Главная > Даредзанты кадджытæ > Амран, Бадыри æмæ Мысырби

Амран, Бадыри æмæ Мысырби


5 октября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Амран, Бадыри æмæ Мысырби æртæ æфсымæры уыдысты. Иу бон куы уыди, уæд загътой:
    — Цæй æмæ фос фæкæнæм.
    Ацыдысты Тарахъай быдырмæ æмæ бирæ фос: бæхтæ, хъомтæ ссардтой æмæ сæ тæрын байдыдтой. Баталынг сыл фæндагыл; иу лæгæт ссардтой, бацыдысты уырдæм æмæ уым бафысым кодтой. Райсом куы сбон ис æмæ куы ракастысты, уæд загътой:
    — Ай лæджы сæр куы у æмæ йæ цæстыл куы 'рбацыдыстæм, уæд цы диссаг у?
    Даредзантæ ахæм адæм уыдысты, æмæ-иу Хуыцаумæ куы скуывтой, уæд кæй куырдтой, уый сын-иу æцæг кодта. Стæй уыдон Хуыцаумæ скуывтой:
    — Æхсæв кæм фестæм, уыцы лæджы нын сæгас кæн афтæмæй, æмæ къуылых æмæ куырм куыд уа.
    Хуыцау æй райгас кодта Даредзанты куывдæй, æмæ уыцы лæг фестади бæрзонд хохы хуызæн, куырм æмæ къуылыхæй. Уыдон дзы фæтарстысты æмæ дарддæр алыгъдысты. Стæй уыцы лæг, хохы хуызæнæй чи сыстад, уый сын загъта:
    — Даредзантæ, сымах Хуыцауæй кæй курат, уый кæй уыдзæни, уый зонын, æмæ мæ сымах йеддæмæ ничи райгас кодтаид. Тæрсгæ, мыййаг, ма фæкæнут — кæнгæ уын ницы кæндзынæн, фæлæ уæ курын, мæ цæсты рухс мын мæ бар ауадзут.
    Ракæсын æй кодтой. Даредзантæ ставд адæм нæ уыдысты, æмæ йæ куы ракæсын кодтой, уæд сæм акасти æмæ сын загъта:
    — Уæ, куыд лыстæг адæм стут!
    Уыдон загътой:
    — Нæ зæрдæйæ махæй гуымирыдæр нæй.
    Уый загъта:
    — Фалæ-ма, уæ фæндаггæгтæ мæм арбадæттут!
    Уыдон бацыдысты æмæ, æртæйæ цы дзæгъадойнаг дур æрбатылдтой, уый йæм балæвæрдтой. Байста йæ йæхимæ æмæ сын загъта:
    — Уæ, бецаутæ! Куыд рæуæг у! Гъеуымæй цæрут? Уыцы лыстæг дæр уымæн кæнут!
    Уый фæстæ æрбаууæрста дур йæ къухы мидæг къæлуайы хуызæн æмæ сын загъта:
    — Амæй сой куы нæ лæдæрсы! Уæдæ уыцы лыстæг дæр уымæн кæнут; гъеныр-ма бæласы мæрайæ мæ хæринаг дæр райсут æмæ йæ фенæм.
    Райстой йын йæ хæринаг æмæ æппындæр, цы хойраджы мыггаг уыди, уый нæ зыдтой:
    — Гъе! Ныр-ма уымæ хъахъхъæнут, кæддæра дзы сой алæдæрса?
    Кæсынц æм: æрбалæмæрстытæ йæ кодта — афтæмæй дзы дыууæ меркъайы сой алæдæрсти.
    — Хæринаг ахæм вæййы, кæннæуæд сымах цæмæй сыставд уат?
    Уый фæстæ акаст æмæ хуымы æмæ уыгæрдæны арæнтæ куы федта, уæд загъта:
    — Уыдон та цы сты?
    Уыдон ын загътой:
    — Алчи йе 'фсымæримæ, йæ фыдимæ уары, афтæмæй алкæмæн йæ зæхх дæр уарæм æмæ ауæдзтæ уымæн сты.
    — Уæ, уæу-уæй! Ныры цардæй мæлæт хуыздæр у! Кæд алчи йæ фыдимæ, йе 'фсымæримæ уарын байдыдта, уæд мæлæт хорз у!
    Уыцы рæстæджы æстæмбын быдыр уыди, æмæ йыл фаджыс кодтой. Стæй уыдон хъулæттæм куы акаст, уæд загъта:
    — Уыдон та цытæ сты?
    — Уыдон? Уыдон алчи йæ хуымыл фаджыс кæны, æмæ фаджысимæ куы схæццæ уа, уæд дзы хор хуыздæр зайы.
    — О, уæу-уæй! Алчи йæ лæх фæстæмæ хæрын куы байдыдта, ауадзут, мауал мæ кæсын кæнут.
    — Хуыцауты Хуыцау, куыд стæгдар уыди, афтæ та йæ фæкæ! — загътой уыдон.
    Куыд уыди, афтæ та фестади, ныххæррæгъ и.
    Даредзантæ загътой:
    — Цæй, ацы стæгдаримæ кæдмæ бадæм? Фæцæуæм æмæ искуы фос фæкæнæм!
    Ацыдысты æмæ цæуын байдыдтой. Дæлæ быдырмæ акастысты æмæ иу дынджыр адаргъ вæййы æмæ та æрбатымбыл вæййы. Амран тыхгæнæг æмæ тыхагур кæм нæ уыди.
    — Æз уый куы нæ басгарон, уæд æй нæ ныууадздзынæн.
    Бадыри дæр ма йæ 'мхуызон лæг уыди, Мысырби та æвзæрдæр уыд, фæлæ уæддæр семæ цыд. Бадыри афтæ зæгъы:
    — Амран, Амран, æз дæр де 'мдых, де 'фсымæр дæн, фæлæ йæ куы ныууадзиккам, кæннæуæд нын куы батых кæна.
    Амран загъта:
    — Æппындæр мæнæн хос нæй æнæ йæ басгарын.
    Амраны коммæ бакастысты æмæ ацыдысты. Куы йæм бахæстæг сты, уæд сæм йæхи æрбауагъта. Акастысты йæм æмæ дын уый та зариаг калм. Бадыри загьта:
    — Гъеныр раны фестæм!
    Æрбауагъта йæхи зариаг калм æмæ Амраны аныхъуырдта. Иннæ дыууæ 'фсымæры алыгъдысты. Æмæ ныхъхъæр кодта Бадыри:
    — Амран! Амран! Даредзантæ сæ фæдджибын хæрынкъа дарынц, æмæ дæ уый ма ферох уæд.
    Амран дæр калмы гуыбыны уыцы хæрынкъа фелвæста, йæ хуылфыдзауматæ йын кæрдын байдыдта. Калм дæр йæхинымæры змæлы, йæ гуыбын риссын куы байдыдта, уæд. Дыууæ 'фсымæры йæм кæсынц дæрддзæфæй.
    Зариаг калм зæгъы:
    — Æрдæбон иу дзынга аныхъуырдтон æмæ уæдæй нырмæ мæ гуыбын куы риссы, уæд ын цы кæнон?
    Афтæмæй йæ сæрæн нал уыди калм æмæ амарди. Уалынджы йæм Мысырби æмæ Бадыри дæр бахæццæ сты.
    — Амран, кæд ма дæ сæрæн дæ, уæд ын йæ тæн райгæрд æмæ уырдыгæй рацу.
    Райгæрста йын йæ тæн æмæ уырдыгæй ралæст Амран. Хæрз лæгуын сси Амран калмы гуыбыны. Дыууæ 'фсымæры дзы фæтарстысты æмæ уæртæ фæлидзынц. Амран сæм дзуры:
    — Ма тæрсут мæнæй, марджы тæфæй ныллæгуын дæн.
    Æрлæууыдысты йæм æмæ загътой:
    — Цы хос ма йын скæнæм?
    Фæлæ Даредзантæ уыдысты, æмæ сæ амонд бирæ уыди. Дыууæ хъæуы ма сæ цæуын хъуыди дарддæр, Æхсæртæгкатæн уым сæндон уыди. Уым цæхæрадоны куы ныххуыссыдысты, уæд æртæ бæлоны æрбадтысты бæласы сæр:
    — Амран! Амран! Райсом хурыскæсæны æппæты фыццаг хур цы фæткъуымæ бакæса, уымæй хæдæзгъæлгæйæ раздæр чи 'рхауа, уый бахæр æмæ та дыл хъуын разайа.
    Амран раджы сыстад æмæ хæрз лæгуынæй уыцы бæласы бын дзой-дзой кæны. Уалынмæ æппæты фыццаг хур цы фæткъуымæ бакасти, уымæй иу фæткъуы æрхауди; Амран ыл йæхи ныццавта æмæ йæ бахордта. Раздæр ыл цы хъуын уыди, уымæй йыл хуыздæр хъуын рацыд. Даредзанты амонд бирæ куыд нæ уыди?! Уырдыгæй та араст кодтой:
    — Мах æнæ фос фæкæнгæ нæ ныууадздзыстæм.
    Ацыдысты, цæуын байдыдтой, æмæ сыл быдыры астæу баталынг. Æрбадтысты, сæ фæндаггæгтæ систой, кæрдзын бахæрæм, зæгъгæ.
    — Дон нын чи æрбахæсса?
    Æвзæр Мысырби, цыма истæмæн бæззыди, уыйау афтæ зæгъы:
    — Æз æрбахæсдзынæн!
    Доны былыл сбадти æмæ матара донмæ дары. Уæларвæй Пакъуындзæ йæхи рауагъта æмæ Мысырбийы йæ ныхтæ ныссагъта æмæ йæ сфардæг кодта уæларвмæ. Уæд Бадыри афтæ зæгъы:
    — Амран, Мысырби нын куыд æрæгмæ цæуы, — зæгъгæ, æмæ агæпп ласта, æмæ Мысырби дæр нал æмæ æндæр дæр. Агурын байдыдтой æхсæв-бонмæ æмæ ма кæм цы ссардтаиккой?
    Амран загъта Бадырийæн:
    — Ацу, Бадыри, ныр ды нæ хæдзармæ. Æз цалынджы Мысырбийы ссарон, уалынмæ хæдзар агурынвæнд нал скæндзынæн.
    Бадыри ацыди сæ хæдзармæ. Амран æфсæн æрчъитæ æмæ æфсæйнагбын лæдзæг скодта. Зилын байдыдта Амран, зилын байдыдта æмæ йæ никуы ары. «Цы ма бакæнон, уымæн куы ницы зонын, — зæххыл æй куы никуы арын; кæд исты зонын, уæд æй Пакъуындзæ уæларвмæ схастаид æмæ ма уырдæм исты хос куы скæнин». Ацыд, денджызмæ бацыд æмæ, стырдæр цы гал ссардта, уый ракодта, быдырмæ йæ скодта æмæ йæ къупристыгъд бакодта, йæхæдæг та йæ мидæг балæсти. Даредзантæн Хуыцауæй курдиат уыди.
    – Пакъуындзæ мæн дæр кæд схæссид, Мысырби кæм и, уырдæм, кæд ма йæ удæгасæй сæййафин, цалынмæ йæ нæма аргæвстой! — загъта Амран. Æхсæв йеддæмæ Пакъуындзæ бон нæ цыдис; изæрмилæй кæсы æмæ загъта: «Дæлæ ма мын цы физонæггаг и быдыры астæу!» Йæхи рауагъта æмæ дзы йæ ныхтæ ныссагъта, хæссын æй байдыдта зилгæ-зилгæ уæларвмæ. Иу бирæ куы сиртæсти зæххæй, уæд æй нал фæрæзта æмæ йын феуæгъди — йæ гуыпп фæцыди зæххыл.
    Амран Даредзан уыди æмæ скуывта:
    — Хуыцау! Хуыцау! Пакъуындзæ мæ куыд сфæраза, афтæ рог мæ скæн.
    Хуыцау та йæ срог кодта. Пакъуындзæ афтæ зæгъы:
    — Дæ бинонты хуыздæр амæла, куыд уæззау дæ! Æз дæ нæ ныууадздзынæн.
    Æрыздæхти та йæм æмæ йæ йе 'ккой скодта: фæрогдæр ын и. Схаста йæ æмæ йæ хæдзары астæу æрæппæрста:
    — Уаринаг дæ хæдзар фод, уæззауæй мæ куы амардтай!
    Æхсæвы Пакъуындзæйы бинонтæ ныххуыссыдысты, йæхæдæг дæр; Амран къупри бакъæртт кодта; ралæст уырдыгæй æмæ къуымты агуры Мысырбийы.
    — Æз Амран дæн, фæлæ ма кæд æнæ 'ргæвст баззадтæ?
    Мысырби загъта:
    — Райсом нæ фынтæ дзурæн у, сомæхсæв та – ме 'ргæвдæн.
    — Райсом уæ фынтæ дзурдзыстут, — загъта Амран, — æмæ Пакъуындзæ æмæ йæ мад зæгъдзысты: «Æмбисонды хорз фын федтам: дысон Мысырбийы фыны аргæвстам, ахæм руд дзы афæлдæхтам — æртæ ивазны, йæ фарсы та нын хъама нæ зынди, афтæ нард уыди». Уый фæстæ ды та зæгъ: «Æз дæр иу фын федтон æмæ уын æй куы зæгъин». Уыдон зæгъдзысты: «Йе, мæгуыр Мысырби! Ды нæ кусæрттаг дæ æмæ дæ аргæвддзыстæм; дзур, цас дæ фæнды, уыйас». Уæд ды радзур: «Дысон цыма фыны Амран ам фестади, рагæпп уæм ласта æмæ фæцагъта уе 'ппæты дæр!» Уый фæстæ цы уыдзæн, уый фендзынæ.
    Райсом Мысырби йæ фын куы радзырдта, уæд Пакъуындзæ æмæ йæ мад ныхъхъæр кодтой:
    — Ацы куыдз цытæ дзуры? Марадзут, æрбаргæвдут æй!
    Æрбадавтой Мысырбийы.
    — Хæрджытæ, кæй æфсымæры æргæвдут! — фæцагъта сæ Амран зæронд мадæй фæстæмæ. Ныр æм Амран йе 'взаг рауагъта:
    — Нæ мад, ныр нын, дæлзæхмæ фæндаг цæмæй ссарæм, уый бацамон.
     Ус ын загъта:
    — Уæлæ цары æрчъиаджы дæргъ райс æмæ уый куы айтындзай, уæд дын дæлзæхмæ уæрдонвæндаг фестдзæни. Иннæ уæртæ къæбицы зæлдаг бæндæн, æмæ йæ куы рахæссай, уæд нæ хæдзары цы дзаума и, уыдон дзы куы бабæттай, уæд дын бæндæны уæз дæр нæ фæкæндзæни. Иу чырын сызгъæрин æхцайæ дзаг у, иннæ чырын æвзист æхцайæ, — уыдон дæр дын хæзнатæ, æндæр дзы нæй.
    Уый куы фехъуыста Амран, уæд усæн йæ дæндæгтæ ныцъцъæл кодта; фыццаг æрчъиаг райста, айхæлдта йæ æмæ йæ аппæрста æмæ æцæг уæрдонвæндаг фестади. Стæй афтæ зæгъы:
    — Ныр мæ бауырныдта, йæ иннæ дзырдтæ дæр æцæг кæй сты, уый.
    Стæй та бацыди, бæндæн рахаста æмæ бирæ дзауматæ бабаста. Æвзæр Мысырбимæ сæ радта æмæ, æцæг, бæндæны уæз дæр нæ кодтой.
    — Адон æцæг хорз хæзнатæ куы сты, — загъта Амран; стæй къæбицмæ бацыд æмæ дыууæ чырыны рахаста, сæ иуы сæр бакодта æмæ æцæг сызгъæрин æхцайæ йедзаг; иннæ чырыны сæр бакодта, уый дæр æвзист æхцайæ йедзагæй лæууы. Се 'ппæты дæр иу ранмæ æрæмбырд кодта æмæ сæ уыцы зæлдаг бæндæнæй бабаста. Се 'рцыдмæ Бадыри йæхинымæр загъта: «Æвæццæгæн мын Пакъуындзæ бахордта ме 'фсымæрты», – æмæ сын хистытæ фæкодта. Уалынджы Амран сбаста уыцы дзауматæ, ацыди æмæ иу изæрмилты уым балæууыд. Бадыри сыл куыд нæ бацин кодтаид!

Всеволод Миллер. «Осетинские этюды», часть I.
Ученые записки Имп. Моск. университета, вып. I, Москва, 1881, с. 58—68.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru