Главная > Даредзанты кадджытæ > Даредзанты Хъараманы фесæфт

Даредзанты Хъараманы фесæфт


5 октября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Даредзанты Хъараман куы райгуырд, уæд дзурын, мыййаг, нæ зыдта, фæлæ дуармæ рацыди.
    Уæйыг зылди, искуыцæй исты куы ахæссин, зæгъгæ. Хъараманы куы ауыдта, уæд æй йæ дæлармы акодта æмæ йæ йæ хæдзармæ ахаста.
    Уæйгуытæ уыдысты авд æфсымæры. Уыдон æрæмбырд сты сæ хæдзары, æмæ сын уæйыг загъта:
    — Æз бирæ фæзылдтæн æмæ иу гыццыл физонæггаджы йеддæмæ ницæуыл сæмбæлдтæн æмæ гъеуый æрхастон.
    Сæ хистæр сæм радзырдта:
    — Алæ-ма, фенын мын æй кæн.
    Бацыд йе 'рхæссæг æмæ хицæн уатæй Хъараманы рахаста.
    Сæ хистæр æй куы федта, уæд загъта:
    — Ме 'фсымæртæ, иу дзырд уын зæгъдзынæн, æмæ мын æй ма фæдæлдæр кæнут! Мах стæм авд æфсымæры, æмæ нын нæ ус ис, нæ нын зæнæг ис, æмæ ацы лæппуйы нæхицæн схæссæм: не 'гасæн æмхуызон хъæбул уыдзæн, кæнæ æфсымæр.
    Йæ кæстæртæ дæр уæлдай дзырд нал скодтой.
    Лæппуйы ныууагътой æнæргæвст. Сæхуыдтæг алырдæм зылдысты — чи цуаны, чи тыхгæнæг.
    Лæппу хъомыл кæнын байдыдта. Уæйгуытæ дæр æм зылдысты, уæдæ цы. Афтæмæй байрæзти.
    Уæйгуытæн ахæм фыд уыд, æмæ йын йæ авд лæппуйы йæ фат æмæ йе 'рдын нæ фæрæзтой æмæ сæ фарæстæм уаты æмбæхстæй дардтой. Æппын ын йæ дуар нæ кодтой. Хъараман куы бахъомыл, уæд хъуыды байдыдта: «А ме 'фсымæртæн куынæ сæ хуызæн дæн, куынæ мыл сæ сæры хуызæн сæр ис, куынæ мæ уынды хуызæн сæ уынд у, уæд афтæ цæмæн дæн?» Йæ буц зылд æппындæр ницæмæуал дары.
    Иу бон загъта: «Алæ-ма, ацы къуымты æрзилон, сæ мидæг цы ис, уый базонон. Аст уаты дуæрттæ мын конд сты, фæлæ уыцы фарæстæм уаты цы уыдзæн?»
    Бацыд уыцы фарæстæм хатæнмæ. Дæгъæл, мыййаг, кæм ссардта, йæ къахæй йæ батъæпп кодта: дуар базыгуым ис. Æркасти, æмæ дзы фат æмæ æрдын ис, æндæр ницы. Уый бадис кодта йæхинымæры: «Цымæ ай цы дзаума у? Ацы фидар æхгæд ыл дуæрттæ цæмæн уыдысты?»
    Дуармæ сæ рахаста йæ дыууæ къухы. Кæсы æмæ хъуыды кæны: «Ай цы дзаума у, уый куы нæ базонон, æндæр хос мын нæй». Æрхъуыды кодта йæ мидзæрды: «Ай циу, æз æй куынæ фехсон, æндæр хос мын нæй».
    Сифтыгъта йæ æмæ фехста.
    Авд æфсымæры æмбырдæй авд хохæн æддейæ уыдысты. Уыцы фаты фехстæй сыджыт нызмæлыд.
    Авдæй æмхуызонæй загътой:
    — Нæ хæдзармæ æрцыдис тыхгæнæг, уый нæ фыды фаты зыр-зыр уыди.
    Разгъордтой сæхимæ. Згъоргæ бæргæ кæнынц, фæлæ æрæджиау сæ хистæр загъта:
    — Хæлæфæй лæбурд нæ бæззы. Уый чи фехста, уымæн мах ницы ракæндзыстæм æмæ цъусгай бабæрæг кæнæм, чи у, цы лæг у, кæннод не 'виппайды лæбурдæй фæсмон фæкæндзыстæм.
    Йæ коммæ та бакастысты, сæ цыд фæуæззау кодтой æмæ се 'зæр бахастой. Сæ кæстæрæн загътой, иннæтæ фæстæдæр æрлæууыдысты:
    — Бацу æмæ бабæрæг кæн хæдзар. Кæд ма нæ лæппу удæгас у, уæд æй бафæрс, чи йæм æрцыд.
    Кæстæр хъуызгæ-хъуызгæ къæсæрæй кæсы сусæгæй: лæппу уæртæ йæхицæн хъазы, æндæр дзы никæй федта. Бацыди æмæ йæ фæрсы:
    — Абон нæм чи уыдис?
    Лæппу йын афтæ:
    — Æппындæр нæм ничи уыд.
    Уæйыг ын зæгъы:
    — Ау, уæдæ нæ фыды фат æмæ æрдын чи рахаста æмæ чи фехста? Æхгæд куы уыд йæ дуар, уæд æй чи бакодта, дæгъæл куы никæмæ уыди?
    Лæппу йын загъта:
    — Æз уыдтæн йæ фехсæг. Куыд фидар æнхъæлдтай дуар, афтæ фидар нæ уыд, — мæ къахæй йæ бакъуырдтон, æмæ æрызгъæлди.
    Уæйыг æм дзуры:
    — Омæ фат æмæ æрдын кæимæ рахастай дуармæ?
    — Цы диссаг рахæссинаг уыдысты? Æз сæ мæ кæстæр къухæй далæ коммæ дæр фехстаин. Уыдонæн мæ цæй æмбал хъуыди?
    Уæйыг раздæхти фæстæмæ æмæ сæ радзырдта йе 'фсымæртæн. Сæ хистæр сæм радзуры:
    — Гъе, ме 'фсымæртæ, уыимæ махæн цæрæн нал ис, фæлæ фæлидзæм дардмæ, ныууадзæм ын нæ хæдзар, нæхуыдтæг нæ сæртæ бафснайæм.
    Уæйгуытæ фæлыгъдысты. Баззад Хъараман иунæгæй. Æнхъæлмæ ма сæм кæсы æмæ сæ хæдзары цæры. Куынæуал æм цыдысты, уæд, æвæццæгæн, стонг дæр баци æмæ йæхицæн зæгъы: «Уыдон мæ ныууагътой, æмæ цы кæнон. Акæсон æддæмæ».
    Иу ставд лæдзæг сарæзта æмæ йæ йемæ рахаста. Нæ зыдта, уыцы авды йеддæмæ искуы змæлæг исты ис, уый. Рацыди, рараст и.
    Уæйгуытæн сæ калакмæ ныццыдис æмæ йæхинымæры загъта: «Æз афтæ куы 'нхъæлдтон, æз кæй уыдтон, уыдон йеддæмæ змæлæг никуы ис, æмæ ам æгæр бирæтæ дæр ма куы ис».
    Хъараман смæсты уыцы уæйгуытæм. «Æммыст, мæ тых циу, уый куы зонин! Адоныл куы фæтых уаин, уыйбæрц тых мæм куы разынид, уæд сæ иу дæр нал ныууадзин. Цæмæй равзарон мæ тых, уый куы базонин».
    Йæ зæрдæйы хъуыды байдыдта æмæ загъта: «Дæлæ быдыр фосæй йедзаг у, гал дæр æмæ къамбец дæр. Уыдон бастигъон æмæ сæ кæрæдзийыл сбийон æмæ уæйгуытæй иу-фараст иуырдыгæй ахæцын кæнон, иннæрдыгæй иунæгæй мæхæдæг».
    Ныццыди йæ зæрдæйы тæрхоны фæдыл, ныццагъта дзы иу-фондз æмæ ссæдз, астыгъта сæ; йæхæдæг сыздæхы уæйгуытæм, рацæут, фæкæсут мæм, бæхахсæн мæ хъæуы æмæ уый абийынмæ, зæгъгæ.
    Уæйгуытæ йæм куы бакастысты, уæд æм дзурын нал суæндыдысты. Уæйгуытæ кæрæдзимæ дзурынц:
    — Цомут ацы дзæбæх лæппумæ фæкæсæм.
    Ацыдысты йемæ иу-фынддæсæй. Фондз æмæ ссæдз къамбец æмæ галдзармы иууыл рæхсæнæн скарста æмæ сæ иумæ сбыдта. Быд ын куы фæци, уæд уæйгуытæн загъта:
    — Йæ иу кæроныл мын ахæцут, æмæ йæ аивазон, кæннод йæ быд зыхъхъыртæ, къуымтæ у.
    Уæйгуыты фынддæсæй йæ иу кæроныл ныххæцын кодта, иннæрдыгæй иунæгæй йæхæдæг ныххæцыд. Уæйгуытæм адзуры:
    — Гъеныр уæ тых-уæ бонæй ахæцут!
    Уæйгуытæ ахæцынц, Хъараман иунæгæй рахæцы, хæрз рæуæгæй сæ æрбаскъæфы.
    Куы базыдта йæ тых, уæд фынддæсы уым æрбацæгъды.
    Фæстæмæ сæ калакмæ ссæуы, кæйдæриддæр баййафы, йæ тымбыл къухæй сæ фæцæгъды. Чи ма дзы лидзгæйæ аирвæзти, иннæтæй удæгас нал ныууагъта. Калак иууыл ныппырх кодта, йæхæдæг фæстæмæ раздæхт. Йæхицæн загъта: «Æз ацы куыйты хæдзармæ нал бацæудзынæн, фæлæ ацы бæсты зилдзынæн».
    Рацыди дын хъæдмæ йæ лæдзæджимæ. Хъæды сырд арæх уыд. Сырдтæ цæгъдын байдыдта. Йæ хъару æмæ йæ лæдзæгæй йæхицæн сырддзæрмттæй хъæды халагъуд сарæзта.
    Иу калачы мæликкæн тыхджын богал уыди, йæ ном хуынди Барамдзыбыл. Уый дардта æфсæдтæ æмæ афтæмæй цыди хæстмæ. Хъараман алы бон дæр æфцджытыл, хъæдтыл зылди цуаны.
    Афтæмæй иу бон Барамдзыбыл рацæуы æд æфсæдтæ хæстмæ. Хъараман сæ суыдта æмæ дис кæны, цы сты адон, цы хуызæн сты?
    Сæ размæ йæхи æрбаласта. Уæд æй Барамдзыбыл ауыдта æмæ йæ зæрдæ тыхджын ныррухс ис: «Ацы лæг уæгъды нæ уыдзæн, æрцахсдзынæн æй æмæ йæ мæликмæ ныккæндзынæн. Уымæй хуыздæр бузныг мæ ницæмæй фæуыдзæн». Бацæуынц Хъараманмæ.
    Хъараман сæм йæ лæдзæджы æнцойæ æнцад кæсы. Цы сты, ууыл дис кæны.
    Барамдзыбыл йæ бæх баскъæры æмæ йыл фæхъæр кæны:
    — Цы лæг дæ, уый мын зæгъ!
    Хъараман Барамдзыбылы куы ауыдта, уæд йæ зæрдæйы ныдздзуры: «Æз кæд дæн, уæд уыдзынæн адонæй».
    Барамдзыбыл дæр æм куы бакæсы, уæд зæгъы йæхицæн: «Æммыст æй нæ бафарстаин, чи дæ, уымæй. Ай мæм кæсы нæхи хуызæн». Барамдзыбыл саламæй дзуры:
    — Чи дæ, уый мын бацамон!
    Хъараман уый дзырд не ’мбары æмæ йын уæйгуыты æвзагæй зæгъы:
    — Æз дын де 'взаг не 'мбарын æмæ дын цы дзуапп радтон, уый нæ зонын!
    Барамдзыбыл æй бамбæрста æмæ йæхицæн загъта: «Ацы лæджы ахсын мæнæн мæ бон нæ бауыдзæн». Йе ’фсæдтæм дзуры:
    — Ацы лæджы мах не ’рцахсдзыстæм, фæлæ фæстæмæ аздæхæм æмæ йæ мæликкæн зæгъæм.
    Аздæхы æд æфсæдтæ, ныццæуы мæликмæ. Мæликкæн радзуры:
    — Ахæм лæг ныл сæмбæлди, æмæ уымæн тыхæй ницы ракæндзыстæм. Уый дæ къухы куы уаид, æппындæр дын уæд Хуыцау ницыуал ракæнид.
    Мæликк ын зæгъы:
    — Омæ йæ цæуылнæ ракодтай?
    Барамдзыбыл зæгъы:
    — Не ’взагæй æппындæр ницы æмбары, фæлæ йæм хæстхуыз нæхи куы скодтаиккам – удæгасæй нæ иу дæр нал рауагътаид.
    Мæликк дзуры:
    — Гъемæ уæдæ ныр куыд бакæнæм?
    — Кæд мын бар дæттыс, уæд æм тыхджын хæцæгæй ныллæг сæр бадарæм, æмæ уæд рацæудзæн нæ фæдыл.
    Мæликк ын зæгъы:
    — Куыд дæ фæнды, афтæ бакæн, æрмæст мын æй уынын фæкæн.
    Барамдзыбыл йе’фсæдтыл фæхъæр кодта:
    — Алчи уæ йæ бæхы дымæг ралыг кæнæд йæ чындзийы æмхуызон æмæ мæ фæдыл рацæут!
    Иууылдæр сæ ралыг кодтой. Барамдзыбыл сæ разæй араст æмæ ссыди Хъараманмæ. Барамдзыбыл уæйгуыты æвзагæй цъус æмбæрста æмæ йæм бадзуры:
    – Махæн ис мæликк æмæ мæ хонæг сæрвыста, — уыцы лæджы мын æркæнут æмæ мын æй фенын кæнут.
    Хъараман йæхицæн зæгъы: «Цымæ мæликк та цы уыдзæн? Цæй æмæ йæ фенон, мæнæй тыхджындæр уа, уый базонон».
    Æвзаг нæ зоны, фæлæ сæ разæй рараст и, æмæ æфсад йæ фæдыл раздæхтысты.
    Барамдзыбыл базыдта: «Ай мæ коммæ бакасти æмæ мемæ цæуы». Йæ бæхæй агæпп кодта æмæ йæ размæ бауад.
    Хъараман уæйгуыты æвзагæй дзуры:
    — Дæ бæх мæн нæ афæраздзæн.
    Барамдзыбыл уыйбæрц не’мбæрста уæйгуыты æвзаг, æмæ афтæ фенхъæлдта, нæ мыл æрвæссы, йæ худ фелвæста æмæ йæ саргъы баз æрхоста.
    Хъараман æй бамбæрста, бæхыл абадти, æмæ йæ астæу асасти бæхæн.
    Хъараман Барамдзыбылæн йæ цонгыл ныххæцыд æмæ йын къухæй амоны: «Иумæ ацæуæм фистæгæй».
    Цæуынц ныр мæликмæ. Мæликк сæм дардæй кæсæнцæстæй касти. Хъараманы хуыз куы федта, уæд йæ искæйуæттæм бадзырдта:
    — Тагъд мæ файтон, æмæ уыцы лæджы размæ ацæуон!
    Абадти мæликк файтоны, бацыди йæ размæ. Нымд кæнынмæ.
    Рацыдысты иумæ, йæ хæдзармæ æрбацыдысты мæликкæн.
    Мæликк Радзаммæ бадзырдта:
    — Дыууæ дзырды мын ацы лæгæн зæгъ.
    Мæликк ын зæгъы Хъараманæн:
    — Хъыг дæм ма фæзынæд ме’взаг, дæ бафæрсын, — уæйгуыты æвзагæй йæ бафарста: — чи дæ, кæмæй дæ?
    Хъараман ын цыбырæй загъта:
    — Мæн уымæй ма бафæрс. Æз уæйгуытимæ схъомыл дæн гыццылæй фæстæмæ. Мæхи куы базыдтон, уæд уыдон хуызæн нæ уыдтæн, æмæ сæ уый тыххæй рацыдтæн. Сымах стут мæ хуызæн æмæ æз уæхи фæрсын: кæцы дæн æмæ кæмæй дæн?

Радзырдта йæ Джусойты Кудза. «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 212-215.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru