поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Зджыды рæсугъд
Автор: 00mN1ck / 16 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Хицæн кадджытæ
     Раджыма-раджыма цардысты æмæ уыдысты Зджыды хъæуы Æрхуы Мæсыджы лæг æмæ ус. Уыдонæн уыдис иунæг чызг, хæргæ дæр æмæ цæргæ дæр кæмæн кодтой, дзыллæтæ та Зджыды Рæсугъд кæй хуыдтой.
     Зджыды Рæсугъдæн амардысты йæ мад æмæ йæ фыд, йæхæдæг баззад цæргæйæ Æрхуы Мæсыджы.
     Сæрхызт адæймаг уыдис чызг, нæдæр æмгар сгæрста, нæдæр хъæлдзæгдзинад агуырдта чындзæхсæвты, цины миты. Фæлæ кæд йæхи никæмæ æвдыста,адæмы æхсæнмæ кæд æмæ никæд цыд, уæддæр йæ рæсугъддзинад нæ басусæг.
     Уынджытæ йæ цæуылнæ фæцадаид йæ сыхæгтæй, хъæубæстæй, æмæ цадæггай йæ рæсугъды кой кæмтты, сыхаг бæстæты айхъуыст.
     – Дун-дунетыл дæр ахæм рæсугъд нал разындзæн, æвæццæгæн, æвзæргæ дæр нал ракæндзæн, – дзырдтой адæм.
     Æмæ йæ курджытæ сарæх сты. Канд лæппулæгтæ нæ, фæлæ ас лæгтæ, зæрæдтæ дæр ыл дзурын байдыдтой, кæд, мыййаг, сæ искæй хай фæуид. Фæлæ адæмы хæрзæджытæй йæхи никæмæн аккаг кодта Зджыды Рæсугъд.
     Уæд иуахæмы усгуртæ, цыма иумæ дзырдгонд уыдысты, уыйау уыцы иу рæстæджы Æрхуы Мæсыджы раз стыр фæзы æрæмбырд сты. Сæ хъарутæ, лæджыхъæдтæ куыд бавзарой, кæд, мыййаг, исчи йæ зæрдæмæ бацæуид æмæ йæм чындзы дæр фæцæуид.
     Æвзаргæ фæсивæд уыдис ацы ран алы бæстæй, алы кæмттæй, Биаслантæй, зæгъай, Имеретæй, Дыгургомæй æмæ æндæр рæттæй.
     Зджыды Рæсугъды кой суанг Азийы кæмттæм дæр айхъуыст.
     Уыцы ран Сарийы хъæуæй иу сариаг баздæхт æмæ рараст вæййы Зджыдмæ. «Комгæ дæр мын нæ бакæндзæн, кургæ дæр æй нæ кæнын, фæлæ уыцы номдзыд рæсугъды мæ иу цæстæй уæддæр фенон, кæнæ дыккаг мард кæндзынæн мæрдты бæсты», – дзырдта сариаг.
     Æмæ уый дæр Æрхуы Мæсыджы раз стыр фæзы æрбастад. Йæ уæлæ урс нымæтæй куырæтгонд, рæтыд фæсмынæй рон, йæ сæрыл хæлынхуд, йæ къæхтыл сæгъдзармæй æрчъитæ, сæныкдзармæй йыл зæнгæйттæ.
     – Мæнæ ма ныл иу усгур æрбафтыд, – худтысты хъал фæсивæд, – дæхи нæм хæстæгдæр æрбалас.
     Æмæ уыцы ран утæппæт фæсивæд, дунейы хъалтæ æвзарынтæ байдыдтой сæ лæджыхъæд. Райдианы сын бацайдагъ кафт, симд. Стыр фæзы рыг калди мигъы къуымбилтау. Кафт фесты хъал фæсивæд – Зджыды Рæсугъды курджытæ. Уæд хатынц сариаг урс куырæтджынмæ дæр:
     – Скаф ды дæр, уазæг, ныр та дæ рад у.
     – Мæ хъару равдисинаг дæн æз дæр, хорз адæм, – загъта сæгъдзармæрчъиджын.
     Æмæ кафынтæ байдыдта, дзыллæ йæм кæрæдзийы уæхсчыты сæрты кæсынтыл фесты. Хъæубæстæ йæм фезгъордтой алырдыгæй.
     – Амæй аивдæр нал скафтæуыдзæн, – загътой дзыллæтæй иутæ.
     – Амбылдта йæ кафтæй! – загътой иннæтæ.
     Æмæ байдыдтой зарын.
     Фæзарыдысты хъалтæ, куыннæ дзы разындаид хъæлæстæ, аив зарджытæ.Фæлæ та мæнæ ралæууыд хæлынхудджыны рад дæр. Æмæ байгом кодта йæ хъæлæс. Хъусынтыл æм фесты фæсивæд стыр фæзы, хъусынц æм цыппæркъахыг фос, сырдтæ, мæргътæ, суанг ма йæм хæхтæ дæр хъуыстой: аив зарæг азæлыди кæмтты фæхсты, къæдзæхты сæрты.
     Æмæ та загътой хъусджытæ:
     – Зарынæй дæр рамбылдта сариаг усгур.
     Уæд æвзарын байдыдтой дзырдарæхстæй, зондæй сæхи.
     Тæрхоны æрбадтысты усгур хъал фæсивæд, тæрхоны бацыдысты ас лæгтæ, зæрæдтæ дæр. Рабæрæг се 'хсæн бирæтæн, иттæг чи арæхст дзурынмæ, цыргъæвзаг, арф зонды хицау чи уыди. Фæлæ дын дзурынтæ систа фæсмынронджын, – дзыллæ йæм хъусынæй нал æфсæстысты, хæлиудзыхæй йæм кастысты, афтæ адджын уыдис йæ дзыхыныхас. Æмæ та иу лæджы хуызæн сдзырдтой:
     – Ай хуызæн дзургæ никуы æрцыдис, ахæм тæрхон никæд ничи скодта, раст ма Хъанымæты тугæн цы тæрхон арæзт æрцыд, уымæй дæр растдæр æмæ аивдæр.
     Тæрхонæй дæр та амбылдта сариаг.
     Уæд æм Æрхуы Мæсыджы бадæг Зджыды Рæсугъд йæхи равдыста мæсыгæй æмæ йæм æрдзырдта:
     – Уазæг, æрбацу мæсыгмæ хæстæгдæр, дæ фæсонтæ ацырдæм раздах.
     Уазæг Æрхуы Мæсыгмæ йæхи бахæстæг кодта, йæ фæсонтæ раздæхта Зджыды Рæсугъдмæ.
      Уыцы ран ын Зджыды Рæсугъд йæ фæсонтыл мæй æмæ хуры ныв ацарæзта, стæй йæм æрдзырдта:
     – Дæлæ уал мæ уазæгдонмæ бацу, исты дæ дзыхмæ схæсс, дæ фæллад дæр суадз, дардæй фæцыдтæ.
     Хъал фæсивæд бамбæрстой, Зджыды Рæсугъд йæхицæн равзæрста æрчъиджыны, æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты.
     Сариаг æмæ Зджыды Рæсугъд лæг æмæ усæй æрцардысты Æрхуы Мæсыджы.
     Бирæ нæма рацыдис, афтæ Зджыды Рæсугъд фæрынчын ис æмæ æрсад йæ хуыссæны. Йæ лæг сагъæсы бацыд, æмризæджы ризы, исты, мыййаг, куы 'рцæуа йæ рæсугъд, йæ номдзыд æфсиныл.
     Хосгæрдæнтæ ралæууыдысты. Зджыды хъæубæстæ сæхи барæвдз кодтой фæззæджы куыстытæм. Фидиуæг ныхъхъæр кодта:
     – Сомбон хъæубæстæ хæдзарæн лæгæй Æхсынцъыйагмæ хосгæрдынмæ цæуынц, чи нæ рацæуа, уый уыдзæни иваргонд, йæ гал ын æргæвддзысты хъæугуывдæн.
     Авдыссæдз хæдзарæй нудæс æхсæзыссæдз хосдзауы фæсæфцæг Æхсынцъыйаг уыгæрдæнмæ араст сты æд кусæнгæрзтæ, æд хæринаг, æд нозт. Зджыды Рæсугъды сæрыхицау йæхи бафæстиат кодта йæ рынчын бинойнагмæ фæкæсыны тыххæй.
     Уæд рынчын дзуры йæ сæрыхицаумæ:
     – Хъæубæстæ хæдзарæн лæгæй Æхсынцъыйаг уыгæрдæнмæ араст сты хос кæрдынмæ. Æрмæст мах хæдзарæй нæ ацыд лæг. Æмæ дæуæй уый куы нæ ацæуа, уæд нын иуæй нæ гал аргæвддзысты, аннæмæй æфсæрмы бынаты баззайдзыстæм.
     – Æмæ уæд дæу кæй æвджид ныууадзон? Фæлтау нын нæ гал дæр, нæ фос дæр иууылдæр бахæрæнт, уæддæр дæу иунæгæй ныууадзинаг нæ дæн.
     – Мæнæн дæр мæ ныхылфыст цы фæци, уый æййафдзынæн, æнæ адзал мæлæт нæй, адзалæн та мадзал нæй, фæлидзæн дзы никæдæм ис, ноджы арвы раконд – арвы сой.
     Лæг ницыуал загъта, æрæджиау йæ цæвæг, йæ хардз йе 'ккой, афтæмæй уый дæр араст, рынчынмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ. Æрталынгтæ, афтæ Æхсынцъыйагмæ бахæццæ. Тарф фынæйæ хуыссынц фæллад хосдзаутæ, иуæй-иутæн дзы сæ хуыр-хуыр цæуы. Зджыды Рæсугъды лæг баздæхт æмæ йæ хæрд, йæ нозт бафснайдта, ходон ссонæй хуыскъцыргъ скодта йæ цæвæг æмæ уыгæрдæны кæрон æрлæууыд. Кæрдынтæ байдайы, кæрдынтæ.
     Мæйрухс боны хуызæн, æмæ сæудармæ йæхиуыл кæм бацауæрста зæрдæрыст хосдзау.
     Хурты-хурзæрин нæ хæхты бæрзæндтæ йæ сыгъзæрин тынтæй куы ныццæвы, афтæ уый дæр карсты кæрон йæ цæвæг æрсадзы, кæрдæг йæ быны лыстæнæн æркæны, афтæмæй йæхи æруадзы, нымæтæй йæхи бамбæрзы.
     Хосдзаутæ иугай-дыгай хъал кæнынц. Кæсынц æмæ – диссæгтæ-æрдхæрæнтæ. Сæ карсты фарсмæ ноджы иу ахæм карст Æхсынцъыйаг уыгæрдæнæй.
     – Оххай! Ай та ма уæд цавæр диссаг уа? Уæдæ зæдтæ æмæ дауджытæ уыдаиккой, æмæ уыдон цæвджытимæ афтæ куы нæ арæхсынц, кусгæ дæр куы нæ кæнынц, æрмæст фæллойгæнджыты хусысмагæй куы цæрынц. Уæдæ дæлимонтæ дæр нæ уыдзысты, фыдбылызæй фæстæмæ уыдон дæр мæгуыр лæгæн никуы ницы æххуыс фесты.
     Уæд сæ иу-чидæр уыгæрдæны кæронмæ фæкаст, цæвæг æмæ дзы нымæт ауыдта.
     – Цыдæриддæр у, уæддæр уыцы цæвæджы хицау уыдзæн не 'нæзонгæ зиууон. Цымæ чи уа? Базонын æй хъæуы.
     Иугæйттæй сæ ныфс нæ хастой æмæ ссæдзæй багуппар вæййынц, аивæй йæм фæхъуызынц тæрсгæ-ризгæйæ. Уыцы хъавгæйæ нымæты кæрон сисынмæ сæ ныфс бахастой. Кæсынц: Рæсугъды лæг. Фырцинæй йæ райхъал кæнынц, сæ бынатмæ йæ æрхонынц, хорз æй фенынц, уый фæстæ йæм хатынц:
     – Æхсæны куыстæй дыл цы æмбæлд, уымæй сæдæ хатты фылдæр бакодтай, махæн не'ппæтæн цы бантыст, уыйбæрц дæуæн иунæгæй бантыст. Ныр дæ курæг стæм, æмæ фæстæмæ хъæумæ аздæх, дæ рынчын иунæг у, æмæ йæм фæкæс. Дæхи фæндиаг дын уæд. Мах ацы ран Æхсынцъыйаджы нæ куыстытæ бакæндзыстæм, карст бассивдзыстæм, мæкъуылтæ йæ самайдзыстæм.
     Арфæ ракодта, йæ цæвæг йе 'ккой баппары, йæхæдæг араст тындзгæ йæ хæдзармæ. Цæуы, цæуы æмæ Хъивоны æфцæгмæ куы схæццæ, уæд фæрсы рæгъаугæсты:
     – Зджыды Рæсугъдæй цы базыдтаиккат?
     – Æртарф и, – загътой рæгъаугæстæ.
     Цæуы дарддæр æмæ Дзæбидыры хохы сæрмæ 'рбахæццæ. Уыцы ран фæрсы хъомгæсты:
     – Зджыды Рæсугъдæй цы хъусут?
     – Ахъаззаг нал у, – загътой хъомгæстæ.
     Араст та ис Дзæбидыры хохы сæрæй дæр æмæ Хъивоны Дуармæ бахæццæ. Ацы ран ын родгæстæ загътой:
     – Рухсаг уæд! Зджыды Рæсугъд йæ дунейæ ахицæн.
     Лæг уый куы фехъуыста, уæд цæвæгæй цæвæгхъæд феппæрста æмæ дзы йæ сæр хойын байдыдта, сæрæн йæ туджы пырх калдис. Кæртмæ бацыд, уым ын дзыллæ рахъыгтæ кодтой. Лæг кæсы, æмæ иукъорд адæймаджы табæт аразынц иунæг адæймагæн.
     – Æнæхъиамæт ут, уæ фæллойæн уын Хуыцау баххуыс кæнæд, фæлæ мæ уæ хорзæх уæд, табæт дыууæйы фаг скæнут. Æз мæхицæн цæрын аккаг нал кæнын.
     Табæт дыууæйы фаг скодтой, мæрдты фæндагæн ын цы 'мбæлди хионтæй дæр, æнæуи адæмтæй дæр мардæн, уыдон сæххæст кодтой æмæ йæ зæппадзы бавæрдтой.
     Зджыды Рæсугъды лæг цыппар мыдадзын цырагъы зæппадзмæ бахаста, чырыны фисыныл сæ ныссагъта, йæхæдæг чырыны æрбынат кодта æмæ кæуынтæ-æрдиаг байдыдта йæ зынаргъ æфсин Зджыды Рæсугъдыл.
     Мæствæлладæй арæдзæ-мæдзæ кодтаид, афтæ дын мæнæ иу калм кæцæйдæр фæзынди, фæзынд æмæ мардæн йæ зæнджы хæцъæф хæрынмæ бавнæлдта. Лæг хъама фелвæста æмæ дзы калмы дыууæ фæхауын кодта. Калмæн йæ сæрырдыгæй хай цыдæр æрбаци, фæлæ уайтагъд фæстæмæ æрбахылд, урс фæрдыг йæ дзыхы. Дыууæ лыджы кæрæдзимæ ацарæзта, урс фæрдыгæй сæ расæрфта, æмæ калм цы уыди, уый фестад. Лæг дын æм фæлæбурдта, калм фæтарст æмæ йæ сæр йæ кой фæцис, фæрдыг зæппадзы аззад.
     «Ацы калм кæмæй сдзæбæх, кæмæй сног, уый ме'фсины мардæн дæр хъуамæ хосæн сбæзза», – загъта лæг йæхинымæр æмæ урс фæрдыг мардыл куы иуырдæм, куы иннæрдæм æрсæрфы. Мард дын æрыхъал æмæ дзуры:
     – Офф-оф! Цæй бирæ фæхуыссыдтæн!
     – Дзæбæх хуыстæй нæ хуыссыдтæ, нæхион, – сдзырдта лæг.
     Зджыды Рæсугъдæн йæ рынчын, йæ тухитæ æрбалæууыдысты йæ зæрдыл. Лæг æмæ усы цинæн кæрон нал уыд.
     Зæппадзы рæзты цæуы хъæдмæ фæндаг, æмæ йæм хъæддзаутæ куы баввахс сты, уæд джихтæ кæнын байдыдтой.
     – Диссаг та куыд нæ у, знон Зджыды Рæсугъды бавæрдтам, абон та дзы хъазт æмæ худын цæуы.
     Бакастысты зæппадзмæ: Зджыды Рæсугъд æмæ дзы йæ сæрыхицау цинтæ, мондæгтæ кæнынц. Хъæддзаутæ дæр сыл куыд нæ бацин кодтаиккой, рахуыдтой сæ хъæумæ æмæ фæндагыл сæ урс фæрдыг ахауд. Хъæубæстæ куывд сарæзтой, иннæ абонæй дзы иннæ абонмæ минасы фæбадтысты заргæйæ, кафгæйæ, ирон симд кæнгæйæ.
     Зджыды Рæсугъдæн æмæ йæ сæрыхицауæн зæнæг рацыд, бирæ фæцардысты кад æмæ радæй.
     Урс фæрдыджы кой Персы шахмæ байхъуыст. Уый æфсæдтæ рарвыста. Зджыды зæхх, урс фæрдыг кæм ахауд, уыцы ран æй сыхырнайæ балуæрстой, фæлæ фæрдыг нал фæзынд.
     Æфсæдтæ цы ран балуæрстой, уыцы ран абон дæр хонынц «Луæрстытæ».

Радзырдта йæ Габолаты Микъала, 60-аздзыд.
«Ирон адæмон сфæлдыстад», хрестомати, Дзæуджыхъæу, 1949, ф. 324–330.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru