Главная > Культура, Религия > Кусарт кæныны æгъдæуттæ ирон адæммæ [Обряд жертвоприношения у осетин]

Кусарт кæныны æгъдæуттæ ирон адæммæ [Обряд жертвоприношения у осетин]


12 декабря 2016. Разместил: 00mN1ck
Кусарт кæныны хицæн ’гъдæуттæ зæххыл бирæ адæмтæм ис, уыцы нымæцы Кавказы æндæр адæмтæм дæр. Алы адæмæн дæр сæ дунеæмбарынадмæ гæсгæ хицæн кæнынц цасдæрбæрцæй се ’гъдæутты миниуджытæ æмæ сæ архайдтæ.

Кусарт у, кусæрттагæн кæй равзарынц, ахæм цыппаркъахыг хæдзарон цæрæгой, кæцыйы фыдызгъæл бæззы хæрынæн, æниу алы адæмтæ хæрынц æндæр æмæ æндæр цæрæгойты фыдызгъæл. Уыцы нымæцы: стур, фыс, хуы, бæх æмæ æндæртæ. Хæдзарон цæрæгойтæ куыдз, гæды, къамбец, бæх æмæ хæргæфсы фыд кæд ирон адæм нæ хæрынц, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, уый тынг уæрæхæй парахатгонд у Азийы.

Ирон адæмы дунеæмбарынадмæ гæсгæ, цы хæдзарон цæрæгойты фыдызгъæл хордтой, уыдонæй кусæрттæгтæм хæудтой æрмæст дæр стурвос æмæ лыстæгкъахвос (фыс, сæгъ). Хуы æмæ хæдзарон мæргътæ нæ хауынц кусарттæгтæм. Ам хабар уый мидæг ис, æмæ кусæрттæгтæм хауынц æрмæст дæр хуыцау æмæ зæдтæн барст чи у, ахæм хæдзарон цæрæгойтæ, иннæты фыдæй сæм кувæн нæй, нæдæр сæ уыцы фынгтыл æвæрдтой. Баззад ахæм ирон загъдау, зæгъгæ «фыр æмæ куыр (уæныг) нывондæн сты барст», уый та уымæн, æмæ уыдон иннæтæм абаргæйæ дæр сыгъдæг цæрæгойтæ сты. Уыдонæй ноджы сыгъдæгдæр цæрæгойыл нымад цæуы сæгъ, фæлæ уый адæмы уырнынадмæ гæсгæ хæйрæджыты сфæлдисгæ фосыл кæй цæуы нымад, уымæ гæсгæйæ стæм хатт нывонд кодтой. Нывонд æй кодтой æрмæст бынаты (джинкъуырты, кæйдæрты, хæйрæджыты) æхсæвмæ, Уастырджыйы æхсæв æмæ æндæр бæрæгбонтæм. Иу ныхасæй, кусæрттаг цы нысан кæны æгасæй дæр, уымæ дæлдæр æркæсæм.

Дзырд кусарты этимологи Абайты Уассо хъуыдымæ гæнæн ис æмæ равзæрд ирайнаг дзырдæй Kusart | kjsart вероятно, восходит к иранскому kausadra от kaus — закалывать, убывать; ср персидский kustan ав kaos-. Специфическая семантика «закалывать согласно ритуалу» (в отличие от argævdyn «резать» вообше) могло быть результатом контаминации с евр. (из хазар.) kaser, koser «ритуально дозволенное мясо» [1, 603]. Зынгæ францаг иранист Бенвенист та зæгъы, зæгъæгæ, термин кусарт у ирайнаг дзырд [2, 7]. Ацы дыууæ стыр ахуыргондæн кæд сæ хъуыдытæ дзырды этимологийы тыххæй иухуызон не сты, уæддæр зæгъын хъæуы уый æмæ кусарт хуымæтæджы æргæвст кæй нæу, ууыл сæ дыууæ дæр разы сты. Æмæ æцæгæйдæр, ирон æвзаджы ис дыууæ æмбарынады: æргæвдын æмæ кусарт кæнын. Сыгъдæг физиологион гъдауæй ацы дыууæ æмбарынады дæр æвдисынц иу архайд æмæ сты синонимтæ, фæлæ сæм этнографион цæстынгасæй куы ркæсæм, уæд кусарт кæнын нысан кæны исты сæрмагонд боны тыххæй аргæвдын, æмæ æргæвдын та — алы боны хардзæн дзидза амал кæнын. Уымæ гæсгæ хуымæтæджы хæрынæн цы æргæвстой, уымæн нæй сæрмагонд ном, мæнæ кусæрттагæн цы ном ис уыйау [2, 7].

Бæрæгбоны, иумийагæй цины бонæн, стæй ма рынчыны номыл кæй кусарт кодтой, уый фылдæр кодтой нывонд. Нывонд та кодтой галтæ, уæнгуытæ нæл родтæ, афтæ ма фырытæ æмæ цæутæ дæр. Фырытæ -иу куы нывонд кодтой, уæд ыл хъуамæ æппындæр мацы нысан уыдаит. Стæм хатт-иу нывондæн равзæрстой хъуг дæр, фæлæ йын æргæвстой æрмæстдæр йæ нæл рæуæды.

Нывонд кæныны гъдау ирон адæммæ вæццæгæн сывзæрд тынг раджы, уымæн æмæ нывонд кæнын æмæ йæ кусарт кæныны хицæн гъдæуттæ зындгонд уыдысты скифтæм дæр. «Историйы фыд» Геродот куыд хъусын кæны, афтæмæй, скифтæ куыд сæ хуыцæутты номыл, афтæ æндæр бæрæгбонты цы нывонды кусарттæгтæ кодтой, уыдон кæрæдзийæ нæ хицæн кæнынц. Фæлæ абон куыд кусарт кæнæм мах, уымæй хицæн кæны, æмæ йæ уыдон хурх кодтой, йæ хурх ын кардæй нæ лыг кодтой. Зæгъгæ, иу йын йæ раздаг къæхтæ бабастой æмæ иу нывонд чи кодта, уый сæрбосæй фæстæрдæм рахæцыд æмæ стæй кусæрттаг зæххыл куы æрфæлдæхт, уæд ын йæ хурхыл бæндæн атыхтой æмæ йæ стæй лæдзæгæй æрыздыхтой æмæ иу уый адыл кусæрттагæн йæ бон улæфын нал уыд æмæ иу йæ уд систа. Цалынмæ йæ зæххыл æфæлдæхтой, уæдмæ иу кувæг лæг кусæрттаг-нывондаг ныххæлæар кодта, цы зæды номыл уыд, уымæн. Æмæ иу нывонд гал йæ уд куы систа, æрмæст æй уæд райдыдтаиккой стъигъын [3, 26‑27]. Джуссойты Нафийы хъуыдымæ гæсгæ, скифты дуджы хуыцауы (зæды) номыл цы кусарт кодтой, уый кусартгæнджытæ уыдысты скифаг æртæ æхсæнадæй: сæ иу кувджыты æхсæнад æмæ кард та, зæгъгæ, уыд афсæддонты æхсæнады нысан. Æмæ тых æвдисæн мигæнæнæй архайын зæды номыл æмбæлон уагыл нымад нæ цыд. Кувджыты æхсæнады сæ тыхы æвдисæн уыд — зонд æмæ монон уæлахиздзинад. Абоны бон кардæй кæй байдыдтой кусæрттаджы сæр ракæнын, уый та дзурæг у ууыл æмæ фæстæдæр зонд æмæ моныл кæй фæуæлахиз тыхы нысан. Ома кувджыты æхсæнад сындæггай бар æнæбары йæ бартæ æмæ нысаниуæг радта æфсæдтон æхсæнадæн [4].

Нæ раг фыдæлтæм нывонд кæнын æмæ кусарт кæныны гъдауы цы хицæн миниуджытæ уыд, уый фæдыл ницы бæрæггæнæнтæ ис уадиссаг, фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй скифтæ нывондагы куы кусарт кодтой, уæд иу дзуары лæг, кувæг лæг æнæмæнгæй скуывдта хуыцауы кæннод та цы зæды номыл уыд, уымæ [3, 27]

Ам дарддæр дзырд ацæудзæн Ирыстоны хæхбæсты, фылдæр та йæ хуссар хайы бынтон æрæджыдæр ма цы гъдау уыд æмæ кусарт куыд цæттæ кодтой, уый фæдыл. Кусартгæнæн бон — иу куы æрцыд, уæлдай дæр зæды номыл бæрæгбон, уæд сæумæрайсом, кæстæртæ хæдзары хистæры амындмæ гæсгæ кусæрттаджы ракæнынц æргæвдæн бынатмæ. Лыстаг къах фосæн æмæ рæуæдæн иу уыд сæрмагонд кусартгæнæн ныллæг фынг (кусартгæнæн тæрхæг). Ставд къах фосы та иу кусарт кодтой хæдзармæ æввахс нæудзармыл. Ивгъуыд рæстæджы-иу, кусарты фæдзæхстой æмæ хæлар кодтой къонайы арты цур [5, 448]. Уæдмæ хæдзарæй рахæссынц æртæ уæлибыхы тæбæгъы (æртæ дзулы), чысыл фæйнæрдæмгомау, сæ уæлæ æртæ мыдадз цырагъ, афтæ ма дурыны арахъхъ сыкъаимæ, чысыл дæр тæбæгъы цыхты кæрстытæ æмæ цæхх. Кæстæртæй сæ иу фæхæцы кусæрттаджы рахиз сыкъайыл, кæннод та йæ бæттæныл (сæрбосыл уæныгæн, галæн). В. Миллеры æрмæджытæм гæсгæ, ивгъуыд рæстæджыты (чи зоны, хицæн кæмтты æмбæлд æрмæст дæр. — И. М.) кусæрттаджы галиу сыкъайыл (фырыл) хæцыд хистæр æмæ иу афтæмæй скуывдта æмæ хæлар кодта куссæрттаджы [5, 449]. Куыд у бæлвырд афтæмæй кувæг фæлæууы цины бæрæгбоны рæстæджы кусæрттаджы рахиз фарс худаистæй, йæ ргом хурскæсæнмæ, зианы фæдыл куы вæййы, уæд та галиуварс кусæрттагæн æмæ йæ зианæн афтæмæй хæлар кодтой. Ам мæ банысан кæнын фæнды уый æмæ фыццагдæр уый æмæ ирон адæммæ цырæгътимæ кувыны фæтк кæй фæзынд æрæджы, æнхъæл дæн æмæ 19 æнусты дыккаг æмбисæй фæстæмæ. Æмæ фидар та æруыдаит 20 æнусты райдийанты. Уымæн æмæ уый ирон адæммæ æрбафтыд чырыстон дин парахатгæнджытимæ аргъуаны цырыгътæ судзынæй, уыйимæ ма кусæрттаджы æмæ фынгыл ракуывды рæстæджы. Куыд зонæм афтæмæй ирæттæ фыццаг хатт чырыстон дин куы райстой, уæд æй тагъд ферох кодтой, фæлæ йæ 19 æнусты дыккаг æмбисы дин парахатгæнджыты архайдæй ногæй куы райстой, уæдарф уидæгтæ ауагъта. Уымæ гæсгæ чи зоны Миллеры рæстæджы дæр кæм ныффыста ацы гъдау, уым зындгонд нæ ма уыд цырæгътæ судзын æмæ хистæр (кувæг) йæхæдæг уымæн-иу хæцыд кусæрттаджы сыкъатыл, фæлæ фæстæдæр цырæгътимæ куы байдыдтой кувын, уæд кувæгы къухты уыд дзаг сыкъа æмæ æртæ цырагъы. Кусæрттагы сыкъатыл та хæцыд кæстæр. Ам ма кувæг галиу сыкъайыл кæй хæцыд кусæрттагæн, уый та æвæццæгæн уыд зианы фæдыл æмæ йæ Миллер дæр афтæ ныффыста. Кæстæртæй (кæстæр сиахс) иу уырдыг æлæууы æмæ дзаг сыкъа хистæрмæ авæры, иннæ кæстæр та цырæгътæ ссудзы æмæ уыдон дæр хистæрмæ авæры. Хистæрæн йæ рахиз къухы сыкъа, галиу къухы та цырæгътæ æмæ худистæй райдайы кувын. Кæд зæды номыл у кусæрттаг, уæд йæ ныхæстæ райдайынц афтæ: Дунескæнæг Хуыцау, табу дæхицæн, æппæт ды сфæлдыстай æмæ нын нæ алы хъуыддагæндæр арфæгæнæг у! Кæстæртæ æмдзыхæй ныхъхъæр кæнынц «Оммен Хуыцау». Мах иууылдæр дæ кувæг адæм стæм æмæ дын иу бон кувгæ куы фæкæнæм, уæд нын сæдæ хатт та æххуысгæнæг фæу! Уастырджы, дæуæн дæр табу, дæхицæн, фæндаггонты фæндарастгæнæг дæ æмæ нæ фæндаггонтæ де уазæг, нæ алы къахцæфдæр у стыр фæндагы райдиан æмæ иу фæстæмæ гас фæндæгтæ куыд уарæм нæ хæдзæрттæм, ахæм арфæ нын ракæн! [6] Уый фæстæ хистæр кувæггаг авæры рахизырдæм кæстæрмæ, зæгъгæ «кувæггаг», кæд-иу дзы кæстæр сиахс уыд, уæд та иу уымæ алæвæрдтой кувæггаг. Кæстæрмæ та уымæн дæттой кувæггаг, æмæ кæстæр æнæтæригъæд у æмæ уæд Хуыцау æмæ зæдтæ зæрдиагдæр æй айсынц куывдтытæ [7]. Зианы фæдыл кувæггаг дæттой дыууæ кæстæрмæ. Кувæггаг кæмæ авæрынц, уый сыкъа райсы æмæ зæгъы «дæ куывдты фарн æмæ дæ куывд сыгъдæгæй фехъуысæд» æмæ дзы стæй чысыл аназы. Уый фæстæ сыкъа фæстæмæ уырдыг лæууæгмæ авæры æмæ æртæ кæрдзынæй уæллагæй йæм иу кæрдих хистæртæй исчи авæры, уый дæр кувæггаг. Уырдыг лæууæг та сыкъа фæстæмæ байдзаг кæны æмæ йæ хистæрмæ ратты. Хистæр ма фæзæгъы «Уæдæ нæ ноджы дæр Хуыцау æмæ Уастырджы хорзæх уæд» æмæ йæ аназы. Куыд ма цæуы нысан, афтæмæй иу, цалынмæ кувæггаг авæрдтой, уæдмæ иу зæгъгæ кувæг сыкъайы нуазинагæй артдзæсмæ бакалдта æмæ иу, зæгъгæ, цы ма-иу дзы баззад, уый дæтта кувæггагæн кæстæрмæ кæс [5, 448]. Уый фæстæ ма Хуыцау æмæ Уастырджыйы ном ссарынц дыууæ хистæры, сæ иу фæлæууы рахиз фарс, иннæ та галиу фарс. Уыдон дæр цыбыртæй ракувынц, уыдонæн дæр кæстæртæ сæ куывды фæстæ фæхъæр кæнынц «Оммен Хуыцау», фæлæ адон кувæггæгтæ нал фæдæттынц, сæхæдæг сæ аназынц. Хистæртæ дæр сæ куывды фæстæ фæйнæ кæрдихæй ацаходынц, авæрынц дзы кæстæртæм дæр.

Хъыджы боны кусæрттаг хæларгæнгæйæ ардтой Хуыцау æмæ Барастыры нæмттæ, Уæстырджы æмæ зæдтæн нæ куывдтой. Уырдыг лæууæг та æркæны дыккаг сыкъа æмæ та йæ ратты хистæрмæ. Хистæр дыккаг сыкъайæ ракувы æмæ ссары зæды ном. Ацы куывды дæр фæзæгъы: Табу дæхицæн (Атынæгы, Дауджыты…) зæд, абон дæ бон у æмæ нын æххуысгæнæг у. Де сфæлдыстæй фæстæмæ кæй куывдтæ айстай æмæ кæмæн раарфæ кодтай, уый æмбал мах дæр бакæн. Мæнæ дын цы гъдау кæнæм, уый сыгъдæгæй айс, нæ кувинæгтæ дæ номыл сты æмæ дын хæлар уæт, нæ нывондаг та дын барст уæт. Йæ сыкъа аназы æмæ йæ кæстæрмæ авæры, йæ къухы цы цырæгътæ ис, уыдон та сдары кусæрттаджы рахиз уæныл (Миллеры æмæ æндæрты æрмæджытæм гæсгæ, кувæг уыцы рæстæджы артæй судзгæ æхсидав иу райста æмæ иу æй сдардта кусæрттаджы рахиз хъусы фæстæ æмæ йæ ныхыл, дзуарсыгъдгæнгæйæ [5, 448]), кæннод та йæ рахиз уæныл [8, 197] йæ дзыхыл ма йын цæхх дæр сдары æмæ стæй йæ цырæгътæ авæры кæстæрмæ æмæ сæ уый та искуы къулыл бæрзонд ран бандадзы æмæ афтæмæй фæсудзынц, цалынмæ ахуыссой, уæдмæ. Уыцы куывд ма ракæнынц иннæ дыууæ хистæры дæр. Уæдмæ та кæстæр æртыккаг сыкъа дæр æркæны æмæ йæ авæры фæстæмæ хистæрмæ. Æртыккаг сыкъайæ та хистæр бафæдзæхсы йæ бинонты, хъæубæсты æмæ уазджыты. Йæ ныхæсты иу хай та вæййы: Мах дæ кувæг адæм стæм æмæ нын нæ хъуыддæгтæн арфæгæнæг у, нæ ацы аз æй нæ фидæн хъæздыг дæр куыд уа. Цыдæриддæр стæм, сæрыгас æмæ æнæниз куыд уæм! Нæ кæстæртæ æнæниз æмæ æнæмастæй куыд байрæзой, нæ ахуырдзау фæсивæд хорз куыд сахуыр кæной, нæ амондагурджытæ сæ амæндтæ куыд æссарой, гуыринаг чи у, уый фарны боны гуырд куыд уа, нæ фæндаггондтæ сæ хæдзæрттæм гас фæндæгтæ куыд æссарой, нæ рынчынтæ куыд æснæниз уой! Чи нæ цы хъуыддагыл лæуд у, уый фарны хъуыддаг куыд фæуа! Цæмæдæриддæр бæллæм, уый нын куыд сыххæст уа, цæмæй тæрсæм, уымæй та нæ хизгæ бакæн! Фыдлæг æмæ нæ фыддугæй бахиз! Нæ фосы æмæ нæ бæркады сæртæй дæ ном уарæм æмæ нын фылдæрæй фылдæр куыд кæной, нæ къæбицтæ та бæркадджынæй-бæркадджын дæр! [6] Ацы куывды дæр, алы хъуыдызагъды фæстæ кæстæртæ фæхъæр кæнынц «Оммен». Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы куывд адарддæр кæнынц иннæ дыууæ хистæры. Ацы æртæ куывд йедтæмæ æндæр куывдтæ нал фембæлы æмæ уæд кæстæртæ кувинæгтæ хицæн ран æрывæрынц, кæннод та сæ хæдзармæ байсынц, иннæтæ та кусарт кæнынмæ бавналынц.

Кусарт кæнын, иумийагæй æргæвдын куыд æндæр адæмтæм, афтæ ирон адæммæ дæр уыд цалдæр хуызы, уыцы нымæцы: хурхæй æргæвдын, хурх кæнын — скифтæм, дыууæ сыкъайы æхсæн кардæй ныццæвын, æмæ зæрдæ барæхойын — уыцы мадзалæй фылдæр æргæвстой хуыйы, Тибеты (Китайы) та фысы. Х. Цгъойты æрмæджытæм гæсгæ цины, бæрæгбоны номыл цы нывондаг вæййы уый туг чи суадзы, уый хуыйны кусартгæнæг æмæ зæгъгæ зианы номыл куы вæййы, уæд та хуыйны æргæвдæг [9].

Кусæрттагы æрхуыссын кæнынц йæ галиу фарсыл, кæд стыр кусæрттаг уа, уад та йын бæндæнæй бабæттынц йæ къæхтæ. Кусæрттаг куы æрфæлдахынц, уæд йын йæ сæр цæгатырдæм фæкæнынц, йæ æргæвдæн та хурыскæсæнырдæм. Сæйраг кусартгæнаг вæййы, кæд дзы ис, уæд астæуккаг кары нæлгоймаг, кæд нæй, уæд та кæстæртæй сæ арæхстджындæр. Кусартгæнæг кусæртагæн йæ сæрыл, кæннод сыкъайыл фæхæцы галиу къухæй, рахизæй та кардыл æмæ йын йæ хурх лыгкæнынмæ куы бавналы, уæд фæзæгъы, цы зæды номыл у, уый номæй, барст дын фæуæт æмæ йæ сыгъдæгæй айс. Уыцы рæстæджы кæстæртæ фæхæцынц кусæрттаджы къæхтыл, кæд стыр кусæрттаг у, уæд æрмæст йæ уæнтыл, уымæн æмæ къæхтæ вæййынц баст æмæ уыдонæй нал фæхъыгдары æргæвдæджы. Кæд чысыл кусæрттаг уа, уæд йын иу уæрагæй æрхæцы йæ уæнтыл, йæ къухтæй та раздаг къæхтыл, мидæмæ къæдзæй. Дыккаг хæцæг та фæстаг къæхтыл фæстæрдæм ахæцы, уæд йын тæлфын зындæр вæййы кусæрттагæн æмæ нал фезмæлы. Кæд ма фæтæлфы, уæд ма æртыккаг та æрхæцы кусæрттаджы синтыл æмæ бынтондæр нал фезмæлы. Кусартимæ чи фæархайы, уыдон хуыйнынц кусартгæнджытæ. Исчи сæ куы æрбаййафы кусартимæ архайгæ, уый та сын фæдзуры «нæрдгусарт ут æмæ фарны хъуыддæгты архайут алы хатт дæр», кусартгæнджытæ та йын фæзæгъынц, «бузныг æмæ зæрдæрухс у»! Кæцыдæр кæмтты уыд ахæм фæтк æмæ иу кусартгæнæг Хуыцауæй æртæ хатты хатыр ракуырдта, кусарты сæр кæнынмæ иу куы бавнæлдта уæд. Йæ ныхæстæ та иу уыдысты афтæ: Хуыцау хатыр бакæн, æгъдаумæ афтæ домы, дæ бархъомыс ахæм у, дæ ном дын дзы ардзыстæм, зæгъгæ [9]. Сæйраг кусартгæнæг кусæрттаджы сæр куы ралыг кæны, уæд æй ратты кæстæртæм, цæмæй йæ сарауой артыл æмæ йæ ныссыгъдæг кæной бæстон. Ивгъуыд рæстæджыты та иу сæр куы ралыг кодтой, уæд иу æй артыл йæ æргæвдæны æрдыгæй ацарыдтой æмæ — иу æй фæстæмæ авæрдтой кæцæй йæ ралыг кодтой уым, афтæ æртæ хатты æмæ-иу æй æрмæст уый фæстæ радтой арауынмæ кæстæртæм [10]. Ацы гъдау куы кæны кусартгæнæг, уæд архайы æнæдзургæйæ [11]. Нæ рагфыдæлтæ нывонды кусарттæгтæ судзгæ кæй кодтой артыл æмæ йæ куыдфæстагмæ сæ цæст судзын кæй нал уарзта, уымæ гæсгæ, йæ куыд фæстагмæ раивдтой æмæ иу сæр куы ракодтой, уæд иу æй артыл уымæн ацарыдтой йæ æргæвстырдыгæй æмæ, зæгъгæ, цæмæй йæ хус сымаг хуыцæуттæм цæуа [12]. Куыд зонæм, афтæмæй ацы рагон гъдау кусæрттагы арты басудзын æмæ фæстæдæр та кусæрттаджы сæр артыл сдарыны нысан уыд арт-хуры бардуагмæ табу кæныны гъдау, кæцыйæн нæ фыдæлтæ кодтой уæлдай табу æмæ уымæ гæсгæ æрæджыйы онг дæр ма йæ бæрджытæ уыдысты адæмы уырнынады.

Кусартгæнæг сæр куы фæлыг кæны, уæд æй нырма æнæхъæнæй нæ ракæны, йæ хурхы онг æй куы балыг кæны, уæд хъуамæ ныр ма йæ туг рацæуа иууылдæр, йæ æргæвдæны размæ та йын фæдарынц туггарз — кæхц кæннод та къус. Туггарз чи фæдары, уый та хуыйны туггарздарæг. Цалынмæ иу туггарз бадардтой, уæдмæ та хъуамæ кусæрттагы тугæй зæхмæ акæла, кæннод æй тæригъæд хуыдтой æмæ æппæтуромæг та зæхх хуыдтой [13]. Æндæр хъуыдымæ гæсгæ, та дам, цы зæды номыл цæуы кусартгонд, уымæн бæсты нæ цæуы. Уый фæстæ йæ акалы искуы фæсвæд зæххыл æмæ йыл сыджыт æркæны, цæмæй йæ куыйтæ æмæ гæдытæ ма басдæрой, кæннод зæд фæхъыг уыдзæн. Бæлдæрæны бæрæгбоны та кусæрттаджы туг хъуамæ зæхмæ акалдаит, уыцы тугæй дам иу зæхх йæ мондæгтæ суагъта æмæ йæ царддæттæг хъомыс уый руаджы фæтыхджындæр [7]. Тугцыд куы фæвæййы, кусартгæнæг уый фæстæ магъз фæцагайы, кусæрттаг ма иу æсхъиуд фæкæны, фæлæ йыл фидар кæй фæхæцынц кæстæртæ, уымæ гæсгæ йын феуæгъд уæвæн нæй. Магъз куы бацагайынц, уæд тагъд æрсабыр вæййы æмæ йæ уд сисы. Бирæ кусартгæнæгæн кусарттаг нæ фæмæлы æмæ уымæ гæсгæ арæх æргæвдыныл дæр нæ фæразы кæны. Тагъд кæмæн нæ мæлы, уый хонынц «хорз къух» ын ис, зæгъгæ, æмæ тагъд та кæмæн фæмæлы, уымæй та фæзæгъынц æвзæр къух йын ис. Кусæрттаг æрæгмæ куы фæмæлы, уæд йын кусартгæнæг йæ раздаг къахы æсгуыйы онг къахæй кæм хицæн кæнынц, уым чысыл фæлыг кæны æмæ уæд тагъддæр сисы йæ уд. Кæд ма уæддæр фæтæлфы, уæд та йæ къухтæ зæххыл асæрфы æртæ хатты æмæ уæд йæ уд сисы. Фæлæ хатт вæййы афтæ æмæ уыцы мадзæлттæ дæр нал феххуыс кæнынц æмæ фенхъæлмæ кæсынц йæхи гъæдæй кæд сисдзæн йæ уд, хатт вæййы æмæ сахатмæ дæр йæ къæхтæ фæтилы. Æмæ кусæрттаг куы æзмæла, афтæмæй йæм къæрт кæнынмæ куы бавнвлынц, уæд уый тæригъæддзинадыл цæуы нымад æмæ йæм уый тыххæй не вналынц къæрткæнынмæ æмæ йæ къæхтæ лыгкæнынмæ.

Уыцы рæстæджы хистæртæ фæрсырдыгæй фæкæсынц æнæдзургæйæ, сæ цæст фæдарынц кæстæрты æзмæлдмæ, æмæ кæд арæхстджын вæййынц, уæд сын арфæтæ фæкæнынц, кæд нæ фæзонынц, уæд та сын амонгæ бакæнынц.

Цалынмæ стигъынмæ бавналынц, уæдмæ иу ивгъуыд рæстæджы кусæрттагæн йæ сæр куы ракодтой, уæд-иу йын йæ хурхы сæртæ слыг кодтой æмæ йæ æппæрстой артмæ, цæмæй зæгъгæ йæ хус сымаг кæла, æмæ кæй номыл у, уымæн барст фæуа [2, 92].

Кусæрттагæн йæ æргæвдæны бын æвæрдтой — суджы къуыдыр, цæмæй æргæвдæн зæххыл ма счъизи уыдаит.

Дарддæр кусартгæнæг фыццаг ралыг кæны къæхтæ æмæ уыдон дæр ратты сæр аразæгмæ æмæ сæ куы ныссыгъдæг кæны, уæд сæ сфыцы хицæн агы, фæлæ сæ ныры дуджы фылдæр сæримæ сфыцынц æмæ ивгъуыд рæстæджы уый æнæуагдзинадыл цыд нымад. Сæраразæг кæстæр йæ бакæнгæ хæс æххæст кæнын байдайы фыццаг арты цур. Йæ дзыхы йын акæны ставд лæдзæг æмæ йæ афтæмæй артмæ фæдары. Йæ хъуынтæ куы адзидзалæг вæййынц, ома куы ацарауынц, уæд æй райсы, къуыдырыл æй сывæры æмæ йæ зæронд кардæй ныххафы. Зæронд æвзæргонд кард та уымæн, æмæ хорз ног кард тæвды кæны хæлгæ. Йæ æфсæйнаг фæлмæн кæны. Сæры куы ныххафы кардæй, уæд та йæ ногæй артмæ бадары æмæ та йæ фæстæмæ ныххафы, афтæ цалдæр хатт, цалынмæ йæ хъуын кæронмæ басудза æмæ царм æмлæгъзæй разына, уæдмæ. Уый фæстæ кæд суадон хæстæг вæййы, уæд æй уырдæм бахæссы кæннод та къæртайы (бедрайы) дон рахæссы æмæ сæрыл дон кæнгæйæ кардæй фæхафы, цалынмæ сурс уа, уæдмæ. Сæры царм араугæ — арауын æмæ хафгæ-хафын куы ныллыгтæ æмæ ныскъуыдта уа, уæд уый худинаг у, зæдæн нæмбæлон хъуыддаг, стæй ма фынгы сæрыл сывæрынæн фидаугæ дæр нал фæкæны. Уымæ гæсгæ, сæр аразæг фæхъавы, цæмæй йæ æмбæлон уагыл æсцæттæ кæна. Æхсад æмæ сыгъдæггонд куы фæвæййы, уæд та йæ фæхъæуы дыууæ дих кæнын уæллаг хайæ æфсæры (дзоныгъы). Стыр кусæрттаджы сæр зындæр фадæн у, чысыл та æнцондæр. Уымæ гæсгæ йæ кардæй хъуамæ арæхстгай балыгтæ кæнай дзыхы бакомкоммæ, хъусты дæллаг фæрстыл. Стæй уæд дзоныгъы фæстаг хай хъустæм кæм ссауы, уым кардæй хъуамæ лыггонд æрцæуа, афтæ ма дзыхы комы мидæг дæр фæхъæуы балыгтæ кæнын æмæ уæд æнцонтæй дæр афæды. Кæй зæгъын æй хъæуы, стырдæр кусарты сæр зындæр фадæн у æмæ дзы фæхъæуы тых. Уымæ гæсгæ йæ фылдæр хатт дыууæйæ афадынц. Хатт сæр фадын куы нæ фæкомы, уæд æй фæрæтæй фæлыг кæнынц ныры дуджы æмæ уый та ивгъыд рæстæджыты æнарæхст æмæ æгуыдзæгдзинадыл нымад уыд. Уый фæстæ сæры бауæларт кæнынц æмæ куы сфыцы, уæд фынгы сæрыл æвæргæ у æрмæст уæллаг хай, æфсæр фынгыл æвæргæ нæу. Фынгыл цы хай вæййы æвæрд, уымæн йæ ныхыл кардæй дзуарлыг акæнынц цины бæрæгбоны, зианы гъдауæн та йæ æрмæст иуырдæм алыг кæнынц, уырдыгмæ.

Уый фæстæ цыргъ кардæй (къуымых кардæй архайын дæр æгуыдзæгдзинадыл цыд нымад) царм стигъынмæ бавналы кусартгæнæг, цалдæрæй та æсгуытыл фæхæцынц, цæмæй кусартгæнæгæн æнцондæр уа. Стурвос стигъынц æргæвдæныл, кæннод та зæххыл æмæ лыстæг къахвос та фылдæр ауыгъдæй цæджындзыл, бæласы цонгыл. къулыл. Царм стъыгъдтой дыууæ хуызы: фыццаг дзæкъулстъыгъд, хонынц ма йæ къупристыгъд, мæхæлстъыгъд, лалымстъыгъд, дыккаг та гуырæй стъигъын [2, 7]. Стыгъд кодтой лыстæг фос, цæмæй дзидза мæ схъуын уыдаит. Кæннод та сæ царм лалымæн кæннод дзæкъулæн куы хъуыд, уæд. Лалым стъыгъд у афтæ: кусæрттагæн фæлыг кæнынц йæ къæхты цæрмттæ, гуырыл царм нæ лыг кодтой. Афтæмæй йæ стъыгътой арæхстджын кусартгæнджытæ. Царм фыдæй куы фæхицæн вæййы, уæд-иу йын йæ хуылфы ныннадтой хос кæнæ хъæмп афтæмæй йæ хус кодтой. Цæмæй йæ хуылф ма хус кодтаид æмæ ма ныскъуыдтæ уыдаит, уый тыххæй иу æй сæрстой сæрмагонд сæрдæнтæй [14, 85]. Лалымæй пайда кодтой доннуæзт æмæ æндæр ахæмтæ хæссынæн дард фæндагыл.

Цины кусæрттагæн фыццаг æвналынц къæрткæнынмæ йæ рахиз фарсæй, ома æсгуы æмæ æгъдмæ, зианы фæдыл куы вæййы, уæд та йæ галиу фарсмæ [8, 198]. Æргæвдæнæй риуыгуыдырыл рауадзынц кард арæхстгай тæнтыл, йæ æттæмæ кæсæнмæ, цæмæй тъæнгтæ æмæ хуылфыдзаума ма бахъыгдард уой. Æсгуыты æмæ æгъдты мидæггаг фæрстыл дæр кард æруадзынц æмæ фыццаг æсгуытæй байдайынц стигъын. Æсгуытæ цармæй куы рахицæн кæнынц уæд кусартгæнæг сгуты хæцъæф æмæ стæджы хсæн кардæй фæлыг кæны, ома дзы хъуынкъ ацаразы, цæмæй кусæрттагыл чи хæцы, уымæн хæцын æнцондæр уа. Уыцы рæстæджы ма кусартгæнджытæй кæстæр дон æрбахæссы, цæмæй кусартганджытæ сæ къухтæ рыхсой æмæ кусæрттаг ма чъизи кæна. Чъизи къухæй куы февналынц кусæрттагмæ, уый худинаг у æмæ нымад цæуы æнæуагдзинадыл. Æсгуытæ стыгъд куы фæвæййынц, уæдæй чысыл иуырдæмгомау акъул кæнынц, æмæ уал ын йæ иу фарс бастигъынц, стæй та иннæ фарс. Галты, уæнгуыты кардæй стыгъдтой, фæлæ род æмæ фысты та къухæй. Ам дæр хъуыд арæхстдзинад æмæ тых, къухæй стигъынмæ чи нæ арæхст, ахæм кусартгæнæг æгуыдзæгыл цыд нымад. Стæй ма стъигъгæ стъигъын сырдон фыд ма хъуамæ баззайа цармыл, уый дæр кусартгæнæгы арæхстдзинадыл дзурæг вæййы. Кусæрттаг стыгъд куы фæвæййы, уæд ма фæстагмæ баззайы къæдзил, фырæн та фæхсын. Къæдзил дæр цасдæр бæрцæй растигъынц, мидæгæрдыгæй цармыл кард рауадзынц, стæй цармыл æттæрдæм рахæцынц æмæ 10‑15 см куы растъыгъсы, уæд æй алыг кæнынц, кæронмæ йæ не стъигъынц. Фыры фæхсыныл дæр иу ран кард рауадзынц цармыл, æмæ йæ стæй къухы хистæр æнгуылдзы ныхæй арæхстгай астигъынц. Фæхсын стъигъынмæ дæр арæхстдзинад хъæуы, алчи нæ ферæхсы уый стигъынмæ, кардæй та йæм æрмæст бавналынц йæ кæрон цы стæг вæййы, уымæ æмæ æттæмæ кæсæны алыварс балыгкæнгæйæ. Стигъгæ-стигъын царм ма хъуамæ алыгтæ уа, ма дæр ыл сырдон фыдæй баззайа, кæннод кусæртгæнæгыл худгæ фæкæнынц, зæгъгæ, нæ рæхсы кусарт кæнынмæ.

Кусарты куы бастигъынц, уæд йæ стыгъд гуырыл ныр ма нуæрттæ змæлын байдайынц æмæ ис ахæм уырнæн: зæгъгæ, æхсæв фынæйæ чи схъиуы æмæ хæйрæджытæй чи тæрсы, уый йыл хъуамæ дæндагæй фæхæца, фелхъива æмæ, зæгъгæ, уæд хæйрæджытæй нал фæтæрсы, нал дæр схъиугæ фæкæны [6].

Кусæрттаг стыгъд куы фæвæййы æгасæй дæр, уæд æм бавналынц къæрткæнынмæ. Стигъын куыд байдайынц, афтæ арæхстгай æргæвдæнæй суанг риуы гуыдыр æмæ тæнтыл, йæ æттæмæ кæсæнмæ кард рауадзынц, уæлдай арæхстгайдæр тæнтыл, уымæн æмæ тъæнгтæ æмæ уæцъæф куы бахъыгдард уой, уæд кусæрттаг зæрдæмæдзæугæ нал вæййы. Стæй та уæд риуы гуыдыры кæрон цы æргъиугонд ис, «риуыгънæг [8, 198]» «сиахсы хай» дæр ма йæ фæхонынц (чъепс) [15, 92], риуыгънæг [8, 198] æмæ уый рæбыныл кардæй слыг кæнынц æмæ йæ искуы цæджындзыл, къулыл ныццæвынц, фылдæр хатт та къæсæры сæрмæ, цæмæй бандæдза, æмæ кæд фæстæмæ нæ фесхъиуы, нæ рахауы, уæд фæзæгъынц нæ сиахс хъаруджын у. Фæлæ фылдæр хатт уый фæнысан кæны кæд цинагы æмæ æндæр бæрæгбоны кусарт у, уæд ма дзы зæгъгæ уыдзæн цинаджы кусæрттæгтæ, фæлæ куы рахауы, уæд та зæгъгæ рæхджы нал. Иумийагæй сисгæйæ, нард кусæрттагæн уыцы хай вæййы фиуджын дæр æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынгдæр фендæдзы æмæ хаугæ дæр нæ ракæны, æнарæхст æхст æй ма фæкæн, уый йедтæмæ. Ис ма ахæм хъуыды: цыма уый фæнысан кæны сиахсы æнувыддзинад хæдзарыл [7].

Стыр кусæрттагæн риуы гуыдыр фæрæтæй балыг кæнынц, чысыл дæр кусæрттагæн та кардæй. Уыцы стæг лыгкæнгæйæ рабæрæг вæййы, кард хъæбæр æмæ комджын у, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, комджын кард дарын кадыл нымад цыд, æмæ алчидæр архайдта комджын кард самал кæныныл.

Риуы гуыдыр куы балыг кæнынц, уæд фыццаг сисынц фарсылæвзаг æмæ фиутæ. Фиутæ сты дыууæ хуызы, уæцъæфы алыварс фиутæ (фæрстыл фиутæ) æмæ тъæнгты фиутæ. Тъæнгты фиутæ уадиссаг нымад нæ цæуынц, фæлæ фæрсты фиутæ хæрзгъæдыл цæуынц нымад. Цас фиутæ фылдæр вæййынц, уый бæрц кусарт кадджындæрыл цæуы нымад. Фарсыл æвзаг куыддæр сисынц, афтæ йыл цæх байзæрынц æмæ йæ фиуты стухынц, æмæ йæ зынджытыл баппарынц [16]. Уый фæстæ саразынц ласæггаг, æргæвдæнмæ æввахс йæ æттаг цъар кардæй астъигъынц иу 10 см бæрц, стæй йæ уæд куырм æлхынцъ бакæнынц, æлхынцъ кæй астыгъдтой уырдæм куыд æрхауа, афтæ æмæ стæй кæй астыгътой, уыцы фыдгондыл фæстæмæ рахæцынц, цæмæй æлхынцъ бамбæрза æмæ ласæггаг æлвасгæ-æлвасын ма феуæгъд уа. Уый саразын дæр арæхстдзинад домы, уымæн æмæ куы феуæгъд уа, уæд тъæнгты чъизи кусæрттаджы хуылф фесафдзæн. Ласæггаг ралвасынц раздаг хуылфыдзаумайы æхсæнты. Æнæуи ласæггаг æлвасыны дæр тых æмæ арæхстдзинад хъæуы, уымæн æмæ уый æндæгъд вæййы хурхы уадындзы фæрстыл. Ласæггаг комкоммæ цæуы ахсæнмæ æмæ уымæ гæсгæ иумийагæй фæстаг хуылфыдзаумæттимæ иумæ у сæ сисгæ фæстаг цæуæнты æхсæнты. Цæмæй сæ æдæрсгæйæ раппарай, уый тыххæй æттæмæ кæсæны алыварс кардæй фæцагайынц, дыууæ син дæр кæрæдзийыл фæхæцынц мæкъуыстæгтæй. Уыдон дæр хъæуы кардæй фæцагайын. Арæхстджын кусартгæнæг зоны, кæм хъæуы стæг лыг кæнын æмæ йæ æнцонтæй балыг кæны, æнарæхст кусартгæнæг та йæ не ссары, йе та йæм тых нæ вæййы æмæ йыл фæхудынц. Дыууæ мæкъуыстæгы хсæн балыг гæнгæйæ, тæссаг вæййы мисындзæг æмæ æттæмæ кæсæны тъанг алыг кæнын, ам дæр архайын фæхъæуы арæхстгай. Адон æлвасгæ-æлвасын хæст вæййынц рагъыстæг æмæ фæрсджытыл, уымæ гæсгæ сæ фæхъæуы кардæй бацагайын, æндæгъд кæмæй вæййынц, уыцы фыдты. Фæстаг хуылфыдзаума куы сисынц, уæд фæхицæн кæнынц ахсæн, ныссыгъдæг æй кæнынц æмæ йæ ныхсынц æмæ йæ уый фæстæ хæдзары æфсинты æвджид бакæнынц.

Уырдыгæй фæстæмæ хъæуы сисын раздаг хуылфыдзаума, хурхы сæртыл ныххæцгæйæ сыл иумæ рахæцынц фæстæрдæм. Раздаг æмæ фæстаг хуылфыдзаумайы æхсæн цы тæнæг цъар ис, уый æндæгъд вæййы фæрсджытыл æмæ уый дæр фæхъæуы кардæй фæлыг кæнын, уый фæстæ сæ æнцонтæй сисынц, искуы сæ цæджындзыл ацауындзынц, йе та сыл кæстæртæй исчи фæхæцы. Лыг æрцæуынц зæрдæйы хъустæ, зæрдæйæн дæр йæхи дыууæ кæннод фылдæр дихтæ акæнынц, цæмæй йæ туг ралæдæрса. Дарддæр сустæ дæр цалдæргай лыгтæ фæкæнынц, уыдонæй дæр туг ралæдæрсы. Игæры уæлæ æндæгъд вæййы маст æмæ уый дæр арæхстгай фæхицæн кæнынц, цæмæй хуылфыдзаумайыл ма ныккæла. Стуры æмæ фысы маст адæмон медицинæйы ахъаззаг хосыл цæуы нымад. Уæлдайдæр ахсæн кæмæн фæриссы, уый йæ куы баназа, кæннод куы бахæра йе кæрдзын, йе та игæрыл зæрстæй. Иу кусæрттаджы маст у фаг цыппар хаттæн æмæ дзы дыууæ æртæ маст куы бафæлвæрай, уæд ахсæны рыст фесæфы [6]. Ацы хос автор йæхиуыл дæр бафæлвæрдта æмæ уыд иттæг ахъазгæнæг. Хуылфыдзаумайыл ма кæд вæййы уæлдай рæзынджытæ дæр, уæд уыдон дæр лыггонд æрцæуынц. Басгарынц ма лæмбынæг сустæ, игæр æмæ уыргтæ æмæ сыл кæд исты æнæзæрдæмæ дзæугæ нысæнттæ вæййы, уæд æнæзæрдæмæдзæугæ вæййынц, æмæ сæ дарддæр нал сцæттæ кæнынц. Фæлæ хæхбæсты фос стæм хатт вæййынц рынчын, уазалдзыд ма уа, уый йедтæмæ. Фæрсджыты фæстаг хайы цур рагъыстæгыл сты сучъитæ, уыдон дæр хицæнтæй слыг кæнынц, тынг хæрзад физонæг сæ рауайы. Хуылфыдзаума æппæт дæр куы сисынц æмæ кæд хуылфы тугамæхст вæййы, уæд æй расæрфынц къухæй, йе та сыгъхдæг хæцъилæй, донæй æхсын нæй гæнæн, уымæн æмæ уæд фыдызгъæл йæ хуыз æмæ йæ ад сафгæ кæны. Ацы архайдты фæстæ кусæрттаг фыццаг уæнгтæ цæуы фондз хайыл, хицæнæй сисынц рагъыстæг кæрæй-кæронмæ. Арæхстджын кусартгæнæг æй рахицæн кæны кардæй, æнæарæхст та — фæрæтæй. Хицæнтæй ралыг кæнынц онгыл фæстаг цæуæнтæ, кæннод та æгъдтæ. Раздаг цæуæнтимæ иумæ исынц фæрсджыты дæр. Рагъыстæгæй фыццаг лыг цæуы бирæгъы хай (мæкъуыр стæг), уый ирон адæм нæ хæрынц. Адæмон уырнынадмæ гæсгæ, уый чи бахæры, уымæ Тутыр фыдæх кæны æмæ йын йæ фосыл та бирæгъты бафтауы. Дыккаг хай у æвцæг (нагъы хай), æртыккаг та бæрзæй. Бæрзæй куы фæисынц, уæд ранымайын фæхъæуы авд уырынгы рагъы стджытæй. Адон лыг кæнгæйæ арæхстджын кусартгæнæг æвналы кардæй, æнæарæхст та фæрæтæй. Ныры дуджы бирæтæ бæрзæй æмæ æфцæг хицæн уæнгтыл хъæуы исын, уый зонгæ дæр нал кæнынц æмæ сæ арæх иумæ сисынц бæрзæйы æфсон, стæй бæрзæй цал уырынгæй у конд, уый зонгæ дæр нал кæнынц. Уырдыгæй дæлæмæ хуыйны рагъыстæг, стæй та чъылдым стæг лыг цæуынц æртыгай уырынгтæ æмæ афтæмæй арæзт цæуы хицæн хæйттæ. Кæройнаг у дымæг (къæдзил), чысыл æнæзивæгдæр лæппуты буцгæнæн хай. Фысæн та фæхсын лыг цæуы хицæнæй. Ивгъуыд рæстæджыты фæхсын фыхæй фынгыл бадджыта тæнæг карстæй зæрдийагæй хордтой, фæлæ ма йæ ныр стæмтæ уарзынц, фылдæр æй кæнынц æппаргæ. Æмæ уый та раст нæу, уымæн æмæ уый цины фынгыл кадджындæр хæйттыл цæуы нымад. Раздаг цæуæнтæ дæр хицæнгонд фæцæуынц фæрсджытæй, стæй уæд фыццаджы онгыл лыг цæуынц онтæ (уæнтæ) æмæ æсгуытæ. Онмæ кард хъуамæ ма баххæсса, æрмæстдæр базыгы хъулыл кæм иу кæнынц, уымæй дарддæр. Уымæн æмæ оныл кард куы андзæва, уæд фынгыл рывæргæйæ дзы оны кæсджытæ куы кæсой, уæд раст нал æвдисдзысты æрцæуинаг хъуыддæгтæ. Кæсгæ фæкæнынц рахиз оны, фæлæ галиу онимæ хъуамæ уой æмхуызон, сæ нысæнттæ кæннод раст нæ февдисынц [17]. Фæрсджытæ цины гъдауы дих цæуынц æртыгай, зианы фæдыл та дыгæйттыл. Зæды номыл кусарт куы вæййы, уæд раззаг рахизфарс æртæ фæрсчы вæййынц сæйраг физонæгыл конд уæхстыл разырдыгай. Раздаг цæуæнтæ фæрсджытимæ хуыйнынц — æвдысæрмттæ [8, 200].

Раздаг фæрсджытæ кæм иу кæнынц, уыцы хай та хуыйны «каразимаг» уырыссагау «грудинка». Ис ма йын хицæн кæмтты æндæр нæмттæ дæр: «риуыгуыдыр», «риуыгæрдæн», «мæргъыстæг» [2, 7]. Фæстаг цæуæнтæ дæр дих сты ахæм уæнгтыл: мæкъуыстæг, синыстæг æмæ æсгуы.

Ацы хæйттæ онггай дих куы æрцæуынц, уæдмæ фарсыæвзаг дæр сфыцы, кæстæртæ авæрынц чысыл фынг, æмæ, зæды ном ссаргæйæ, иу куывд ракæнынц, стæй уæд фарсыæвзаг лыстæг ныккæрдихтæ кæнынц æмæ дзы дзулимæ ацаходынц. Фарсыл æвзаг нымад цæуы кусартгæнджыты хайыл æмæ дзы æрмæст дæр уыдон ацаходынц.

Скифтæ та иу кусæрттаг куы акодтой, уæд иу йын йæ иу хай фыдызгъæлæй æмæ раздаг хуылфыдзаумайæ зæдæн ныххлæар кодтой æмæ иу сæ, зæгъгæ, æнæфыхæй ныууагътой зæххыл [3, 27]. Ацы скифаг гъдау кусæрттаджы кæрдихтæ зæхмæ æппарын, мæнмæ гæсгæ, абон дæр æххæст цæуы кусæрттаджы бирæгъы хай æмæ зæрдæйы хъустæ кæй аппарынц зæхмæ, аф тæ ма иу хурхы сæртæ та армæ кæй æппæрстой, уый та амоны ома сæ хæлар кæнынц сæ зæдæн, уымæ гæсгæ сæ хæргæ дæр нæ кæнынц.

Иумийагæй, кусæрттаджы хæйттæ сты сæры хæйттæ: тæрных, сæрыкъуыдыр, æфсæрыкъæдз-дзуака, дыууæ хъусы, дыууæ цæсты, æвзаг æмæ магъз. Нагъы æмæ астæустæджы хæйттæ: бирæгъы (мæкъуыры) хай, æфцæг (нагъ), бæрзæй, рагъыстæг, чъылдымстæг, къæдзил, дымæг- фæхсын фысæн, кæдзилы алгъ.

Æвдæсармы хæйттæ: æвдысæрмттæ — фæрсджытæ, базгуытæ, уæнтæ (онтæ). Каразимаг (риуыгуыдыр), риуыгънæг æмæ фæлымтæ. Фæрсджытæй фæстаг кæройнаг фæрск та хуыйны сидзæр фæрск. Фæстаг цæуæнтæ (æгъдтæ): сины хæйттæ, мæкъуысджытæ æмæ æсгуытæ.

Раззаг хуылфыдзаумæттæ: хъахъæлæг (хъахълато), ласæггаг, хурхыуадындзтæ, зæрдæ, зæрдæйы хъустæ, игæр, сустæ (рæуджытæ), масты дзæкъул, саунæгъ-хæлур. Фæстаг хуылфыдзаумæттæ: уæцъæф, зынæхсæн, ахсæн, лыстæг тъæнгтæ, æрмæчъытæ, фарсылæвзаг, уыргтæ, лыстæг тъæнгтæ, мизг, мæхстæттæ (куыртæн), гуыбыны — тъæнгты фиуыцъар, мисындзæг, суй, фарсыл фиутæ [8, 200].

Афтæ ма раззаг æмæ фæстаг къæхтæ.

Цины фæдыл куы вæййы кусæрттаг, уæд кусæрттаджы хицæн уæнгтæ фæрæтæй лыг кæнын нæ æмбæлы, уымæ гæсгæ уæлдайдæр фæрсджытæ фæхицæн кæнынц æртыгæйттыл, кæннод та иугæйттыл, фæлæ сæ сæ астæуыл лыг кæнын нæ æмбæлы. Уымæн æмæ фарн, амонддæттæгæн алцыдæр нымад у, саст та æнамонды нысан у [9].

Хæхбæсты ирон адæм та иу кусæрттаг конд куы фæвæййынц, уæд цуайнаг бауæларт кæнынц, æмæ дзы фыдызгъæл ныккалынц, æмæ стæй цуайнаг донæй байдзаг кæнынц дзидзаты куыд æмбæрза, афтæ чысыл уæлдæр, цæмæй куы снæрсой, уæд донæй уæлдæр ма уой. Цæх сыл фæкæнынц иутæ, дон куы рафыцы æрмæст уæд, аннæтæ та цалынмæ дон нæ рафыхт, уæдмæ. Цуайнагмæ йæ хъус чи дары, уый хуыйны — аггæс, артмæ та чи кæсы, ома æндзары, уый та — артгæнæг. Историон ратæдзæнтæй бæрæг куыд цæуы афтæмæй нæрагфыдæлтæ — скифтæ иу кусæрттаг куы акодтой, уæд-иу фыдызгъæлæй æсджытæ рахицæн кодтой æмæ иу æй стыр цуайнаджы бауæларт кодтой, хъæд сæм хæрз цъус кæй уыд, уымæ гæсгæ иу кусæрттаджы æстджытæй арт скодтой æмæ фыдызгъæл афтæмæй фыхтой. Цуайнаг иу сæм куы нæ уыд, уæд та иу фыдызгъæл фыхтой кусæрттагы ахсæны мидæг, чысыл иу йыл дон дæр ныккодтой. Стæй иу йыл зæгъгæ бынæй арт бандзæрстой, фыдызгъæлæй рахицæнгæнгæ æсчытыл. Ома иу гал (кусæрттаг) йæхæдæг йæхи фыхта [3, 27]. Кусæрттаг уа, æргæвдинаг, цалынмæ сфыца, цины хъуыдтаджы дзы цалынмæ Стыр Хуыцауы, йе сконд зæдты æмæ дауджыты ном ссарой, зианы дзы мардæн цалынмæ ныххæлар кæной, уæдмæ дзы хæрын нæ фæтчы, хъуамæ дзы мачи æмæ мацы фæхъæстæ уа [9]. Æрмæсстдæр ын йæ фарсылæвзагæй цы саходынц кусартгæнджытæ (æргæвдджытæ), уымæй дарддæр.

Зæды номимæ баст куы вæййы бæрæгбон, уæд æнæмæнгæй фæкæнынц зæды номыл уæхстыл физонæг дæр. Ацы физонæгыл вæййы конд: фыццаг рахиз сусы карст, уымæн æмæ уый тагъддæр фыцы, дарддæр та куыд зындæр фыцæн вæййынц афтæ, игæр, уырг, зæрдæ æмæ раздаг рахиз æртæ фæрсчы уонг. Цæх сыл байзæрдынц æмæ сæ стæй хуылфыдзаумайы фиуты стухынц. Афтæмæй иуæй физонæг судзгæ нæ кæны, аннæмæй та хæрзаддæр вæййы фиуы тыхтæй. Ацы физонæг хицæн кæмтты кæнынц æндæр æмæ æндæр хуызæн. Иутæ йæ кæнынц æрмæст хуылфыдзаумайæ æмæ йæ хонынц «æхсырфæмбал» «æхсæмбал». Тырсыгомы та кувæндонмæ уæхстыл физонæг кæнынц рахиз раздаг æртæ, кæнæ фондз, фæрсджытæй, стæй ма игæры æмæ зæрдæйы хæйттимæ [18, 249‑259]. Мамысонгомы æмæ æндæр кæмтты та æхсырфæмбал физонджытæ арæзтой æрмæст зæрдæйы, игæры æмæ сусы (рæуæгы) хæйттæй. Уыйимæ ма иу физонæгыл конд уыд æртыгай, фæндзгай, æвдгай æмæ фарастгай хæйттæ [8, 224]. Ацы физонæг ныры дуджы иутæ фыццаг дæр цуайнаджы нывæрынц уæхстимæ æмæ æрдæг фых куы вæййы, æрмæстæй уæд бадарынц арты цæхæрмæ. Æртæ фæрскы та фыцынц хицæн уæхстыл. Фæлæ ацы гъдау, мæнмæ гæсгæ раст нæу уымæн æмæ уый кувæндонмæ фæхæссынц, йе та фынгы сæрмæ æмæ уым æвæргæ уæлибыхты сæрыл æрмæст иу физонæг вæййы фондз хайæ арæзт, растдæр та уыдзæн авд хайæ, æртæ онгыл нымад цæуынц фæрсджытæ æмæ цыппар хайыл та хуылфыдзаумайæ конд хæйттæ æмæ сты кæнгæ иу уæхстыл. Уæхстытæ дæр вæййынц дыууæ хуызы: æфсæйнагæй арæзт æмæ уисæй конд. Æфсæйнагæй конд уæхстытæ дæр уыдысты цалдæр хуызæн, хуымæтæджы уæхст, саджил уæхст, æмæ хæдзилгæ уæхст. Хæдзилгæ уæхстæн уыдис дыууæ, кæнæ цыппар цыргъ къабазы. Къухы дарынæн æд дзидза уæззау кæй уыдис, уымæ гæсгæ йын æрæзтой æртæ къахы, цæхæрмæ иу æй бавæрдтой æмæ йæ зылдтой йæ хи мидæг, хæдзилгæ уæхст дæр уымæн хуыйны [2, 7]. Уисæй конд уæхст зæды номыл кадджындæр уыд бæрз æмæ кæрзбæлæсты æвзонг къалиутæй, физонæджы зынджы сæрыл рывæргæйæ куыннæ таса ахæм стæвдæн. Ацы дыууæ бæлас цы уæлдай сты кадджындæр физонæджы уæхсттæн, уый тыххæй ис ахæм фольклорон æрмæг. Нарты Сослан Балсæджы цалхы куы расур-басур кодта, цæмæй йæ амара, уæд цалх батылдис хъæдмæ. Сослан бæлæсты мыггæгтæм хатыд, цæмæй Балсæджы цалхы бауромой æмæ йæ баййафа, фæлæ йын ничи сразы бæрзбæлас, æхсæр æмæ хуымæллæг йедтæмæ. Уæд иннæты Сослан ралгъыста æмæ сыл йе лгъыст æрцыд, бæрз, кæрз æмæ хуымæллæгæн та арфæ ракодта æмæ сыл æрцыд йæ арфæтæ. Бæрз дæр æй кæд уромгæ нæ бакодта, уæддæр йæ разы балæууыд, фæлæ йын ницы йæ бон бацис, уымæ гæсгæ бæрзæн раарфæ кодта «Бæлæсты хуыздæр фæу, бæрз, дæ уис дын физонæджы уæхстæн куыд агурой адæм» [19, 162‑163]. Æндæр легендæмæ гæсгæ Балсæджы цалхы баурæдта кæрзбæлас æмæ йын Сосланы арфæтæ уыдысты, цæмæй йын адæм йæ къалиутæ агурой уæхстытæн [20, 127]. Афтæ ма æхсæр къутæры къалиуæй конд уæхст дæр барст уыд зæдтæн. Бæласы калиуæй арæзт уæхст хъуæмæ уыдаит æнæмæнгæй дæр æртæтигъон [8, 224].

Стæй ма стыр нысаниуæг уыд, физонæг цы сугтыл æрцæуа арæзт, уымæн дæр. Баззад ахæм дзырд, зæгъгæ, бæрз æмæ æхсæрыл арæзт физонджыты тæф Хуыцаумæ куы скæлы, уæд барст вæййынц [21]. Æнæуи дæр бæрзбæлас Ирыстоны цы бæлæстæ ис, уыдонæй хуыздæр зынг дæтты, кæцыйыл физонæг судзгæ нæ кæны, фæлæ дзидзалæг кæны сындæггай, уыцы нымæцы æхсæр æмæ фугæйы зынджытыл дæр. Иннæ бæлæсты зынг та, зæгъæм, тæрс, тæгæр, тулдз, фатхъæд æмæ æндæртæ, æгæр æндавынц, æмæ сыл кæны судзгæ. Нæзы, хæрис, гæды, фæрв æ.а.д. чи сты, уыдон та зынг нæ дæттынц. Уымæ гæсгæ бæрз æмæ æндæр ахæм бæлæсты зынгæн ис стыр кад [22].

Ис ма «фарс физонæг» дæр, хонынц ма йæ Уастырджыйы физонæг. Аразгæ дæр æй кодтой Уастырджыйы номыл. Уый иу куы сцæттæ, уæд æй лæвæрдтой фынджы хистæрмæ. Уый иу скуывдта æмæ физонæгæй иу карст арты хай аппæрста цæхæрмæ, иннæты-иу байуæрста куыд хистæрæй [2]. Кусæрттаг-иу бæстонгонд куы æрцыд, фыдызгъæл та уæларт, уæд та царм бабæстон кодтой. Кæд-иу кусæрттаг кувæндоны æрцыд æргæвст, уæд йын йæ царм ауыгътой бæласы цонгыл. Хъæуы мидæг куы цыд æргæвст, уæд та иу йыл цæхх байзæрстой æмæ иу æй афтæмæй хус кодтой уæлхæдзæртты. Уый фыццаг уымæн бæстон кодтой æмæ уæд цармæй кодтой къахы дзаума, уæлæдарæс æ.а.д. Ирон адæмы рагфыдæлтæ ивгъуыд рæстæджыты галы цармыл хордтой ард, сæйраг дæр та иу кувæндоны цур цы кусæрттаг кодтой уымæй. Галдзармыл та уымæн хордтой ард, æмæ гал нымад цыд Хуыцауы кувинагыл. Æгæрыстæмæй, кодтой сомы дæр, раст ныхасы равдисыны тыххæй «зæгъгæ ма дын кæд галдзармыл бахæрон ард, æндæр дын мæ бон ницыуал у». Уымæй дарддæр ма баззад ахæм загъдаутæ галдзармы фæдыл. «нæ хъонагъдзинад баст у галдзармыл», «дæ галдзармыл дын ныллæууыд мийаг», стæй ма иу дзырдтой, зæгъгæ, «галдзармæй æрчъитæ хуыйын æвгъау у, зæгъгæ» [23, 24‑25]. уыцы дзырды нысан уыд, зæгъгæ, галдзарм сомы кæнæн у æмæ дзы ды та къахы дарæс куыд хуыйыс. Галдзармы уæлæ ардхæрыны гъдау ма уыд суанг скифты дуджы дæр, уый тыххæй нын хъусын кæны зынгæ рагон историк Лукиан. «Если кто‑нибудь, будучи оскорбленным, собирается отомстить обидчику, но видит, что у него не хватает сил, то он приносит в жертву быка, и нарезав мясо, варит его; затем, расстелив шкуру на земле, садится на нее, заложив обе руки за спину, как если бы они были связаны в локтях. Этим выражается самая сильная мольба. Когда мясо быка разложено, родственники и любой из посторонних подходят и берет каждый по куску. При этом они ставят правую ногу на шкуру и обещают доставить кто сколько в силах: кто пять, кто десять всадников на своем хлебе и жаловании, другой же большее число, иной тяжеловооруженных или пехотинцев сколько может, самый бедный — только самого себя. Собирается иногда с помощью шкуры большое число воинов. Такое войско, чрезвычайно стойко и непобедимо. Ибо они связаны клятвой: поставить ногу на шкуру значит поклясться» [23, 25].

Хуыцау æмæ хицæн зæдты номыл цы кусарттæ кæнынц, уыдоны хсæн ис чысыл хæдхуыз гъдæуттæ. Зæгъæм, Ирыстоны цæгат хайы Санибайы хъæу æмæ Цымытийы хъæуы æхсæн ис Къаурийы дзуар. Ис æм боны бар лæвæрд, æмæ йæ номыл цы кусарттæ фæкæнынц, уыдонæн сæ сæртæ цармæй нæ рахицæн кæнынц, афтæмæй сæ æркæнынц кувæндоны фарсмæ цы æвгъилтæ ис, уыдоныл. Сывæллон куы фæрынчын вæййы, уæд ын уыцы æвгъилæй фæйнæ амайæны ракæнынц æмæ сæ чиныг саразынц, уый, зæгъгæ, йæ æнæниздзинадæн у ахъаз [7].

Æмткæй сисгæйæ, кусарт кувæндоны бын куы фæкæнынц, уæд уым дæр уыд цасдæр бæрцæй хицæндзинæдтæ. Кувæндоны бын кусарт кæныны гъдау бæрæгбоны рæстæджы алы комы зындгонд нæ уыд. Фылдæр кувæндоны кусарт кодтой амынд кæмæн уыд, æрмæст уымæн. Зæгъæм, рынчыны тыххæй æмæ сывæллоны райгуырды тыххæй, уæлдай арæхдæр кодтой кусарт кувæндоны раз, стæй ма иу æндæр амындты фæдыл дæр. Хицæн хъæуты бæрæгбоны фысым чи уыдаит, уый æнæмæнг дæр йæ кусарт кодтаит бæрæгбоны номыл кувæндоны. Кувæндонмæ цы кусæрттаг кодтой, уый æнæмæнгдæр уыдаит нывонд кæй скодтой, ахæм хæдзарон фос. Кусæрттагæн иу йæ хъуырыл конд уыд мырмырæг (чысыл дзæнгæрæг), кæннод та йæ сыкъатыл урс, бур, сырх зæлдаг бæдтæн. Иуæй иу хъæуты иу кусæрттаджы æрзилын кодтой кувæндоны алыварс æртæ хатты, кæм та иу æй кувæндоны размæ бакодтой æрмæст æмæ иу æй хистр куы ныххæлар кодта, уæд, куыд хæдзары, афтæ ам дæр æххæст кодтой æппæт гъдæуттæ. Фылдæр хатт та кусæрттаг кувæндонмæ нæ кодтой, фæлæ иу æй уымæ æввахс ныххæлар кодтаид кувæг лæг æмæ иу йæм стæй уый фæстæ бавнæлдта кусарт кæнынмæ. Кувæндоны бын кусарткæнынæн уыд сæрмагонд дæргъæццон къæйдуртæ, зæххы æмвæзадæй цасдæрбæрц бæрзонддæр. Кусæрттаг иу куы фæцис кусарт конд, уæд иу æй цуайнаджы бауæларт кодтой иууылдæр, æнæ фыхæй ныууадзын не æмбæлд фыдызгъæлæй, уæд æй зæд дæр нæ иста. Зæды номыл сæйраг физонæг иу куы сцæттæ, уæд фæцæуынц кувæндонмæ æртæ кæрдзын, сæ уæлæ физонæг, бæгæны, арахъхъ æмæ æртæ цырагъимæ. Уым иу сæхи куы бафæдзæхстой, уæд фæстæмæ раздæхтысты æмæ иу кувæндонæй чысыл фалдæр æрбадтысты сæ бæрæгбоны фынгыл.

Кусарт кæныны гъдæутты фæдыл бирæ цымыдис æмæ иртасинаг фарстатæ ис, фæлæ ацы уацы рард нæ уыд, цæмæй сыл бæстон æрдзырдтаин. Стæй ма фадат нæ уыд алцæй фæдыл лыстæггай æрдзурын, уымæн æмæ уацы алцæй фæдыл не æрдзурдзынæ. Мæн фæндыд æрмæст равдисын сæ сæйрагдæр миниуджыты, кæцытæ азæй азмæ цæуынц рохгонд, æмæ дзы бирæтæ та бынтондæр басусæг æсты.

Куыд кæсæм, афтæмæй кусарт кæныны гъдæуттæ ирон адæммæ æнæхъæн зонад уыдысты æмæ уыдон та цы нæлгоймаг нæ зыдта æмæ арæхст, уый та æхсæнады æгуыдзæгыл цыд нымад. Уымæ гæсгæ-иу сывæллонæй фæстæмæ лæппуты ахуыр æмæ цайдагъ кодтой кусарт кæныныл. Цы хицæн гъдæуттæ иу цыд æххæст, уыдон та баст уыдысты, уæлдæр ма куыд загътон, афтæмæй сæ дунеæмбарынад æмæ уырнынадимæ. Уыцы гъдæуттæ махмæ æрхæццæ сты рæстæджы фæлм цы дугтыл ныббатт, уырдыгæй æмæ сæ мах, ирон адæм куы нæ зонæм æмæ ахуыр кæнæм, уæд нæм цы сомбон æнхъæлмæ кæсы, уый зынзæгъæн у. Уæлдайдæр сыл кæстæр фæлтæры куы нæ цайдагъ кæнæм æмæ сæ куы нæ æххæст кæной, уæд фæстæдæр æрмæст сырдау кусарттаг æргæвдзысты. Адæм та сырдтæй, иумийагæй, цæрæгойтæй, уымæй хицæн кæнынц æмæ сын ис культура, æнæ кæцыйæ æхсæнадæн уæвынад кæнын нæй æмæ культура та цы адаммæ нæ уа, уыдон та царды асинтыл нæ акъахцæф кæндзысты размæ.



Литература:

     1. Абаев В. И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. М.‑Л., 1958. Т. I.
     2. Уанеты В. Кусарты иуæй-иу терминтæ ирон æвзаджы // Фидиуæг. 1970. № 7.
     3. Геродот. Мельпомена. Книга четвертая. Владикавказ, 1991.
     4. Джуссойты Н. Осетинское застолье и скифо-нартовское общество // EURASIA SCYTHICA. 2006. № 1.
     5. Миллер В. Осетинские этюды. Владикавказ, 1992.
     6. Мæргъиты И. 2000 азы быдырон æрмæджытæ.
     7. Тменаты Дз. Уырнæннтæ æмæ мæнг уырнæнтæ //Мах дуг. 2008. № 6.
     8. Айларты И. Ирон фарн. Дзæуджыхъæу, 2012.
     9. Цгъойты Х. Ирон царды гъдæуттæ. Кусæрттаг æргæвдæг // Рæстдзинад. 01.08.2015. № 137 (23931).
     10. Пчелина Е. Уазæгисын гъдау Ирыстоны //Фидиуæг. 1998. № 2.
     11. Тменаты Дз. Уырнæннтæ æмæ мæнг уырнæнтæ //Мах дуг. 2008. № 2.
     12. Джыккайты Ш. Фынг æртæкъахыг // Мах дуг. 2004. № 10.
     13. Гаглойты З. Фосдарды куыст Къуыдаргомы //Фидиуæг. 2007. № 5.
     14. Дзабиты З. Т. Уацтæ ирон æвзаджы тыххæй. Цхинвал, 2010.
     15. Хъайттаты С. Ирон хабæрттæ. Дзæуджыхъæу, 1992.
     16. Канукова З. В. Традиционная осетинская пища. Владикавказ, 2005.
     17. Пæррæстаты И. Гадание на бараньей лопатке. 2012 азы планон куыст.
     18. Бациты А. Б. Кокайты Т. А. Фыдыуæзæг. Дзæуджыхъæу 2008.
     19. Нарты кадджытæ. Дзæуджыхъæу.1995.
     20. Чибиров Л. А. Традиционная духовная культура осетин. Владикавказ 2008.
     21. Тменаты Дз. Уырнæннтæ æмæ мæнг уырнæнтæ //Мах дуг. №7. 2010.
     22. Канукова З. В. Экологическая культура осетин: традиции и инновации // Устойчивое развитие горных территорий. 2009. № 1. С. 97‑102.
     23. Алборов Ф. Об одном фразеологизме в осетинском // Кавказ. 1992.



Об авторе:
Маргиев Ирбег Туганович — научный сотрудник отдела истории и этнологии Юго-Осетинского научно-исследовательского института им. З. Н. Ванеева




Источник:
Маргъиты И. Т. Кусарт кæныны æгъдæуттæ ирон адæммæ [Обряд жертвоприношения у осетин] // Известия СОИГСИ. 2015. Вып. 18 (57). С.49-60.

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru