Главная > Культура > Хъысмæт æвзарыны фæрсынад

Хъысмæт æвзарыны фæрсынад


14 марта 2011. Разместил: 00mN1ck
Тменаты Дз.Г., ф.н.к.

      Ногбоны канд ирон адæмы нæ, фæлæ бирæ адæмты хьуыдымæ гæсгæ, алы хæдзармæ дæр æрмаест хæрзгæнæг нæ, фæлæ фыдгæнæг тыхтæ дæр æмхиц вæййынц, æмæ дыккæгтæй хи бахизынæн арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ.
      Бæрæгбонмæ æнхъæлмæ кæсынц стырæй, чысылæй, сылгоймагæй, нæлгоймагæй. Алчидæр æнæмæнг хорздзинæдтæм, хорз амæндтæм, æнтыстытæм, бæркадмæ, æнæниздзинадмæ æнхъæлмæ кæсы. Скæнынц дзаг фынгтæ, ног дарæстæ, ома нæ Ногбон азы райдайæны куыд сыгъдæг, æппæтæй æххæстæй æрæййафа, æгас аз дæр ныл афтæмаей цæудзæн, зæгъгæ. Бирæ лыстæг хъуыддæгтæ вæййы уыцы бон, æхсæвы, æмæ алчидæр архайы, куыд хуыздæр уа, афтæ. Уæлдай цымыдис вæййынц хæдзары бинонтæ, сæ фидæны царды дарддæры цыдмæ, ома сæ хъуыддæгтæ, уавæр, сæ хорæрзад, фосы конд куыд уыдзысты ног азы, уый базонынмæ алы фæрæзты руаджы. Раздæр-иу кастысты уæны, фарстой цыкурайы фæрдыджы, пайда кодтой хъæдуры гагатæй...
      Хæдзары æфсин уыцы 'хсæв скæны стыр гуыдын - æртхурон, бавæры дзы æхца, суджы схъис, къуымбилы бындзыг, хъуымацы гæппæл, æвзалыйы мур, алы хоры нæмгуьгтæ æмæ æндæр истытæ. Æртхурон куы сфыцы, уæд æй, бинонтæ цал сты, уал дихы акæнынц. Уыимæ йæ дих кæнынц æрмæст къухæй (кардæй йæм æвналæн нæй). Æртхуронæй æддагæттæн никæмæн ис дæттæн, зæхмæ дæр дзы хъуамæ мур дæр ма 'рхауа. Бинонты уырны, кæмæ сæ цы фæуа фæсномыг нысантæй, ног азы уымæй хайджын уыдзæн. Æбæбæу, æмæ дзы бинонтæй искæй хай ма фæуа, уый амоны: чидæр сæ кæй фæхъæудзæн. Кæд æмæ уæлдай хай дихгонд æрцæуа, уæд та - кæй сыл бафтдзæн.
      Раджы заманы-иу мойгæнæг чызджытæ æмæ усгур лæппутæ та уæлдай æнхъæлмæ кастысты Ногбоны дыккаг æхсæвмæ. Уыцы æхсæв хуыдтой фыссæн æхсæв, кæнæ хъысмæт нывгæнæн. Чызджытæ сагъæс кодтой, сæ фидæны цардæмбæлттæ чи уыдзысты, ууыл. Уырныдта сæ, æбæрæг тыхтæ сын кæй раргом кæндзысты, рагæй цæмæ бæллынц, уыцы сусæгдзинад базонынмæ: сæ цард кæимæ бабæтдзысты æмæ сæ фидæн кæимæ уыдзæн. Фæрсгæ та фæкæныиц афтæ.
      Чызг скæны суарийы йас æртæ гуылы. Сæ мидæг сын бакæны цæхх. Куы сфыцынц, уæд дзы дыууæ бахæры, æртыккаг та сæвæры йæ нывæрзæны, базы бын, æмæ схуыссы. Цы кæна, уый райдайæнæй кæронмæ кæны æнæдзургæйæ. Цæхджын хæринаг дойны кæны, æмæ йын фыны дон чи бахæсса, уый уыдзæн йæ амонд. Райсомæй æртыккаг гуыл сисы йæ нывæрзæнæй æмæ йæ куыдзæн аппары.
      Джызæйлаг Пагæты Никъалайы чызг Ксеня æрыгон ахуыргæнæг уыд. Раздæр не 'ууæндыд ахæм ныхæстыл, фæлæ фыссæн æхсæв сфæнд кодта бавзарын уыцы уырнындзинад. Скодта цæхджын гуылтæ, бахордта сæ æмæ æнæдзургæйæ схуыссыд. Фыны йын Доййаты Будзийы фырт Алихан бахаста дон. Цасдæр рæстæджы фæстæ Ксеня æцæгдæр смой кодта Алиханмæ, æмæ уарзонæй фæцардысты 54 азы. Сæ кæстæртæ абон дæр мысынц, куыд лымæн уыдысты æмæ кæрæдзийæн куыд аргъ кодтой, уый.* Ацы фæрсынад æмбæлд Ирыстоны алы ран дæр.
      Гуыриаты Гагуыдз куырттатаг уыд, куыста Барзыхъæуы ахуыргæнæгæй æмæ комы æмбырд кодта ирон адæмы фольклорон æмæ этнографион æрмæг. Барзыхъæуы иуæй-иу чызджытæ куыд фарстой хъысмæт нывгæнджыты, уый тыххæй фыссы: «Агьуыстæй чызг рахæссы дзаумæттæ, сафтид æй кæны. Ныууадзы ма стъол, йæ уæлæ - айдæн, йæ фæйнæфарс дыууæ (сойын - Дз.Т.) цырагъы. Чызг бацæуы иунæгæй æхсæвы, ссудзы цырæгътæ æмæ бафæрсы айдæнмæ кæсгæйæ: чи у мæ амонд, уый мæм айдæнæй ракæсæд. Исчи-иу куы фæзынд, уæд хъуыд цырæгътæ ахуыссын кæнын» [3]. Уыцы фарст кодтой Мæздæджы зылды чызджытæ дæр, фæлæ ма сæм уыд æндæр дæр.
      Гулдион фыссæн æхсæв хуыссынмæ цæугæйæ бавдæлд, æмæ йæ иу цъында раласта, иннæ нæ, афтæмæй схуыссыд æмæ загьта: «Мæ амонды хай, æрбацу æмæ мын мæ цъында ралас. Фыны кæй цæсгом федтон, мæ къахæй мын мæ цъында чи раласта, уый мæм фæззæджы минæвæрттæ æрбарвыста, - зæгъы Гулдион, - æмæ йæм смой кодтон».
      Дыгургомы мойгæнæг чызджытæ куырдтой кусартгæнджытæй кусарты агъды тæнæг стæг. Ссыгъдæг-иу æй кодтой, дзидзайы мур ыл куыд нæ уыдаид, афтæ. Чи-иу æй райста, уый куы хуыссыд, уæд æй æвæрдта йæ нывæрзæны, æмæ-иу йæ фыны федта, цы фидæн æм каст, уый.
      Цымыдисдзинад тыхджын у. Æрыгон удты зонын фæнды канд сæ мой нæ, фæлæ кæдæм ацæудзысты, уый дæр. Уый тыххæй-иу чызг æнафоны æддæмæ рацыд, йæ галиу къахæй дзабыр раласта, чъылдыммæ-иу кулдуармæ æрлæууыд æмæ-иу дзабыр æддæмæ фехста, кулдуары сæрты куыд атахтаид, ахæм ныхæстимæ: «Уæдæ мæ амонды хай кæцырдыгæй цæры, уый мын бацамон».Стæй-иу ацыд æддæмæ æмæ иу каст, дзабыры фындз чердæм абадт, уымæ. Кæд сæхи хæдзары 'рдæм, уæд æм уыцы аз ницы амонд каст. Уæвгæ, уыцы фарст искæмæ гæсгæ кодтой, æви ирæттæн сæхимæ равзæрд, уый бæлвырд бæрæг нæу, уымæн æмæ ма суанг уырыссаг поэт В.А.Жуковскиймæ дæр йæ балладæ "Светланæ" - йы æмбæлы ахæм фæрсынад.
      Фыссæн æхсæв чызджытæй бирæтæ дæсныйад кодтой иугæйттæй, уымæн æмæ æфсæрмы кодтой иннæтæй. Фæлæ-иу бирæтæ рагацау баныхас кодтой æмæ искæмæ, кæм сæ ничи хъыгдæрдтаид, ахæм ран-иу æрæмбырд сты æмæ иумæ сæ хъысмæты хабæрттæ бæрæг кодтой.
      Иутæ кодтой афтæ. Райстой-иу æнгузтæ. Хъавгæ-иу сæ асастой, дыууæ рæстæмбисы куыд фæуыдаиккой. Сæ хæргæ хъапп сын-иу систой æмæ бахордтой. Стæй-иу мыдадзын цырагъ райстой. Цал уыдысты, уал æмхуызон дихы-иу æй акодтой. Æнгузы къусчы-иу æй сæвæрдтой.
      Уый фæстæ чысыл кæхцы дон ныккодтой æмæ йæ сæ астæу æрæвæрдтой. Чызджытæй-иу алчидæр йæ цырагь ссыгъта æмæ йæ кæхцы доны хъавгæ сæвæрдта. Тагъддæр кæй мыдадз басыгьдаид, уый мой кодта уыцы аз. Æрæгмæ кæй мыдадзтæ сыгъдысты, уыдонæн та чындзы цæуыны рæстæг уыцы аз нæ уыд. Кæд æмæ искæй æнгузы къуск мыдадзимæ фæдæлдон, уæд уый уыд æвзæр нысан, ома чызг кæнæ мой не скæндзæн, кæнæ йыл æндæр исты æвзæр хабар цæудзæн.
      Чызджытæ хъысмæт нывгæнæнты бадтысты сыхгай. Æрбахастой-иу семæ ссад, цыхт, алы лыстæг дзауматæ. Кæм-иу æрæмбырд сты, уым-иу скодтой стыр уæлибæх. Алцытæ дзы-иу сæвæрдтой: нæмыг, æхца, гæрзы мур, æндахы хал æмæ а.д. Уæлибæх-иу куы сфыхт, уæд æй дихтæ кодтой, цал сты, уалыл. Кæмæ цы дзаума æрхаудаид чъирийы хуылфы, ууыл хæст уыдаид йæ фидæны мой. Кæд æм хоры нæмыг æрхауд, уæд хоры куыст кодта, чи йæ курдзæн, уый. Кæд гæрзы мур, уæд бæхимæ баст уыд йæ суинаг лæджы ми, кæд суджы схъис - уæд хъæдгæс, кæд агуыридуры мур - аразæг æмæ а.д. Фарстой ма æндæр хуызы дæр. Скодтой-иу гуыл. Бавæрдтой-иу дзы æвзист æхца. Гуыл-иу куы сфыхт. уæд æй дихтæ кодтой, цал уыдысты, уалы нымæцыл. Æхца кæй дихы уыд, уый уыцы аз мой кодта.*
      Фыссæн æхсæв фарстой мард адæймаджы уды дæр. Уый тыххæй та кодтой афтæ. Æрбахастой-иу чиныг æмæ хæсгард. Хæсгард-иу сæвæрдтой чиныджы, цæмæй йæ цæгтæ æддæмæ зындаиккой. Стæй-иу исчи йæ рон райхæлдта æмæ-иу æй æртыхта чиныгыл афтæ, хæсгард куыд нæ рахауа. Уый фæстæ дыууæйæ сæ амонæн æнгуылдзтæй сисынц чиныг хæсгарды цæгтыл хæцгæйæ æмæ æнцад æрлæууынц. Фæрсджытæй уæлдай ныхас ничи кæны. Чи хæцы цæгтыл, уыдонæй иу фæрсын райдайы чи амард, ахæм адæймаджы:
      - Бабийы уд (фæнды Пушкин), дæумæ дзурæм, фæзын нæм.
      Иу уысм алæууынц æнæдзургæ (ома уды фæзындмæ æнхъæлмæ кæсынц) æмæ дарддæр фæрсы:
      - Ам дæ, Бабийы уд?
      Кæд "уд" уым ис, уæд чиныг базмæлдзæн, азилдзæн, кæд нæй, уæд лæу-дзæн æнцад. Куы змæла, уæд дарддæр фæрсынц, кæд "уд" нæ фæзына, уæд æндæры бафæрсынц. Фарст куы фæуой, уæд "удæн" хьуамæ раарфæ кæной æмæ йын зæгъой, сæрибар кæй у.*
      Чызг смой кæндзæн æви нæ, кæдæм, лæппу хъæздыг у, æви мæгуыр, уыдæттæ бæрæг кодтой къухдарæны фæрцы. Сыгьзæрин у, æви æвзист, уæлдай нæ уыд. Иутæ кодтой афтæ. Къухдарæныл-иу бабастой æндах. Райстой-иу агуывзæ, æмбисы онг дзы дон ныккодтой, æндахыл-иу ныххæцыдысты æмæ къухдарæн агуывзæйы ауагьтой, æцæг донмæ куыд нæ ныххæццæ уа æмæ доныл куыд нæ андзæва. Иу афон райдайы хъеллау кæнын æмæ агуывзæйы фæрстæ кьуырцц кæнын. Куыддæр кьуырцц кæнын райдайа, афтæ сæ хъæуы нымайын. Куы æрлæууы, уæд цасмæ банымадта чызг, уал азы цæудзæн йæ фидæны мойыл.*
      Къухдарæнæй ма фарстой æндæр хуызы дæр. Бабастой йыл æндах. Кæмæн фарстой, уый йæ галиу къух размæ ракæны, йæ арм уæлæмæ. Къухдарæн æндахимæ йын йæ къухы сæрмæ бакæнынц æмæ йæ æртæ хатты рог уагъд арммæ æркæнынц, стæй йæ иу-æртæ æнгуылдзы бæрц йæ армæй хæрдмæ сисынц æмæ йыл æнцад хæцынц. Кæд кьухдарæн къухыл дæргъмæ цæуын райдайа, уæд чызг смой кæндзæн, кæд цæхгæрмæ, уæд йæ зæрдæ ницæмæй барухс уыдзæн.*
      - Мах рæстæджы дæр чызджытæ фарстой, - зæгъы Сланты Оля. - Фæсæмбисæхсæв-иу кæркдоны размæ бацыдысты. Æвиппайды-иу дурæй кæнæ лæдзæгæй кæркдоны фарс ныххостой. Кæд-иу раздæр карк ныхъхъуыдатт кодта, уæд чызг уыцы аз нæ цыд чындзы, кæд уасæг, - уæд чызджы бæллицц æххæст кодта.*
      Бафиппайын хъæуы уый, æмæ бирæ адæмтæм фæрсынад æмхуызон кæй уыд. Æмæ бæрæг нæу, кæрæдзийæ йæ райстой æви алкæмæндæр сæхи æхсæн сæвзæрди. Зæгъæм, ирон адæммæ ис, æрæджы чи фæзынд, ахæм фæрсынад, фæлæ бæлвырд раиртасæн нæй, кæцæй æрбафтыд, уый. Уыимæ, ирон чызджытæ фарстой æрмæст Ногбонты нæ, фæлæ фæззæджы кæрон Мады Майрæмы бадæнты, фыццаг Тутырты рæстæг дæр. Æвæццæгæн, уыцы хуызы сæхи ирхæфстой, сæ рæстæг æрвыстой.
      
      Фиппаинагтæ
      1. Уарзиаты В. Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ. М., 1995.
      2. * – ацы насанæй бæрæггонд цæуынц авторы æмбырдгонд æрмæджытæ.
      3. СОИГСИ-йы наукон архив, ф. 33, п. 21, ф. 95.
      4. СОИГСИ-йы наукон архив, ф. 19(л), п. 85.

Вопросы литературы и фольклора. Сборник научных статей. Выпуск IV. Владикавказ 2010.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru