поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Даредзанты Амраны райгуырд
Автор: 00mN1ck / 5 октября 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Даредзанты кадджытæ
    Даредзанты Йамон авд æфцæджы æддæ æрхаста ус. Байдыдтой цæрынтæ, æмæ йын дзы райгуырди дыууæ лæппуйы. Амарди сæ мад, баззадысты сидзæрæй. Сæ фыд Йамон сæ байдыдта сырды фыдæй хъомыл кæнын.
    Иу бон ацыди Йамон Саухохмæ цуаны. Амардта Саухохы æстдæссион саг. Æртылди лæгæты дуармæ саг. Талынг кæнын байдыдта. Æрæхсæвиуат кодта уым. Саджы мард дæр аргæвста.
    Райсом, карк куы ныууасыд, уæд рараст и. Фæзылди фæстæмæ: æхсæв нырма мæйдар, — æмæ хохы дуарæй рухс кæлы. Аппæрста саджы мард æмæ катай кæнын байдыдта. «Ацы рухсы фæдыл бацæуин, æмæ дзы исты фыдбылыз куы уа, уæд мæ аргæвддзæн. Нæ йæм цæуон, æмæ ацы диссаг Даредзанты 'хсæн æнæ дзургæ нæ фæуыдзынæн æз. Уый чи фехъуса, Даредзанты кадджын Йамон арты рухсмæ нæ бауæндыд, уый мын хисты нуазæн нал ратдзæн».
    Бараст кодта хохы дуарыл æмæ цæуын байдыдта рухсы фæдыл.
    Ахæм хæдзармæ бафтыди, æмæ йæ бын — æргъæу, йæ фæрстæ — цъæх авг, йæ сæр сæууон стъалы кæмæн уыдысты.
    Уым царди Хуыцауы хæрæфырт Мариа. Пылыстæг сынтæгыл хуыссы, сыгъзæрин чыргъæды йæ дзыккутæ, болат хæсгард сæ уæлæ. Хæдзилгæ уæхстытæ артмæ зилынц æмæ фыцынц.
    Уæд райхъал чызг. Йамоны куы федта, уæд æм рагæпп кодта сыгъзæрин сынтæгæй æмæ йæ ныхъхъæбыс кодта.
    — Даредзанты Йамон, æз абонмæ дæумæ куы æнхъæлмæ кастæн. Мæнæн дæу йеддæмæ æндæр мой скæнæн куы нæ ис. Гъеныр цæрдзыстæм Хуыцауы цардæй, кæд мыл баввæрсай, уæд.
    Уæд æм Йамон дзуры:
    — Æз ныууагътон дыууæ сидзæр лæппуйы æмæ уыдон хъуамæ скæнон.
    — Уыдон кæд дзæбæх уой, уæд дæ агурдзысты сæхуыдтæг.
    Байдыдтой æхсæв-бонмæ хъазын, минас кæнын. Райсом кæркуасæны сыстад Йамон æмæ æрдын бакодта йе 'фцæгыл.
    Уæд æм Хуыцауы хæрæфырт Мариа дзуры:
    — Кæдæм цæуыс, Йамон, сæрæй мæ цардыл не 'ввæрсыс?
    — Мæнæн нæй гæнæн, хъуамæ алы кæркуасæны хохмæ цæуон цуаны.
    Байдыдта цæуын Йамон æмæ Саухохы сæрмæ сфардæг. Бон-изæрмæ цуан кæны, изæры саджы мæрдтæ 'рхæссы.
    Цардысты афтæмæй.
    Уæд Йамоны дыууæ фырты, Бадыри æмæ Мысырби, бахъомыл сты сырды фыдæй. Даредзанты мыггаг бон уыдисн рæзти, æхсæв уылынг. Фат æмæ 'рдынæй хъазынхъом фесты.
    Иухатт къулбадæг усы чызджытæ рацæуынц донмæ, дурынтæ рахæссынц семæ. Бадыри фыдуаг куыннæ уыд, æмæ сæ фатæй фехста: дурынтæ бацъæл сты.
    Баздæхтысты фæстæмæ кæугæ, æмæ сæ сæ мад фæрсы:
    — Цы кодтат, цæуыл кæут, уæ дурынтæ цы фесты?
    — Сæ бон ныккалæнт, Йамоны дыууæ фырты нæ фехстой æмæ нын сæ бацъæл кодтой...
    — Ахæссут дыккæгтæ, æмæ ма уын сæ кæд фехсой, уæд-иу сын зæгъут: «Уæ, Йамоны дыууæ фырты! Кæд уыйбæрц гæрзарæхст стут, уæд уæ фыд Хуыцауы хæрæфыртимæ Хуыцауы цардæй цæры, æмæ уый æркæнын базонут».
    Байдыдтой дыууæ 'фсымæры кæуын: «Уæдæ нæ фыд æгас куы у, æмæ йæ мах мард куы 'нхъæлдтам. Бахæссæм къулбадæг усмæ æхца æмæ нын кæд бацамонид, цы 'гъдауæй йæ ракæнæм, уый».
    Загътой къулбадæг усæн:
    — Радтæд нын дæ хорзæх Хуыцау, нæ фыды цы 'гьдауæй æркæнæм, уый нын зæгъ.
    Уæд сæм дзуры:
    — Ацæут æмæ ссæут Саухохы сæрмæ мæйдар æхсæвы. Хохы дуарæй рухс кæлдзæн æддæмæ: уым уæ фыд Хуыцауы хæрæфыртимæ Хуыцауы цардæй цæры. Бамбæхсут æдде. Карк куыддæр ныууаса, афтæ уæ фыд цæудзæнис цуаны. Стыр æфсæн дуар куы бакæна, уæд-иу йæ иувæрсты мидæмæ багæпп кæнут, куыннæ уæ базона, афтæмæй.
    Ссыдысты лæппутæ æмæ бамбæхстысты дуарæн æддейæ. Кæркуасæны рараст Йамон цуаны. Лæппутæ багæппытæ ластой мидæмæ. Хуыцауы хæрæфырт сыгъзæрин сынтæджы хуыссы, сыгъзæрин чыргъæды йæ дзыккутæ, болат хæсгард сæ уæлæ. Уымæн уыд дзыккутæй йæ мæлæт. Бадыри сыл фæхæцыди дзыккутыл, Мысырби сыл хæсгард февæрдта æмæ сæ атæхын кодта. Чызг ныцъæхахст ласта. Хохмæ фехъуысти. Хохæй Йамон æртæ гæппæн æрхæццæ.
    Бадыри æмæ Мысырби усы уым фæуагътой, сæхæдæг рафардæг сты сæ хæдзармæ.
    Йамон бацыд хæдзармæ кæугæ æмæ дзуры:
    — Цы кодтай, Мариа?
    — Фыдæбон дын фæуæд, Йамон, дæ фырттæ мæ амардтой. Мæ дзыккутæй ма иу æрду фæхæцыди, æмæ мын цæрæнбон ис стъалы скæсынмæ. Мæнæн дæуæй мæ хуылфы равзæрди лæппу. Уый мæ дзидзийы хъæстæ куы фæцадаид, уæд ын не ссардтаид тыхгæнæг тых. Ныр стъалы куы скæса, уæд амæлдзынæн, æмæ мын мæ рахиз тæн бакъæртт кæн, райс мæ хуылфæй судзгæ-уыраугæ лæппу æфсæн æртысгæнæй æмæ-иу æй Сау денджызмæ фехс. Уый кæд уым схъомыл уа, уыййеддæмæ йын схъомылгæнæн нæй. Хуыцауы зондæй фæстаджы бонмæ куы бафта дæ къухы, уæд-иу ыл сæвæр Даредзанты Амран.
    Куы амарди ус, уæд ын Йамон æфсæн æртысгæнæй йæ хуылфæй лæппуйы райста æмæ йæ Сау денджызмæ фехста. Сау фурд ныххуыскъ кодта йæ тæвдæй.
    Уым бавæрдта усы, йæхæдæг афардæг йæ бæстæм. Йæ хæдзармæ æрцыди æмæ йæ фырттимæ хыл кæны:
    — Цæмæн амардтат Хуыцауы хæрæфырты, не ’ввæрсыдыстут мах цардыл сымах?
    — Цы кæнæм, къулбадæг ус нын афтæ бацамыдта.
    Бацыд къулбадæг усмæ Йамон æмæ йæ хъæмпын арты басыгъта.
    Базæронд Йамон, ныууагъта йæ цуаны цæуын. Йæ фырттæ байдыдтой цуан кæнын. Фæцæуынц иу бон Сау фурды былтыл, фурдмæ кæсынц, æмæ фурдаг галтæ калы хæрдмæ, фурдаг бæхтæ, фурдаг къамбецтæ æмæ сæ йæ галиу къухæй ахсы лæппу.
    Ныр сæ цуаны мæт нал уыд, фæлæ бон-изæрмæ кæсынц уымæ. Изæры фæстæмæ æрбаздæхтысты афтидæй, æмæ сæ сæ фыд Йамон фæрсы:
    — Иу ингæны уæ баныгæнон, цæмæн афтидæй æрыздæхтыстут ацы бон?!
    — Нæ фыд Йамон, мах цуаны мæт нал уыди, федтам мах диссаг Сау фурды мидæг. Уым федтам мах иу лæппу, æмæ йæ бынатæй цъæх арт, цъæх фæздæг уадзы æмæ Сау фурды тымбылтæ кæны.
    Скъæтмæ ныууади Йамон, урс гал сдавта æмæ Хуыцаумæ кувы:
    — Хуыцау, нывонд дын фæуæд ацы гал. Уый у дæ хæрæфырт Амран, æмæ мæ къухы кæм бафта!
    Æхсæв схуыссыдысты. Райсомы куы сбон ис, уæд йæ фырттæм дзуры:
    — Ацæут ныр сымах, ахæссут сæрдасæн æмæ бацæут Сау фурды былмæ. Уым уæ иу иннæйы сæр дасæд. Амран сымах куы фена, уæд уæм æрбацæудзæн æввахс. Тæрсгæ ма фæкæнут йæ уындæй, фæлæ йыл фехсут сæрдасæн. Кæд уæ амонд уа, уæд сæрдасæндзæф фæуыдзæн æмæ йын фæдæлдонгæнæн нал уыдзæн. Рахиздзæн уæм, æмæ йæ ракæнут уемæ.
    Бацыдысты дыууæ лæппуйы, æрбадтысты Сау фурды былыл. Сæ иу иннæйы сæр дасы. Амран дæр та хъазы доны. Куы сæ федта, уæд æм фæкасти диссаг. Лæппутæ йыл сæрдасæн фехстой æмæ йыл сæрдасæн ауад. Сау фурд ма ныффæйлыдта, фæлæ лæппу нал фæдæлдон.
    Уæд сæм рахызти сурмæ. Лæппутæ йæ куы федтой, уæд фæтарстысты æмæ лидзынмæ фесты. Дзуры сæм Амран:
    — Тæрсгæ ма фæкæнут, Хуыцауы хæрæфырт дæн æз.
    Æрлæууыдысты йæм лæппутæ æмæ 'рфарстой кæрæдзийы. Дзуры сæм Амран:
    — Кæй лæппутæ стут, кæнæ кæмæй стут?
    — Мах стæм Даредзанты Йамоны фырттæ — Бадыри æмæ Мысырби.
    — Уæдæ æз дæр дæн Йамоны фырт, Хуыцауы хæрæфырт Амран.
     Æрбацыдысты сæ хæдзармæ. Йамон куыннæ фæкодтаид дынджыр куывдтæ.
    Байдыдтой æртæ лæппуйы цуан кæнын. Амранæн тыхгæнæг тых нал кæны.

Радзырдта йæ Гуыбаты Дзакко, «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 191—193.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru