поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
8. ХÆТÆГ БАРÆГ
Автор: 00mN1ck / 4 ноября 2007 / Категория: Хицан кадджытæ
Сæлхæйы хъæуы, Сæлхæйы рæсугъд сфæнд кодта моймæ фæцæуын. Хъæуы царди Хæтæг Барæг æмæ уымæ 'хсайдта йæ зæрдæ. Хæтæг Барæг ницæмæй ауæрста йæхиуыл, цæмæй йæ бауарза Сæлхæйы рæсугъд.
Нæртон адæм-иу æвæдза фос фæкодтой, стæры уæвгæйæ, уæд-иу Хæтæг Барæг сæ размæ ацыд, бафæсвæд-иу кодта йæхи, цалынмæ-иу Нарт æд фосы конд сæ хæдзæрттæ ссардтой, уалынмæ. Уæд-иу Хæтæг Барæг Нарты стæрон фæндæгтыл цæуын чи шл фæрæзта, се 'счъилтæй-иу сæ ног фаджыс кæмæн калд, зæрдæ-иу бакæсын кæмæ нæ куымдта, уыцы фос скъуымбил кодта йæ разæй, Сæлхæйы мæсыджы рæзты сæ-иу æрбаокъæрдта, мæлæты лæгау. Ракастаид-иу уæд Сæлхæйы рæсугъд æмæ-иу бахудт йæ мидбылты. Цæуылнæ ныббузныг уыдаид Хæтæг Барæг дæр уыцы сахат йæхицæй!
Сæлхæйы хъæуы ма царди къулбадæг усы фырт. Нæртон адæм æнæ уый нæ цыдысты стæры. Уый дæр бауарзта чызджы, фæлæ йæм Сæлхæйы рæсугъд фæстæмæ дæр нæ касти.
Уæд иуахæмы къулбадæджы фырт сарæзта фæндыр, Сазлхæйы мæсыгæн æрбадти йæ быны, æмæ цæгъдынтæ байдыдта фæндырæй, кадджытæ дзы кодта. Фæндыры хъазт хъуысти уæларвмæ, — цавд дуртау æм-иу фесты хъусджытæ, фæлæ нæм нæ кæсы Сæлхæйы рæсугьд.
Фæндыр мæсыгыл ныццавта къулбадæг усы фырт, мæсыджы рæбын та 'рбады æмæ йæ зæрдæйы сагъæстæ, йæ уарзондзинады арты кой кæны йæ фæндыры цагъды. Зæрдæйы уидаэгтæ 'нкъуысынц фæндыры цагъдмæ, арв æм атар вæййы, фæлæ йæм нæ хъусы, нæ, Сæлхæйы рæсугъд. Мæсыджы къулыл та ныппырх кодта лæппу йæ хъи-сын фæндыр.
Цæй бæрц рацыдаид, чи зоны, фæлæ та æртыккаг хатт скодта фæндыр къулбадæг усы фырт, бирæ хуыздæр раззаг фæндыртæй. Йæ бæрæгон бынаты та æрбады мæсыджы фарсмæ, цæгьдын та байдайы йæ фæндырæй. Пиллон арт уадзы фæндыры цагъд: дзыллæ йæм æмбырдтæ кæнынц, сæ маст, сæ зындзинæдтæ сæ рох кæнынц, сæ зæрдæйы сын æфтауы сахъдзинад, аивдзинад æмæ хæлардзинад.
Нал æм фæлæууыд Сæлхæйы рæсугъд: минæвар скæны лæппумæ, фæлæ уый зулмæ дæр нæ каст минæвармæ. Уæд æм уæладзыгæй æруагъта йæхи Сæлхæйы рæсугъд, мæсыджы сæрмæ йæ схоны, йæхæдæг кæм царди, уыцы уатмæ: ныхас сын бацайдагъ вæййы дыууæ адæймагæн.
— Хæтæг Барæг дæу аккаг нæу, — дзурын байдайы къулбадæг усы фырт, — цы хъарутæ йæм æнхъæл дæ, уыдонæй йæм иу дæр нæй; стæй дæуæн йæхи цы хуызы 'вдисы, уый дæр йе 'цæг хуыз нæу. Нартæн, стæры уæвгæйæ, фæндагыл цы 'нæсæрæнтæ аззайы, уыцы мæгуырау фосы муртæ 'рбаскъæры йæ разæй, а мæсыджы рæзты сæ 'рбатæры, 'мæ ды афтæ банхъæлыс, æмæ Хæтæг Барæг феслуыхти. Уый та, мæгуыр, мах кæуыл нæ фервæссæм, уыдонæй охъал кæны йæхи дæ разы.
— Æмаз уæдæ ныр цы хуыздæр бачындæуа мæ раны? — загъта Сæлхæйы рæсугъд.
— Иу рæстæджы та Нарт уыдзысты стæры; Хæтæг Барæг кæндзæн йæ кæнон; нæ размæ та ацæудзæн, æмæ нæ фосæй фæстейы чи аззайа, уыдон та дæ рæзты, мæлæты лæгау, æрбаскъæрдзæн, фæлæ йæм ды мауал ракæс. Куы дæ фæрса, цæуылнæ йæм ракастæ, зæгъгæ, уæд ын-иу бацæгъд йæ хъусы: «Къулбадæг усы фырт дæ иттæг, иттæг рафаудта, зæгъгæ. Кæд лæг дæ, уæд æй балцы фæхон, ныууæй йæ кæн искуы æмæ мын й' аргъæй иу хæлайфаг балхæн». Стæй куы раст кæнæм балцы, уæд нæм-иу мæсыджы сæрæй ракæс; кæмæ нæ цы хъару уа, уый дын хурæй бæрæгдæр суыдзæн.
Лæппуйы дзырд æрцыди.
Хæтæг Барæг иуахæмы Нарты фосы коддæй фæндагыл чи баззад, уыдон йæ разæй æрбатымбыл кодта, Сæлхæйы рæсугъды рæзты сæ, мæлæты лæгау, æрбаскъæры Бæргæ ма скæсы мæсыгмæ... Фæлæ Сæлхæйы рæсугъд нал ракаст, нал, Хæтæг Барæгмæ æмæ йæм нал бахудт йæ мидбылты.
— Цы кодтай, дæ зæрдæ мыл цæмæн ивыс?
— Æртæ боны æмæ мын æртæ 'хсæвы къулбадæг усы фырт фæкодта дæ фыдкой, фауынæй дыл нæ бацауæрста; уый адыл мын нал дæ, нал, уый бæрц 'адджын. Мæ зæрдæ мын нал ссардтай, цальшмæ мын уый аргъæй нæ балхæнай иу хæлайфаг.
Барæвдзытæ кодта Хæтæг Барæг балцмæ йæхи; тыхтæ мæ 'хсæрттæй лæппуйæн бæх æмæ хæцæнгæрзтæ ссардта. Къулбадæг усы кæрты 'рхызти:
— Дæ бон хорз, лæппу! — дзуры Хæтæг Барæг.
— Æгас цу, — загъта лæппу, — мидæмæ нæм — фысым дын уыдзыстæм.
— Цом мæнимæ балцы, иучысыл ахæтæм.
— Мæ мады 'вастæй æз къæсæры дуарæй дæр нæ хизын. Хæдзармæ цом æмæ дзы ракурæм.
Бацыдысты хæдзармæ. Хæтæг Барæг æгъдау радта къулбадæг усæн æмæ дзуры:
— Хæтынмæ цæуын æмæ мын дæ фырты кæстæрæн рауадз.
— Æна дæ сæрыл хаст фæуæд, æмæ цы бакæндзæн мæ саби демæ? Стæй рæвдз дæр куы ницæмæй у: нæ йæм бæх, нæ хæцæнгæрзтæ.
— Уыдон ын цæттæ сты, — загъта Хæтæг Брæг.— Бæх ын дуармæ, адон та йын хæцæнгæрзтæ.
— Лæппу, уазæг тых хæссæг у, — загъта зæронд ус, — барæвдзытæ кæн балцы дæхи.
Лæппу гæрзтæ райста Хæтæг Барæгæй, рацыд хæдзарæй; æркаст бæхтæм, бæхты ифтæнгтæм, æмæ зæрдæмæ бацæуинаг куы нæ разындысты, уæд æрмур кодта хæцæнгæрзтæ, бæхтæн æрхоста се 'рæгътæ æмæ сæ дуары æдде фæкодта.
Уый фæдыл къулбадæг усы 'фырт бахуыдта Хæтæг Барæджы бæхдонмæ. Хæрз æфснайд бæхдоны дыууадæс æфсургъы, кæрæдзийæ ивддзаг фæуыдаиккой; алкæмæн дзы къулыл йæ сæрмæ хæрз ифтонгæй саргъ æд дзаумæттæ, стæй хæцæнгæрзтæ, барæджы хардз; хæцæнгæрзтæ тæмæнтæ калдтой фыр сыгъдæгæй.
Хорзау нал фæци Хæтæг Барæг, къулбадæг усы фырты рæвдзытæ куы федта, уæд; фæсмон æм æрцыд, йæхи стæры цæуæг кæй скодта, уый тыххæй, фæлæ ма йын цы амал уыди.
— Равзар дæхицæн бæх уыцы ифтонгæй, — загъта лæппу, нæ балц дард балц куы фæуа, миййаг, æмæ нæ фыдæнхъæл куы фæкæной дæ бæхтæ.
Нæ сæм хæссы йæ ныфс Хæтæг Барæг. Лæппу арæвдз кодта дыууæ 'фсургъы, хæцæнгæрзтæ радта Хæтæг Барæгæн; сбадын æй кодта 'фсургъыл æмæ мæсыджы рæзты фæраст кæнынц.
Раджы ма уыди — Сæлхæйы рæсугъд нæ хъал казны. Уæд къулбадæг усы фырт ахæм цæлхъхъытæ ныккодта йæ бæхæн, æмæ мæсыг йæ бынæй йæ сæрмæ банкъуысти; хæрдмæ фæхауди Сæлхæйы рæ сугъд йæ хуыссæнуаты æмæ фестади тæрсгæ-ризгæйæ.
— Арв мын æрцавта мæ мæсыг, — загъта чызг, — фæлæ рудзынгæй куы ракаст, уæд бамбæрста, цæй аххосагæй ныррызти йæ мæеыг.
Фæндагыл фæцæуынц дыууæ барæджы æмæ уыди хурæй бæрæгдæр, каэмæ сæ цы хъару уыди, уый.
Цæуынтæ байдыдтой барджытæ. Æхсæв æмæ бон фæцыдысты, афтæ дзуры Хæтæг Барæг:
— Фæцыбыр кæнæм нæ фæндаг, — фос фæкæнæм ардыгæй, чысыл дзы куы нæ ис.
— Хæтæг Барæг, цы быдыры цæуаэм, уыдон мæ зæххытæ сты, цы фос дзы федтай, уыдон мæхи фос сты, — галрæгьауæй, хуыскъаг стурæй, бæхрæгъауæй, фысвосæй. Ау, æмæ мын тæрын яъæуы мæхи фос?
Цæуын та байдыдтой. Бирæ та фæцыдысты, чысыл,— чи зоны, æмæ та дзуры Хæтæг Барæг:
— Фос фæкæнæм ардыгæй.
— Адон мæ цагъар адæмы фос сты, — загъта къулбадæг усы фырт, — æмæ та сæ цыды кой кæнынц.
Бахæццæ сты иу ранмæ, авд фæндаджы кæм баиу вæййынц, уырдæм. Æрхызтысты барджытæ.
Къулбадæг усы фырт ракодта иу бæлас; авд тигъон цæджындз дзы самадта, авд фæндаджы кæм сиу вæййынц, уыцы ран æй æрсагъта; авд æвзагыл ын йæ авд фарсыл ныффыста, йæхæдæг дзуры Хæтæг Барæгмæ:
— Ацы ран лæуу æмæ дæ цæст дар цæуджытæм: уыдон мын сæ хъалон уадздзысты ацы ран; ахæм дзы куы разына, цы йыл æмбæлы, уый чи нæ ныууадза, уаэд уыимæ дæр фидаудзыстæм. Æз цæуын Донбеттырты æртæ 'фсымæрмæ; уыдон мын нæ знагыл лæууынц, нæ лымæныл. Фæстаг хатт ма сæм хатын, цæмæй мын сбæрæг кæной сæ ззэрдæйы хатт. Уый назй, уæд нал у мæ аххос: æз сын ды хъæуа, уый бакæндзынæн. Кæс-иу, æмæ кæд денджыз урс фынк хæсса бæрæг афон, афтæ-иу барджитæ бæтгæ, хъалонæй дæм цы 'рæмбырд уа, уыдонæй; дæхи-иу барæвдз кæн: намæ 'вæдза денджызы сæр сырх адардта, афтæ-иу дæхи æфснайыны кой бакæн; уый уыдзæн мæ мæлæты нысан.
Лæпгту доны йе 'фоургъ фæцарæзта æмæ 'фсургъ кæсагау алыг кодта дензджыз цæхгæрмæ. Данбеттырты æфсымæртæм бацыд æмæ сæм дзуры:
— Уыцы цыд уæм фæкодтон æмæ мын ницы дзуапп дæттут: нæ мын лымæнæй лæуут, нæ знагæй. Ацы хатт ма уын дзурын, — бæрæг дзуапп мын раттут: знагыл уæ нымайон æви лымæныл?! Уый зонут æмæ н' алфамблай адæмæй ахаэм нал баззад— мæнæн хъалондар чи нæ у, кæнæ цагъайраг кæй .не 'скодтон мæхицаэн.
— Уæле дæ фистæджытæ, дæле дæ бæхджынтæ: — загътой йын Донбеттыртæ. — Дæ хуызæттæ ныл бирæ сфæнд кодтой, бирæ февзæрстой махимæ сæ хъару. Дæ лымæн дæр нæ ницæмæн хъæуы, де 'знагдзинад дæр дьгн æрдумæ дæр нæ дарæм.
— Аххос сымахырдыгæй фæуæд уæдæ!
— Дæ фæндаг дзæбæхæй дар, гъе уый дын нæ дзуапп, — загьтой æфсымæртæ.
Донбеттырты рæгъауыл рахъæр кодта къулбадæг усы фырт; доны сæ фæцарæзта æмæ фатау денджызæн йе 'ннæ фарс фесты.
Хæтæг Барæгæн фæдзæхст куыд уыди, афтæ барджитæ акодта хъалонæй авд фæндаджы астæу, бæхуæргътæ сæ абаста. Уалынмæ йæм къулбадæг усы фырт дæр æрбахæццæ, Донбеттырты бæхрæгъау йæ разæй, афтæмæй.
— Дæ фыццаг скæн ацы рæгъау дæр æмæ дæ фæндаг размæ дар,— загъта лæгшу,— æрмæст-иу æз цы архайон, уьгмæ дæр-иу ракæс фæстæмæ: хæрз иунæгæй мæ ма ныууадз. Ныртæккæ мыл стыхджын уыдзысты фæдис, бирæ не 'сты, фæлæ цы сты, уыдонимæ хæцын хъæудзæн: лидзын сæрмæ бахæссинаг нæу. Кæд н' амонд уа, уæд сарæхсдзыстæм.
Дзырд дард ацæуы, фæлæ дын уалынмæ бæстæ ныссырхи.
Фæкастысты фæстæмæ, æмæ дын иу барæг сырх бæхыл æрбацæуы.
— Гъæ куыдзы цагъар! Кæй рæгъау фæтæрыс? — æмæ суагъта йæ фат.
Лæппу саргъæй фехста уæд йæхи, æмæ фат сагæхты астæу афардæг. Фæстæмæ бахста сырх барæджы æмæ барæг рафæлдæхти бæхæй. Систа йын йæ хотыхтæ, сырх бæхы баскъæры рæгъаумæ.
— Цырд лæуу, Хæтæг Барæг, — дæ цыды кой кæн, фæлæ мæм дар дæ цæсты зул дæр.
Уалынмæ та дын батарис рухс дуне; уый Донбеттырты дыккаг æфсымæр æрбацæуы сау бæхыл: уымæй батар рухс дуне.
— Гъæ, куыдзæй цы цагъар равзæрди, нæ фæтæрдзынæ и нæ рæгъау, — нæ дын батайдзæн, нæ, ме 'фсымæры мард! — æмæ та суагъта уый дæр йæ фат.
Къулбадæг усы фырт та саргъæй йæхи систа æмæ та фат сагæхты астæу ацыди. Фæстæмæ та суагъта фат: оау барæг ратылди йæ сау бæхæй. Систа хотыхтæ, бæхы бауагъта рæгъаумæ.
— Размæ, размæ, Хæтæг Барæг, фæлæ-иу фæстæмæ дæр дæ цæст рахæсс.
Уалынмæ бæстæ ныррухс, Уый Донбеттырты æртыккаг æфсымæр æрбацæуы йæ урс бæхыл, æмæ уымæн ныррухс дуне.
— Мæнæй нал фæцæудзынæ, куыдзы цагъайраг, ме 'фсымæрты туг дын нал батайдзæн. — Уый адыл систа йæ фат æмæ йын фæдзæхсы:
— Куы дæ суадзон, уæд та уыцы фыдгæнæг саргъæй фехсдзæн йæхи, фæлæ ды фатты фыддæр фест, дæхи иуцъусдуг куы нæ бауыромай, æмæ æвæдза саргъыл фенгом, афтæ йын йæ бичъы бын иннæрдæм куы нæ ахизай.
Æмæ урс барæг, Донбеттыры фырт, суагъта йæ фат. Къулбадæг усы фырт дæр саргъæй бæргæ фехсы йæхи, фæлæ бафæстиат фат, цалынмæ.лæппу саргъыл фенгом, уалынмæ, стæй, уæ балгънтæг знаджы амæттаг фæуæд!.. Фат бичъы бын иннæрдæм акаст.
Къулбадæг усы фырт фат йæ фæсонтæй фелвæста, æрдыныл æй æрбавæрдта æмæ йæ суагъта фæстæмæ: ныггуыпп ласта зæххыл урс-барæг, Донбеттырты 'нхъæлцау.
— Цы фæдæ, Хæтæг Барæг, фæдисоны хотыхтæ рахæсс тагъд, намæ бæстæ худинаг кæнæм, исчи нæ миййаг афтæмæй куы 'рбаййафа, уæд, —мазнæн хорз нал сты, нал, ме 'ууæлтæ.
Фæцарæхст Хæтæг Барæг: фæдисоны хотыхтæ систа, урс бæхы рæгъаумæ баскъæрдта.
Бæхæй æрхызт къулбадæг усы фырт, басылыхъхъæй æрбабаста йæ цæф æмæ губаккыл æрбадт.
— Хæтæг Барæг, мæнæн мæ бон нал бауыдзæн бæхыл бадын, фæлæ куыд лæг дæ, афтæ тæргæ нæ фосы конд, фехъусын кæн мæ хабар.
Бæхты рæгъау, барджиты баст хъалон уæргътæгондæй, сæ хъæуыл сæмбæлын кодта Хæтæг Барæг. Рæгъауæн йæ фылдæр æмбис, хъалоны уæргътæ, лæппуйы бæх хъæугæроны баздæхта сæ хæдзармæ.
Хæтæг Барæг радзырдта Сæлхæйы рæсугъдæн хъуыддаг, сæрæй бынмæ куыддæриддæр æрцыди, афтæ.
Сæлхæйы рæсугъд рабæлццон кæны йæхи, мæлæг адæймаджы ма удæгасæй ныййафы губаччы сæрыл.
— Мæнæн нал ис бирæ цæрæнбон, Сæлхæйы рæсугъд, фæлæ дын фæдзæхсын: мæ цагъартæн сæ бар сæхиуыл куыд цæуа амæй фæстæмæ, бархъомые еæм куыд иичиуал дар.а. Цы фос уадзын мæ фæстæ, уыдон æртæ хайы бакæн: аккаг кæньш сæ иу хай ме 'схæссæг мадæн, аннæ мæгуыртæн, æртыккаг хай лæвар кæнын Хæтæг Барæгæн, нæ иумæйаг балцы раст цæсгом кæй равдыста, уый тыххæй.
Ныхас конд фæци, афтæ йæ Сæлхæйы рæсугъд систа йæ хъæбысмæ, æмæ уый адыл къулбадæг усы фырт систа йæ уд.
Стыр зиан ис Сæлхæйы хъæуы. Абон Сæлхæйы хъæубæстæ къулбадæг усæн йæ иунæджы æвæрынц йе 'нусан еыджытыл.
Сæлхæйы рæсугъд æрбасидти ингæнкъахджытæм æмæ сын дзуры:
— Ингæн-иу уазрæх скъахут.
Марды рахастой уæлмæрдмæ. Сæлхæйы рæсугъд дæр рацыди марды фæстæ болат хæсгардимæ. Æвæдза марды ингæны бавæрой, афтæ Сæлхæйы рæсугъд болат хæсгардæй фæрæхуыста йæ зæрдæ æмæ уыцы ран систа уый дæр йæ уд.
Сæлхæйы дзыллæ иу ингæны бавæрдтой дыууæ марды дæр.
Афæдзы бонмæ ингæныл æрзади кæрдо бæлас æмæ фæткъуы бæбас, кæрæдзийыл уæрдæхау стыхстысты æмæ сæ къалиутæй ингæн дæрдтыл æрæмбæрзтой.

Радзырдтой йæ Баскаты Дебола, Дзугкойты Гаппо æмæ Тæбæхсæуты Дударыхъо, Æрыдон. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко.
«Ирон адæмы таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ», æртыккаг хай, Дзæуджыхъæу, 1928, ф. 17—23.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru