм фæцис архъан, раласта йæ æмæ йæ æрбахæццæ кодта, Ростъомæн йæхи æфсæдтæ кæм уыдысты, уырдæм, æмæ загъта Манидзанæн.
— Ай дын дæ тыхджын фыд, — æмæ йæ йæ чызджы хатыры тыххæй маргæ нæ акодта, «ацу ныр», зæгъгæ.
Ростъом дæр рафардæги йе 'фсæдтимæ, уый дæр ацыди. Ростъомитæ заргæ 'рбафардæг сты. Чындзæхсæв скодтой, æмæ Безан загъта:
— Гургены ма мæм æрбакæнут, кæм ис?
Æмæ йæм æрбакодтой Гургены. Бæмбæг систа Безан æмæ скуывта хуыцаумæ:
— Гъе, хуыцау, кæд æз Гургеныл сайдæй рацыдтæн, уæд ацы бæмбæг уæлæмæ бæмбæгæй ссæуæд, фæстæмæ — судзгæ 'хсидавæй, æмæ мæ сæрыл сæмбæлæд, цавддур куыд фестон, кæннод та Гургеныл.
Бæмбæг сæппæрста хæрдмæ, æмæ уæлæмæ бæмбæгæй ссыди, фæстæмæ 'хсидавай æрцыди, æмæ Гургены сæрыл сæмбæлдис æмæ цавддур фестадис.

Радзырдта йæ Туаты Зауырбег Алымбеджы фырт. Ныффыста йæ Гæдиаты Петр, Къоб, 1924 аз, июль. «Ирон адæмон сфæлдыстад», фæндзæм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 226—234.



«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru