Главная > Даредзанты кадджытæ > 9. ДАРЕДЗАНТÆ: РОСТОМ, ГИВИ, БЕЖА

9. ДАРЕДЗАНТÆ: РОСТОМ, ГИВИ, БЕЖА


19 февраля 2008. Разместил: 00mN1ck
(Вариант)

Даредзантæ быцæу кодтой Напрационтимæ, уый тыххæй æмæ сын сæ чыз-джы, рæсугъд Манизæйы, куырдтой, уыдон та сын æй нæ лæвæрдтой. Сфæнд кодтой Ростом, Гиви, Бежа, сæ мадыфсымæр Гурген æмæ сæ хæрæфырт Пиран ацæуын хæцынмæ Напрационтимæ. Пиранмæ уыдис аст уæйыджы æвæрд, хох сыл-иу бафæлдæхта, хæст-иу куы фæци, уæд. Куы-иу бахъуыдысты, уæд та сæ-иу рауагъта. Ростомы къай баззади йæ фарсдзагæй. Хæстмæ куы цыдысты, уæд Ростом загъта йæ къайæн: «Мах ахæм мыггаг стæм, æмæ нæ фыдæлты хъуыддаг нæ ныууадздзыстæм. Лæппу куы уа, уæд нæм цæудзæни. Нысаны тыххæй та йыл тæгæры фæрдгуытæ йæ хъуырыл бакæндзынæ, кæннод ахæм мыггаг стæм æмæ кæрæдзийæн смаст кæндзыстæм. Ныггæнды йын уадзын бæх, мæ хъама йын уадзын нысанæн». Къуыритæ, бонтæ рацыди, æмæ лæппу радта кадджын Хуыцау. Рæзы лæппу авдæны, бон — дисны, æхсæв — уылынг. Скодта йын мад тæгæры фæрдгуытæ æмæ сæ лæппуйы хъуырыл бакодта. Лæппу бацыд ныггæндмæ æмæ бæхы йæ дыууæ хъусæй чъизийæ сласта, арыхъхъаг сапонæй йæ ныхсадта. Саргъ сæвæрдта дыууадæс æхтонгæй. Лæппу араст йæ фыдмæ. Мин суткæ кæм хъуыди цæуын, уым цыд иу бон. Æрсабыр кодта бæх быдыры, хæйрæг ыл сæмбæлд:
— Дæ фæндаг раст, гыццыл лæппу. Хорз лæппу дæ, фæлæ чызгау дæ хъуырыл фæрдгуытæ цæмæн ис?
Лæппу загъта йæхинымæр: «Дæлдзæх фæу, хæйрæг, ды мæ сайгæ кæныс».
Йæ бæх æрцавта, дарддæр араст. Скъæры та йæ бæх æмæ та ногæй хæйрæгыл фембæлд. Бауайдзæф та йын кодта хæйрæг:
— Хорз лæппу дæ, фæлæ фæрдгуытæ кæй дарыс, уый хорз нæу. Ацыди та лæппу, æртыккаг хатт та фембæлд хæйрæгыл.
Лæппу фæмæсты æмæ йæ фæрдгуытæ æртыдта, саргъы базы 'хсæн сæ бавæрдта. Бахызтис, йæ фыдæлтæ кæм хæцыдысты, уырдæм. Иæ бæх суагъта сæ галуаны. Æрхуыссыдис лæппу йæ нымæтыл, бафынæй. Уыцы рæтæг Ростом æддæмæ рацыд, ракасти сæ галуанмæ. Загъта лæппуйæн:
— Чи дæ, нæ быны мæлдзыг не змæлы, нæ сæрты цъиу нæ тæхы, цавæр куыдз дæ, афтæмæй æрбацыдтæ махмæ, — зæгъгæ.
Лæппу загъта:
— Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр.
Кæрæдзиуыл сæхи ныццавтой, лæппу йæ фыды æрбырста. Ростом лæппуйы хъама фелвæста æмæ дзы йæ фырты срæхуыста. Лæппу ма йæ уд исгæйæ сдзырдта:
— Хорз лæджы фырты нæ амардтай.
— Чи дæ?
— Ростомы фырт дæн, Даредзантæй.
— Æмæ уæд дæ нысантæ кæм сты?
Лæппу сæ бацамыдта. Ростом йæхи ныххоста, фæлæ гæнæн ницыуал уыд. Лæппу йæ уд систа.

Радзырдта йæ Гæдиаты Алыксандр Гшолайы фырт. Ныффыста йæ Лйянты Елизаветæ, 1971 аз.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1971 аз.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Дзæуджыхъæу 2007. Дыккаг баххæстгонд рауагъд

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru