Главная > Даредзанты кадджытæ > Амран æмæ цуанон

Амран æмæ цуанон


5 октября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Даредзанты Амран зæххыл тых кæмæн не скодта, ахæм ын нал баззади. Æрмæст ма йын Хуыцау уыд æнæ фæлвæрдгонд, æмæ байдыдта хъавын Хуыцаумæ, кæм ыл æрхæст уыдзынæн, зæгъгæ.
    Уæд фæндагыл æрбацæуы Хуыцау йæ бæхыл бадгæйæ. Сæмбæлд Амраныл æмæ йæм дзуры:
    — Дæ фæндаг раст, Амран, мæ хæрæфырт!
    Амран æм дзуры:
    — Дæ хъуыддаг раст, мæ мадырвад! Рахиз-ма дæ бæхæй æмæ рахæцæм хъæбысæй, кæддæра нæ чи фæтыхджындæр уаид?
    Уæд æм Хуыцау фæхудти:
    — Амран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды. – Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амранмæ:— Уæдæ-ма мæм гъеуый сдæтт.
    Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæд æм Хуыцау фæмæсты, йемæ хъæбысæй кæй хæцыд, уый тыххæй, æмæ йыл дзуæртты бафтыдта. Уыдон Уæрсæджы хохыл бабастой Амраны.
    Афтæмæй Даредзанты Амран абон дæр Уæрсæджы хохыл бастæй лæууы лæгæты.
    Афæдзæй афæдзмæ йæ дуар иу гом кæны.
    Иу цуанон Дзудты Кудзи, ацыд цуаны Уæрсæджы хохмæ. Бараст кодта хохы комы æмæ бафтыд лæгæты дуармæ. Лæгæты дуар фегом и Хуыцауы зондæй.
    Бакасти, æмæ Даредзанты Амран æфсæн рæхыстæй баст, йæ быны та цъæх арт цъæх фæздæг уадзы. Йæ цæстытæ сты галы къæлæтыйæстæ, йæ цæнгтæ — хъæды стæвдæнтæ. Цуанон дзы фæтарст æмæ фæстæмæ рацæйлыгъди.
    — Тæрсгæ ма фæкæн æппындæр, æз Даредзанты Амран дæн æмæ мæм рацу æввахсдæр!
    Цуанон æм бацыди æввахс æмæ йæ афæрстытæ кодта рагон заманы хабæрттæй.
    — Уæртæ къулыл мæ кард ис, æмæ мæм æй æрбахæстæг кæн.
    Кардмæ бавнæлдта цуанон Дзудты Кудзи æмæ йæ змæлын дæр не скæнын кодта.
    — Мæ бон нæу уый райсын æмæ цы кæнон?
    — Дæ иу къухæй карды босыл хæц, иннæ къух æри ардæм.
    Цуанон йæ иу къухæй карды босыл ныххæцыд, иннæ радта Амранмæ. Æрбахæцыд ыл Амран йæхимæ, æмæ фæцæйскъуыдысты йæ цæнгтæ. Ныхъхъæр кодта Дзудты Кудзи:
    — Мæ цæнгтæ мын фескъуыныс!
    Феуæгъд æй кодта Амран æмæ йæм дзуры:
    — Цæугæ кæн тагъд! Уæларвæй рауадзгæ рæхыс кæд искуы зоныс, уæд мæм æй хæццæ кæн ардæм, усы хъæлæба дыл куыннæ сæмбæла, афтæмæй. Æз уын кæд аирвæзон, зæххон адæм, уæд уæ амонд æрцæудзæн.
    Кудзийæн уæларвæй рауадзгæ рæхыс йæхимæ уыд æмæ байдыдта уырдыгæй згъорын. Æрхæццæ сæ хæдзармæ, раппæрста сæ рæхыс æмæ йæ фæхæссы. Йæ ус æй куы федта, уæд æм фæсте ныхъхъæр кодта:
    — Кæдæм мын фæхæссыс мæ рæхыс?
    Афтæмæй хохы дуар сæхгæдта Амраныл æмæ баззад бастæй уым.

Радзырдта йæ Гуыбаты Дзакко. «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 205.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru