Главная > Даредзанты кадджытæ > 4. ДАРЕДЗАНТЫ АМРАН ÆМÆ ПАКЪУЫНДЗÆ

4. ДАРЕДЗАНТЫ АМРАН ÆМÆ ПАКЪУЫНДЗÆ


15 октября 2007. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Даредзантæн сæ хуыздæр Амран уыди. Уыди йын дыууæ æфсымæры — Бадыри æмæ Мысырби. Бадыри æмæ Мысырби цуаны ацыдысты.
Дыууæ хæйрæджы кæрæдзи надтой, сæ кæрæдзи туг калдтой... Афтæмæй сæм Бадыри æмæ Мысырби бахæццæ сты.
Бафарстой сæ:
— Цы кæнут, цæуыл кæрæдзи марут? Уыдон загътой:
— Уарæм æмæ нæ фидауæм. Бадыри æмæ сæ Мысырби бафарстой:
— Цы уæм ис уаринаг? Хæйрæджытæ загътой:
— Гæрзбæндæн æмæ æрчъиаг. Гæрзбæндæнæй æгас хох куы сбæттай, уæддæр йæхи уæзы йедтæмæ æндæр уæз нæ кæндзæн — уыцы миниуæг æм ис. Æрчъиагыл куы сбадай, уæд дæ уæларвмæ схæсдзæн æмæ дæ уым æрæнцайын кæндзæн, дæлдзæхмæ дæ куы фæнда, уæд дæ уырдæм ныххæсдзæн æмæ дæ уым æрæнца'йын кæндзæн — уымæ та уыцы миниуæг ис.
Бадыри æмæ Мысырби хæйрæджыты амардтой: гæрзбæндæн дæр æмæ æрчъиаг дæр уыдон къухы бафтыдысты. Бахастой сæ сæ хистæр Амранмæ, æмæ сыл уый дæр фæцин кодта.
Тæхгæ Пакъуындзæ сылгоймаг уыди. Уæларв царди æмæ йын сывæллæттæ дæр уыди. Уырдыгæй зæхмæ тахти æмæ сын хæринаг хаста — къамбец уыдаид, теуа уыдаид, кæнæ гал.
Афтæмæй Бадыри æмæ Мысырби цуаны ацыдысты. Баталынг сыл. Сæ нымæттæ сæ уæлæ æрæмбæрзтой æмæ бафынæй сты.
Пакъуындзæ сæ уæларвæй федта æмæ загъта: «Дæлæ хæринаг, пыццæуон æмæ сæ схæссон».
Æртахтис, систа сæ æмæ сæ уæларвмæ атыффытт кодта.
Амран хуыцауыналат лæг уыди, лалым скодта æмæ йæ мидæг бабырыди.
Пакъуындзæ ратахтис, лалымы йæ ныхтæ ныссагъта, æмæ йæ сывæллæттæ кæм уыдысты, уыцы ран æй æрæвæрдта.
Амран хуыцауыналат лæг уыди, лалым атыдта, уырдыгæй ратæррæст кодта. Пакъуындзæйы дæр амардта æмæ йæ сывæллæтты дæр.
Йе 'фсымæртнмæ хæйрæджыты æрчъиагыл абадти æмæ зæхмæ æрфардæг и.

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, 1933 аз, Едысы. «Ирон адæмон сфæлдыстад», фæндзæм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 204.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru