поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
8. ДАРЕДЗАНТЫ РОСТЪОМ ЙÆ ФЫРТЫ КУЫД АМАРДТА
Автор: 00mN1ck / 24 октября 2007 / Категория: Даредзанты кадджытæ
Дæлæ Индоетæй Джекуæз паддзах куы сæрвыста, Индоетæй Даредзантæм:
«Уæ, Даредзантæ, уынгæджы куы фæдæн: Апрасион мæм куы 'рбарвыста йе 'фсады
Æмæ йæ рæгъæутты, быны сæфт мæ куы кæнынц, быны сæфт!
Джиби, йе 'йæ фырт Ростъомæй, исчи сæмбæлæд,
Æрбаахъаз мын кæнæнт, мæ бæстæ сæфы».
Ростъом чиныджы бакасти, ба, мæ хур, æмæ куы загъта:
«Æнæ цæугæ дзы мадзал куы нæ ис,
Нæ фыдæлтимæ уарзон уыдысты Джекуæзы фыдæлтæ».
Ус базоны Ростъомы фæнд æмæ куы зæгъы, куы, Ростъомæн:
«Аринаг куы дæн, уæд мæ дзæгъæлы кæмæн уадзыс!
Мæнæн, — зæгъы, — лæппу куы райгуырдзæн
Æмæ дæ къухы куы схъомыл уа, уæд ын тыхгæнæг тых
Куы нæ ссардзæн, куы нæ, мæ хур!
Куы нæ ацæуис, уæд хуыздæр уаид!»
«Æппын мын æндæр мадзал нæй æнæ цæугæ.
Лæппу дын куы райгуыра, уæд-иу йæ ном «Зурапп» уæд».
«Фæлæ мын исты уынаффæ бакæн, мæ хур, исты уынаффæ.
Куыд ын бакæнон, лæппу куы схъомыл уа æмæ дæ куы агура, уæд?»
Уæд æм бадзуры Ростъом: «Дæ зæрдæ сфидар кæн
Æмæ мæм иттæг дзæбæх æрбайхъус, иттæг дзæбæх.
Лæппу куы схъомыл уа æмæ мæ агурын куы байдайа,
Уæд ын-иу йе 'фцæджы бафтау Тутыры конд æртытæ,
Арвы дзæнгæрджытæ æмæ Йайы сыфтæ.
Æмæ йын-иу иттæг бафæдзæхс: цалынмæ мæм æрхæццæ уа,
Уалынмæ сæ ма фесафæд æмæ сæ хорз бахъахъхъæнæд —
Уыцы нысанæй йæ æз базондзынæн, куы мæм æрцæуа, уæд».
Ростъом сыстад, йæ бæхыл абадти æмæ ныффардæги Индоетмæ.
Гъæйтæ 'мæ, зæгъы, Джекуæз-мæликмæ куы бацыди.
Иттæг цин ыл фæкодта Джекуæз-мæликк æмæ йæ хорз айста:
«Уæй æгайтма уæ фыдæлты мыггаг нæ фесæфти, ныр мын ницыуал у.
Æгайтма æрцыдтæ, ныр мæ бæстæ куынæуал фесæфдзысты, иуы нæ, уæдæ».
«Уæдæ ма мын зæгъ ды, Апрасион дын чердыгæй фылдæр зиан кæны кæцырдыгæй?»
Джекуæз Ростъомæн куы радзырдта, хъуыддаг куыд у, уый:
«Балхæдтæг гуымирытæ æмæ Анджедтæг бузна нæлхуыты рæгъæуттæ
Куы 'рбауагъта Индоетмæ.
Быны сæфт æй фæкодтой æмæ йæ иннæрдæм куы афæлдæхтой.
Ныр кæд дæ бон исты у, уæд гъе уыцырдыгæй мын
Фылдæр зиан куы ис, фылдæр зиан.
Æмæ уыцырдыгæй сæ ныхмæ ныллæуу,
Ме 'фсады дæр мын куы фæцагътой, куы фæцагътой».
«Хорз, уыдонæн æз дзуапп куы ратдзынæн», —
Загъта Ростъом æмæ дын куы арасти, куы арасти. Уый фæстæ кæм æмбæлди, уыцы ран сæ ныхмæ куы ныллæууыди, куы.
Æмæ дын хæцынтæ куы байдыдта, хæцынтæ, зæгъы.
Уæд сыл хъæр куы байдыдта, хъæр.
Æмæ йæ хъæрæй уадзгуытæ куы кодтой гуымирытæ æмæ бузна нæлхуытæ.
Афтæмæй сæм бавдæлди æмæ сæ куырдæуидз æнæуидаг куы фæкодта куы, зæгъы.
Афтæмæй, зæгъы, Индоеты куы ничиуал баззади, куы ничиуал Апрасионы æфсæдтæй æмæ гуымирытæй.
Уый фæстæ Ростъомы куы 'нæуал ауагъта, куынæ, Джекуæз-мæликк.
Æмæ гъе уым куы баззади Ростъом, уым, иу-авд азы.
Уалынджы дын, уалынджы Ростъомæн йæ ус куыд загъта,
Афтæмæй йын лæппу куы райгуырди.
Æмæ йыл «Зурапп» — йæ фыды фæдзæхст ном «уы сæвæры, куы сæвæры.
Лæппу рæзын куы байдыдта æмæ йыл авд азы куы ацыди,
Уæд мады фæрсын куы байдыдта: «Фыд мын уыди æви нæ, мæ мад?»
«Фыд дын бæргæ ис, дæ рынтæ бахæрон,
Фæлæ ныр авд азы дæлæ Индоеты Джекуæз-мæликмæ куы и, куы, зæгъы,
Æмæ мард у, æгас у, гъе уымæн æз дæр ницыуал зонын, ницы, мæ бон».
Лæппу куы загъта, куы загъта: «Уæдæ мæнæн æнæ цæугæ маДзал
Куы нæ и, куы нæ, мæ мад.
Æз фенон хъуамæ мæ фыды, цы фæндагыл ацыди, гъе уый мын
Ды бацамон, мæ мад, бацамон».
Уæдмæ йæ араббаг æфсургъ куы 'рбаласы æмæ йæ куы раифтындзы.
Ростъом куыд загъта йæ усæн, ахæм нысæнттæ йын бафтыдта
Лæппуйæн йе 'фцæджы, æмæ йæ ныллæууын кодта йæ фыды фæндагыл.
«Цалынмæ дæ фыды фенай, уалынмæ ма фесаф, мæ бон, дæ нысæнттæ!
Ахæм хъуыддаг ма бакæн, дæ фыдæй ацы хъуыддаг фæдзæхстгонд у».
Уæд йæ бæхыл куы сбады, æмæ йæ мад Ростъомы фæндагыл куы ныллæууын кодта.
Зурапп дын цæуынтæ байдыдта, Зурапп, мæ хур.
Исты гар, зæгъы, куы ацыди, уæд хæйрæджытæ та, зæгъы, бахæлæг кодтой Зурапмæ,
Æмæ фæндагыл йæ размæ февзæрдысты æмæ стыр дис куы ныккодтой,
Се 'рттæ ныццагътой: «Ай хуызæн хорз барæг мах дунейыл куы никуы федтам!
Æрмæст ма йе 'фцæджы чи и, уыдон куы аппарид, уæд ахæм барæг никуы уаид.
Уыдон æй чызгæнгæс куы дарынц, чызгæнгæс, мæ хур».
Зурапп сæ коммæ куы нæ бакаст, йæ мады фæдзæхст хъуыдыгæнгæйæ.
Уырдыгæй дæр та куы арасти æмæ йæ фæндагыл цæуын куы байдыдта.
Иукъорд боны та куы фæцыди, иукъорд боны,
Уæд дыккаг хатт дæр ноджы йæ разы февзæрдысты уыцы хæйрæджытæ.
Ноджыдæр та йыл стыр дис куы ныккодтой:
«Мæнæ цы рæсугъд барæг и, æй-джиди, йе 'фцæджы чи и, гъе уыдон куы аппарид.
Гъе уæд йæхи хуызæн куы нæ уаид нæ дунейыл,
Кæннæуæд æй чызгæнгæс куы дарынц».
Уæддæр та сæм, зæгъы, йæ хъус нæ бадардта.
Уырдыгæй дæр та куы арасти, йæ фæндагыл та цæуынтæ куы байдыдта.
Уалынмæ та йæм æртыккаг раны дæр раргом сты уыцы хæйрæджытæ.
Стыр дис ныккодтой, стыр дис: «О, хуыцау, табу дæуæн, мæнæ ай хуызæн барæг
Арвы бын куы никуыуал ис, уæ тæхуды, йе 'фцæджы чи ис, уыдон æй куынæ уаиккой,
Уæд та, зæгъы, ай хуызæн æххæст барæг куы никуы уаид, ныр та чызгæнгæс у».
Уæдмæ гъеуæд Зурапп куы фæмæсты вæййы,
Æмæ йæхицæн куы зæгъы, куы:
«Адон тыххæй та цæмæн фауд уон».
Раскъуыны сæ, базæй сæ саргъы астæу куы цæвæры, куы.
Уырдыгæй та араст вæййы, æппындæр
Ростъомы фæндаг куынæ рæдийы.
Фыдæлтæй баззайгæйæ ма, зæгъы, ахæм æгъдау уыди уыцы мыггагмæ:
Алчидæр йæ фыды фæндагыл нæ рæдыди, нæ рæдыди.
Афтæмæй ма Зурапп æмраст уыцы фæндагыл Индоетмæ куы ныццыди, куы, мæ хур.
Уæд паддзахы цæхæрадоны кæм уыди Ростъомы бынат,
Гъе уырдæм куы бафтыди, куы бафтыди.
Уыцы ран бæлвырд куы базыдта:
«Гъе ныр ай мæ фыды бынат куы уыдзæни»,
Æмæ гье уыцы ран куы рафистæги,
Йæ бæхыл сахсæн куы сæвæрдта
Æмæ йæ дзауматæ бæласы бын куы бафснайдта.
Ракæс-бакæс фæкодта, æрзылди цæхæрадоны
Æмæ дзы æппындæр куы никæй уыны.
Йæ нымæт бæласы бын аууоны йæ быны 'ркæны, йæ саргъ —
Йæ нывæрзæн, æмæ куы æркъул кæны гъеуыцы ран.
Уалынмæ цæхæрадонгæс куы 'рбацæуы,
Æмæ куы федта Зураппы, куы йын загъта, куы: «Ды цы ми кæныс?
Ростъомы тасæй ам халон хауæг, цъиу тæхæг куы нæ ис,
Уæд ды ам цы ми кæныс, æнамонд лæппу?
Куы дæ базона, уæд дын дæ къубал аскъуындзæни,
йæ хъæрæй дæ цъæх фæнык фæкæндзæни.
Тагъд, мæ хур, тагъд, иуырдæм дæхи алас!»
Уæд ын Зурапп куы загъта дзуаппæн:
«Ахъуыдты у, — зæгъы, — кæйдæр гадзайы фырт,
Каэннод дын æцæг карчы къубалау дæ къубал атондзынæн,
Ацу, хуыссын мæ бауадз!»
Цæхæрадонгæс азгъордта.
Ростъом та уыцы афон хуынды куы уыди Джекуæз-паддзахмæ,
Гъе уырдæм æм куы бацыд æмæ куы загъта:
«Ростъом, тыхгæнæг нæм æрцыдн!
Иу барæг паддзахы цæхæрадоны куы 'рынцади, куы, мæ бон».
Ростъом та мын гъе уыцы хабар куы фехъуыста,
Уæд æвиппайды куы фестади, куы фестади.
Уæвгæйæ та уыди тынг нозтджын æмæ стыр зæрдæрухс,
Афтæмæй рауади цæхæрадонмæ тындзгæгомау.
Куы бахæццæ, гъе уæд ма уарийы цъæхахст æмæ цæргæсы хъæр куы ныккодта:
«Ай чи куыдз, чи хæрæг дæ ам мæ цæхæрадоны?
Ам мæ тасæй халон хауæг, цъиу тæхæг куы нæ уæнды, уæд ды ам цы ми кæныс?»
Лæппу фехъал и æмæ æвиппайды куы фестади.
Ростъом та йæм бакæстытæ кодта, ба, мæ хур,
Æмæ йын йе 'фцæджы фæдзæхст нысаанттæ куы нæ федта,
Уæд ыл йæхи куы ныццавта, куы ныццавта.
Хæцынтæ куы байдыдтой фыд йæ фыртимæ.
Уалынмæ лæппу Ростъомы куы рабырста;
Гъе уæд Ростъом бынæй хъама фелвæста
Æмæ дзы лæппуйы куы фæрæхуыста.
Зурапп гъе уæд ныхъхъæр кодта: «Амардтай мæ!
Фæлæ додой дæ къона кæны, ахæм фыд мын ис Ростъом,
Æмæ кæд уæларвмæ цæуай, уæд дæ ахсдзæн дæ фæстаг къахæй.
Кæд æмæ дæлзæхмæ цæуай, уæд та дæ коцорайæ».
Уæд æй куы базыдта Ростъом æмæ куы ныккуыдта:
«Уæй, мæхи куы фæцагътон, куы фæцагътон!
Уæдæ кæм сты мæ фæдзæхет нысæнттæ, цы еæ фæкодтай?»
Зурапп ын загъта: «Саргъæй базы астæу сæ куы цæвæрдтон;
Уымæн æмæ мæ гъе уыдон тыххæй фæндагыл фаудтой».
Уæд Ростъом фæхъæр кæны: «Цæхæрадонгæс, марадз!
Тагъд фен саргъæй базы 'хсæн нысайнæгтæ æмæ сæ рахæсс».
Уый сæ уайтагъд æрбадавта, æмæ Ростъомæй куыд фæдзæхст уыди, афтæ разындысты.
Уæд цæхæрадонгæсмæ фæхъæр кодта: «Цæугæ тагъд Джекуæзмæ,
Зæгъ ын: «Ростъом йæ лæппуйы амардта,
Цъус ма удæгас у, æмæ рарвит удæгасгæнæг хос».
Уый тагъд разгъордта паддзахмæ æмæ йын куы загъта, куы:
«Ростъом йæ лæппуйы амардта æмæ уды хос куры».
Уый йын уайгагъд радта уды хос æмæ йын бафæдзæхста:
«Куы баввахс уай, гъе уæд та дæхи фæкæлын кæн, дæ хостæ куыд акæлой афтæ;
Ростъом та дæ фæстæмæ æрвитдзæни хосмæ,
Фæлæ цалынмæ фæстæмæ дыккаг 'здæхт кæнай, уалынмæ лæппу амæлдзæни.
Махæн та гъе уый хорз куы уыдзæни:
Иу Ростъомимæ цæрын куы ничи фæразы,
Уæд дыккаг Ростъом куы схъомыл уа,
Уæд Индоеты æмæ æгас дунеты дæр куы байсдзысты, куы».
Цæхæрадонгæс баздæхт, куьгд загъта, афтæ бакодта:
Куы баввахс, гъеуæд фæкалди æмæ хос куы акалдта...
Ростъом æй дыккаг æрвыст акодта,
Фæлæ цалынмæ фæстæмæ здæхти, уалынмæ лæппу амарди.
Уæд Ростъом фестади, йæ зæвæтæй йæ ныццавта
Æмæ йæ цъæх фæнык фестын кодта.
Уый фæстæ йæ лæппуйы куы ахæссы, куы.
Ростъом æм талынгстоны куы бацæуы,
Адæймаджы хъæр кæдæм нæ хъуысы, ахæм арф ранмæ.
Уый тыххæй æмæ æртæ азы афтæ куы бадтаид,
Уæд, Даредзанты æгъдау куыд уыди, афтæмæй куы райгас уыдаид Ростъомы фырт.
Марды куы сæвæрдта йæ цуры, бадынтæ куы байдыдта.
Уæд Апрасион куы базоны уыцы хъуыддаг,
Уæд та йе'фсæдтæ куы 'рбакæны, куы, Индоетмæ
Æмæ та быны сæфт куы фæкæны Индоеты.
Джекуæз-паддзах та Даредзантæм Иранетимæ куы арвиты, куы:
«Кæд ма уæ мыггаг ис, — зæгъы, — Даредзантæ,
Уæд мыл сæ исчи сæмбæлæд!
Быны сæфт мæ фæкодта Апрасион».
Даредзанты Бедзан куы фехъусы уыцы хабар,
Гъе уæд куы зæгъы, куы, мæ хур:
«Гъе, уæу-уæй, мæ бон, Ростъом удæгас нал у,
Æндæра Апрасион куыд æрбауæндыдаид Индоетмæ?»
Йæ гарз, йæ бос куы райста Бедзан
Æмæ Гурдженæн-Даредзанæн куы загъта, куы:
«Цæуæм мемæ дæлæ Индоетмæ».
Индоетмæ куы ныццæуыни æмæ паддзахмæ куы бацæуынц,
Æмæ паддзахы хабæрттæй куы бафæрсынц.
Уый дæр сын йæ хъаст-йæ маст куы фæдзуры, куы, мæ хур, Джекуæз-мæликк.
Бонывиан куы фæци, уæд Бедзан йæ хæцæнгæрзтæ куы 'рбабæтты
Æмæ Апрасионы æфсæдтæн сæ ныхмæ куы ныллæууы.
Æмæ дын цæгъдынтæ куы байдайы Апрасионы æфсæдты.
Раззæгты цæгъдгæ куы кодта, фæстæгты та туджы зæйтæ куы ластой.
Сæ хорз хотыхтæ æмæ сын сæ хæзнатæ куы нымбырд кæны.
Мыггагмæ мæгуыр цæмæй нæ фæуыдаиккой,
Гъе уый куы ссары, куы.
Уый фæстæ бæстæ куы æрæдаси æмæ куы æрынцади,
Уæд Бедзан фæстæмæ цæуыны фæнд куы скæны Иранетимæ;
Гъеуæд ын Гурджен куы загъта: «Байхъус мæм, Бедзан:
Æз дын иу хорз хабар куы радзурдзынæн».
«Цæй, хъусын дæм, зæгъ мын, цы зæгъинаг дæ».
Гъеуæд Гурджен куы зæгъы, куы, Бедзанæн;
«Дæлæ ма, — зæгъы, — Амосаулеты Калачы Апрасионмæ рæсугъд чызг куы ис,
Æрхуы мæсыджы куы бады, уымæй рæсугъддæр куы никуы ис арвы бын.
Гъе уый уарзындзинад цалынмæ дæ зæрдæйы бацæуа, гъе уый фенай,
Уалынмæ дæ тых, дæ хъару сæ бæсты мауал уæнт».
Гурджен бæрцкомиббæрд куы уыди:
Хорзæй-фыдæй кæй загътаид, гъе уый та-иу лæгыл куы æрцыди.
Уæд Бедзан куы загъта, куы, Гурдженæн:
«Хуыцау дын ма уæд ацы хъуыддаджы тыххæй!
Æнæ цæуын мын фæрæз куы нæ и, куы, Амосаулетмæ,
Фæлæ ды, мæ хур, ацы хæзнатæй мацы фесаф,
Фæхæццæ сæ кæн Даредзантæм».
Уый фæстæ йæхæдæг арасти æмæ цæуынтæ куы байдыдта.
Цъус фæцыд, бирæ, хуыцау æй йæхæдæг куы зоны, куы, мæ хур.
Иу уæйгуыты бæстæм куы бафтыди, иу цæхæрадонмæ куы бацыди
Тамакойы сыфы бын куы бамбæхсти.
Æхсæв-бонмæ гъе уым куы фæци.
Райсомы, зæгъы, цæхæрадоны хицау-уæйыг цæхæрадонмæ куы æрцæуы.
Фæракæс-бакæс кодта алырдæм æмæ дын Бедзаны куы ссары, куы, мæ хур.
«Мæиæ мæ лæппуйæн хæххаг цъиу хъазынæн»,
Æмæ йæ йæ дзыппы куы сæвæры.
Схаста йæ йæ хæдзармæ, йæ лæппуйы лæппумæ йæ куы радта — авдæнонмæ,
Æмæ дзы уый цъиуы хуызæнæй куы хъазыди, куы, мæ хур.
Авд лæппуйы ма куы уыди уыцы уæйыгæн.
Æмæ дын изæры куыстæй куы æрцæуынц сæ хæдзармæ.
Æмæ сын сæ фыд афтæ куы зæгъы:
«Абон иу хæххаг цъиу куы æрцахстон авдæнонæн,
Мæнæ йæ уæхуыддæг фенут, марадзут!»
Уыдон æй куы райсынц æмæ дзы куы фæхъазынц.
Уалынмæ сæ иу афтæ зæгъы: «Цæй æмæ йæ лæппуйæн афизонæг кæнæм».
Кæстæр æфсымæр куы загъта уæд:
«Тæригъæд у, уадз æмæ дзы йæхи ирхæфса авдæнон». Афтæмæй баззади Бедзан æнæфыхæй.
Æхсæвы куы бафынæй сты уæйгуытæ, гъе уæд Бедзан
Лæппуйæн йæ хурх куы ныллыг кæны, куы ахъуызы æмæ куы аирвæзы.
Уырдыгæи цæуынтæ куы байдыдта æмæ Амосаулеты калакмæкуы ныццыди.
Уыцы ран, Гурдженæй йын куыд дзырд уыди, афтæ
Манидзайы мæсыджы бынмæ куы бацыди æмæ уым куы 'рхауди æнæхъаруйæ.
Уалынмæ чызг мæсыджы сæрæй куы ракæсы,
Бедзан дæр æм куы фемдзаст вæййы.
Уæд чызг, тæхуды, дæлæ лæппу, ды мæ мой куы уаис, зæгъгæ, куы фæзæгьы.
Бедзан загъта: «Кæд дæу фæнды, уæд мæн та иттæгдæр —
Æз дæу тыххæй куы федтон бирæ фыдæбæттæ æмæ дæу агурæг куы 'рцыдтæн.
Æз Бедзан куы дæн, Даредзанты Бедзан».
Уæд æм чызг сызгъæрин бæндæн куы рауадзы,
Æмæ уыцы бæндæныл Бедзан уæлæмæ мæсыгмæ куы схизы.
Кæрæдзиуыл мын суртæ, уадзгуытæ куы фæкæнынц,
Цинтæ, мондæгтæ куы фæкæнынц кæрæдзиуыл.
Сусæгæй цæрын куы райдайынц.
Уалынджы Апрасионы рæсугъд Манидза
Йæ фыды æвастæй мой кæй скодта, уыцы хабар куы айхъуысы.
йæ фыд мæсты кæнын байдыдта: «Æз мæ чызджы куы нæ рамарон,
Уæд аэндæр фæрæз куы нæ ис, куы мæ фæхудинаг кодта, куы».
Йæ разы лæуджытæ йæ куы нæ бауадзынц уыцы хъуыддаг кæнын.
«Расайæм Бедзаны, — куы зæгъынц, — хуынды æфсон æмæ йæерасыг кæнæм,
Æмæ йæ афтæмæй амардзыстæм».
Сæ коммæ куы бакæсы Апрасион. Уый фæстæ йæ куы æрхонынц
Апрасионы хæдзармæ æмæ йæ иттæг куы срасыг кæнынц, куы.
Фæсхæрд сыстади, уат ын бакодтой.
Даредзанты æгъдау та афтæ уыди: иннабонæй иннабонмæ куы нæ хъал кодтой.
Куы бафынæй и, гъеуæдмæ йæ æфсæн рæхыстæй куы сбæттынц, куы, мæ хур.
Уалынмæ къуырийы фæстæ Бедзан куы райхъал вæййы,
Йæхи куы айвазы: æмæ æфсæн рæхыстæ лыстæг мур куы бавæййынц.
Йæ алы фарс чи лæууыди, уыдонмæ йæ цæстытæ куы фæдзагъул кæны,
Æмæ уыдонæй дыууадæс уадзгуытæ куы фæвæййы, дыууадæс мæрдтæ.
«Уæ, дæ хорзæхæй, нæ сиахс, ма нæ фæцæгъд,
Мах дын дæ тых бæрæг куы кодтам!»
Ныууагъта сæ æмæ та мæсыгмæ йæ рæсугъдмæ куы ссыди.
Уый фæстæ та ма йыл фæндтæ кæнын куы байдайынц:
«Уæдæ йын цы хос скæнæм, куыд бакæнæм?!»
Уыцы ран иу зæронд лæг куы уыд, Даредзантæй чи алыгъд, ахæм.
Гъе уый сын куы загьта: «Ницы йæ ныууромдзæн йе 'рдынбосы йедтæмæ,
Æмæ йæ уымæй бабæттут».
Дыккаг хатт та Бедзаны срасыг кæнынц.
Куы бафынæй вæййы Бедзан, уæд ын йе 'рдын куы 'рбахæссынц.
Йæ бос райхалынæн куы ницы фæразынц, куы, мæ хур.
Уæд ын йæ сиучъытæ болат хырхæй лыг кæнын куы байдайынц.
Куы фæлыг æрдынбос, гъеуæд æрдын æвиппайды куы ратасы,
Æмæ йæ иу сиукъæй дæр æхсæз æмæ йæ иннæмæй дæр æхсæз куы фæмард кæны.
Тынг та куы фæтарстысты, куы, фæлæ уæддæр æрдынбос куы ахæссынц
Æмæ дзы Бедзаиы куы сбæттынц.
Къуырийы фæстæ та Бедзан куы райхъал вæййы,
Йæхи та айвазы, фæлæ йæ бæстытæ аскъуынын куы нæ бафæрæзта.
Уый фæстæ йæ куы ахæссынц, быдыры астæу ын арф уæрм куы скъахынц;
Гъе уым æй куы ныббарынц, куы, бастæй æмæ уæрмы сæрыл къæн куы ныффæлдахынц.
Рæсугьд Манидзайы йæ цурмæ куы акæньшц,
Бедзанæн æй кæрдзынгур куы скæнынц, йæ фыды тæрхонæй.
Манидза курæг зылди æмæ йæ уарзонæн къæйы хуынкъæй,
Къæбæртæ куы æппæрста, куы, мæ хур.
Уый фæстæ Апрасион-мæликк дæлæ Индоетмæ йæ æфсæдтæ куы бакæны, куы.
Быны сæфт та куы фæкæны, быны сæфт Джекуæз-паддзахы.
Гъеуæд иу цагъарæн куы загъта, куы:
— Ацу, Ростъом Бынелеты кæм бады, гъеуырдæм æмæ йæм ныхъхъæр кæн:
«Бæстæ фесæфт, Ростъом, фæлæ æддæмæ!»
Йæ лæджы хъæр куы фехъуса, гъеуæд йæ лæппуйæн райгасы хъомыс куы нал уыдзæн,
Æмæ æддæмæ куы нæ рацæудзæни, куы нæ.
Ростъомы иу азы йедтæмæ куы нæуал хъуыди, —
Йæ лæппу фыдызмæл куы байдыдта æмæ куы райгас уыдаид.
Фæлæ уалынмæ куы фехъуысти Бынелетмæ цагъары хъæр,
Гъеуæд Ростъом æвиппайды куы фестад мæстыйæ, йæ сæрыхъуын тонгæйæ,
Куы рацыди Бынелетæй, йæ хъæрæй æмæ йæ хуызæй куы фæсуры Апрасионы йе 'фсадимæ.
Уый фæстæ Джекуæзмæ куы балæууы,
Йæ дыууæ лæппуйы йæ разы куы кафыдысты, куы, уыцы афон.
Ростъом сын сæ къубæлттæ куы стоны
Æмæ сæ Джекуæзы раз фынгыл куы 'рбавæры.
«Гъа-ма, — зæгъы, — Джекуæз, æмæ хъæбулы мард
Адджын у æви нæ, гъе уын базонай».
Джекуæзмæ та ахæм сызгъæрин тæбæгъ уыди,
Æмæ-иу дзы дон ныккæнгæйæ, уæларв, дæлзæхх
Æмæ зæххыл цыдæриддæр уыди, уыдæттæ дзы куы зындысты.
Гъеуыцы тæбæгъ куы райсы Ростъом, куы дзы ныккæсы æмæ куы фæзæгъы:
— Уæртæ мæрдты бæстæм бахæццæ сты дæ лæппутæ æмæ мæ лæппу.
Уый фæстæ Бедзаны дæр куы федта Амосаулеты калачы уæрмы,
Æмæ куы загъта: «Уæу-уау, уæртæ Бедзан дæр уæрмы куы и.
Мæныл ам фæстиат кæнын нал æмбæлы».
Йæхи сæудæджеры арæзт куы ныккæны æмæ куы араст вæййы
Бирæ хъуымац æмæ хæзнаимæ. Афтæмæй цæуынтæ куы байдыдта.
Иу хохы фæндагыл æхсæрдæс уæйыджы æрцахста,
Æхсæрдæс къамбецы къупристыгъд бакодта æмæ сæ уыдон мидæг цæвæрдта.
Уалынмæ Апрасионы калакмæ куы ныххæццæ
Æмæ уыцы ран куы æрынцади, уæд фехъусын кодта адæмæн:
«Æртæ боны фæстæ базар кæнынмæ чи цæуа, уый æрцæуæд,
Ныр та ма, — зæгъы, — цæттæ куы нæма дæн».
Уалынмæ куы баизæри, гъеуæд
Ростъоммæ æрбацыд Бедзангæс Манидза.
Æмæ куы загъта, куы, Ростъомæн:
«Æз Бедзангæе Манидза дæн
Æмæ мын исты радт, дæ хорзæхæй, æнахуыр уазæг».
Уый йæ йæ цуры æрбадын кодта,
Сфыхта иу карк, йæ къухдарæн ын йæ гуыбыны бакодта,
Æмæ йæ куы радта, куы, Бедзангæс Мамидзамæ.
Манидза карчы мард ныппæрста йæ уарзонæн.
Сызгьæрин къухдарæн карчы гуыбынæй рахауди
Æмæ Бедзаны къухыл куы абадти.
Уæд Бедзан уайтагъд базыдта Ростъомы къухдарæн æмæ ныххудти:
Уæд къæй уæларвмæ фæхауди йæ худынæй,
Фæлæ та фæстæмæ йæ бынаты абадти.
Уæд уæрмæй бафарста Манидзайы: «Чи дын радта ацы карк?»
Уый йын загъта: «О, мæ уарзон, иу æнахуыр сæудæджер æрцыди нæ сахармæ,
Æмæ мын гъе уый радта, йæ хуыз дæр дæ хуызæн, йæ конд дæр, хъауджыдæр уæм нæй».
Уæд ын Бедзан загъта: «Буз хуыцауæй,
Уый мæ фыды æфсымæр Ростъом æрцыди».
Уалынмæ æхсæв куы ныллæууыди,
Æмæ йе 'мбисмæ куы ахæццæ и.
Гъе уæд Ростъом уæйгуыты куы рауагъта,
Йемæ сæ уæрммæ акодта æмæ сын загъта:
«Къæцыл ныххæцут æмæ йæ аппрут!»
Уæйгуытæ кæрæдзимæ бадзырдтой:
«Æппаргæ йæ кæнæм, æмæ нæ астæутæ аскъуидзысты».
Уæд къæйæн йæ былыл ныххæцыди Ростъом æмæ йæ фехста —
Сахарæн йе 'ртыккаг хай куы фесæфти, куы йыл æрхауди къæй, уæд
Уый фæстæ Бедзаны систа уæрмæй æмæ йæ сыхæлдта.
Куы сбони, уæд райсомæй Бедзан загъта Ростъомæн:
«Курын дæ æмæ ныр хæст куы 'рцæуа,
Гъеуæд паддзахы мæ бар ныууадз!»
Ростъом ын бар радта, æмæ дыууæйæ хæцын байдыдтой
Апрасионы æфсадимæ æмæ сæ туджы зæйтæн дыууæрдыгæй куы фæласын кодтой, куы.
Бедзан йæ къухæй æрцахста Апрасионы æмæ куы загъта:
«Цы кæнон амæн, уый бæрц фыдæбон мын чи фенын кодта».
Уæд рæсугъд Маиидза куы загъта, куы, Бедзанæн:
«Фыдмардæй йæ куы нæ амарай, уæд æз мæхи удæгас нал ныууадздзынæн».
Уæд æй Бедзан бæхы дымæгыл куы бабаста,
Æмæ йæ афтæмæй куы фесæфта, куы, Апрасионы.
Уый фæстæ йын йæ хæзнатæ куы сæвæрдтой теуатыл æмæ хæрджытыл æмæ сæ куы рахастой.
Манидзайы дæр йемæ куы рахуыдта, куы, Бедзан-Даредзан.
Афтæмæй дæлæ Даредзантæм куы ныввахс вæййынц,
Гъеуæд куы загъта Бедзан:
«Гурджены æлгъысты тыххæй куы ссардтон ацы фыдæбонтæ,
Ныр æй æз удæгас куы нал ныууадздзынæн, куы».

Ныффыста йæ Цомайты X. Фехъуыста йæ Цомайты Дрис Прейы фыртæй. ЦИНИИ-йы архнв, фольклор № 47—75, папкæ 76, ф. 1 —10.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru