поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Даредзанты Амран æмæ Æфсæн уæйыг (вариант)
Автор: 00mN1ck / 5 октября 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Даредзанты кадджытæ
(вариант)

    Даредзантæ сыскъуыдысты æмæ ма дзы баззад дыууæ лæджы — Мысырби æмæ Бадыри. Баззадысты калачы иунæгæй æмæ хъыг кодтой.
    Кæрæдзийæн загътой:
    — Цом, денджызы нæхи аирхæфсæм.
    Сыстадысты æмæ ацыдысты.
    Денджызы былтыл рацу-бацу кæнынц, æмæ сæ Амран фурдæй ауыдта. Æхсызгон ын уыди сæ фенд æмæ загъта йæхицæн: «Адон хъуамæ базонон – æндæр хос мын нæй. Сæ хуыз мах хуызæн куы у, æмæ нæ мыггаг куынæуал хуыдтой, уæд чи сты?»
    Амран фурдæй рахызти. Лæппутæ йæ куы ауыдтой, уæд дзы фæтарстысты æмæ кæрæдзийæн дзурынц:
    — Циу ай, цы нæм рахызти, ай нын хорзæн нæ уыдзæн.
    Амран бамбæрста, кæй дзы тæрсынц, уый, æмæ сæм дзуры:
    — Ма тæрсут, лæппутæ, æз уæм тыхмæ нæ цæуын. Уæ уынд мын æхсызгон у, æмæ уæ хæстæгмæ куы фенин, уæд уæ, чи стут, уымæй бафæрсин.
    Лæппутæ æрлæууыдысты. Бацыдис сæм Амран, сæ къухтæ сын райста æмæ сæ ноджы фылдæр бауарзта. Амран сын зæгъы:
    — Мæнг дзырд мын ма зæгъут, фæлæ цы мыггаг стут, уый мын бæстон бацамонут.
    Лæппутæ йын радзурынц:
    — Мыггагæй бæргæ хорз стæм, фæлæ нæхи йеддæмæ нæ мыггагæй нал ис. Мах стæм сыгъдæгæй Даредзантæй.
    Амранæн фырцинæй йæ зæрдæ суынгæг æмæ зæгъы:
    — Лæппутæ, абон мæн тыххæй ам изæрмæ баззайут æмæ иумæ фæбадæм.
    Лæппутæн дæр æхсызгон куыннæ уыди!
    Бон-изæрмæ бадынц, ныхас кæнынц æмæ йæ фæрсын нæ уæндынц, ды цы мыггаг дæ, зæгъгæ. Афтæмæй фæбадтысты изæрмæ.
    — Ацæут, лæппутæ, изæр уын кæны, æмæ та мæм райсом раджы æрцæут.
    Лæппутæ рацæуынц. Кæрæдзийæ куы ахицæн сты, уæд сæ цæстысыгтæ æрызгъæлдысты Мысырби æмæ Бадырийæн:
    — Тæхуды, ай хуызæн кæй мыггаджы ис.
    Амран зæгъы йæ зæрдæйы: «Адоны иунæгæй уагъд мæнæн худинаг у, фæлæ ма мæ дæлæрттæ сты æнæсæрыд, æмæ афтæмæй куы ацæуон, уæд мын фæстагмæ нæ рацæудзæн хорз».
    Æмæ фæцыдысты фæйнæрдæм. Лæппутыл æхсæвы Амраны тыххæй хуыссæг нал æрхæцыди.
    Райсом æхсæвыцæстæй фестадысты æмæ ныццыдысты денджызы былмæ. Амран сæм цæрдæг рагæпп ласта. Бон-изæрмæ фæбадтысты дзæбæхæй. Ноджы фылдæр бауарзтой сæ кæрæдзийы.
    Изæры ацыдысты фæйнæрдæм дыууæтæ дæр, кæугæйæ.
    Мысырби зондджын уыди, йе 'фсымæрæн куы зæгъы:
    – Къулбадæг усы бафæрсæм: цæмæй ракæндзыстæм уыцы лæджы, уый нын куы бацамонид, уæд фæцæриккам дзæбæхæй.
    Ссыдысты къулбадæг усмæ æмæ йын радзурынц:
    — Иу лæг нæм денджызæй сурмæ рахизы, æмæ йæ хуыз Даредзанты хуыз у, фæлæ нæ уæндæм бафæрсын: «чи дæ, кæмæй», æмæ нын æй куы рахизын кæнис фурдæй.
    Ус сын зæгъы:
    — Уый уын æнцон хъуыддаг у: райсом æм куы цæуат, уæд уемæ ахæссут айдæн æмæ сæрдасæн, æмæ-иу йæ цуры уæхи рæсугъд даст ныккæнут. Даст куы фæуат, уæд-иу айдæн раттут, уыцы лæг чи у, уымæ. Уый уын бабæлдзæн уæ уындмæ, уæ рæсугъдмæ æмæ уын зæгъдзæни: «Мæн дæр-ма уæхи хуызæн ныдздзæбæх кæнут, кæддæра æз та куыд уаин». Сымах æй ныддасут æмæ йæ денджыз йæхимæ нал бауадздзæн. Афтæмæй изæры рацæудзæн уæ фæдыл. Уый уыдзæни уæхицæй, йæ ном Амран.
    Лæппутæ раздæхынц. Æхсæв схуыссынц. Райсом семæ ахæссынц айдæн æмæ сæрдасæн.
    Амран сæм рацæуы. Лæппутæ кæрæдзимæ бадзурынц:
    — Цæй, нæ сæртæ ныддасæм.
    Лæппутæ сæ кæрæдзи дасынц, айдæны кæсынц, афтæмæй. Амран сæ дастæй куы федта, уæд ноджы хуыздæр фæцыдысты йæ зæрдæмæ.
    — Æрисут-ма уæ айдæн, цæмæ дзы кастыстут, уый фенон.
    Авæрынц æм сæ айдæн. Амран айдæны акастис, йæ хуыз йæ зæрдæмæ нæ фæцыд.
    — Лæппутæ, мæн дæр-ма адасут!
    Цæрдæггомау фæгæпп кæнынц æмæ йæ сæхицæй рæсугъддæр ныддасынц.
    Бон-изæрмæ фæбадынц. Изæры фæйнæрдæм фæцæуынц.
    Амран денджызмæ ныццыд, йæхи дзы баппары — денджыз æй фæстæмæ раппары: «Мæнмæ дын фæндаг нал ис, фæлæ кæм цæрдзынæ, уырдæм фæцу!»
    Амран лæппутæм радзуры:
    — Фæлæуут мæм, иумæ цом! Фыдæбон уын фæуæд, æз уын мæхи уымæн нæ хъæр кодтон, мæ дæлæрттæ ма гом сты, æмæ ма мæ рæстæгмæ куы ныууагътаиккат, æндæра æз дæн уе ’фсымæр Амран, æмæ иумæ ацæуæм.
    Лæппутæ сцин кодтой.
    — Цæй, уæдæ нын кæд афтæ у, уæд мах дæр цæрдзыстæм, адæмы 'хсæн уæнддзыстæм!
    Рацыдысты уырдыгæй æмæ калакмæ æрцыдысты.
    Байдыдтой дзы цæрынтæ. Сырды фыды йеддæмæ сæм ницы уыд.
    Иу бон куы уыд, уæд кæрæдзийæн загътой:
    — Абон цуаны æппындæр мауал фæцæуæм. Мах дæр баулæфæм.
    Нал фæцыдысты цуаны, сæхицæн хорз аходæн сарæзтой, хорз цæл фæкодтой. Стæй зæгъынц сæ кæрæдзийæн:
    — Цомут, нæ мæсыджы сæрыл æрбадæм, алырдæм дзы акæсæм.
    Æртæйæ мæсыджы сæрыл рæнхъæй сбадтысты.
    Уыдонæн уыд иу фыдыхо æмæ уый загъта:
    — Цон æмæ ме 'рвадæлтæм акæсон. Змæлæг ма сæ ис æви нæй, уый базонон.
    Рараст и зæронд ус. Йæхи саг фестын кодта, афтæмæй кæсы Даредзанты калакмæ. Мæсыджы сæрмæ æртæ лæппуйы иумæ бадгæ куы федта, уæд загъта:
    — Æрмæст уый куы базонин, нæхицæй сты, æндæртæ сты?
    Лæппутæ йæ куы ауыдтой, уæд загътой:
    — Ай абоны фæнд фæхорз и, нæ сырды хай нæм йæхи къахæй æрцыди.
    Æртæ æмхызт ракодтой. Схъуызыдысты йæ сæрмæ. Мысырби йæ фехста, йæ фæсарм сæмбæлди, йæ игæры кæрдихтæ йын акалдта.
    Саг фæлыгъди.
    Лæппутæ æрцыдысты сæ фехсæнмæ, æмæ мæнæ йæ игæры кæрдихтæ пырхæй лæууынц.
    Амран сæм бадзуры:
    — Лæппутæ, уыцы кæрдихтæ рауидзут æмæ сæ уæ дзыппы рахæссут æмæ нæ цæф сырды фæдыл цæуæм. Йæ тугвæд зыны æмæ нын нæ фесæфдзæн.
    Цæуынтæ байдыдтой йæ фæдыл, æмæ сæ тугвæд бакодта йæ хæдзары дуармæ. Мидæгæй дзы адæймаджы хъæрзын цæуы.
    Амран лæппутæн зæгъы:
    — Мидæмæ бацæуæм, тæрсгæ ма кæнут.
    Бацыдысты хæдзармæ. Хæдзары иу зæронд ус хуыссы. Амран ын зæгьы:
    — Цы кæныс, нæ мады хай, цæмæй хъæрзыс уыцы тыхджын?
    Ус æм радзуры:
    — Цы кæнон, мæ хъæбултæ, æз дæн Даредзанты чызг, æмæ мæм æрыхъуыстис, Даредзантæй мыггаг нал ис, зæгъгæ! Æз мæ мидзæрды загътон: «Цон æмæ акæсон искуыцæй, кæд ма дзы искуы змæлæг ис». Дардæй сæ мæсыджы сæрмæ акастæн, æмæ æртæ лæппуйы мæсыджы сæр бадти. Æз загътон мæхицæн: «Цон хæстæгдæр ныццæуон æмæ 'ххæст уый базонон, нæхицæй ма сты æви кæд æндæр исчи сты». Мæхи саг фестын кодтон, сæ сæрмæ, стыр фæтæн, уырдæм ныццыдтæн. Лæппутæ мæ ауыдтой, æртæ æмхызт æркодтой. Æз сæ уарзоны тыххæй сæ калакмæ кастæн, уыдон мæм æрхъуызыдысты, сæ иу мæ фехста, мæ фæсарм сæмбæлди æмæ мын мæ игæры кæрдихтæ иннæрдыгæй акалдта. Уырдыгæй ралыгъдтæн æмæ ардæм æрхæццæ дæн. Ныр куыннæ хъæрзон, æнæ амæлгæ мын хос нал ис.
    Амран æм бадзуры:
    — Цымæ дын хос æппындæр ницыуал феххуыс кæнид?
    — Цы ма мын феххуыс уа, мæ игæры кæрдихтæ ма мын куы уаиккой, уæд бæргæ фервæзин, кæннод мæнæн фервæзæн нæй.
    Амран йæ дзыппытæм февнæлдта æмæ сæ уырдыгæй фелвæста. Хъарм донимæ йын сæ адардта: ус, цы уыд, уый фестади.
    Амран ын зæгъы:
    — Æмæ, уæдæ, нæ хо куы дæ, уæд куыд иунæгæй цæрыс?
     Йæ хо йын зæгъы:
    — Бæргæ нæ уыдтæн иунæг, фæлæ мæ мойы Æхсон уæйыг амардта æмæ уый фæстæ баззадтæн иунæгæй.
    Амран ын зæгъы:
    — Цымæ уыцы Æхсон уæйыг æгас у?
    Ус æм радзуры:
    — Æгас у, дæ нывонд фæуон, ме 'фсымæр, уымæн мæлæтæй тас нæу!
    Амран ын зæгьы:
    — Амонгæ мын æй бакæн, хъуамæ райсон мæ сиахсы туг.
    Ус ын зæгъы:
    — Æппындæр дын æй нæ амонын, ницы йын ракæндзысты дæ хуызæттæ!
    Амран фæмæсты æмæ ныцъцъæхахст кæны йæ хойыл:
    — Æз дæ уымæй нæ фæрсын, ракæндзынæн-нæ ракæндзынæн.
    Ус дзы фæтарсти.
    — Дард нæ цæры, Тесы къæдзæхты ис, фæлæ йæ куыд амардзынæ? Йæ дуарæй йæм куы бадзурай, уæд дæм стгæ дæр не скæндзæн: йæ хъæлæсыдзаг цæхæр ракалдзæн, æмæ æгас бæстæ схæцдзысты, æмæ дæ афтæмæй басудздзæн. Æртæ фæлтæры дын афтæ бакæндзæн, стæй дæм ралиуырдзæн, æмæ йын тыхгæнæг тых цы ракæндзæн! Иууыл у æхсонæй арæзт. Дæ цирхъ æй, мыййаг, куы нæ фæкæрддзæн. Мæнмæ цæуыл фæхъыг дæ, æз дын æй уымæн нæ амыдтон.
    Амран йе 'фсымæртæм бадзуры:
    — Мемæ рацæут, лæппутæ!
    Фæгæпп кæнынц æмæ раздæхынц хæдзарæй. Лæппутæ куы рацæуынц, уæд сæм сæ хо фæсте радзырдта:
    — Кæнгæ йын ницы ракæндзыстут, фæлæ йыл куы фæтых уат, уæд æй дзурын ма суадзут.
    Уыцы уæйыгæн йæ дзугтæ уым йæ быдыры ныййæфтой. Амран йæ цирхъ фелвæста, стырдæр къамбецтæй æртæ æрбаргæвста æмæ сæ дзæкъулстыгьд бакæны. Донæй сæ байдзаг кæны æмæ сæ йæ дæлæртты бакæны. Æхсон уæйыджы дуармæ сæ бахæссы, йæхæдæг фæстæмæ йе 'фсымæртæм фездæхы, йæ зæвæтæй зæхх нытътъæпп кæны æмæ сын зæгъы:
    — Хæстмæ куы бавналон, уæд уыцы дзыхъхъæй уæлæмæ ма схизут, кæннæуæд уæ дымгæ фæхæсдзæн. Æрмæст-иу æз куы ныхъхъæр кæнон: «Гъæтт, цы фестут, лæппутæ», уæд-иу æмдзыхæй ныхъхъæр кæнут: «Хæц нын ыл фидар, мах дæр фæхæццæ кæнæм». Уæлæмæ схизыны фæнд ма скæнут.
    Йæхæдæг баздæхт уæйыгмæ æмæ йæм бахъæр кæны:
    — Æхсон уæйыг, æддæмæ мæм ракæс!
    Æхсон уæйыг йæ хъæлæсыдзаг æддæмæ цæхæр ракалы. Амран йæ иу дзæкъулмæ февналы æмæ йæ цæхæрыл ауадзы. Цæхæр æппындæр нал фезмæлыд, ахуыссыд.
    Амран ма ноджы бадзуры:
    — Æддæмæ мæм ракæс, æз сурдымæн дымæг, мыййаг, нæ дæн. Дæ зынджытæй цы хъавын.
    Дыккаг хатт ыл ракалы йæ цæхæртæ. Амран февналы æмæ сыл йе 'ннæ дзæкъул ауадзы: цæхæр ахуыссы. Æртыккаг хатт бадзуры:
    — Æддæмæ мæм ракæс! Æз дæ зынджытæй цы хъавын, ихæн мын, мыййаг, куы нæ у.
    Тыхджындæр сулæфыд уæйыг æмæ йыл фылдæр цæхæр ракалдта. Амран сæ ахуыссын кодта. Амран ыл мæсты хъæр ныккодта:
    — Æддæмæ ракæс, æмбыд хæрæг, кæй мæстæй марыс, уый нæ дæн.
    Уæйыг мæстæй фæтæррæтт кодта, йæ цирхъ йæ къухы радавта. Амранмæ куы разынди, уæд ыл Амран хъæбысæй йæхи ныццавта, йæ цирхъ ын йæ къухæй стыдта.
    Байдыдтой хæцынтæ; хъæдæй, быдырæй рахæсс-бахæсс кæнынц кæрæдзийы. Уæйыг Амраны фелвæста æмæ йæ зæххыл æркъуырдта. Амран йæ фадхъултæм сыджыты аныхсти.
    Амран йе 'фсымæртæм ныхъхъæр кодта:
    — Гъæтт, лæппутæ, цы фестут!
    Лæппутæ ныхъхъæр кæнынц:
    — Уадзгæ нын æй мауал акæ, мах дæр дæм фæхæццæ кæнæм.
    Уæйыгæн йæ зæрдæ фæтарсти æмæ йæ тыхæн йæ фылдæр фæхъаджджын. Амран дæр уæйыджы фелвæста, зæххыл æй ныццавта æмæ йæ йæ уæрджытæм сыджыты ныссагъта.
    Уæйыг æй фелвæста æмæ йæ уый дæр йæ уæрджытæм ныссагъта.
    Амран та йе 'фсымæртæм ныхъхъæр кодта:
    — Цы фестут, уадзгæ уын æй нæ акæндзынæн.
    Уыдон æм схъæр кæнынц:
    — Фæцæуæм дæм!
    Уæйыгæн йæ зæрдæ тыхджындæр фæтарсти.
    Амран æм фæлæбурдта, зæххыл æй æркъуырдта, йæ астæумæ йæ сыджыты асагъта.
    Ныр дзы нал тæрсы Амран æмæ йе 'фсымæртæм дзуры:
    — Уе 'дде йæ дуармæ йæ цирхъ æрæппæрстон æмæ мæм æй тагъд рахæццæ кæнут!
    Лæппутæ уырдæм бацыдысты, дыууæйæ йыл схæцыдысты æмæ йæм æй æрхастой. Уæйыгæн уыд фараст сæры. Аст сæры йын куы ракодта, уæд æм уæйыг дзуры:
    — Маргæ мæ акодтай, фæлæ-ма мæ иу дзырды бар суадз.
    Мысырби Амранмæ дзуры:
     — Æппын æй сыбыртт ма суадз.
     Амран зæгъы:
    — О ме ’фсымæр, цæмæй дзы тæрсыс? Цы ма мын ракæндзæн, мард куы у.
    Уæйыгмæ дзуры:
    — Зæгъ, цы зæгъыс, уый.
    Уæйыг ын зæгъы:
    — Уæдæ Тандет-Тундеты чызг буц Тамар цалынмæ усæн дæ къухы бафта, уалынмæ дæ тых мауал уæд!
    Амранæн йе уæнгтæ ныззыр-зыр кодтой æмæ ма йын йæ иу сæр тыххæй ныллыг кодта. Йæ тыхæй йæ бынаты æппындæр ницыуал уыд.
    Аздæхтысты фæстæмæ, ссыдысты сæ фыдыхомæ Мысырби æмæ Бадыри кæугæ, Амран сæ фæдыл æнкъардæй.
    Сæ фыдыхойæн радзурынц:
    — Дæ мойы туг бæргæ райстам, фæлæ нын Амраны тых йæхæдæг айста.
    Уый ныккуыдта тыхджынæй:
    — Æнхъæл уæ нæ уыдтæн, ме 'фсымæртæ, уымæн исты ракæнат, фæлæ уæм уæддæр адзырдтон: «Уæ бон ын куы бауа, уæд æй дзурын ма суадзут», уæд æй куыннæ бамбæрстат?!
    Амран æнкъардæй загъта:
    — Кæнæ мæ уд сыджытмæ куы нæ ныххиза, кæнæ уый усæн куы нæ ссарон, уæд æз афтæмæй нæ ныллæудзынæн. Мæ фыдыхо, ахæм фæндаггаг мын сараз, хæрынæн адджын куыд уа, хæссынæн рог. Мæ дзырдыл уæлдай мацыуал зæгъ, кæннод дæ разы мæхи амардзынæн.
    Йæ фыдыхо дæр уæлдай нал сдзырдта æмæ сæ сарæзта: фараст азмæ сæ цы бахъуыдаид, уый фæндаггаг сын радта.
    Араст сты Амран æмæ йе 'фсымæртæ: Тандет-Тундеты чызг буц Тамар кæм и, уый хъуамæ ссарой.
    Цæуынц фæндагыл, æмæ сыл иу ран баталынг. Кæрæдзийæн загътой:
    — Мæнæ ныл доны хъæлæба цæуы æмæ доны цур æрæнцайæм, æхсæвæр бахæрæм. Дойны нын куы уа, уæд нæ цуры ис.
    Æрæнцадысты доны цур, талынджы. Æхсæвæр бахордтой æмæ сдойны сты.
    Уæд Амран йæ донгарз фелвæста æмæ лæппутæм адзырдта:
    — Исчи мын дзы дон æрбадавæд.
    Мысырби цæрдæг уыди, фæтæррæст кодта æмæ йын æй йæ къухæй аскъæфта. Донмæ йæ бахаста, донæй йæ йедзагæй систа æмæ йæхицæн загъта: «Цæй, æз уал дзы ануазон, стæй йæ байдзаг кæндзынæн!» Доныл схæцыд æмæ йæ анызта: цæхджын ад ын скодта. Йæхицæн загъта: «Ныр цы кæнон, ай доны ад куы нæ кæны. Ма дзы бахæссон Амранмæ, уæд зæгъдзæни: «нæ йæм бауæндыди», хæссон æм æй, æмæ ай дон нæу. Цæй, уæддæр дзы ахæссон».
    Рахаста уыцы донæй æмæ йæ Амранмæ радта. Амран дзы анызта æмæ фæхъæр кодта:
    — Мысырби, ай циу, цæй дон мын æрбахастай?
    Мысырбн ныллæгæй загъта:
    — Æз дæр æй базыдтон, фæлæ дзы нæ рахæссын нæ бауæндыдтæн дæуæй.
    Амран зæгъы:
    — Цомут æмæ йæ фенæм.
    Мысырби зæгъы:
    — Рухс нæм нæй, æмæ йæ цæмæй фенæм?
    Амран загъта:
    — Рацæут, рухс уын æз скæндзынæн!
    Бацыдысты доны былмæ. Амран йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцавта, æмæ уый рухсæй къуыппæй, дзыхъхъæй сегас федтой. Донмæ æркастысты, æмæ иууыл – туджы леуахи.
    Амран сын загъта:
    — Ацы туг кæцæй цæуы, уый хъуамæ базонæм.
    Ацыдысты йæ фæдыл, æмæ иу уæйыг ададжы сæрыл бады, хуыссæг æй ахсы. Афтæмæй арц йæ ныхмæ сæвæрдта æмæ йæ сæр куы 'рхауы, уæд арцы бырынкъыл сæмбæлы æмæ дзы æрхы дзаг туг акæлы. Уæд фехъал вæййы æмæ акæстытæ кæны. Афтæмæй йæ Амран сæййæфта æмæ йын зæгъы:
    — Ай цы дæ, цæй æдылы дæ, цы аразыс, дæхи цæуыл марыс?
    Уæйыг æм дзуры:
    — Чи дæ, цы дæ?
    Амран зæгъы:
    — Ницы дæн, зæххон адæймаг дæн, фæлæ дын тæригъæд бакодтон, æмæ мын зæгъ, цы уынгæджы дæ, уый.
    Уæйыг зæгъы:
    — Æз дæн Бахъ-Бахъ-гуымиры, æмæ мæм уд йæ ныфс никуы бахаста. Ныр мын Пиллон-гуымиры мæ усы аскъæфта. Сæ рацæуæн ауылты у, æмæ сæ размæ бадын. Куы афынæй уон, мыййаг, æмæ йæ куы нæ базонон, уæд ноджы мæ худинаг ныхъхъæр уыдзæн. Къуыри бадын ам æмæ мæ хуыссæг ахсын байдыдта. Мæ арц уый тыххæй дарын мæ ныхмæ. Куы мын фæриссы, уæд фехъал вæййын.
    Амран ын зæгъы:
    — Дæ ус куы рацæйцæуа, уæд æй цæмæй базондзынæ?
    — Уымæй йæ базондзынæн, æмæ цыфæнды мæйдары рацæуа, ирд боны хуызæнæй рухсдæр дардзæн.
    Амран ын загъта:
    — Уæдæ æрфынæй кæн, æз хъахъхъæндзынæн æмæ дæ сыхъал кæндзынæн.
    Уæйыг зæгьы:
    — Алæ-ма, куыд мæ сыхъал кæндзынæ?
    — Дæ хъусы дын тыхджын ныхъхъæр кæндзынæн.
    Бахъ-Бахъ-гуымиры зæгъы:
    — Гъеныр-ма ныхъхъæр кæ мæ хъусы.
    Амран ныхъхъæр кæны. Уæйыг ын зæгъы:
    — Уымæй дын нæ сыхъал уыдзынæн.
    — Тыхджын дæ ныууигъдзынæн.
    Уый йæм æрбадзуры:
    — Уæдæ-ма мæ бауигъ.
    Амран æй йæ тых-йæ бонæй бауыгъта, фæлæ ма дзы цы тых уыд, мæгуыр йæ бон.
    Уæйыг загъта:
    — Уымæй дæр дын нæ сыхъал уыдзынæн!
    Амран зæгьы:
    — Уæдæ дын куыд кæнон?
    Гуымиры йын зæгъы:
    — Де ’дде мæ арцыл схæц æмæ мын дзы мæ дæларм ныццæв. Уымæй ма дæ базондзынæн.
    Амран арц систа æмæ йын дзы йæ дæларм ныррæхуыста. Уæйыг ын уæд загъта:
    — Гъеныр дын æрыхъал уыдзынæн, фæлæ мæ тæригъæды ма бацу, арвыл мæйрухсы хуызæн куы фæзына, уæд-иу мæ дæ тых-дæ бонæй ныццæв мæхи арцæй.
    Уæйыг дын афынæй. Амран æй хъахъхъæнын байдыдта.
    Кæркуасæны размæ боны хуызæн срухс; фелвæста Амран уæйыджы арц, йæ дæларм ын ныццавта. Уæйыг фехъал. Амранæн зæгъы:
    — Гъеныр мын раскъæфы мæ усы.
    Йæ къах тыхджын æркъуырдта уæйыг, æртæ лæппуйыл фæхæцыд, йæ къахы уæрмы сæ ныппары æмæ сын зæгъы:
    — Афтæ 'нхъæл ма ут, фыдæнæндзинад уын бакодтон. Кæд мын сымах бацыдыстут хорзы, уæд æз дæр уæ тæригъæд нал исын. Нæ хæсты дымгæ уæ фæхастаид æмæ уæ уый тыххæй ныппæрстон!
    Уалынмæ дын рацæуы Пиллон-гуымиры. Ракæны Бахъ-Бахъ-гуымирыйы усы.
    Бахъ-Бахъ-гуымиры ралиуырдта, сæ кæрæдзийыл сæхи нындæгътой, рахæц-бахæц байдыдтой, æртæ боны æмæ æртæ 'хсæвы фæхæцыдысты, кæрæдзийыл нæ тых кодтой. Уалынмæ дыууæ дæр кæрæдзийы амардтой. Ус баззад иунæгæй.
    Амран бавдæлд æмæ йе 'фцæджы ныттыхсти:
    — Ацы рæсугъд ус, Хуыцау дæ загъта мæнæн.
    Ус ын зæгъы:
    — Ацы дыууæ мæн тыххæй кæрæдзийы амардтой, æмæ мын уыдон баныгæн, стæй дæу йеддæмæ кæй уыдзынæн!
    Амран æмæ йе 'фсымæртæ ингæн къахынмæ бавнæлдтой.
    Сæ иу агъды бæрц баныгæнынæн сæ бон къахын нæ баци.
    Ус фæмæсты, йæ къахæй сыджыт æркъуырдтытæ кодта, æвдгай ивазнытæ сæ фæдзыхъхъ кодта, уæйгуыты уым фæйнæ раны ныппæрста, йæхæдæг арц фелвæста, Амранæн æй йе 'фцæгготы атъыста, арцы кæрон зæххыл æркъуырдта æмæ Амраны гъе ууыл æрцауыгъта, йæхæдæг æнцад ацыд.
    Амран уым хъеллау байдыдта. Йе 'фсымæртæн сæ бон нæу æмæ арц рафæлдахой, афтæмæй Амран уым хъеллау кæны. Æрæджиау тых дымгæ рацыд æмæ арцы хъил рафæлдæхта. Амран уый фæрцы ралæсти.
    Уырдыгæй рацыдысты æмæ цæуынц фæндагыл. Амбæлд сыл иу сæнласæг уæрдоны. Уæрдоны сæмæн асасти, æмæ æрдиаг кæны сæнласæг:
    — Нырма цы саразон, сæмæн ссарин, фæлæ мæ лалым чи сфæраздзæн?
    Амран ын загъта:
    — Хуыпп æмæ мын æрдæг ратт дæ сæнæй, æмæ дын дæ лалым æз сисдзынæн.
    Сæны хицау загъта:
    — Хуыпп æмæ æрдæг та цы у? Цас дæ хъæуы, уый баназ.
    Амран бацыди, сарæзта йын йæ уæрдон æмæ йыл йæ лалым сæвæрдта.
    Сæны хицауæн зæгъы:
    — Цæй-ма, иу хуыпп æмæ æрдæг уæддæр аназон.
    Уый йæм æрбадзуры:
    — Де 'дде дæ цы хъæуы, уый баназ.
    Лалымы къахмæ йæ дзых бахаста, ныххуыпп кодта æмæ йе 'рдæгæй фылдæр анызта.
    Сæны хицау йæхи фæмæсты кодта:
    — Æмæ ма уæрдонæй цы кодтон, мæ сæн мын ды куы банызтай, уæд!
    Амран ын зæгъы:
    — Дзырд ма фæивæм, æз æмæ ды фæтк ма скæнæм! Кæй мын загътай, уый сæххæст кæн!
    Сæны хицау ын дзуры:
    — Хуыппы 'рдæгæй ницыуал фæуагътай, хуыпп куы ныккæнай, уæд мын сæ сæнæй, лалымæй аныхъуырдзынæ!
    Дзургæ сæ сау уæйыджы фырт сæййæфта. Тызмæгæй сыл фæхъæр кодта:
    — Чи стут, цы стут, адæмы хъæлæбайæ цæуыл марут?!
    Сæны хицау æм хъаст хæссы:
    — Мæ уæрдон фехæлди æмæ мын æй мæ сæнæй хуыпп æмæ æрдæгыл сарæзта. Хуыппы 'рдæг скодта, æмæ лалымы мидæг бирæ нал аззад.
    Сау уæйыджы фырт фæхъуыдыйыл: «Ацы лæгæн йæ къубал сыскъуынин æмæ мæм дзæбæх зыны, мæ цæст æй нæ уарзы. Авдæны мын лæппу куы ис, уæд амæй дзæбæхдæр цæмæй фæхъаздзæн». Систа Амраны æмæ йæ йæ дзабыры хъусы нытътъыста æмæ йæ схаста йæ хæдзармæ. Балæвæрдта йæ йæ лæппумæ, авдæны йын хуыссыди. Лæппу йæ иу къухæй Амраныл ныххæцыд æмæ йæ авдæны хъæдыл хойы.
    Бинонтæ куы 'рфынæй сты, уæд сывæллон дæр афынæй. Амран йæ къухæй зæхмæ æрхаудта æмæ рахъуызыд уырдыгæй. Рацыд Амран æмæ йе 'фсымæртæм æрцыдис. Кæугæйæ æмæ сæ дзыназгæйæ æрæййæфта. Мысырби йын зæгъы:
    — Амран, аздæхæм фæстæмæ. Махæй дæ ныфс ма уæд, искуы дзæгъæлы фæмæлдзыстæм!
    Амран сын зæгъы:
    — Ма тæрсут, лæппутæ! Кæд уæм тых нæй, уæддæр мæнæн стут мæ ныфс. Мæнæй уый ма банхъæлут, Амран ус агурæг цæуы! Æз цæуын мæ тых агурæг. Кæд æй ссарон, уæд мын ма тæрсут, кæннод цас тагъддæр фæмæлæм, уыйас хуыздæр.
    Лæппутæ ма цы сдзырдтаиккой.
    Араст та сты. Цæуынц æмæ сыл Уастырджи бамбæлд зæронд лæджы хуызы. «Уæ фæндаг раст» сын загъта.
    — Дæ хъуыддаг раст уæд, зæронд лæг.
    Уастырджи сын радзуры:
    — Цымæ ацы дзæбæх лæппутæ кæдæм сфæндараст сты?
    Амран æм кæуынхъæлæсæй бадзуры:
    — Мах цæй фæндараст стæм? Мæнæн мæ тых иу чызг басаста, æмæ уый суадзынмæ цæуæм, æмæ кæм и, уый дæр нæ зонæм.
    Уастырджи сын куыннæ зыдта сæ хъуыддаг. Фæндаджы был лæдзæгæй æркъуырдта, æмæ фæндаг фестади.
    — Гъе ууыл ныллæуут, æмæ ацы фæндаг уæ разæй цæудзæни, Тандет-Тундеты калакмæ уæ ныккæндзæн; комкоммæ ма бацæут, йæ кæроны æддиау æрбынат кæнут. Уæ иу уæ бацæуæд калакмæ. Уыцы чызг бады æрхуы мæсыджы. Уый бынмæ бацæут. Стæй уын исты хос уыдзæни. Мæ дзырд бамбарут, зæронд лæг гæды дзырдтæ нæ кæны.
    Бузныг ын загътой.
    Ныллæууыдысты уый фæндагыл. Сæ размæ фæндаг нæ уынынц, афтæмæй сæ уыцы гыццыл фæндаг ныххæццæ кодта. Куыд сын загъта зæронд лæг, афтæ æддиау æрынцадысты.
    Тамар æй зыдта йæхæдæг: «Даредзанты Амран у мæнæн мæ мойаг».
    Мысырбийы куы барвыстой, уæд бацыд мæсыгмæ. Тамар æй зыдта: «Гъеныр æрхæццæ мæ мойаг». Рудзынгæй ракаст æмæ лæппумæ æрдзырдта:
    — Чи дæ, цы мæм кæсыс?
    Лæппу йæ уындæй фæуадзыг æмæ йæм æрæджиау сдзырдта:
    — Ницы, мæнæ мæсыгмæ рацыдтæн, дæумæ нæ кастæн.
    Чызг йæ дзыккуйæ иу хъис ратыдта, раппæрста йæм æй æмæ дзуры Мысырбимæ:
    — Гъеуыцы æрду ахæсс æмæ йæ де ’мбал Амранæн ратт. Гъеуый йæ сæрыл æрбатухæд, стæй йын уый хос кæндзæни.
    Мысырби йæ ахаста, радта йæ Амранмæ. Йæ сæрыл æй æрбатыхта, цы тых æм уыд, уымæй æртæ ахæмы тых ын радта.
    Йæ тых йæ бынаты куы абадт, уæд йе 'фсымæртæн загъта:
    — Ма тæрсут, лæппутæ, Хуыцауæй бузныг, гъеныр нал фесæфдзыстæм. Сымах мын ахсæв ам лæуут, тæрсгæ мын мацæмæйуал фæкæнут! Æз ахсæв уыцы мæсыг куы нæ фенон, уæд мæлгæ дæр акæндзынæн.
    Æхсæвы ацыд. Чызг æй зыдта: «Амран ахсæв ардæм цæудзæн æмæ тыхæй, мыййаг, куы сархайа, уæд нæ дыууæ кæрæдзийы нал фендзыстæм». Мæсыджы дуæрттæ куы сæхгæдтой, уæд Тамар сыстади æмæ сæ бакодта, афтæмæй æрхуыссыди.
    Амран бацыди, дуæрттæ иууыл гомæй баййæфта. Мæсыджы фæкуыси æмæ йæ сæрмæ ссыди. Тамар æй зыдта æмæ йе ссыдмæ бадгæ кодта.
    Кæрæдзийы куы федтой, уæд фыруарзонæй фæйнæрдæм ахаудтой. Æрæджиау сыстадысты. Тамар Амранæн дзуры:
    — Амран, хъуызгæйæ куы нæ фæцæуæм æмæ мæ фыды арæнтæй хъуызгæйæ куы нæ ахизæм, уæд дзы дæ тыхæй нæ ахиздзынæ. Ныр цæуынвæнд скæнæм.
    Амран зæгъы:
    — Æмæ къахæй нæ бон кæм бауыдзæн, æз цæттæйæ не 'рцыдтæн.
    Чызг ын зæгъы:
    — Бæхтæ уын хæрзтæ ссардзынæн.
    Чызг фестадис, йæхæдæг йæ фыды бæхгæсмæ скуыси, зæгъы йын:
    — Бæхтæн сæ хуыздæртæй цыппарыл хуыздæр сæргътæ сæвæр æмæ сæ тагъд мæ фæдыл ралас.
    Бæхгæс сæ уайтагъд аифтыгъта æмæ сæ мæсыджы дуармæ сласта.
    Тамар Амранæн зæгъы:
    — Гъеныр тагъд цæугæ.
    Бæхтыл абадтысты, дыууæ бæхы сæ фæдыл ласынц. Амраны æфсымæртæм бахæццæ сты; уыдон дæр абадтысты бæхтыл.
    Тамарæн уыди сыгъзæрин уасæг — хъахъхъæнæг. Цалынмæ уыдон бæхтыл сбадтысты, уалынмæ йе’взаг ныххуыскъ и æмæ йæ уасæн нал уыди. Бæхтыл куы абадтысты, уæд ныууасыди. Афтæ тыхджын ныууасыди, æмæ уыцы калак иууылдæр сыхъал сты. Зыдтой йæ уыцы калак, уыцы уасæг куы ныууаса, уæд Тамары чидæр фæкæны.
    Калак æмхуызон сызмæлыдысты. Тамары мæсыджы фæкуыси сты: Тамар уым нал ис.
    Йæ фыд, Тандет-Тундет, зæгъы:
    — Фæдисы ацæут, ацы калак, æз дæр уæ разæй цæуын. Тамарæн фæдисы чи нæ ацæуа, уый арты басудздзынæн!
    Ныххæррæтт кодтой, æмæ нæ зонынц, чердæм фæцæуой. Афтæмæй æмхуызон ныккуыдтой. Уыцы кæуынæй Тамар æмæ йе’мбæлттыл ахæм къæвда æрцыди, æмæ цæуын нал зыдтой.
    Амран Тамармæ бадзуры:
    — Æз афтæ фехъуыстон, Тамар, дам, æппæты 'гьдау зоны. Уæд ацы къæвда цавæр у?
    Тамар ын зæгьы:
    — Дæ бæх размæ ма уадз æмæ дын æй зæгъон. Фæстейæ нæ чи суры, уыдон, чердæм цæуæм, уый нæ зонынц æмæ æмхуызон скуыдтой. Гъеуый къæвда у.
    Цæуынтæ байдыдтой, æмæ та сæ иу ран хуры тæвд суынгæг кодта.
    — Ай та цы уыдзæн?
    — Гъеныр нæ базыдтой æмæ æмхуызон ныххудтысты, æмæ сæ комы тæф рахаста, гъеуый тæвд у, гъе!
    Цæуынтæ байдыдтой æмæ сæ дымгæ суынгæг кодта. Амран зæгъы:
    — Ай та цавæр уыдзæн?
    — Уый та æрбахæстæг сты, æмæ сæ бæхты комытæф у. Ныр махæн лидзынæй нал уыдзæн, фæлæ нæ тыхы сæр бахъуыди!
    Тамар бæхæй ралиуырдта æмæ Хуыцаумæ скуывта:
    — Ам мын ахæм бæстыхай фестын кæн, бæрзондæй æртæ æддæгуæлæ. Йæ цыппар фисыны — цыппар мæсыджы.
    Уайтагъддæр дзы уыдон фестадысты. Куыд бацыдысты уыцы бæстыхаймæ, афтæ сæ æфсæдтæ дæр æрбаййæфтой.
    Амран Мысырбимæ дзуры:
    — Иумæ ахизгæйæ нын худинаг у. Ахиз уал ды æмæ хæц.
    Мысырби рахызт, бон-изæрмæ фæхæцыд, цæгъдгæ дæр бирæ фæкодта, фæлæ йын иæхи дæр амардтой.
    Бадырийæн зæгъы:
    — Гъеныр та ды ахиз.
    Ныххызти уый дæр, цæгъдынтæ сæ байдыдта, æрдæджы онг сæ фæцагъта, стæй уый дæр амардтой.
    Амран мæстæй рагæпп кодта, цæгъдынтæ сæ байдыдта. Разæй сæ цæгъдгæ кæны, фæстейæ сæ туджы зæй ласы. Быныскъуыд сæ скодта, иу дæр сæ нал ауагъта. Йæ дыууæ 'фсымæры равзæрста, йæ дæлæртты сæ мæсыджы бынмæ схаста. Уым сæ тæрхæгыл æрæвæрдта. Йæхæдæг сæ цуры æнкъардæй сбадти.
    Мæрдты бынæй иу сауджын тугæйдзагæй слæсти. Дардæй лæгъстæгæнгæ æрбацæуы æмæ йын зæгъы:
    — Æз – мæгуыр лæг, маргæ мæ ма акæ, æмæ уын уæ къæхтæ æхсдзынæн.
    Амран йæ мид-зæрды зæгьы: «Уæддæр мæнæ иунæг куы уыдзынæн». Сауджын æрбацыди æмæ йын зæгъы:
    — Æлдар, ды фæлмæцыд дæ æмæ гыццыл æрхуысс!
    Амран фæлмæцыд куыннæ уыди, æмæ уайтагъд афынæй.
    Сауджын ныццыди, хæст кæм уыд, уырдæм, æмæ дзы иу арц рахаста. Фынæй Амранмæ ссыди, арц ын йæ дæларм ныццавта: лæг уым фæмарди. Йæхæдæг усмæ бацыди æмæ йын зæгъы:
    — Хуыцау дæ мæнæн радта æмæ иумæ цæрдзыстæм!
    Ус ын загъта:
    — Уæдæ кæй уыдзынæн?.. Цæгатаг мæнæн нал ис, сæрыхицау мæнæн нал ис. Дæуæй хуыздæр ма мын чи уыдзæн? Фæлæ цалынмæ мæ хъынцъымзæрдæ ссыгъдæг уа, уалынмæ мæм æппындæр æмгæрон ма 'рцу!
    Сауджын дын ныббуц æмæ, усы зæрдæ цæмæй дзæбæх кæна, ууыл архайы.
    Иу бон фæндагыл фæцæуы сауджын, æмæ иу лæг кæсæгтæ æрбахæссы. Сауджын зæгъы: «Адон мæ усæн куы нæ балхæнон, йæ зæрдæйæн æхсызгон уыдзæн æмæ мæ фылдæр бауарздзæн».
    Балхæдта кæсæгтæ. Рахаста сæ йемæ æмæ йын фæндаджы рыгыл æрызгъæлдысты. Рыджы мидæг стылдысты. Сауджын загъта: «Рыгæй мын сæ куы фена, уæд мын йæ зæрдæйæн хъыг уыдзæн». Йæ цуры суадон. Сауджын сæ уырдæм бадавта. Кæсæгты доны куы 'ркалдта æхсынмæ, уæд кæсæгтæ фæйнæрдæм нытътъыбар-тъыбур кодтой æмæ адымдтой.
    Сауджын ныххудти: «Ацы диссаг мæ усæн куы радзурон, уæд ма уымæй хуыздæр диссаг цы фехъусдзæн! Мæ кæсæгты бахастæй йын уыцы дзырд æхсызгондæр уыдзæн».
    Худгæ-худгæ бауад æмæ йæ радзырдта Тамарæн.
    Тамар ын загьта:
    — Æз фехъуыстон, æртæ боны ахст кæсаг уазал доны куы стула, уæддæр ын æнæ сыгас нæй. Ныр базармæ ацу æмæ мын дзæбæх дыргътæ æрбахæсс, цъус мæ зæрдæ фæхъæлдзæг æмæ мын дыргътæ æрæмысыд.
    Сауджын ныццин кодта: «Æгайтма мæ усагæн йæ зæрдæ фæхъæлдзæг!»
    Уый уырдæм куы ацыдис, уæд Тамар цæрдæг фестад, суадонмæ бауади æмæ фыццаг Мысырбийыл æркалдта дон. Мысырби цы уыди, уый фестади. Иннæ æфсымæрты дæр æрæхсадта, æмæ, цы уыдысты, уый фестадысты.
    Сауджын æрбахæццæ. Куы сæ ауыдта, уæд йе ’фсæр æрхаудта æмæ дзуры:
    — Ма мæ амарут, фæрæдыдтæн.
    Амран æм дзуры:
    — Дæ номыл цирхъ рариуыгъын тæригъæд у, фæлæ мын æнæ ариуыгъгæ нæй. Иу дурцæджындзы фарсмæ æрбалæуу, æмæ æз иннæрдыгæй ныццæвдзынæн: дурцæджындз кæцæй ахауын кæндзæн мæ цирхъ, фæлæ мæнæн мæ маст уымæй ацæудзæн.
    Балæууыд сауджын, æмæ рариуыгъта цæджындзы Амран.
    Цæджындзы дæр ахауын кодта æмæ сауджын дæр йæ астæуыл ахауд. Сауджын йæ цæф нæ базыдта.
    Уый куы амардтой, уæд сбадтысты сæ бæхтыл, рацыдысты æмæ æрцыдысты сæ фыдыхомæ.
    Сæ фыдыхойæн æхсызгон куыннæ уыди, арвыста алы калакмæ: иу мин хъом фæцагъта, æртæ мины — лыстæг фос.
    Чындзæхсæв сарæзта, æртæ мæйы сæ нæ ауагъта.

Радзырдта йæ Джусойты Кудза, «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 194—203.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru