Главная > Хицан кадджытæ > 4. ИУНÆДЖЫ КАДÆГ

4. ИУНÆДЖЫ КАДÆГ


31 октября 2007. Разместил: 00mN1ck
— Уæдæ афтæ. Раджы, чи зоны, кæд æмæ кæд уыди, иу хъæуы царди 'мæ уыди Иунæг. Иу райсом сыстад Иунæг йæ хуыссæнуатæй æмæ дзуры йæ зæронд мадмæ:
— О, æна, фын дын федтон, фын дысон, диосаджы фын.
— Дæхи уал ахс, æна дæ сæрыл хаст æрбауа, æмæ мьш æй уæд радзурдзынæ, — загъта йæ зæронд мад.
— Сагты рæгъау ралыгъдысты нæ хъæуыл; лæджы хуызæн лæгæй чи уыди хъæубæсты, уыдон фесты сæ фæдыл, фæлæ сæм ничи сарæхсти. Мæн дæр хæрз æрæджиау хуыцау фæдисы ауагъта, адæм здæхтысты, худæгæй мыл мардысты.
Сурынтæ систон сагты рæгъау, баййæфтон сæ, цæгъдынтæ сæ байдыдтон, ба, æмæ сæ иудадзыг дæр ныссæрфтон. Цагъды мæрдтау Терчы атагъайы адæргь сты сæрджын саджы мæрдтæ.
Мæ фæндаг сыл ракодтон фæстæмæ, сæ сыкъатæ сын æфтауын. Уыцы хуызæнæй æппæты разæй цы саг афæлдæхтон мæ фатæй, уымæ æрбахæццæ дæн. Мæхи йæм фæфистæг кодтон, фæлæ мын сæр-джын саг мæ артæнтæ срæхуыста йæ кал.м марæнæй. Уьгйадыл рай-хъал дæн, æмæ мæ хид мæ къæхты бынæй калди.
Бирæ рацыд, чысыл рацыд рæстæг, чи у йæ зонæг, фæлæ та иу райсом раджы лæппу фын дзурынмæ хъавы йæ мадæн.
— О, æна дын амæла, уый дын цавæр æгъдау у, — дæхи нæма цæхсыс, афтæ аргъæуттæ дзурыныл фæвæййыс: нæ дæм байхъусдзынæн, цалынмæ дæхи цæхсай, уалынмæ.
— Нæ хъæубæсты къобор галтæ цы уыдысты, уымæй нæ кæрты байдзаг сты, сæрыхъуын уырдыг стади сæ богътæм. Уæд сæм рацыди нæ зæронд хъуг дæр, æрлæууыди сæ астæу, æмæ уый дæр нал æнцади уасынæй.
Æрбадымдта цæгатæй, æрхъуынтъызи арв, нал æрттивы æнусы цъити хурзæрины рухсмæ.
Æмæ та иуахæмы райсом раджы арты фаромæ æрбадти Иунæг æмæ та дзуры йæ мадæн:
— Фын та дын федтон, æна, фын. Цыма дыууæ æхсинæджы æртахтысты нæ кæртмæ, æфтуанхъæдыл æруагътой сæхи, баздæхтысты кæрæдзимæ æмæ царм-буар нал ныууагътой сæ уæлæ; ног уард митау, нæ кæрт урс-урсид адардта сæ пакъуыйæ. Ноджы нæм æрбацыдысты, хъæубæсты лæгæй чи уыди, уыдон. Скъæтæй мын раластой мæ саулохы, алвыдтой йын йæ барц æмæ йæ дымæг.
О, æна, ацы æнахуыр фынтæ цæмæ цæуынц, уый мын куы нæ радзурай, уæд дæ нæ ныууадздзынæн.
Исдугмæ ком нæ лæвæрдта зæронд ус Иунæгæн. Куынæуал æй уагъта 'мæ куынæуал, уæд ын æна байдыдта дзурын:
— Хуыцауы уазæг, зæдтæ 'мæ дауджыты уазæг Иунæджы сæр! Хорз фынтæ нæ федтай, мæ хъæбул, мæ иунæг æнхъæлцау, ацы рухс дунейыл ма мæ къæхтыл кæмæн цæуын. Мæнг сæ хуыцау фæкæнæд.
Хъазхъуымыхъхъ æмæ Солы æрба'быредзысты иуахæмы нæ хъæумæ; дæ иунæг æрдхорд Агуынды-рæсугъды дын тыххæй ахæсдзысты. Нæ хъæубæстæ фæдисы ацæудзысты, фæлæ куыд ацæуой, афтæ фæстæмæ дæр æрбаздæхдзысты: Агуынды-рæсугъды нæ байсдзысты знæгтæй.
Хæрз æрæджиау дæ саулохыл, уастæн макуы фæуа йæ бындар, дæхи баппардзынæ, æмæ сурынтæ байдайдзынæ тыхгæнджыты, фæдисæттæ дыл фæндагыл иугай-дыгай æмбæлдзысты, худæгæй дыл мæлдзысты, фæстæмæ дæ здахдзысты, фæлæ дæ цыды кой кæндзынæ. ды дæ тæргæ бæхыл. Тыхгæнджыты баййафдзынæ Терчы атагъайы, цæгвдгæ сæ ацæудзынæ размæ, Агуынды-рæсугъды сьин байсдзынæ, стæй сыл сæ хотыхтæ исгæ рацæудзынæ (разилдзынæ). Æппæты разæй кæй фæцæф кодтай, уымæ æрбахæццæ уыдзынæ; æмæ йын йæ хотыхтæ исынмæ куьгд фæуай, афтæ дæ фыдыэнаг барæхойдзæн йæ сау хъамайæ.
Бацæуæнтæ нал уыдзæн нæ кæрты, хъæубæстæй ничиуал баззайдзæн фæсвæд, — дæ хæлар, де 'мгар адæм æрцæудзысты, æз дæр, дæ зæронд мад, сæ астæумæ рацæудзынæн æмæ ма арвæн иргъæвæн уыдзæн, фæлæ баиргъæвæн нал уыдзæн махæн кæуынæй æмæ дзыназынæй.
Гъе уый дын дæ фыццаг фын.
Дæ дыууæ æфсымæр-хойы дæм æрцæудзысты, царм-буар нал ныууадздзысты сæхиуыл, сæ кæрæдзийы сæрыхил тондзысты. Уыдон тæригъæдæй дур аекъуидзаэн, арвыл хур баталынг уыдзæн.
Уый та дын дæ дыккаг фын.
Дæ номыл нæ хæдзары цы сылгоймаг цæры, мæ иунæг чындз, уый дæ ингæны уæлхъусмæ ахондзысты, æртæ хатты йæ 'рзилын кæндзысты ингæны алыварс, болат хæсгардæй йын ралыг кæндзысты йæ даргъ дзыккутæ æмæ дын сæ дæ табæты бавæрдзысты.
Уый та дын дæ фæстаг фын.
Иуахæмы Солы æмæ Хъазхъуымыхъхъы тыхгæнджытæ хъæумæ æрбабырстой, Агуьгнды-рæсугъды ахастой. Хъæубæстæ змæлд сси, дзыллæ фæдисы цæуынц. Иунæджы зæронд мад æрыхъал, фестад, йæ дарæстæ акодта, йæ хъус дары æддæмæ æмæ бамбæрста хабар.
— Æлгъыстаг фæуыдзæн мæ зæронд сæр, — уыцы æвирхъау фынтæ цæудзысты мæ Иунæджы сæрыл, мæ хæдзар хæлы. —Рауади кæртмæ, арвмæ сдардта йæ риу æмæ кувы: «Хуыцауты хуыцау, мæ-хи хуыцау, изæрдалынгты стъалытæ арвыл куыд арæзт вæййынц, уыцы хуьгзæнæй амæй бонмæ куыд нæ фезмæлой сæ бынатæй, уый дæ курын, мæ куывд мын айс, мæ Иунæджы зынг мын ма бахуыссын кæн.
Стъалытæ æрлæууыдысты арвыл, изæрыгон цы рæтты фæлæууынц, уыцы рæтты.
Уалынмæ æрбадзырдæуыд:—Уæлæмæ, Иунæг, де 'рдхорд Агуынды-рæсугъды дын Солы фæхæссынц!
Иунæг фестад йæ хуыссæнуатæй, рауад кæртмæ, кæрты мад фæ-ци йæ размæ æмæ дзуры:
— Дæ хуысты кой уал кæн, æна дæ фæхъхъау фæуæд, — исчи дæ хъазгæ кæны, æвæццæгæн: ныр ма тыхгæнæн афон нæу, уæлæ ма скæс арвмæ, изæр куы у нырма. Ацафон цавæр тыхгæнджытæ æрба-цæудзысты хъæубæстæм.
Афынæй та Иунæг. Уалынмæ та:
— Уæлæмæ, адæм фæдисы фæцæуынц, тыхгæнджытæ дын фæхæссынц де 'рдхорд Агуынды-рæсугъды.
Нæ та йæ ауагъта йæ мад.
Уалынмæ йæм æрбадзырдæуыд æртыккаг хатт. Стъалытæ сæ лæудæй лæууынц, изæрдалынгты цы рæтты фæлæууынц, уыцы рæтты. Фæлæ бамбæрста Иунæг, Агуынды-рæсугъд хасты кæй фæци бæл-вырдæй, фæдисы йæ кæй нæ уадзы йæ мад.
— Бæсты худинаг, мыггагмæйы фидиссаг фæдæи, — загъта Иунæг, — барæвдзытæ кодта йæхи, абадт йæ бæхыл æмæ уыцы тæргаебæхæй сурын байдайы тыхгæнджыты.
Бирæ нæ ауад, афтæ йыл æрбабон; стæй, куыд дарддæр кæны, афтæ йыл фæдисæттæ æмбæлын байдыдтой, худынц ыл, здахынц æй фæстæмæ.
Тыхгæнджытæн Терчы атагъайы сæ фæдыл бафтыд Иунæг. Хурскæсæнырдæм фæхæссы фæд йæ саулохыл. Уайы, уайы æмæ сæ æрбахæстæджытæ кодта.
— Нал æй фæхæсдзыстут, нал, мæ мад, мæ фыдыстæн! — загъта Иунæг. Цæгъдын сæ байдайы тыхгæнджыты... Фæлæ фыдбоны фынтæ ма 'рцæуæнт мæ Иунæджы сæрыл!
Мæлæтдзаг цæф уыди, афтæмæй ма Агуынды-рæсугъдимæ æрбахæццæ Иунæг йæ райгуырæн къонамæ.
Бирæ нал ахаста. Солиаг сау хъамайы цæфæй, йе 'нусон хæс бафыста æмæ мæнг дунейæ æцæг дунемæ афардæг.
Уаэларвæй æхсидав куы 'рхаудаид, уæд зæхмæ не 'рхæццæ уыдаид, уый бæрц адæм æрæмбырд сты Иунæджы мардмæ. Нал æнцайынц сæ сæртæ хойынæй Иунæджы æмгæрттæ, нал æнцайы кæуынæй Иунæджы мад, хъисыны фаг æртыдтой кæрæдзийы сæрыхилæй йæ дыууæ хойы. Болат хæсгардæй ракодтой Иунæджы усæн йæ даргъ дзыккутæ æмæ сæ марды роны бавæрдтой.
— Уæ, Иунæг, цæй мæгуыр дæ, цæ? Хъæды халæттæм дæр дæуæй мæгуырдæр куы нæ разындзæн, — загъта ма Теса; фæндыры тæнтæ æруагъта æмæ йæ æд цæгъдæн лæппумæ радта.

Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Йæ радзурæг бæрæг нæу. «Ирон адæмы таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ», æртыккаг хай, Дзæуджыхъæу, 1928 аз, ф. 123—125.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru