поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
10. ХЪАНСАУБИ ÆМÆ ХЪАМБОДТИ
Автор: 00mN1ck / 6 ноября 2007 / Категория: Хицан кадджытæ
(вариант)

Хъансауби æмæ Хъамбодти — дыууæ æфсымæры, цардысты Цегæны хъæуы кæрон (æссон хъæу).
Иухатт сæм Сохтатæй (Кæсæгæй) чидæртæ бацыди фæндагæй æмæ куырдтой кæрдзын, фæлæ дыууæ æфсымæры кæсгон æвзаг нæ зыдтой æмæ кæсгæттимæ кæрæдзи нæ бамбæрсюй. Кæсæг раздæхтысты фæстæмæ... Уый фæстæ дыууæ æфсымæрмæ уыцы хъуыддаг хардзау æркасти, кæсгæтты курындзинад æрæджиау бамбæрстой æмæ кæрæдзийæн уайдзæфтæ кодтой:
— Худинаг нын у кæсгон æвзаг нæ зонын...
Хъамбодти уыди кæстæр, Хъансауби та хистæр. Хъансауби Хъамбодтийæн загъта:
— Цу æмæ уал ды сахуыр кæн кæсгонагау дзурьш, стæй та æз сахуыр кæндзынæн.
Хъамбодти бафарста:
— Æмæ кæмæ бацæудзынæн Кæсæджы?
— Хадохъцыхъоты авд æфсымæрмæ, — загъта Хъансауби.
Хъамбодти ацыди Кæсæгмæ. Царди Хадохъцыхъотæм... Иухатт Усгенæй æрæрвыстой Хадохъцыхъотæм: «Рацæут, хорз уæ фенæм», зæгъгæ.
Хадохъцыхъоты авд æфсымæры, оæ хиетæр хо Госæгъаимæ æрцыдысты... Куывд фæци 7-аг бон. Хъазт стынг. Хъазты мидæг Госæгъайы ничи амбылдта кафынмæ. Уæд Хъамбодти (уый дæр семæ æрцыд) рагæпп ласта æмæ æнæхъæн бон фæкафыд... Хойы æфсымæртæ Хъамбодтийæн загътой:
— Æгъгъæд каф, ныр цæуын хъæуы. Æмæ рацыдысты. Фæндагыл æфсымæртæ сæ хойы сæ хъæбысты радыгай хастой. Уæд Хъамбодти дзуры:
— Мæнмæ дæр ма йæ авæрут уæ хойы... — æмæ йæм сæ хойы радтой хæссьш'мæ. Хъамбодти йæ бæхы ауагъта цæлхвæдыл, æнæ фæиуварс кæнгæйæ. Уæд æм хистæр дзуры:
— Цæлхвæдæй иуварс кæн, дæ бæх фæкæлдзæн... Хъамбодти бæхыл схъазыд, фесхуыета йæ æмæ æд чызг Цегены
бамидæг сæхимæ, йæ мады цур. Мад загъта:
— Ныр ма æгæр æвзонг у; иу-цыппар азы уал æй бауадзын хъæуы æнæ 'внæлдæй.
Уыцы заманы хистæр æфсымæр Хъансауби уыди кæмдæр... Иу афоны Хъамбодти фæрынчын... Бонæй-бон фыддæргæнгæ цыди. Мад загъта:
— Рынчын адзалы ныса'н у, æмæ ацы чызг цы фæуыдзæн?
Уæд Хъамбодти не 'фсымæрмæ арвыста. Æмæ æрбацыд Хъансауби... Фæцин кодтой. Хъамбодти куы марди, уæд йæ хистæрæн загъта:
— Хадохъцыхъотæй дын æвзист лæдзæг æрхастон, нæма бæззы, фæлæ йæ афæдзы фæстæ райсдзынæ...
Æмæ амарди...
Азы фæстæ Хъансауби «лæдзæг» уынынмæ æрцыди... Уатмæ бакасти, слæууыди. Хъансауби чызджы куы ауыдта, уæд ныккуыдта:
— Цæй бæрц мæ уарзта Хъамбодти, мæнæ мын цы усаг æрхаста...
йæхицæн æй ус скодта.
Госæгъайы хо—Госæнагъуæ къуырийы фæстæ сси Елухтаг Темурухъы ус. (Елухт — кæсгон хъæу).
Госæгъайы бафæндыд йæ хо Госæнагъуæйы цур æрцæрын æмæ Хъансаубийы алидзын кодта уырдæм — Елухтæм. Хъансауби æмæ Темурухъ, æмсыйæхстæ уæвгæйæ, 'цардысты æнтом.
Хъансауби Госæнагъуæйы уынынмæ цыди арæх. Уыцы хъуыддаг Госæнагъуæйæн æхсызгон уыд æмæ-иу ын скодта хуын: синон æмæ гъолгунтæ (нуазæн æмæ хай).
Хъансауби-иу балцы куы цыди, уæд-иу ыл хъæу æрæмбырд сты... Бирæ йæ уарзтой, рæсугъд лæппу уыди...
Иухатт Темурухъ дæр балцы цæуын сфæнд кодта æмæ йæ хæдзар Хъансаубийы æвджид бакодта. Хъансауби Темурухъы фæстæ хæдзар арæх бæрæг кодта — алы бон дæр æм цыди æмæ-иу æй Госæнагъуæ æддæмæ нал уагъта — æхсызгбн-иу ын уыди Хъансаубийы æрбацыд. Иуныхасæй, Хъанеауби Госæнагъуæйы зæрдаэмæ тынг фæцыд, азмæ ус сфæнд кодта Хъансаубиимæ фæуыя иукъорд хатты, исты æхсызгондзинад бавзарын. Хъансауби усы фæнд бамбæрста æмæ йæм æппындæр нал бацыд. Уыцы хъуыддаг Госæнагъуæйæн тынг фæхъыги, йæхимæ æгад æркаст...
Иухатт Темурухъ Госæнагъуæмæ æрæрвыста, фæцæуын, зæгъгæ. Ус дæр æм арвыста: «Мæнæ дæ хæдзар кæуыл бафæдзæхстай, уый мемæ иукъорд хатты фæци, батых мын кодта».
Темурухъ тьшг омæстджын, фенкъарди. Хъансауби йын йæ размæ иу лæджы арвыста. Лæг æй бафарста:
— Цæуыл æнкъард дæ, Темурухъ?
Темурухъ хабар сæрæй бынмæ радзырдта. Уæд ын иу зæронд лæг загъта:
— Сылгоймаг æмæ б.æхыл æууæнк нæй. Кæд Госæнагьуæйæи йæ дарæстæ фæсте скъуыдтæ уой, уæд ын батых кодта, æмæ уæд Хъансаубийы амардзыстæм; кæд разæй скъуыдтæ уой, уæд ацы хабар мæнг у...
Æмæ уæдмæ Хъансауби дæр Темурухъы цурмæ схæццæ. Бирæ фæцин кодтой... Ныццыдысты. Темурухъ йæ усы асгæрста æмæ хабар мæнг разынд. Темурухъ Хъансаубийæн арфæ ракодта. Æхсæвы Темурухъ сарæзта хæрд, нозт бирæ. Уæд ус Хъансаубимæ нуазæн дæтты.
Хъансауби йæ исы æмæ зæгъы:
— Темурухъ! Ацы нуазæныл марг конд ис, фæлæ йæ уæддæр нуазын, — æмæ йæ фæцæйнызта иууылдæр, фæлæ йæ Темурухъ нал бауагъта.
Æрцыди сæхимæ Хъансауби. Уæдæй фæстæмæ йыл низ стыхджын. Йæ сæр лæгуын кæнын байдыдта, нал бæззыди лæг. Хосгæнæг ын нæ уыди. Уæд иу хатт йæ'бæхыл бабадт æмæрацыди: «Кæнæ мæлгæ, кæнæ хъуамæ искуы сдзæбæх уон». Адæм ыл фæкуыдтой...
Уæд æндæр ран царди иу рæсугъд чызг. Уый рагæй хъуыста Хъансаубийы кой æмæ йæ фенынмæ тынг бæллыд. Æрæвæрдта авд фæндагыл хъахъхъæнджытæ фæрсынмæ.
Хъансауби бирæ фæцыди; фæстагмæ бафтыди иу фиййæуттæм. Фиййæуттæ йæ куы базыдтой, уæд чызгмæ фæхабар кодтой. Чызг Хъансаубийы йæхимæ æрбакæнын кодта... Хъансауби йæ хабар æркодта. Чызг ын загъта:
— Кззд мæ ракурдзынæ, уæд дæ сдзæбæх кæндзынæн — Хъансауби сразы.
Чызг æм зилын байдыдта... Æмæ Хъансауби сдзæбæхи. Цардысты, æмæ сын райгуырди чызг.
Хъансаубийæн йæ зæрдыл лæууын байдыдта йæ хæдзар, йæ ус, æмæ йæ дыууæ чызджы — Госæнайхо æмæ Хуынайхо. Мæллæг кæнын байдыдта. Иу бон сæм фæцæуын фæнд скодта. Уæд ын ус загъта:
— Цу, фæлæ афæдзмæ куы нæ фæзынай, уæд дыл дæ низ иогæй сыстдзæн.
Афаэдз ахицæн. Нæ зьины Хъансауби. Ног фæрьшчьш. Гæнæн куы нал уыд, уæд йæ ус æмæ йæ дыууæ чызджы уæрдоны сæвæрдта æмæ араст йæ дыккаг усмæ. Дыккаг ус, Хъансауби æд бинонтæ ссæуы, уый куы базыдта, уæд æм хæйрæджы бæхджыны хуызы рарвыста йæ размæ:
— Ма ма хон дæ бинонты! Ус исæг æмæ уд исæг æмхуызон сты, — абырджытæ дын дæ усы куы исой фæндагыл, уæд мæлынмæ æвгъау дæ. Ма цу, — загъта йын хæйрæг:
Фæлæ Хъансауби уæддæр рацыд. Схызти Бештауы хохы сæрмæ. Иæ ус æмæ йæ чызджытыл хъадамантæ сæвæрдта æмæ ацыди йæ дыккаг усмæ. Госæгъа йæхи хоста æмæ хъарæг кодта:
— Тæхуды, мæ тæригъæдæй Бештауы къуылдымыл цæстысыджы суадон куы рацæуид... Æмæ рацыд æцæг дæр суадон. (Ныр дæр ма уым ис уыцы суадон, хонынц æй «Госæгъайы суадон»).
Уæд иу цуанон æрбафтыди сæ цурмæ. Госæгъа йын хабар радзырдта. Цуанон сæ суæгъд кодта...

Радзырдта йа Будтуты Мæза, июль, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 110, папкæ 88, ф. 1—7.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru