Главная > Культура, Религия > Джермугъы бæрæгбон

Джермугъы бæрæгбон


9 марта 2011. Разместил: 00mN1ck
Мæргъиты И.Т.

     Ирон адæмы рагфыдæлтæ кувæг æмæ уырнаг адæм кæй уыдысты, уымæ гæсгæ ис нæ пантеоны уыйбæрц бæрæгбонтæ дæр.
     Фыдæлтæй нæм баззад ахæм загъд: хох дзуарджын у, быдыр – æлдарджын. Хох дзуарджын кæй у, уый бæрæг у, нæ хохаг хъæуты цы кувæндæттæ ис, уыдонæй.
     Кувæндæттимæ баст бæрæгбонтæ нысан кæныны фæтк æмæ се ‘гъдæутты бындур уыд рагон зæхкусæджы хæдзарадон куысты фæлтæрддзинад; адæм, æрдз æмæ æрдзон фæзындтытæм сæ хъус кæй дардтой, уыдоны ивæнтæй хатдзæгтæ кæй арæзтой, уый фæстиуæг. [1]
     Бæрæгбонтæ нысан кæнын ирон адæмы ‘хсæн дих кæны цалдæр хуызыл. Ис æппæтадæмон ирон бæрæгбонтæ, ис мыггагон, стæй хицæн кæмтты æмæ хъæуты бæрæгбонтæ дæр.
     Æрмæст Тылийы комы, Гудисы комы æмæ Ципраны комы цæрджытæ кæй нысан кодтой ивгъуыд æнусты, ахæм бæрæгбонтæй иуыл нымад цыд Хуссар Ирыстоны Джермугъы зæды бæрæгбон.
     Джермугъ у бæрзонд хохы ном, Леуахийы цæугæдонмæ хæстæг – рахиз фарс, Уанелы хъæуы цур.
     Сомихыстоны та æмбæлы чысыл поселочы ном Джермук, зæгъгæ. Фæлæ йын Ирысторны Джермугъимæ исты иудзинад ис, уый бæлвырд нæма у.
     20 –æм æнусы æмбисы археолог В. П. Любин ацы хохыл сбæрæг кодта, зонадæн уæды онг зындгонд чи нæма уыд, ахæм цыртдзæвæн неолиты дуджы рæстæгæй баззайгæ, цыран ссардтой уæды дугæй баззайгæ кусæнгæрзтæ [2] Ацы факт дзуры, Джермугъмæ хæстæг адæймаг неолиты дуджы кæй цардис, ууыл.
     Джермугъмæ хæстæг адæймаг бронзæйы дуджы кæй цард, уымæн та æвдисæн сты, Тылийы хъæуы рагон ингæнты цы стæгдартæ разынд, уыдон.
     Стæгдартимæ цы хæстон, хæдзарон æмæ фæлындзæн дзаумæттæ (бронзæйæ конд) разындис, уыдоны уæлæ конд нывтæ æмæ мардæвæрæн æгъдæуттæ нын дзурынц: ам цардысты ирайнаг знæмты минæвæрттæ, æртæ мин азы размæ [1].
     Рагæнустæй фæстæмæ нæ уыдис ахæм дуг, æмæ цæмæй Астæуккаг Кавказы ма уыдаиккой ирайнаг знæмты минæвæрттæ. Цæугæ царды фæстиуæгæн иутæ ацыдысты сæ цæрæн бынæттæй, фæлæ-иу уæддæр бынаты баззадысты кæцыдæр къордтæ. Уыдон-иу бахъахъхъæдтой сæ этникон химбарынад, сæ материалон æмæ удварны культурæ дæр [2].
     Уæдæ Джермугъы хохы алыварс рагæй фæстæмæ цард ирон адæмы фыдæлты иу хай æмæ уыдонæй баззадысты ацы хохы тыххæй легендæтæ æмæ таурæгътæ.
     
     ФЫЦЦАГ ТАУРÆГЪ
     Раджы заманты кæддæр Джеры комы адæмæн уыдис стыр куывд. Хистæртæ, дам, Уастырджийы зарæг куы бакодтой, уæд, дам, скæсæн-цæгатварсæй цавæрдæр æнæзонгæ хъæлæс хъырнæгау бакодта. Уыцы хъæлæс адæммæ фæкаст «му»-йы æнгæс, æмæ кæцæй хъуыст уыцы хъæлæс, гъе уыцы хохы рахуыдтой Джермугъ [3].
     
     ДЫККАГ ТАУРÆГЪ
     Ивгъуыд рæстæджыты, адæймаг æрдзы хъæлæс куы æмбæрста, уыцы заманы иу хъæуæй авд æфсымæры цуаны фæцыдысты Джермугъы хохмæ. Хъуыддаг афтæ рауад æмæ æбæрæг сæфт фæкодтой. Комбæсты адæм сæ агурын райдыдтой, фæлæ никуы æмæ ницы. Иу бон сæ бинонтæ дæр агурынмæ рацыдысты, фæлæ ницы сæ къухты бафтыд. Джермугъы хохы раз сылгоймæгтæ тæригъæдтаг хъарджытæ кодтой. сæ хъарджытæ афтæ хъардтой зæрдæмæ, æмæ айнæг хохæн дæр йæ фарсæй йæ цæссыгтæ æркалдысты. Уыцы цæссыгтæ ма абон дæр уазал суадæттæй коммæ лæдæрсынц.
     Дзурынц, зæгъгæ, абон дæр ма алы райсом сæумæцъæхæй авд саджы дон нуазынмæ æрбацæуынц уыцы авд суадонмæ æмæ дзы сæ дойны фæсæттынц. Уыдон, дам, сты авд цуаноны авд саджы хуызы [4].
     Бæрæгбонтæ нысан кæнын æмæ сæ равзæрд баст у рагон адæймаджы дунеæмбарынадыл. Уый нæ зыдта тыхдымгæтæ, ихуард, митуард, æрвнæрд æмæ бирæ æндæр æрдзон фæзындтæ куыд æмæ цæмæн фæзынынц. Гъе, уымæ гæсгæ-иу куывта æмæ йæхи фæдзæхста цавæрдæр бардуæгтæн.
     Джермугъы зæдмæ уæлдæр ранымад кæмтты цæрджытæ кæй куывтой, уый нысан уыд ахæм – хъуамæ сæ хызтаид тыхдымгæтæй, тæрккъæвдатæй, ихуарæнтæй æмæ æрвæрттывдтæй. Уымæ гæсгæ-иу кодтой нывондтæ, йæ бынмæ цыдысты куывды лæгъзтæ кæнынмæ.
     Бæрæгбоны сæрмагонд рæстæг нымад уыд Зæрдæвæрæнæй æртæ къуырийы фæстæ бон, кæннод та Дауджыты фæстæ цыппæрæм бонмæ. Гуырысхойаг нæу, хурхæтæнты кæй кæнынц, уыцы бæрæгбонтæ æппæтæй рагондæр кæй сты æмæ кæй фæзындысты зæххы куыстимæ баст бæрæгбонты размæ. Сæхæдæг та амад уыдысты фыййауы куыст æмæ фосдарыны фæткыл [1].
     Ацы зæды номыл бæрæгбон иутæ раджы ферох кодтой, кæд ма йын стæм хатт скувынц, уæддæр. Фæлæ йын хæрзæрæджы дæр йæ бæрæгбон чи нысан кодта, уыдон та уыдысты Тылийы комы Бадзыгаты хъæуы цæрæг Мæргъитæ, стæй Ципрангомы Цæгат Ципраны хъæуы цæрæг Хæбæлатæ, Гæззаты æмæ Хъæцлæутæ.
     Раздæр иууылдæр сæйраг кувæндонæн йæ тæккæ бынмæ цыдысты куывды, фæстагмæ та аличи дæр йæхи хъæумæ хæстæгдæр ранмæ æрхаста сæйраг кувæндонæй дуртæ æмæ йын ног кувæндæттæ уæдæй фæзындысты [2].
     Джермугъы зæды номыл бæрæгбон цæттæ кæнын æмæ йæ æрвитыны æгъдæуттæ уыдысты ахæм: раздæр-иу бадзырдтой æмæ-иу хъæуы мидæг бæрæгбоны номыл бæгæныйæн хойраг æртымбыл кодтой къусбарæй, ома хæдзарæй цал удæй цыдысты, уымæ гæсгæ. Бæгæны-иу хъæубæстæ иумæйагæй скодтой, фысымтæ та-иу уыдысты дыгай хæдзæрттæй. Фыццаг-иу акусарт кодта, дыууæ фысымæй хистæр чи уыд, уый, стæй та кæстæрдæр фысым [3]. Джермугъы бæрæгбонмæ развæлгъау нывонд кодтой фыр æмæ йæ æвзаргæ та кодтой афтæ: хæдзары хистæр-иу бацыд, йæ къухы цæхх, афтæмæй фысдонмæ. Уым-иу æм фырытæй раздæр чи æрбазгъордта, уый уыдис нывондаг. Уыцы нывонд фырæн сæфынæй тас нæ уыд, нæдæр æм сырд æвнæлдта, уымæн æмæ йæ зæд йæхæдæг хъахъхъæдта [1]. Бæрæгбонмæ уæливыхтæн (хæбизджынтæн) раздæр бацæттæ кодтой хæрзгъæд ссад. Цы царвæй сæ сæрстаиккой, уый та-иу фыццаг цы царв бацагътой, уымæй нывæрдтой бæрæгбонæн. Бæрæгбонмæ уæливыхтæ цы цыхтæй кодтой, уыцы æхсырæн йæ сæртæ нæ истой. Бæгæны та фыхтой иумæйагæй агъуыст мусы, дыццæг бон. Бæгæныйæ бæрæгбоны цалынмæ скуывтаиккой, уæдмæ дзы нæ нуæзтой. Бæрæгбоны номыл сæрмагондæй цы арахъ кодтой, уымæ дæр нæ бавнæлдтаиккой, цалынмæ дзы скуывтаиккой, уæдмæ [2].
     Бæрæгбоны размæ æфсинтæ æфснайдтой сæ хъæдзæрттæ, дзæбæх-иу ныссæрфтой сæ хъæууынгтæ, развæлгъау æхсадтой сæ хуыссæнгæрзтæ æмæ сæ дарæс. Уæдæ-иу сæхи дæр ныннадтой, нæлгоймæгтæ дастой сæхи, лæппутæн та æлвыдтой сæ сæртæ. Иуныхасæй, бæрæгбонмæ алцы дæр хъуамæ уыдаид нывыл. Бæрæгбон-иу куы æрцыд, уæд хæдзары бинонтæ сæумæцъæхæй иууылдæр лæууыдысты къахыл.
     Куыд бинонтæ, афтæ хъæубæсты дæр кæрæдзийæн хъæлдзæгæй кодтой бæрæгбонон арфæтæ: «Джермугъы зæды хорзæх уæ уæд æмæ арфæгонд ут!» Арфæ-иу кæмæн ракодтой, уый та дзырдта «бузныг» æмæ «дæуæн дæр æххуысгæнæг уæд». Бинонты хистæр-иу бæрæгбоны размæ изæр, кæстæртæй райсом бæрæгбоны чи цы ми кæндзæн, уый бацамыдта: кæмæн фос аздахын хъæудзæн, кæмæн – суг сæттын, кæмæн та – кусарт кæнын. Афтæ хистæр æфсин дæр кæстæр сылгоймæгтæн амыдта, чи цы ми кæндзæн, уый, иутыл æмбæлд хъуццытæ дуцын æмæ родтæ здахын, иннæтæй та чи – хыссæ кæндзæн, чи та æндæр бæрæг митæ [3].
     Бæрæгбоны сæумæцъæхæй кодтой кусарт. Кæстæртæ дыууæйæ нывонд фыры кодтой бæрæг æргæвдæн ранмæ хæдзары раз. Уæдмæ-иу æфсинтæ дæр тæбæгъы рахастой æртæ дзулы, цыхты карст, нуæзт дурыны, сыкъа æмæ цæхх. Иу кæстæр лæппу лæууыд уырдыг æмæ-иу хистæрмæ авæрдта дзаг сыкъа. Хистæр йæ скуывды ардта Хуыцау æмæ Уастырджийы ном, бафæдзæхста йыл йæ бинонты, хъæубæсты, уазджыты æмæ йæ фосы. Кувæггаг та-иу авæрдта кæстæрмæ. Кæстæр-иу арфæ ракодта, бузныг-иу загъта, «дæ скуывды фарн уæд», зæгъгæ-иу дзы анызта. Уырдыглæууæг та-иу фæстæмæ сыкъа йедзагæй хистæрмæ авæрдта æмæ-иу хистæр уæд сæрмагондæй скуывта бæрæгбонæн – Джермугъы зæдæн. Йæ ракуывды ныхæстæй иутæ уыдысты афтæ: «Табу дæхицæн, Джермугъы зæд, абон дæ бон у æмæ дын лæгъзтæ кæнæм, арфæ нын ракæн нæ бинонтæн, нæ кæстæртæ æмæ нæ хъæубæстæн. Фыддуг æмæ нæ фыд лæгæй бахиз, дæ рынтæ бахæрон. Мæнæ нæ нывондаг, нæ цæхх, нæ кæрдзын, сæрмагондæй, дæ номыл сты æмæ сæ сыгъдæгæй айс, барст дын фæуæнт» [1]. Кæстæртæ-иу æмдзыхæй ныхъхъæр кодтой «оммен». Уый фæстæ ма хистæр кодта ноджы иу куывд кæстæрты тыххæй æмæ-иу стæй бавнæлдтой кусарт кæнынмæ. Кусартгæнджытæ-иу дыууæйæ фыр фæфæлдæхтой йæ галиу фарсыл, цæмæй йæ цæсгом уыдаит рахизæрдæм, хурыскæсæнырдæм.
     Бирæ лæгæн кусæрттаг йæ уд сисы æрæгмæ æмæ уымæ гæсгæ нæ фергæвды, фæлæ æндæр гæнæн куынæ уал вæййы, уæд æй аргæвды æмæ кусæрттаджы рахиз къахмæ кардæй фæцагайы, стæй йæ къухтæ зæххыл асæрфы, уæд, зæгъгæ, кусæрттаг тагъддæр исы йæ уд.
     Кусартгæнджыты исчи кусартгæнгæ куы рбаййафы, уæд сын фæзæгъы: «нæлгусарт ут», уыдон та йын дзуапп раттынц: «бузныг, бæрæгбоны хорзæх дæ уæд!».
     Кусæрттаджы сæр-иу конд куы æрцыд, уæд къаннæгдæр лæппуты хæс уыд уый артыл сарауын, стæй йæ дыууæ дихы фæкæнын, ныхсын æмæ хицæн аджы æд къæхтæ сфыцынц.
     Кусартгæнджытæ кусарт куы акъæртт кодтой, уæд-иу ын фыццаг йæ риуы гуыдыры кæрон цы æргъиу ис, уый слыг кодтой æмæ йæ цæджындзмæ æхстой. Кæд æмæ-иу андæгъдис цæджындзыл, уæд хъæрæй дзырдтой: хорздзинæдтæ ма дзы уыдзæнис. Ацы чысыл æргъиуæй ма иутæ дзырдтой, уый, дам, уыдис сиахсы тыххæй: фидар у æви йæм исты фыдбылыз æнхъæлмæ кæсы.
     Кусарт кæнгæ-кæнын кусæрттаджы буарыл цы нуар фезмæлы, ууыл дæндагæй хæцын кодтой, æхсæв чи тæрсы æнæзæгъинæгтæй, ахæмты. Дзурынц, зæгъгæ, дам-иу сын феххуыс. Йæ раззаг хуылфыдзаума-иу куы систой кусæрттагæн, уæд ын лыг кодтой йæ зæрдæйы хъустæ – уыдон ирон лæг нæ хæры. Уый йедтæмæ ма йын йæ игæрыл цы маст ис, уый дæр арæхстгай слыг кодтой æмæ йæ хæрын кодтой, йæ ахсæн кæмæн рыст, ахæмтæн.
     Кусæрттагæн æнæмæнг лыг кодтой йæ бирæгъы хай дæр, зæгъгæ, уый дæр хæрынæн нæ бæззы, уый у сырды хæринаг.
      Кусарт конд куы фæцис, уæд æй кодтой хæйттæ, стæй йæ цуайнаджы мидæг доны уæларт æвæрдтой. Уый фæстæ сæйраг хъуыддаг уыд зæды номыл уæздан физонæг скæнын уæхстыл – бæрз уисыл. Физонæджы хæйттæ сты: раззаг æртæ рахиз фæрскы, сусты, игæры, уырджы æмæ зæрдæйы кæрстытæ.
     Уыцы физонæг цалынмæ сфыхтаид, уæдмæ-иу сылгоймæгтæ дæр сæ уæливыхтæ скодтой æмæ –иу бацæттæ кодтой куывддзауты. Кувæндонмæ кувинæгтæй хастой æртæ уæливыхы, æртæ мыдадзын цырагъы, арахъхъы дурын æмæ бæгæныйы сæрæй.
     Кувæндонмæ цæугæйæ, уæливыхтæн сæ уæлæ физонæг, афтæмæй хаста хистæр, нуæзтытæ та – кæстæртæй иу. Разæй-иу цыд хистæр кувæг – дзуары лæг, йæ фæдыл та куыд хистæрæй хъæубæстæ æмæ уазджытæ кæрæдзийы фæдыл.
     Кувæндонмæ ссæугæйæ йæ алыварс кодтой æртæ зылды æмæ-иу кувæг лæг дзырдта: «Табу дæхицæн, табу, æххуысгæнæг у». Кувæндоны алыварс æртæ зылды куы æркодтой, уæд кувæг лæг æрлæууыд, цæмæй йæ цæсгом уыдаид хурыскæсæнмæ, йæ рахиз фарс та Джермугъы зæды бадæн - къæдзæхмæ. Ам дæр та фыццаг куывд уыд Хуыцау æмæ Уастырджийы номыл. Йæ куывды иу хай уыдис афтæ: «О, Джермугъы зæд, табу дæхицæн, ракæс æмæ рафæлгæс бæрзондæй. Нæ кæстæртæ де уазæг, цæмæй тæрсæм, уымæй хызт куыд уæм. Кæм дæ, Джермугъы зæд, дæ номыл цы нывондаг акусарт кодтам, цы цæхх, цы къæбæр ахицæн кодтам, уыдон дын барст фæуæнт, сыгъдæгæй сæ айс. Мах, дæ кувæг адæм дын лæгъзтæ кæнæм, ма нæ фесаф тыхдымгæтæй, тæрккъæвдатæй, ихуарынтæй нæ бахиз! Иу хатт дын кувгæ куы кæм, уæд нын сæдæ хатты та æххуысгæнæг у!» æмæ та-иу кæстæртæ æмдзыхæй «оммен» ныхъхъæр кодтой. Уый фæстæ æнæмæнг куывтой комы зæдтæ æмæ дзуæрттæн. Уыдон Тылигомы уыдысты: комы сæр бадæг Уартау, Тита, Реком, Тылийы Уастырджи, Рекомы авд кувæндоны, Уистойы авд дзуары, Хъугомы хæстæг дзуар, Тæгæры дзуар, Уацилла, Ципраны Уастырджи, Хъобы дзуар, Уанелы Тутыр æмæ Мыкалгабыр. Ацы æртæ рæгъы кувгæйæ кодтой лæугæ, фæлæ-иу уыцы куывтытæ куы фесты, уæд-иу нæууыл æрбадтысты. Скуывтой-иу кæстæрты цæрæнбон дæр Уастырджийы зарæг кæнгæйæ. Уастырджийы зарæджы уыдис ахæм ныхæстæ: Уой, табу дæхицæн, табу, сыгъзæринбазыр Уастырджи! Уой, мах дæ кувæг адæм, кувгæ дæр дæумæ куы кæнæм æмæ курæг дæр дæуæй стæм.
     Уой, нæ кæстæртæ де уазæг, де уазæг, Уастырджи! Уой, кæстæр арæх æмæ хистæр зæнджын цы уæм, ахæм арфæ нын ракæн!
     Кувæндоны бирæ рæгъытæ нæ кодтой, фæлæ ма-иу скуывтой фæндаггонтæн дæр, рæстæг æмæ дугæн дæр.
     Кувæндоны бадгæйæ-иу хохы сæр мигътæй куы асыгъдæг, уæд-иу дзырдтой: нæ куывд нын исы, зæгъгæ, фæлæ-иу дзы мигътæ куы бадт, уæд та дзырдтой: цыдæр æм раст нæ кæсы! – æмæ-иу дзы хатыртæ куырдтой.
     Кусарт кæм кодтой, уырдæм, кувæндонмæ нæ уагътой цуаноны, нæ йын лæвæрдтой суанг стджытæ дæр.
     Кувæндонæй-иу фæстæмæ куы здæхтысты, уæд ма æнæмæнг дурыны нуæзт баззадаид, тæбæгъы та уæливыхы хæйттæ.
     Фæстæмæ хъæумæ куы здæхтысты, уæд-иу хистæртæ цыдысты заргæ. Хъæумæ-иу куы рхæццæ сты, уæд-иу æгас хъæубæстæй цыдысты хистæр фысымы хæдзармæ.
     Цалынмæ-иу куывддонтæ здæхтысты, уæдмæ-иу æфсинтæ фынг æрæвæрдтой, куы-иу æрхæццæ сты, уæд-иу кæстæртæ фынгыл æрæвæрдтой кусæрттаджы хæйттæ: æппæты уæлейæ сæр, йæ ныхыл дзуарæвæрд, йæ фарсмæ базыг, æсгуы, фæхсын æмæ уон. Уыдонæй дæлæмæ æвæрдтой иннæ хæйттæ куыд кадджындæрæй. Сæры фарсмæ чысыл дæлдæр æнæмæнг уыдысты æртæ уæливыхы, чысыл фæйнæрдæмгондæй, цæмæй, дам, сæ зæдтæ æмæ дауджытæ уыной.
     Фысымты хæдзары фынгыл кувæг лæг уыд хъæубæсты куырыхондæр зæронд лæг. Йæ рахиз фарс бадт фысымты хистæр лæг, йæ галиу фарс та – хъæубæсты дыккаг хистæр, уыдонæй дæлæмæ та бадтысты сæ кармæ гæсгæ куыд хистæрæй. Фынгыл хистæрæн уырдыглæууæг уыдысты кæстæртæ – рахизæрдыгæй. Фынгыл ма фыдызгъæл æмæ уæливыхты йедтæмæ уыд æвæрд картофджынтæ, футæгджынтæ, зайæгойтæй цæхджынтæ: куыд хъæндæлыйæ, скъудайæ, саджыкъахæй æмæ афтæ дарддæр. Уыдоны йедтæмæ ма фынджы фидауц уыдысты царв, мыд, дзул æмæ цыхт.
     Хистæры фыццаг скуывд та уыд Хуыцау-Уастырджийы номыл æмæ та-иу кувæггаг кæстæрмæ авæрдта. Уый фæстæ та куывд уыд сæрмагондæй Джермугъы зæды номыл. Бафæдзæхста-иу бинонты, хъæубæсты æмæ уазджыты.
     Рæгъ-иу кæронмæ куы ацыд, уæд-иу хистæртæм дæлейæ кæстæйраджы рæгъ æрбауагътой. Уыцы рæгъæн хистæртæ дзуапп лæвæрдтой сæ цæрæнбонимæ Уастырджийы зарæгимæ. Сыкъатæ-иу ногæй уырдыглæуджытæ куы айдзаг кодтой, уæд-иу фынджы хистæр базыг нуазæнимæ алæвæрдта кæстæртæм рахизæрдæм. Кæстæртæй нуазæн кæмæ æрхаудта, уый арфæ ракодта хистæртæн, нуазæны аккаг кæй скодтой, уый фæдыл æмæ-иу йæ нуазæн анызта. Базыгы фыдызгъæл-иу кæстæр стæгæй фæхицæн кодта. Базыгæн-иу йæ иу кæрон армы тъæпæны, йæ иннæ кæрон та цоджы рдæм куыд уыдаид, афтæ-иу æй цонджы хъулы цур йæ ронæй абаста. Стæй-иу ыл иннæ къухæй рахæцыд йæхиæрдыгæй фарс æмæ-иу æй æрбасаста. Базыг сæттын алкæй бон кæм уыд, уыдис ын йæхи сусæгдзинæдтæ дæр æмæ-иу ахæм арæхст кæмæ уыд, æрмæстдæр æй уый саста. Базыг чи асаста, уый номæн сæрмагондæй хистæр йæ цæрæнбонæн акуывта æмæ-иу рæгъ кæронмæ рацыд [1].
     Фынгыл-иу кæд уазджытæ уыд, уæд-иу сын уазæггæгтæ бадардтой.
     Сæрмагонд нуазæн лæвæрдта хæдзары хистæр æфсин алкæмæн дæр æмæ-иу ын арфæтимæ йæ рæгъы дæлæмæ рауагътой заргæйæ.
     Бæрæгбонон фынгыл ма-иу рæгъытæ рауагътой комы иннæ зæдты номыл, рæстæг æмæ дугæн дæр.
     Ирон адæммæ баззад ахæм загъд, зæгъгæ, «Дзуар æмæ мард иу сты», уымæ гæсгæ-иу ‘рымысыдысты æмæ рухс загътой, æгас чи нал ис, уыцы ныййарджытæн, афтæ ма хæдзарвæндагæй æмæ хъæубæстæй æвзонгæй чи фæзиан, уыдонæн дæр.
     Сæрмагонд куывд ма цыдис, кæд исчи хъæубæстæй дард фæндагыл уыдис, уæд уыдонæн дæр, афтæ ма хæрæфырттæн дæр [2].
     Бадт-иу йæ кæронмæ куы ахæццæ, уæд-иу скуывтой бæркадæн, Къæсæры Уастырджийæн дæр.
     Ацы рæгъытæ кæнгæйæ-иу рæгъæй-рæгъы хсæн бирæ рæстæг рацыдис, хистæртæ-иу дзырдтой рагон хабæрттæ, таурæгътæ, бирæтæ-иу кодтой кадджытæ дæр хъисын фæндыр цæгъдгæйæ. Кæстæртæ та-иу хистæртæй ракуырдтой бар æмæ-иу æддæдæр сарæзтой хъазт. Сæ кæфтытæ уыдысты куыд «Симд», «Хонгæ», «Дзуццæг кафт», «Зилгæ кафт», «Чепена», «Тымбыл кафт», «Советский кафт» æмæ ма Судтæй хъазт [3] æмæ афтæ дарддæр.
     Фынгыл бадæг астæуккаг кары нæлгоймæгтæм ма уыдис ахæм æгъдау, куыд фынгы уæлæ кафын. Кафынмæ-иу йæхи чи абалц кодта, уый фынгы хистæрæй ракуырдта бар æмæ-иу фынгы кæрон къах-къухтыл слæууыд, афтæ-иу кафгæ æрбацыд хистæрты ‘рдæм. Йæ быны-иу иу къус дæр нæ фезмæлыд, иу хайыл дæр нæ ныллæууыд. Уыцы кафт-иу кæронмæ куы сæххæст кодта, уæд-иу ын хистæртæ нуазæн радтой уæл фынгмæ [4]. Ацы гъдау ма æмбæлы Нарты кадджыты Сослан æмæ Челæхсæртæгы быцæуы.
     Фынг-иу нæма йе мбисы уыд, афтæ-иу хистæр кусæрттаджы сæры рахиз хъус ралыг кодта æмæ-иу æй кæстæрмæ авæрдта, цæмæй, дам, хистæрмæ хъусын фæраза. Бадт-иу йæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, афтæ-иу хистæр, гъе та æндæр исчи хистæр кары лæгтæй, уоны фыдызгъæл йе нгуылдзтæй фæхицæн кодта. Кардæй уонмæ æвналæн нæ уыд. Уонæй чи зыдта кæсын, уый-иу уоны стæг рухсы рдæм сдардта æмæ-иу кæцыдæр нысæнттæм гæсгæ развæлгъау базыдта, æрцæуинаг цы уыдис, уый.
     Уонмæ кæсгæйæ, уонæн йæ быдыры кæрон тар куы уыдаид, уæд уый нысан кодта къæвда, асæст рæстæг. Уонæн йæ быдыры иннæ фарс мæсыг кæй хонынц, уый хæдрæбын, хъуыраугоммæ хæстæг тар куы дардтаид, уæд уый нысан кодта змæст дуг кæнæ та хæст. Уонæн йæ мæсыг кæнæ та хъæу йæ уæллаг фарс дæргъæй-дæргъмæ сырх хаххгонд куы уыдаид, уæд уый нысан кодта зынгсирвæзт, фæдис. Кæд йæ рæбыны уыдаид уыцы дæргъæй-дæргъмæ сырх хахх, уæд та амыдта зиан æрцæудзæн æввахс рæстæджы хиуæттыл, кæннод та хъæубæстыл. Уоны мæсыг хъæу кæй хонынц, уый фарсмæ цы чысыл фахсгонд ис, уый та хуыйны йе скъæт. Уымæн йæ дæллаг кæрон кæд тарбын уыдаид, уæд нысан кодта фос фылдæрæй фылдæр кæй кæндзысты, уый. Фæлæ-иу рухсдзаст куы уыд, уæд та фос скуынæг уыдзысты.
     Уон базыджы хъулыл кæм æмбæлы, уыцы къуырф та хуыйны йæ артдзæст. Кæд йæ быны сау тæпп фæзыны, уæд уый нысан кæны исты фыдбылыз цæудзæн хæдзарыл. Артдзæстæй скъæтгондмæ цы рагъгонд ис, уый тæккæ астæу чысыл къуыппгонд куы зына, уæд уый амоны рæхджы ног гуырд фæзындзæн. Артдзæстæн йæ иннæ фарс рагъгондæн йæ быдыры рдæм дæлиау къуыпп куы дара, уæд уый нысан кæны хистæрæн, фысымæн мæлæтæй тас кæй у. Кæд уæлиау уа артдзæстмæ æввахс, уæд та йын тас нæу.
     Уоны фæрсæг уоны стæг искæмæ куы дæтта, уæд æй хъуамæ фынгыл æрæвæра сыгъдæг ран æмæ йæ стæй уыцы чидæр уырдыгæй айса.
     Уонæй-иу фарст куы фесты, уæд-иу уоны фæрсæг йæ хисæр æнгуылдз фæкъæдз кодта æмæ йæ уæрагыл æрæвæргæйæ, уоны быдыры рдыгæй фарс æнгъуылдзы къæдзыл фæцæф кодта. Уый адыл-иу уон фæхуынкъ æмæ фæрсынæн нал бæззыд, стæй-иу æй арты басыгътой [1].
     Уыдис ахæм хабар. 1941 азы, Джермугъы бæрæгбоны фынгыл бадгæйæ, бадзыгатыхъæуккаг зæронд лæг Мæргъиты Къопи, уоны акаст æмæ ныссагъæс кодта: сæфæм нæ хъæубæстæ, знаг нæм æрбатыдта, бæстыл арт сирвæзт, мæнæн та мæ къона бындурзылд кæндзæн. Дыккаг бон хабар æрбайхъуыст, фашистон Герман æрбабырстой. Уыцы тугкалæн тохмæ фæцыдысты Къопийы цыппар фырты æмæ сæ иу дæр нал сыздæхт фæстæмæ [2].
     Бæрæгбоны фынг-иу кæронмæ куы ахæццæ, уæд-иу фынджы хистæр кусæрттаджы сгуы радта нуазæнимæ, фидæнмæ фысым чи уыдзæн, уымæ.
     Бæрæгбоны дыккаг бон та-иу бадтысты æгас хъæубæстæй иннæ фысымтæм. Уым дæр та-иу кодтой, фыццаг бон цы æгъдау арæзстой фынгыл, уый. Ам дæр та сгуыйы лæвæрдтой, фидæнмæ дыккаг фысым чи уыдзæн, уымæн.
     Æртыккаг бон-иу æгас хъæубæстæ æртымбыл кодтой ног ахст цыхтытæ æмæ-иу сæ скодтой иумæйаг дзыкка [3]. Бæрæгбоны фысымтæ-иу фæдзырдтой æндæр бон хъæубæсты хистæртæм сæр æмæ бæрзæймæ.
     Джермугъы цæуæн бон (къуырийы фæстæ) цыппæрæм боны фысымтæ ногæй кодтой уæливыхтæ æмæ та-иу æрхуыдтой хъæуы хистæрты. Сæ скуывды нысан уыд, бæрæгбон сын фидæнмæ дзæбæхæй цæмæй æрцæуа. Сæрæн-иу йæ фыдызгъæл куы ахицæн кодтой, уæд-иу ын йæ къуыдыры искуы кауы михыл сагътой [4]. Ныр кæд абон уыцы хъæутæ федзæрæг сты, уæддæр ма сæ бæрæгбон нæ рох кæнынц.
     Фыдæлтæй нын баззад ахæм загъд: «хъæуæн фæтк ис» æмæ кæд Джермугъы зæды номыл бæрæгбон бирæ ницæмæй хицæн кæны, уæддæр ын йæ хицæндзинæдтæ зæгъын хъæуы. Иудзырдæй нæ рагон бæрæгбонты сæрмагонд миниуджытæ сахуыр кæнын хъæуы, цалынмæ ма нæ фарны куырыхон хистæртæй чидæртæ ис, уæдмæ.
     Ныры рæстæджы æгæр сарæх сты, ирондзинадæн æцæгæлон чи у, ахæм æрбайсгæ æгъдæуттæ æмæ нын фыдæлтæй хæзнайæн цы фарн баззад, ууыл къæм æвæрынц. Аив æгъдауы бæсты хæссынц адæмы рæгъмæ æнæгъдаудзинад.

БИБЛИОГРАФИ
     1. [1.1]. Цыбырты Л. А. «Ирон бæрæгбонтæ» з-æм фарс. Дзæуджыхъæу, 1999 аз.
     2. [1.2]. Любин В. П. «Каменный век Юго-Осетии» стр. 19 кнд. дис. Москва, 1953.
     3. [2.1]. Техов Б. В. «Осетины древный народ Кавказа» 1993 г. стр 17. Цхинвал.
     4. [2.2]. Техов Б. В. « Осетины древный народ Кавказа». 1993 г. стр 8. Цхинвал.
     5. [2.3]. Гæззаты Егнайы фырт Хъауырбег 80 аздзыд. Цхинвал 2002 аз.
     6. [2.4]. Хæбæлаты Датайы чызг Натъа. 58 аздзыд. Хуссар Ципран. 2000 аз.
     7. [3.1]. Уазрзиаты Вилен. «Нæ бæрæгбонтæ незаманæй абонмæ». Дзæуджыхъæу. 1995 аз.
     8. [3.2]. Хæбæлаты Датайы фырт Але. Цхинвал 2007 аз
     9. [3.3]. Мæргъиты Биасы фырт Иван. 62 аздзыд. Цхинвал 2006 аз.
     10. [4.1]. Мæргъиты Уасилы фырт Рутен. 65 аздзыд. Бадзыгат. 2001 аз.
     11. [4.2]. Мæргъиты Никъалайы чызг Разиат. 80 аздзыд. г. Цхинвал 2007 аз.
     12. [4.3]. Мæргъиты Къолайы чызг Вена. 84 аздзыд. Бадзыгат. 2003 аз.
     13. [5.1]. Мæргъиты Никъалайы фырт Серож. 71 аздзыд. Бадзыгат. 2001 аз.
     14. [9.1]. Мæргъиты Никъалайы фырт Серож. 71 аздзыд. Бадзыгат. 2001 аз.
     15. [9.2]. Мæргъиты Биасы фырт Иван. 62 аздзыд. г. Цхинвал. 2006 аз.
     16. [9.3]. Мæргъиты Никъалайы чызг Разиат. 80 аздзыд. Цхинвал. 2007 аз
     17. [9.4]. Мæргъиты Никъалайы фырт Серож. 71 аздзыд. Бадзыгат. 2001 аз.
     18. [11.1]. Мæргъиты Габийы чызг Мани. 74 аздзыд. Тылигом. 2007 аз.
     19. [11.2]. Мæргъиты Никъалайы чызг Земфирæ. 60 аздзыд. Дзæуджыхъæу. 2007 аз.
     20. [11.3]. Мæргъиты Никъалайы чызг Разиат. 80 аздзыд. Цхивал 2007 аз.
     21. [11.4]. Мæргъиты Никъалайы чызг Фаризæт. 74 аздзыд. Цхинвал. 2007 аз.


Вопросы литературы и фольклора. Сборник научных статей. Выпуск IV. Владикавказ 2010
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru