поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
10. РОСАППЫ ТАУРÆГЪ
Автор: 00mN1ck / 26 октября 2007 / Категория: Даредзанты кадджытæ
Росаппæн уыди æртæ сывæллоны, дзидзидайтæ. Росапп тыхгæнæг лæг уыдис æмæ тых кодта йæ мыггагæн дæр, иннæ хъæубæстæн дæр æмæ загътой:
— Аимæ ницы бакæндзыстæм, куы нæ йæ амарæм, уæд гæнæн нæй.
Æмæ амардтой Росаппы æууæнкæй, уый йедтæмæ йæм нæ уæндыдысты. Баззадысты æртæ сывæллоны, сæ нæмттæ: Автандил, Талиар æмæ Придон.
Ахастой æртæ сывæллоны æмæ сæ иуы хурыскæсæнырдыгæй быдыры аппæрстой, иннæйы хурныгуылæнырдыгæй быдыры, æртыккаджы аппæрстой Моргъахъандзалы быдыры. Ныууагътой сæ афтæмæй, æмæ æрцыдысты сæ хæдзæрттæм. Цы фæллой сæм уыдис, уый сын байуæрстой. Хурыскæсæнырдыгæй кæй аппæрстой, ууыл саг сахуыр ис æмæ йын дзидзи дардта; хурныгуылæнырдыгæй кæй аппæрстой, ууыл мæличчы цуанонтæ сæмбæлдысты æмæ йæ уыдон ныххастой мæликкæн; Моргъахъандзалы быдыры кæй аппæрстой, ууыл дæр Моргъахъандзалы быдыры цуанонтæ сæмбæлдысты æмæ йæ бахастой мæликкæн.
Хурыскæсæны цуанонтæ иухатт рацыдысты æмæ ницæуыл сæмбæлдысты, фæстæмæ афтидæй аздæхтысты. Саг сывæллонæн дзидзи дары бæласы бын; ауыдтой йæ цуанæттæ æмæ загътой:
— Дæлæ саг, дæлæ саг! Кæй фенæм, уый куы нæ ауадзæм, кæн фехсæм, уый куы нæ аивгъуыйæм.
Æмæ саг агæпп ласта сæ хъæлæбамæ. Сывæллон ныцъæхахст ласта æмæ джихау баззадысты. Саг куы адард ис, уæд æй сывæллон дæр асырдта æмæ йæ разæй фæцис. Æрцыдысты афтидæй мæликмæ æмæ сын мæликк загъта:
— Цæй афтидæй æрцыдыстут? Уыдон загътой:
— Диссаг федтам!
— Æмæ цы диссаг?
— Саг сывæллонæн дзидзи дардта, нæ хъæлæбамæ алыгъди, сывæллон фестадис, асырдта йæ æмæ саджы разæй фæцис — бæгънæг сывæллон! Æмæ уый тыххæй æрцыдыстæм афтидæй.
— Æмæ йæ не 'рцахсдзыстут, нæ бафтдзæнис уæ къухы?
— Æнæ амаргæйæ нæ бафтдзæн нæ къухы!
— Хуыцау бахизæд, ма амарут, удæгасæй йæ хъуамæ æрхæссат! Æмæ цыдысты алы бон дæр, æмæ не 'фтыди сæ къухы. Æмæ
сæ къухы куы не 'фтыди, уæд къулбадæг усмæ ныццыдысты æмæ йæ бафарстой:
— Афтæ æмæ ахæм хъуыддаг у, æмæ йын цы бакæнæм?
— Æртæкъахыг хæлаф бахуийут æмæ йæ сырдты слидзæн зæнгыл(Слидзæн зæнгыл — ома къæдзæхы рындзыл.) цæвæрут, æмæ уый адæймаг у, куы йæ фена, уæд æй йæ уæлæ скæндзæнис. Æмæ дыууæ къахы йæ уæлæ уыдзысты, æртыккаг къахæй тыхсгæ кæндзæн, афтæмæй йæ æрцахсдзыстут.
Ацыдысты æмæ цæвæрдтой уыцы сырдты слидзæн зæнгыл хæлаф, се 'рдæг скъæргæ скодта цуанæттæн, се 'ннæ 'рдæг рындзыл баззадис, æмæ цалынмæ хæлаф акодта йæ уæлæ, уæдмæ фæлыгъди сывæллон сырдты разæй. Стæй дзы тыхсын байдыдта, æмæ йæ, рындзыл чи бадтис, уыдон æрцахстой, рахастой йæ æмæ йæ мæликмæ æрхастой.
Мæликкæн æхсызгон куыннæ уыдаид! Нæ йын уыдис зæнæг иу чызг йедтæмæ, æмæ йæ хъуамæ схъомыл кодтаид йæхи лæппуйы хуызæн. Дарæс ыл кодта, æмæ йыл дарæс нæ лæууыдис, — сау сыгъдонæй-иу йæ фæрстыл æркалдысты. Хæринаг ьга лæвæрдта, — хæринаг дæр нæ хордта, кургæ дæр нæ кодта. Æмæ загъта мæликк:
— Куыд æмбисонд у, хæргæ дæр нæ кæны, мæлдзæнис! Фарста адæмы. Иу ус ын афтæ, — къулбадæг ус уыди:
— Уый у Даредзанты мыггагæй, æмæ йыл цалынмæ сæхи мыггагæй исчи ном сæвæра, уалынмæ нæ бахæрдзæнис, нæдæр ыл дарæс фæлæудзæнис.
— Æмæ кæм уыдзæнис сæхи мыггагæй?
— Ис, — бацамыдта йын, — иу хъæуы иу ус, æмæ уый æрбакæ. Æмæ усы æрбзкодта, æмæ хицæн уаты бадтис, æмæ йæм уырдæм бадзырдта ус:
— Бахæр, бахæр, Талиар, нæ хæрынæй ницыуал — цагъды уæлдай ма ды дæ!
Бахордта, дзургæ дæр скодта, дарæс скодта. Æмæ мæликк загъта усæн:
— Ам лæуу ныр, æмæ дæ фæдардзынæн, цыма уымæн йæ мад дæ, уыйау.
Æмæ ус ныллæууыди уым. Йæ ном хуынди Масмат. Хъомылтæ райдыдта лæппу æмæ схъомыл ис. Цуаны цæуын байдыдта цуанæттимæ, цуанæттæ дыууадæсæй цыдысты æмæ-иу уыдон дыууадæсæй цы мардтой, уый-иу дыууæ ахæмы мардта: сагтæ, сæгуыттæ, дзæбидыртæ, æмæ-иу сæ æрхаста йæхæдæг иунæгæй. Цуанæттæм хъыг кæсын байдыдта æмæ загътой:
— Амæн куы ницы амал ссарæм, уæд ныл тых кæнын байдыдта! Æмæ загътой æлдарæн:
— Талиарæн йæ бон бирæ у, фæлæ дын йæ цæст ницы уарзы, уый йедтæмæ дын æрыскъæрид сырдты удæгасæй, дæ кæрты дын сæ бакæнид.
Басидти Талиармæ мæликк:
— Æрыскъæр ма сырдты удæгасæй, кæд мын дæ цæст исты уарзы, уæд, æмæ сæ фенон.
Уый йын загъта:
— Æмæ сæ цы кæныс? Æз дзы æрыскъæрдзынæн!
— Æрыскъæр уæдæ, — загъта æлдар.
Хъыг фæкасти Талиармæ, цуанæтты тыххæй загъта:
— Мемæ рарвит се'ппæты дæр! — Æмæ цуанæтты йемæ акодта се'ппæты дæр, хъæдмæ сæ бакодта æмæ сын цыбыр хъилтæ фæкæиын кодта, скæнын сын сæ кодта æргъæмттæ æмæ загъта:
— Гъеныр ам, хъæды кæрон, лæуут, æргъæмттæ уе 'ккой скæнут, æз раскъæрдзынæн сырдты хъæдæй.
Æмæ бацыдис хъæдмæ, йæ сæрмæ ссыдис æмæ сыл схъæр кодта, уарийы хъæр, цæргæсы ахст, йæ æрдынбос скъæрцц-къæрцц кодта сармадзаны хуызæн æмæ сæ хъæды кæронмæ æрхæццæ кодта. Цуанæттæн загъта:
— Гъеныр ме 'мдзу кæнут, æмæ-иу чи фездæха сырдтæй, гъе уый-иу цæвут уыцы хъилтæй.
Æргъæмттæ се 'ккой æмæ йе 'мдзу кæнынц, æмæ сырдтæй чи фездæхы, уый фехсы хъилæй, æмæ фæстæмæ раздæхы. Æмæ сæ æрыскъæрдта кæртмæ: саг уæд, сæгуыт уæд, дзæбидыр уæд, — се'ппæт дæр, æмæ сæ кæрты бакодта æмæ мæликмæ дзуры:
— Ракæс ныр, фен сæ!
Ракастис æмæ сыл фæцин кодта, федта сæ.
— Цæй, ныр сын цы кæнæм? Талиар ын загъта:
— Цы сын кæныс, уый сын кæн; ацу æмæ дзы æрцахс æмæ дзы аргæвдæм.
Мæликк ныциыди, æмæ кæм куымдтой уымæн ахсын! Æмæ Талиарæн загъта:
— Дæхæдæг дзы æрцахс, мæнæн нæ комынц! Æрцахста иу сæрджын саг, æмæ йæ аргæвстой.
— Иннæтæн цы дæ зæрды ис?
— Ауадз сæ ныр, — зæгъгæ, загъта.
Ауагъта сæ æмæ быдыры чи чердæм афардæг, чи чердæм.
Цуанæттæ та загътой:
— Ай фыдбылыз æмбалыл фæхæст стæм æмæ нæ хъиамæтæй мары: абон нын цы хуызæн хъиамæт фæкæнын кодта, — нырæй фæстæмæ ноджы тынгдæр!
Цуаны та ацыдысты. Ахæм ранмæ йæ акодтой, æмæ сырд кæм нæ уыдис: уыдон дæр æрцыдысты афтидæй, уый дæр æрцыдис. Иу дуредзи æрхаста, афтæмæй.
Цуанæттæ та мæликмæ бацыдысты:
— Уымæн дын йæ цæст ницы уарзы, — иу маргъы мыггаг æрхаста, æмæ диссаг, æмæ йæ дæуæн нæ дæтты, йæхимæ йæ цæвæрдта!
Баоидтис æм мæликк æмæ йын бустæгæиæгау афтæ:
— Цавæр маргъы мыггаг æрхастай, дæ цæст мын æй куыннæ уарзы!
— Цъиу, чызджы хъазæн цъиу, æндæр куы ницы у, — загъта йын Талиар, — æмæ йæ дæ чызгæн балæвар кæндзынæн.
Чызг та бадтис мæсыджы хицæн ран.
— Схæсс æй æмæ йæ балæвар кæн уымæн.
Схаста йæ æмæ йæ балæвар кодта чызгæн. Чызгæн йæ ном хуындис Старедзан. Æмæ та цуанæттæ бацыдысты уæд мæликмæ æмæ йын загътой:
— Æппæтдæр йæ бон бауид Талиарæн, æмæ дын райсид Индиеты паддзахы æмæ дын æй скæнид дæхицæн кæстæр!
Басидтис æм æлдар æмæ йын загъта:
— Индиеты паддзахмæ æнæ бафæлваргæ нæй!
— Æрæмбырд кæн æфсæдтæ.
Æмæ арвыста æфсадхон, æмбырд кæнынц æфсæдты; бирæ дзы æрæмбырд ис, афтæ Талиар, чызджы цы мад схаста, дзыцца, зæгъгæ, уымæн афтæ:
— Старедзанимæ куы баныхæстæ кæниккам, æрмæст рудзынгæй.
Ус загъта:
— Баныхас кæнут.
Æмæ рудзынгмæ схызтис Талиар æмæ фæныхас кодтой. Стæй æмбис æмбьпрд куы фесты æфсæдтæ, уæд та загъта:
— Къæсæрæй мæ ныхас кæнын бауадз. Ус ын загъта:
— Хо æмæ æфсымæр стут, фæнды иумæ бадут.
Æмæ та йæм къæсæрмæ бацыд æмæ та фæныхас кодтой. Æфсæдтæ æмбырд куы фесты, уæд æм бацыдис æртыккаг хатт, стъолыл æрбадтысты æмæ ард бахордтой:
— Ды цæуыс æфоæдты разæй. Индиеты, æвæццæгæн, мæнæй рæсугъддæр уьгдзæнис, ды мæн йедтæмæ искæй куы бауарзай, уæд ард дæуыл фæцæуæд.
— Æмæ Талиар дæр загъга:
— Æфсæддон лæг мæлын дæр зоны, сахъат дæр фæразы, ды дæр мæн йедтæмæ искæмæй мой куы скæнай, уаея уыцы ард дæуыл фæцæуæд.
Æмæ кæрæдзийыл фæцин кодтой худгæйæ дæр, кæугæйæ дæр, рараст сты, фæйнæрдæм ацыдысты.
Æфсæдтыл фæзылдис Талиар æмæ сьш загъта:
— Цом иузæрдыгæй, — æмæ арастис сæ фыццаг. Райстой сæ хæсты тырыса æмæ цæуынц хъазгæ, худгæ. Бахæстæг сты Индиетмæ æмæ Индиеты паддзах фехъуыста:
— Талиар дæм æркæны æфсæдтæ. Æмæ загъта Индиеты паддзах:
— Уый фæндæй куы нæ фæсайæм, уæд æнæуи ницы сараздзыстæм... Уый у Даредзантæй.
Сбадын кодта барджытæ æмæ йæм сæ рарвыста:
— Ацæут æмæ йын зæгъут: «Де 'фсæдты бын нæ ма фæкæн, фæлæ де 'фсæдты фæстæмæ аздах».
Ацыдысты æмæ йын загътой. Даредзантæн цы дзырд загътаис, ууыл æууæндыдысты, сæхуьидтæг дæр цы даырд загътаиккой, уый дæр æххæст кодтой. Æмæ æфсæдты фæстæмæ аздæхта. Уыдис уым йæ фыдæн зонгæ лæг, уыцы зонгæ лæг чи у, уый йæ бæхыл абадти, афтæмæй йæм рацыдис æмæ загъта:
— Даредзантæ, æнамонд мыггаг стут, уый æфсæдтæ æмбырд куы кæны, уæд ды де 'фсæдты цæмæн аздæхтай? Кæд дæ дзырд нæ уырны, уæд уæлæ хохы бæрзондмæ ссу æмæ уырдыгæй акæс. Арв сыгъдæг куы уа, Индиетгом мигъ тъысгæтæй куы лæууа, уæд уый у, кæй æмбырд кæны, уыцы æфсæдтæн сæ лулæйы фæздæг æмæ сæ бæхы комы тæф. Уæд дæ бауырнæд.
Ссыдис хохы бæрзондмæ æмæ акасти, бæлвырд афтæ уыд, æмæ æфсæдтæм арвыста:
— Фæстæмæ куыд раздæхат, афтæ.
Раздæхтысты фæстæмæ æмæ сæ боныцъæхæй ныццагътой. Талиары æфсæдтæ цас цагътой, æртæ ахæмы йæхæдæг цагъта Талиар, æмæ Индиеты æфсæдты ныццагътой бынтон. Уæд паддзахмæ бацыдысты:
— Цы зæгъыс? Паддзах загъта Талиарæн:
— Дæ фыдæн дæр дын уыдыстæм хъалондар, дæхицæн дæр дын уыдзыстæм афтæ.
Паддзахæн Талиар йæ къух æрфыссын кодта уый тыххæй.
Æмæ аходæн сарæзтой, бахордтой аходæн æфсæдтæ æмæ уыдон дæр. Раздæхти Талиар фæстæмæ йе 'фсæдтимæ. Æфсæдтимæ куы раздæхти, уæд ссардта Индиетгомы кæлмæрзæн æмæ йæ систа. Кæлмæрзæны ахæлиу кодта æмæ Индиетгом бамбæрзта, æрбатыхта та йæ, æмæ армыдзаджы йедтæмæ нæ уыд. Уæд загъта Талиар:
— Ай дæр хорз дзаума у, — хур боны мын мæ ус Старедзаныл бындз абадын нæ бауадздзæн.
Æрбацыдысты мæличчы хæдзармæ, æмæ загъта мæликкæн:
— Гъе ныр Индиеты паддзахы райстон, æмæ дын уыдзæнис хъалондар.
Æмæ рацыдысты бонтæ, къуыритæ. Мæликк басидтис Талиармæ æмæ йын загъта:
— Талиар, дæ хойæн мойы афон у ныр, æмæ йæ моймæ радтæм. Æмæ йын Талиар загъта:
— Дæ чызг у, — моймæ нæ дæттыс, уæддæр дæ бар у, — нæ йæ дæттыс, уæддæр дæ бар у.
— Уæдæ йæ раттæм хурныгуылæны мæличчы фыртæн.
— Ратт, — зæгъгæ, загъта.
Æмæ йæм арвыста хурныгуылæны мæликмæ:
— Дæ фыртæн дын мæ чызджы аккаг кæнын.
Уый цинæй мæлгæ рацыдис йæ фыртимæ, йæ чындзхæсджытимæ æмæ йæ цы хъуыдис, уыдонимæ. Æмæ æрбацыдис, — чындзæхсæв кæнынц.
Старедзан Талиармæ æрæрвыста:
— Цы кæныс, цæмæн фæсайдтай дæ ард, дæ сомы? Талиар загъта:
— Æз нæ фæсайдтан, кæд фæсайдтай, уæддæр ды. Чызг загъта:
— Æз нæ фæсайдтон, æз мæ сæрæн хос кæндзынæн ныр. Æмæ йæхи батухын кодта хъарм дзаумайы мидæг æмæ чырыны цæвæрын кодта йæхи, фурд сæм хæстæг уыдис, фурды йæхи баппæрста æмæ йæ аласта фурд. Талиар æй куы бамбæрста, ома, чызг йæхи доны баппæрста, уæды онг сæм не 'ссыди чындзæхсæвмæ. Стæй сæм мæсты цыд бакодта æмæ сиахс лæууыдис кæронырдыгæй, фелвæста сиахсы æмæ йæ зæххыл ныццавта. Лæг ныппырх ис. Талиар мæликкæн загъта:
— Гъеуый у дæ хорз сиахс! — фездæхт фæстæмæ, йæ бæхыл абадтис æмæ ралыгъд. Æмæ 'йе 'ммыггаг Талиарæн, Масмат, уый йæм хъæр кæны:
— Ма мæ ныууадз, ма мæ ныууадз!
Бæх æм фæстæмæ фездæхта, йæ фæсарц æй баппæрста, æмæ алыгъдысты. Чызджы фыд, мæликк, йе'ннæ чызджы æрфарста:
— Цы фæцис дæ хо?
— Нæ зонын, доны йæхи баппæрста.
— Чи сæ зыдта, адон кæрæдзийæн уарзон сты, уый? — загъта мæликк.
— Ничи сæ зы.дта, Тамаредзи æмæ Маематы йедтæмæ.
— Æмæ цы фæци Масмат?
— Алыгъди йемæ Талиарæн.
— Æмæ Тамаредзи та кæм и?
— Уый мæнæ ам и.
— Ракæнут-ма йæ.
Æмæ йæ ракодтой. Æнæдомд уырсы къæдзилыл æй бабаста æмæ йæ ауагъта, æмæ йæ ныппырх кодта быдырты.
Талиар æмæ йæ хо, Масмат, фæцыдысты бон-изæрмæ, Стæй сыл æрталынг ис. Куы сыл æрталынг и, уæд саг амардта Талиар. Зынг нæ уыди, быдыры астæу уыдысты, æмæ иу хохæй рухс ссыдис. Масматæн афтæ зæгъы:
— Ам лаэуу, бæхы фарсмæ, ма тæрс, бæх дæм ницы æрбауадздзæн, æз зынг æрдавон.
Ацыд Талиар æмæ бацыд уыцы хохмæ, рухс кæцæй цыд, уырдæм бахъæр кодта.
— Гъе, хæдзаронтæ, зынг ма мын раттут!
Уый уыдис æртæ уæйыджы хæдзар, æмæ хнстæр чи уыдис уæйгуытæй, уый кæстæрæн афтæ зæгъы:
— Марадз-ма, ауай æмæ йæ æрбадав, цалынмæ не 'хсæвæр цæттæ кæнæм, уалынмæ йæ сфизонæг кæнæм.
Фестади кæстæр уæйыг æмæ йæм рауадис, æмæ йæм куы февнæлдта Талиармæ, уæд æм Талиар февнæлдта йæхæдæг, фехста йæ æмæ иннæ хохыл сæмбæлди уæйыг, ныппырх ис уым. Иинæ дыууæ уæйыджы кæсынц æмæ загътой кæрæдзийæн.
— Марадз-ма, ауай йæм, уыцы æвзæр æй йæхæдæг хæры миййаг!
Æмæ та йæм иннæ уæйыг куы рахæццæ, уæд та уый дæр фехста, æмæ та уый дæр йе 'фсымæры бынаты сæмбæлди. Уæд хистæр уæйыг чи уыд, уый сыстади йæ бынатæй æмæ загъта:
— Адон æй сæхуыдтæг, цыдæр, хæрынц,— æмæ йæм куы рахæццæ, уæд ын Талиар йæ галиу сæры фахс ныццавта æмæ рахиз сæры фахсæй йæ магъз акалдис; уый дæр афтæ ныммардта æмæ загъта:
— Цон ныр, зынг ма кæдæм хæссон, ай мын мæнæ хæдзар дæр, фæллой дæр.
Ацыди æмæ йæ хойы дæр, саджы мард дæр рахаста, ссыди уæйгуыты хæдзармæ, æрбадтысты уым, се 'хсæвæр—цæттæ, бахордтой æмæ бахуыссыдысты. Райсомы сбон ис, сыстадысты æмæ загътой:
— Ныр нын ам цæрынæн сбæздзæнис, — æмæ разылдтытæ кодтой йæ алыварс æмæ дзы нцкуы уыд уæйыг дæр æмæ уæйыджы хæдзар дæр. Æрцыдис, дæлгоммæ ныххаудта æмæ кæуы, йæ усаг йæ зæрдыл куы æрбалæууыди, уæд. Æмæ йын Масмат зæгъы:
— Фурды йæхи баппæрста, æмæ уый дæ къухы нал бафтдзæнис, кæугæ мауал кæн.
Стæй йын загъта Талиар:
— Нæ, æз куы нæ фæцæуон уый фæстæ, уæд гæнæн нæй. Æз ныр цуаны цæуын.
Æмæ арастис цуаны. Бирæ фæзылдис æмæ афтыд Индиеты зæхмæ æмæ уыцы ран хъæдмæ куы бацыдис æмæ йæ зæрдыл куы 'рлæууыдис йæ уарзон, уæд бафынæй æмæ йæ хъæлæсæй цæхæр калдис хъæды астæу; хъæдыл арт бафтыдис йæ цæхæрæй.
Индиеты паддзах чи уыдис, уый хæцынмæ уыд æмæ райста зæххытæ. Йе 'фсæдтимæ фæстæмæ æрцыдис, акастис, æмæ хъæд фæздæг куы уагъта, уæд загъта:
— Ау, æз бæстæ куы басастон æмæ куы райстон, æмæ мæхиуыл тых куы сæмбæлдис ныр! Чи уыдзæнис уый, чи мын бафтыдта мæ хъæдыл арт? — Сбадын кодта æртæ барæджы:—Ацæут æмæ бабæрæг кæнут, чи йыл бафтыдта арт.
Уыцы æртæ барæджы ацыдысты æмæ ссыдысты уыцы артмæ. Кæсынц æмæ дзы ницы уынынц бæхы æмæ лæджы йедтæмæ, — лæг хуыссы, бæх йæ фарсмæ баст. Æмæ фæздæг дæр уый хъæлæсæй кæлы, арт дæр уый хъæлæсæй кæлы. Æмæ загътой:
— Ныр æм цом афтæ æргом, разæрдыгæй, уæд нæ тыхгæнæг хондзæн, фæстæздыгæй йæм цом, уæд та нæ хондзæнис хуыснæг. Цæй, æмзз йæм фæрсæрдыгæй бацæуæм.
Æмæ йæм фæрсæрдыгæй бараст сты. Талиар фехъал ис, — бæх æй фæхъыгдардта.
— Гъейт, дæ бындар фæуай! — февзыста йæм ехсæй.
Æмæ дыууæ чи уыдысты, минæвæрттæй, уыдон ехсы дымгæ фæхаста, æртыккаг чи уыдис, уый ехсы тъæпæны бын фæцис æмæ йæ ехсимæ æрбаласта.
— Цы дæ, цавæр дæ? — зæгъгæ, нæ фæрсы.
— Æз дæн, мæн Индиеты паддзах æрбарвыста, цавæр дæ, цы дæ, уый базонынмæ.
— Дæн æз хъыгджын лæг, æмæ бахатыр кæнут, хъæдыл арт кæй бафтыдис, уый тыххæй. Ацу, зæгъ æлдарззн, куыд мьгн бахатыр кæна, афтæ.
Ацыдис уыцы минæвар æмæ загъта:
— Хъыгджын лæг у, æмæ зæгъы: «Куыд мын бахатыр кæна æлдар».
— Райсом боныцъæхæй æмбæлдзыстæм æмæ йын уæд бахатыр кæндзыстæм.
Фæстæмæ та Талиармæ æрбацыдис уыцы лæг æмæ йын загъта:
— Боныцъæхæй дыл æмбæлдзыстæм. Уый йын загъта:
— Ацу уæдæ æмæ йын зæгъ: «Æппындæр мыл ма сауæрд».
— Æмæ йæм дыууæ дуры радта: — Гъеуыдонæй дæ сæр дæр цæв, дæ фæрстæ дæр цæв; афтæмæй-иу æрдиаг кæнгæ бацу, — æппындæр ыл, зæгъ, ма сауæрд.
Æмæ дыууæ дуры йæ дыууæ къухы ахаста æмæ йæ сæр дæр надта, æмæ йæ риу дæр надта. Цалынмæ паддзахы размæ бахæццæ, уалынмæ фæцыдис йæхи нæмгæ, стæй ма гъе уыцы иу дзырд скодта:
— Гъер дæ мæ тæригъаад уæд, ма сауæрд æппындæр, — афтæ мын загъта, — æмæ фæмард уыцы лæг.
Цы 'фсæдтæ йæм уыдис æмбырд Индиеты паддзахмæ, уыцы 'фсæдтæ нæ, фæлæ ма ноджыдæр æфсæдтæ æрæмбырд кодта. Æмæ йæм райсом боныцъæхæй ссыдис хъæдмæ, æмæ йæ алыварс æрбадтысты æфсæдтæ æртæвæрддзыгæй. Бон куы фæцъæх ис, уæд ыл райдыдтой хæцын.
Уый хуыссыдис, йæ нымæт йæ уæлæ, афтæмæй, йæ бæх йæ фарсмæ. Æмæ йæ æхстой фатæй, æмæ иу фаты æрттигъ куы æруæззау ис нымæтыл, уæд-иу сæ бæх йæ къæдзилæй ныццавта æмæ афтæмæн æфсæдты цагъды кодта. Фæхæцыдысты бирæ. Стæй Талиар сыхъал, рзкастис.
— Уæу-уа, ай цы сты, цавæр сты?
Æмæ йæ æхсынц ноджыдæр, фæлæ дзы фаты æрттигъ нæ ныхсы. Æрбадтис, йæхи ныхсадта, кæрдзын бахордта, йæ бæхыл саргъ сæвæрдта, йæ къæдзил ын балхынцъ кодта æмæ ма дзы æртæ хъисы ныууагъта æнæ 'лхынцъæй. Индиеты æлдар хъæр кæны:
— Чердыгæй аирвæза, уымæн стыр æфхæрд бакæндзынæн! Талиар йæ бæхыл сбадти æмæ, æлдар чердыгæй хъæр кодта, уыцырдæм бæх фезмæлын кодта, уыцырдыгæй цы адæм уыдис, уыдон иууылдæр йæ кардæй ныццагъта, стæй бæхы къæдзилыл цы æртæ хъисы уыди, уыдон дæр ныццагътой адæмы, паддзахы цонг дæр ахауын кодта æмæ аирвæзт. Ацыдис Талиар, æмæ йæ йе'фсымæр Придон фæстейы асырдта.
Талиар разæй уыд, æмæ комы нарæгмæ куы бахæццæ, уæд дзы æртæ уæйыджы бадтысты хъалагъур, уыцы комы нарæгыл ннкæй уагътой цæуын уыцы æртæ уæйыджы, æмæ сæм Талиар куы бахæстæг ис, уæд загъта æртæ уæйыгæй сæ иу:
— Мæнæн æрбацæуы бæх. Иннæ загъта:
— Æмæ мæнæн йæ дэаума не 'сбæздзысты? Æртыккаг загъта:
— Æмæ мæнæн йе 'хца не' сбæздзысты?
Талиар сæм сдзырдта:
— Кæй хæдон æмæ хæлафы кой кæнут, кæ? — дыууæ уæйыгмæ февнæлдта, кæрæдзиуыл сæ ныццавта æмæ сæ уæлвæндаг баппæрста. Иннæуыл фæхæцыдис æмæ йæ донæн фаллаг фарсмæ фехста: йæ сæр мидæмæ къæдзæхы ныссагъд, йæ къæхтæ атилатил кæны.
Йæхæдæг ацыдис, ныууагъта сæ. Йе 'фсымæр Придон уырдæм куы æрбахæццæ ис, уæд бакаст æртæ уæйыгмæ æмæ сæ фæрсы:
— Цы кодтат?
— Фыдæбойнаг фод, ам иу барæг æрбацæйцыдис æмæ йæ нæхицæн байуæрстам, гъемæ нын ахæм митæ бакодта.
Кээлмæрзæн сыл асæрфта, æмæ сдзæбæх сты дыууæ.
— Уæртæ уый та цавæр у, фаллаг фарс?
— Уый дæр не'мбал у.
— Уæдæ мæ уый бæрц не'вдæлы мæн, фæлæ гъа мæнæ кард æмæ йæ скъахут.
Ныууагъта сæ æмæ ацыдис, асырдта фæстейы Талиары.
Талиар бахæццæ ис быдырмæ, фурды былыл æрбадтис, йæ ус та йæ зæрдыл куы 'рлæууыдис, уæд фурд ныххуыпп ласы æмæ-йæ ныссур кæны.
— Цы кæнон, кардæй ныццæвæн дæуæн нæй, топнæй ныццæвæн дæуæн нæй, мæ уарзоны мын ды фæластай æмæ дын мæ бон гъе уый у æмæ дын гъе уый кæнын, цæуын дæ нал уадзын.
Йе 'фсымæр дæр æй баййæфта æмæ йæ иувæрсты ацыдис. Калак-хъæу хæстæг уыдис уыцы фурдмæ, æмæ калак-хъæумæ баздæхтис.
Талиар бирæ куы фæкуыдта, фурд бирæ куы фæхуыппытæ кодта, уæд йæ цæссыг йæ алыварс цæппузыр сæнхъызти.
Придон дæр калак-хъæумæ бахæццæ ис. Æмæ кæронырдыгæй хъæуæн богамæдзоджы хæдзар уыдис, æмæ уырдæм баздæхтис Придон æмæ бадзырдта. Ус æм ракастис æмæ йæм сдзырдта:
— Фысым мын нæ фæуыдзынæ?
— Цæуылнæ, — загъта ус.
Æмæ æрфистæг ис, уым æрхызтис æмæ усы фæрсы:
— Мой дын нæй?
— Ис.
— Æмæ кæм ис?
— Уæлæ куывд кæнынц æмæ куывды.
— Æмæ кæм бадынц?
— Хъæуы астæу иу стыр хæдзар ис, æмæ уым бадынц.
— Цон, уæдæ, сæм æз дæр цæуын.
Æмæ йын ус бацамыдта, хæдзары кæм бадтысты, уый. Æмæ сæм Придон бацыдис.
— Уазæг! — зæгъгæ, бахъæр кодта. Рауадысты йæм, бакодтон йæ мидæмæ æмæ йæ рæнхъыл æрбадын кодтой. Æмæ, гъе уыцы богамæдзог чи уыдис, уый фарсмæ бадт фæцис. Куы анызтытæ кодтой, уæд богамæдзог афтæ зæгъы:
— Ай мьш цы æрбадын кодтат мемæ? — æмæ фестайи богамæдзог. Придон ын йæ цонгыл æрхæцыдис:
— Сбад, — зæгъгæ, йьгн йæ цонг æрыскъуыдта æмæ йæ фæсбандонмæ сæппæрста, йæхæдæг йæ дзæбæхдæр цонджырдыгæй абадтис. Фсстадис та йæм ноджы, æмæ та йын йæ дыккаг цонг дæр æрыскъуыдта. Цæнгтæ йыл нал уыд, фæлæ йæм дæндагæй фæлæбурдта. Придон æм февнæлдта æмæ йæ фехста, афтæ тыхджын æй фехста, æмæ цардахъы фæйнæджытыл ауадис, стæй быдыры сæмбæлдис, фæйнæджытæ ныппырх сты. Придон дæр сыстад æмæ рацыд.
Богамæдзоджы усмæ æрцыдис.
— Цы кодта уый, дæ цардахъы фæйнæджытæ куы ныппырх сты, чи сæ ныппырх кодта?
Уый загъта: — Чи сæ ныппырх кодта? Дысон ахæм дымгæ рацыдис, æмæ сæ уый фæхаста.
Придон бахудти æмæ афтæ зæгъы:
— Уый дымгæ нæ уыдис!
— Æмæ уæдæ цы уыдис? — ус æй фæрсы.
— Дæ мойы фарсмæ бадт фæдæн, дыууæ хатты мæм фестад æмæ йын йæ цæнгтæ æрыскъуыдтон. Стæй мæм дæндагæй куы фæлæбурдта, уæд æй фехстон, æмæ сыл уый аныдзæвд. Ныр дæлæ быдыры мардæй лæууы дæ лæг.
— Цæй, цæй, ды мын хуыздæр мой! — Æмæ йæ ныууагъта. Æмæ йæ фæрсы дыккаг бон ус:
— Уæртæ быдыры фурды фарсмæ чи хуыссы, уый цавæр у? Фурд куы ныххуыпп кæны æмæ йæ куы ныссур кæны!
Уый йын загъта:
— Уый ме 'фсымæр бæргæ у!
— Æмæ цæмæн афтæ кæны?
— Йæ усаджы йын уыцы дон фæласта, æмæ цы кæна: кардæй уымæн ныццæвæн нæй, топпæй уымæн ныццæвæн нæй. Æмæ йæ ныххуыпп кæны, агуры бæргæ йæ усаджы, фæлæ йæ нал ары.
— Гъей, гъей, уый уæ къухы нал бафтдзæн!
— Æмæ кæми, уый зоныс?
— Хæйрæджытæ йæ æрцахстой, æмæ ис Бынелайы мæсыджы.
— Гъа, уæдæ йæ зоныс бæлвырд?
— Уым ис, — загъта та ус.
— Уæдæ цон æз æмæ.ракæнон ме 'фсымæры, — рацыд Придон æмæ Талиары сыстын кодта.
— Ныр кæуынтæй ницыуал ис, фæлæ цом æмæ йæ сагурæм, ссардтам æй, фæлæ йæ бабæрæг хъæуы.
Æмæ æрцыдысты богамæдзоджы хæдзармæ Талиар æмæ Придон.
Иу бон куы уыдис, уæд Придон Талиарæн афтæ зæгъы:
— Цу-ма, бæхæн дон адар!
Дыууæ бæхы раласта, дон сын бадардта æмæ афтæ зæгъы:
— Атъæца, ме 'фсымæры бæх ды хуызæн у, абадон ыл. Æмæ йыл куы абадт, уæд йæ астæу асасти бæхæн.
— Уæу-уа, ай сæныкк куы уыдис, сæныкк! —Æмæ йын йе 'фсæрыл ныххæцыдис, йе 'уæхскыл æй сæвæрдта æмæ йæ схаста. Ракастис æм Придон æмæ йæ фæрсы:
— Цы кодта уыцы бæх?
— Абадтæн ыл, æмæ йæ астæу асасти.
— Аппар æй, — загъта йын, — байраг никуыуал уыдзæн!
— Нæ, нæ, хъуамæ йæ фенай, кæннод афтæ зæгъдзынæ: исчи йын æй байста.
Аппæрста бæхы марды. Æмæ дыккаг бон Талиар Придонæн зæгъы:
— Цу-ма, бæхæн дон адар!
Придон бæхы аласта æмæ йыл абадтис, æмæ 'йæ бæх ахаста æмæ йæ се 'знæгты хъæуы амотдæг кодта. Хъæуы кæрон æртæ чызджы цардис. æмæ уыдонмæ бафысым кодта, æмæ чызджыты фæрсы:
— Афтæ, афтæ, иу чызг нæ фесæфтис, дон æй фæласта, æмæ Бынелайы мæсыджы ис, æмæ мын уымæй бæрæг дзырдтæ чи æрхæссид, уымæн стыр лæвæрттæ ракæнин.
Æмæ сæ хистæр чи уыдис чызджытæн, уый загъта:
— Æз дзы æрхæсдзынæн.
— Æмæ уæд рæхджы? Цы афонмæ æрхæццæ уыдзынæ? Уый загъта:
— Цалынмæ кæрдзын цæттæ кæна — аходæн, уалынмæ фæстæмæ æрхæццæ уыдзынæн.
Астæуккаг загъта:
— Ей, ды æрæгмæ æрхæццæ уыдзынæ, уый тагъд цыд нæу! Придон загъта:
— Æмæ ды тагъддæр æрцæудзынæ? Уый загъта:
— Фынг уæ разы куы æрæвæрат, уæд æмбис хæрд нæма фæуыдзыстут, афтæ æрхæццæ уыдзынæн.
Уæд сын сæ кæстæр афтæ зæгъы:
— Ей, сымах уæззаустут, æз тагъддæр æрхæццæ уыдзынæн!
— Куывд тагъддæр æрхæццæ уыдзынæ? — фæрсы йæ Придон.
— Цалынмæ царæй тæдзынæг хæццæ кæна зæхмæ, уалынмæ æрцæудзынæн.
— Уæдæ ды ацу, — зæгъгæ, загъта Придон.
Кæстæр чызг фестади æхсинæг æмæ атахти. Придон дæр бæхыл саргъ авæрдта, йæхи коса даст акодта, æмæ йæ базармæ аласта уæй-мæ æмæ загъта:
— Бæх чи æлхæны.
Æмæ иу стыр къупец чи уыдис, уый загъта:
— Æз æй балхæндзынæн, йæ аргъ циу?
— Хорз хъуымацæй цы афæраза, уый.
Придон хъуымæцтæ бабаста уаргъ баст, бæхыл сæ сæвæрдта æмæ йыл сбадти æмæ зæгъы:
— Адон ницы, ноджыдæр рахæсс хъуымац.
Рахастой йæм ноджыдæр æмæ сæ уаргъы сæр самадта. Бæхы феэдæхта, цæстьифæныкъуылдмæ æртæ чызджы-хæдзары амидаэг ис. Къупец хæлиудзыхæй баззад.
Чызг куы атахтис, уæд бахæццæ ис Бынелайы мæсыгмæ. Мæсыджы хъахъхъæнæг стыр рихиджынлæг уыди. Мищæмæ цæугæйæ йæхи йæ иу рихийыл басæрфта. Чызг бындз фестадис æмæ йын йæ рихи асыгъта, лæг ныккодта:
— Гъе, уæу-уæй, гъе, Бынелайы мæсыджы сæфт бындзы мидæг бабырыдис!
Рацыдысты йæм хæйрæджытæ æмæ ныммур кодтой хъахъхъæнæджы: Бьшелайы мæсыг бындзæй куыд фесæфдзæнис, зæгъгæ.
Чызг бахæццæ ис, цы чызджы агуырдтой, уымæ, æмæ йын загъта:
— Зилынц дыл, æмæ дæм куыд æрбахæццæ уыдзысты?
Чызг загъта:
— Зынтæй мæм æрбахæццæ уыдзысты: мæнæ дын сыгьзæрин пурти, уый ахæсс æмæ сæм æй ратт, фехсæнт æй денджызы былæй. æмæ мæсыгыл кæд сæмбæла, уæд сын хид фестдзæнис денджызы. Кæд æй фæивгъуыйой, уæд сын денджыз фæндаг нæ ратдзæнис.
Пурти рахаста æмæ йæ радта:
— Мæнæ уый фехсут денджызы былæй, æмæ кæд мæсыгыл сæмбæла, уæд уыдзæнис мæсыгмæ фæндаг.
Æмæ райста Придон уыцы пуртийы, æмæ цы хъуымæцтæ рахаста, уыдон сын ныууагъта. Чызджытæ йын загътой:
— Сымах уæ дыууæ ницы бакæндзыстут, уе 'ннæ 'фсымæр Автандил уемæ куы нæ уа, уæд.
— Æмæ кæм ис? — бафарста Придон.
— Уымæн ис бæх рæгъау, æмæ ис хурныгуылæнырдыгæй, нæдæр кардæй хæцын зоны, нæдæр фатæй хæцын зоны, бæласæй йедтæмæ, галиуæг у, галиу къухæй йедтæмæ рахизæй дæр нæ зоны хæцын; бацæут æмæ йын йæ рæгъау ратæрут, кæннод æм æвиппайды куы бацæуат, уæд уæ нæ базондзæнис, — тыхгæнæг уæ хондзæнис. Æмæ рацыдысты уырдыгæй, Талиаримæ бацыдысты се'фсымæрмæ æмæ йын йæ рæгъау ратардтой, фынæй уыд, афтæмæй. Стæй йæ фехъал кодтой:
— Дæ рæгъау дын фæтардæуы! — зæгъгæ. Æмæ сæ расырдта фæстейы, бæлас æд бындзæфхадæй сыскъуыдта æмæ сын æй сæ сæрты фехста, æмæ уайтагъд сæ разы сæмбæлдис, æрбаййæфта сæ:
— Гъейт, кæй рæгъау тæрут!
— Ды нæ фæстæ фæдисон куы уай, мах та ус айстæй куы цæрæм, уæд нын цы хъæуы махæн, мах де'фсымæртæ куы стæм!
— Æмæ мын мæ рæгъау цæмæн ратардтат, кæд ме'фсымæртæ стут, уæд? Æмæ мын куыд æфсымæртæ стут?
— Мах стæм Росаппы фырттæ.
— Гъе, уæдæ æз дæр Росаппы фырт дæн.
Автандил сæ раздæхта фæстæмæ: рæгъауы дæр æмæ æфсымæрты дæр.
— Æмæ ныр кæм ис уæ ус?
— Бынелайы мæсыджы.
— Уæдæ йæм цом! Мæнæ уæ цы хуызæн бæхтæ хъæуы, уый хуызæн бæхтæ æрцахсут: фæнды зæрватыккау рог бæхтæ, фæнды æхсинæгау.
Æмæ Талиар загъта:
— Мæн мæхи бæхæй хуыздæр нæ хъæуы.
Придон æрцахста йæхицæн бæх, æмæ сбадтысты сæ бæхтыл, ацыдысты æмæ, æвæццæгæн, тагъд ныххæццæ сты денджызы былмæ, мæсыг сæм зындис, æмæ Талиар загъта:
— Æрисут мын пурти мæхимæ, æмæ йæ æз фехсон.
Пурти йæм радтой æмæ йæ фехста, æгæр тых æхст ын фæцис æмæ йын аивгъуыдта мæсыгæн йæ сæрты æмæ сын фæндаг нал лæвæрдта денджыз. Кæуын байдыдта уæд Талиар. Автандил загъта:
— Ехх, æндæр хос ницы зонут, кæуынæй уæлдай? Уыдон загътой:
— Ницы зонæм.
— Уæдæ-ма кæсут мæнмæ! — Æмæ бæлæстæ æд бындзæфхадæй тоньш байдыдта æмæ сæ æнæ дон сасмæй ныхасын байдыдта, уыдонæй сарæзта фæндаг. Бацыдысты уыцы фæндагыл мæсыгмæ æмæ хæйрæджытæ фæфæдис сты, æмæ сæ кардæй цæгъдын райдыдтой, æмæ йæ иу цæфыл кæй ныууагътой, уый-иу амардис, фæлæ-иу дыууæ цæфы кæмæн кодтой, уын-иу дыууæ фестадис, æмæ фылдæрæй фылдæр кодтой хæйрæджытæ. Æмæ сæм чызг мæсыджы сæрæй дзуры:
— Афтæ, уæ хæрис кæрдтæ ацамайут, æмæ галиу къухæй!
Æмæ сыл ралæууыдысты хæрис кæрдгæй æмæ оæ ныццагътой.
Иукъорд дзы чызджы зæрдæйы хъусты бабырыдысты. Мæсыгмæ бацыдысты æмæ чызджы рахастой. Денджызæй куы рахызтысты, уæд сын Автандил афтæ зæгъы:
— Ныр цы хъавут, цы уæ зæрды ис? Уыдон загътой:
— Мæнæ ныр нæ ус нæ къухы бафтыд, æмæ цомут ныр хæдзармæ.
Уый сын загъта:
— Нæ, æмæ дзы мæнæн мæ хай æрисут чызгæй! Æмæ йын Талиар загъта:
— Иууылдæр дæу фод, хай дын дзы куыд раттæм?
— Уæдæ мæ иууылдæр нæ хъæуы! Кард фелвæста æмæ йæ йæ астæуыл дыууæ акодта чызджы. Февнæлдта йæм æмæ йæ зæрдæйы хъустæм чи баирвæзт хæйрæджытæй, уыдон ацагъта æмæ сæ амардта. Стæй йæ фæетаемæ бахуьидта. Ахæм зæлдаг кæлмæрзæн æм уыдис, уый йыл асæрфта, æмæ чызг рабадти.
— Гъеныр дзы мæ хай уымæн куырдтон, æмæ ма йæ зæрдæйы хъусты хæйрæджытæй уыдис, æмæ уьш не 'сбæззыдаид, ссыгъдæг æй кодтон, ныр дын хаир уæд дæ ус, æмæ цом нæ хæдзармæ.
Æмæ рацыдысты уырдыгæй, сæ ус дæр рахастой, æмæ æртæ чызгмæ æрбацыдысты, фæндаг сын чи бацамыдта, уыцы æртæ чызгмæ. Уыдон дæр семæ ракодтой, Автандилы рæгъау дæр семæ ратардтой, богамæдзоджы усы дæр ракодтой семæ. Æрбацыдысты сæ хæдзармæ, æмæ сын сæ фыды чи амардта, уыдон ныццагътой, сæ ис, сæ бон сын байстой, æмæ, æвæццæгæн, абон дæр ма цæрынц, куывдтæ фæкодтой, сæ куывды ма æз дæр фæрасыг дæн.


Радзырдта йæ Туаты Зауырбег. Ныффыста йæ Гæдиаты Петр. «Ирон адæмон сфæлдыстад», фæндзæм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 251—262.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru