Главная > Хицан кадджытæ > 7. ДЗЛАТЫ РÆСУГЪД АЗАУ-ХАН ÆМÆ ÆМЗОРАТЫ ЧЫСЫЛ ÆМЗОР

7. ДЗЛАТЫ РÆСУГЪД АЗАУ-ХАН ÆМÆ ÆМЗОРАТЫ ЧЫСЫЛ ÆМЗОР


3 ноября 2007. Разместил: 00mN1ck
Æмзор чысыл лæппуйæ хъаны лæвæрд уыдис йе 'мцеччытæм æмæ-иу алы бон дæр Терчы былмæ бабыздзуан цыд. Иухатт куы уыди, уæд Æмзор цуангæнгæ Терчы былтыл Елхоты Дзлаты размæ ссыди.Фæкасти Дзлатмæ æмæ дистæ байдыдта йæ рæсугъддзинадыл, уæлæмæ йæм фæкаст, æмæ йæ цæстытыл ауад рæсугъд чызджы ныв. Ноджыдæр тынгдæр ныддис кодта Æмзор: «Цæй диссаг, цæй æмбисонд у, зæххон рæсугъд æви уæларвон мелек лæууы мæ разы. Æви мæ мæ цæстытæ сайынц? Мæ дунейыл ахæм рæсугъд никуы федтон». йæ цæетытæ асæрфы, ракæс-бакæс акæны йæ алыварсмæ, уæддæр та йæ цæст Дзлатмæ бахæссы. Йæ цæстытæ ныццавта Æмзор Дзлатмæ æмæ та дзы ауыдта Азау-ханы рæсугъды.
Азау-хан лæууыд рудзынджы раз, йæ уæлæ урс къаба, йæ сау дзыккутæ хæлдта æмæ сæ æруагъта даргъ йе 'уæхсчытыл. Мæйы рухс ныккаст йæ цæсгоммæ æмæ æрттывта зымæгон митау. Йæ сау цæстытæ æрттывтой зынаргъ дурау. йæ фæлмæн цæстæнгас басыгъта лæппуйы зæрдæ фæззыгон хурау. Лæппуйы зæрды куыннæ бахызт Азау-хан! Стыр хъуыдытимæ араст лæппу йе 'мцеччытæм. Уазæгдон-мæ бацыд, йæхи хуыссæны баппæрста æмæ ставд цæстысыг ныккалдта.
Йæ фысымтæ йæм радыгай цæуынц æмæ йæ фæрсынц:
— Цы кæныс, мæ хур, цы дæ риссы? Цæуыл дæ цæстысыг æнæвгъау калыс?
Ниды сæм дзуры Æмзор. Стæй йын иу ус загъта:
— Æвæццæгæн æмæ, мæ хуры хай дзæбæх лæппу, Азау-хан рæсугъды федтай?
Æмзор йæ мидбылты бахудт, йæ цзэссыг йæ рустыл, афтæмæй йæ хабæрттæ радзырдта.
— Дæхи мауал риссын кæн, — загъта йын уыцы ус, уымæн кæнæн ис, æцæг ныр зымæгон нæ, срæлæ уалдзæг. Азау-хан тынг дæсны уленк кæнынмæ æмæ кæддæриддæр йæ уынауыттимæ уалдзыгон мæй-рухс æхсæв ленк кæнынмæ рацæуы Теркмæ.
Иу уалдзыгон æхсæв уыцы ус Æмзорæн загъта:
— Гъеныр дæ амонд бæрæг кæнæн æхсæв æрцыд, Азау-хан ленк кæнынмæ йæ уынауыттимæ Теркмæ рацыд. Ды дæхи бæлæгъы бабæтт æмæ йæ сæ размæ ауадз, афтæмæй йæ æрцахсдзынæ.
Æмзор усы коммæ бакаст, йæхи бæлæгъы дон-дон ауагъта, æмæ йæ уынауыттæ куы а уыдтой, уæд æмхуызонæй Азау-ханмæ сдзырдтой:
— Дæ хорзæхæй, не 'фсин, уæртæ ма нын уыцы суг дæр æрцахс æххæст.
Азау-хан йæ размæ куы баленк кодта, уæд æй Æмзор рацахста. Азау-хан йæ дзыхыдзат ныхъхъæр кодта:
— Иунæг хуыцау, хатыр бакæн æмæ мæ ацы адæмы раз ма фæхудинаг кæн. Æвæццæгæн мæ хуыцау дæу тыххæй радта, æз дæуæй фæхауинаг нал дæн, фæлæ дæ курын, хуыцауы хатыр бакæн æмæ мæ чысыл Дзлатмæ бауадз.
Азау-хан Дзлатмæ ссыд æмæ йæм уырдыгæй фæстæмæ радзырдта:
— Æз дæу тыххæй ам нæ бадын, дæ хъуьшыз дæ донгæмттæй кæлгæ! Æз ахæм лæппуйæн бакомдзынæн, далæ стыр Ногъайы рæгъау йæ разæй тæргæ чи кæна, фæстæмæ та фæдисимæ хæцгæ чи кæна, афтæмæй сæ мæ Дзлаты размæ чи стæра!
Никæмæн ницы загъта лæппу, афтæмæй æнæ исты сдзургæйаз фæстæмæ йе 'мцсччытæм ссыд. Хъæлдзæгæй йæхи срæвдз кодта гæрзты хорз, бæхы хорзæй, афтæмæй араст стыр Ногъайы рæгъау тæрынмæ.
Ратардта сын сæ рæгъау, афтæ йæ фæсте фæдис раййæфтой. Æмзор фæстæмæ хæцыд фæдисыл, йæ разæй та сын тардта сæ рæгъау. Къорд цзэфы фæцис Æмзор, фæлæ уæддæр нæ радта йæ рæгъау, æгаддзинад йæ сæрмæ не 'рхаста.
Дзлаты размæ куы схæццæ, уæд Æмзор йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта:
— Азау-кан! Мæнæ дын дæ рæгъау стардтон.
Йæхи'цæн нал уыдис йæ бон, иæ донгæмттæй калдис фæннæрдæм йæ туг, йæ рагъæй систа йæ нымæт, æрытыдта йæ зæххыл, йæхи йыл æруагъта, афтæмæй амард.
Азау-хан Дзлатæй йæ размæ æрцыд, йæ зонгуытыл æрхауд, ставд цæссыг ныккалдта æмæ загъта:
— Ды дæ цард схицæн кодтай мæн тыххæй, æмæ мæн дæр мæ царды уаг нал хъæуы æнæ дæу.
Йæхæдæг фæстæмæ Дзлатмæ ссыд азмæ йæ уьшауыттæн загъта:
— Курын уæ, æмæ куы амæлон, уæд нæ-иу ацы донæн йæ фæйнæ фарс баныгæнут.
Йæ болат хæсгард райста Азау-хан æмæ йæ йæ хурхыл æнæвгъау æрбавæрдта, афтæмæй йæ дунейы рухсæй йæхи схицæн кодта Уынауыттæ, куыд сын бафæдзæхста Азаухан, афтæ доны фæйнæ фарс баныгæдтой сæ дыууæйы дæр.
Иуæй дзы сзад фæткъуы бæлас, иннæмæй та æнгуз бæлас æмæ дыууæ бæласы доны фæйнæ фарсæй кæрæдзимæ æрбацыдысты.
Æрæджы дæр ма сæ бындзæфхæдтæ уым уыдысты.


Ныффыста нæ Хьаныхъуаты Багырбег, 1924 аз, Хъобан. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 3, папкæ 2, ф. 4- 6.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru