поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Æхсарджын Æмзорыхъойы таурæгъ
Автор: 00mN1ck / 16 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Хицæн кадджытæ
     Фыццаг заманы адæм хаттысты алы хæтæнты. Баслианты мыггаг уыцы заманы уыд хъуыстгонд йе 'хсардзинадæй. Иуахæмы сфæнд кодтой ацæуын тых кæнынмæ æмæ æрæмбырд сты хъазæн фæзмæ уынаффæ кæнынмæ. Уый фехъуыста се стыр хæрæфырт Æмзораты Æмзорыхъо. Йæ саулох бæхыл саргъ бангом кодта, æрбацыд йе стыр мадырвадæлтæм Баслиантæм æмæ сæм бадзырдта:
     – Уæ бон хорз, ме стыр мадырвадæлтæ, æмæ фарн уе 'мбырды!
     – Æгас нæм æрцу, не стыр хæрæфырт Æмзорыхъо! – æмдзыхæй йын загътой йæ мадырвадæлтæ.
     Æмзорыхъо сын бамбарын кодта, кæй фехъуыста, йæ мадырвадæлтæ хæтынмæ цæуынц, уый, æмæ йæ кæй фæнды семæ ацæуын.
     – Абон, майрæмбоны, бакодтам уынаффæ, иннæ майрæмбоны цæудзыстæм хæтынмæ. Бафæрсдзыстæм нæ мыггаджы æмæ, кæд сразы уой, уæд дæ акæндзыстæм кæстæрæн,– загътой йын уыдон.
     Æрцыдис дыггаг майрæмбон. Баслиантæ æмбырд кæнын байдыдтой хъазæн фæзмæ сæ балцы фæндагмæ. Баслианты мыггаджы сæр Баслиан дæр фæзынд уалынмæ сæ хæрæфырт Æмзорыхъоимæ. Æрбамбырд кодта мыггаджы æмæ сын загъта йæ фæндон, цæмæй сæ хæрæфырт Æмзорыхъойы акæной семæ кæстæрæн, кæд, мыййаг, æппын ницæмæн бæзза, уæд та йæ бынатгæсæн акæнæнт семæ, зæгъгæ. Æмзорыхъомæ та уыд, æгас Баслианты мыггагмæ цы тых уыд, уый, фæлæ йæ уыдон нæма зыдтой.
      Араст Баслианты мыггаг хæтынмæ. Фæхæццæ сты иуафон Æрджынарæгмæ. Бацагуырдтой уым хъæдæн йæ тарфдæр ран æмæ уым æрбынат кодтой. Сарæзтой дзы мусæнгтæ æмæ уырдыгæй фæцыдысты фæйнæрдæм хæтынмæ. Æрджынарæджы уыд стыр цад, æмæ Дзлаты æртæ æхсинæджы тахтысты уырдæм алы бон дæр сæхи найынмæ. Иуахæмы æрбахауд уыцы цады размæ Æмзорыхъо. Уыцы рæстæг та Дзлаты хотæ ратахтысты сæхи найынмæ. Æмзорыхъо сæ бафиппайдта æмæ сæм дисгæнгæ фæкаст бонсауизæрмæ.
     Баслианты мыггаг хъуыстгонд куыд уыди, уымæ гæсгæ сæ иуахæмы æххуыс æнхъæл агурæг ацыд мæхъæлон лæг Парсиаты Юсуп, уый авд мыггагæй уыди туджджын. Бирæ сæ фæагуырдта, æмæ сæ куы нæ ардта, уæд æрбынат кодта Æрджынарæджы сæрмæ. Æмбисæхсæвтæ куы уыд, уæд кæсы, æмæ Æрджынарæджы æддейæ фæзынд стыр арт. Юсуп бамбæрста, уыдон Баслиантæ кæй сты, уый æмæ сæм ацыд. Куы ныххæццæ æмæ сæ куы федта хъæдæн йæ тарфы, уæд йæ сæрмæ нал æрхаста æххуыс бацагурын, фæлæ сын бакодта уайдзæф, ома, дам, хуыйы куы фæцæф кæнай, уæд, дам, уый дæр хъæдæн йæ тарф агуры. Уый уыд Баслиантæн стыр уайдзæф, уымæн æмæ сæ æхсардзинадæй уыдысты дзыллæтыл хъуыстгонд. Уыцы уайдзæфмæ гæсгæ сæхимæ æгад æркастысты æмæ сфæнд кодтой сæ бынат аивын. Куы 'рбабон, уæд æрбацыдысты Æрджынарæджы сæр уæлвæзмæ, скодтой та уым ног мусæнгтæ æмæ уырдыгæй цыдысты хæтынмæ. Æмзорыхъо та уыд бынатгæс. Иу хатт куы уыд, уæд та Æмзорыхъо сбадт бæхыл æмæ æрбацыд цадмæ æхсинæджыты фенынмæ. Йæ бæх суагъта цадмæ хæстæг, былгæрон. Йæ саргъ йæ сæры бын бакодта, æфтаугæ йæ быны, нымæт та йæ уæлæ бамбæрста, афтæмæй æрхуыссыд уым. Иу рæстæг æй Дзлаты æртæ хойæ сæ астæуккаг бафиппайдта æмæ йæм бацыд. Куы йæ федта, уæд аздæхт æмæ радзырдта йæ хотæн, зæгъгæ, дам, былгæрон замманай рæсугъд лæппу мардæй лæууы. Уыцы ныхæстæм хистæр хо фæгæпп кодта æмæ ныхъхъæр кодта:
     – Æнхъæлдæн æмæ ацал-ауал азы кæмæ æнхъæлмæ кæсын, уыцы Æмзораты Æмзорыхъойыл цыдæр бæллæх æрцыд! – зæгъгæ. Дзлаты хистæр æхсинæг зыдта, хъуыстгонд Æмзоратæм райгуырдзæн лæппу, йæ ном Æмзорыхъо, зæгъгæ, æмæ загъта, кæй фæбаддзæн, уый цалынмæ сыстыр уа, уæдмæ, æмæ мой кæй скæндзæн æрмæстдæр уымæ. Æрбацыд цады былмæ æмæ, лæппуйыл цы нымæт уыд, уый куы схъил кодта, уæд ын лæппу йæ къух ацахста. Æхсинæг ын бамбарын кодта, цыфæнды куы уа, уæддæр уый кæй уыдзæн æмæ цæмæй бахиза йæхи дæр æмæ уый дæр худинагæй. Æхсæвæрафон æрбацыд Æмзорыхъо сæ бадæнмæ, Баслиантæ куыд цыдысты, афтæ йын уайдзæф кодтой, зæгъгæ, дам, бынатгæсæн дæр нæ бæззыс, æндæр дæ мадырвадæлтæн се 'рцыдмæ хæринаг уæддæр скодтаис. Æфхæрд æм æрхауд мыггаджы хистæр Баслианæй дæр. Уыцы æфхæрдтыты фæстæ Æмзорыхъо йæ сæрмæ нал æрхаста Баслиантæм ныллæууын æмæ араст Дзлаты мæсыгмæ æхсинæгмæ. Æхсинæг ма цасдæр фæхъуыды кодта, стæй бауынаффæ кодта Æмзорыхъойæн йæ хъæбатырдзинад бавзарын æмæ йын загъта, цæмæй ацæуа, цыппæрдæс моллойы æмæ цыппæрдæс хадзыйы кæм ламаз кæнынц, ахæм ранмæ. Уыдонмæ уыдис бæхтæ, æмæ цалынмæ уыдон ламаз кодтаиккой, уæдмæ сын хъуамæ уый ратардтаид сæ бæхтæ. Йæ ныфс бахаста Æмзорыхъо уыцы хъуыддагмæ æмæ араст, æхсинæг ын кæдæм бацамыдта, уырдæм. Уыцы ран моллотæ æмæ хадзытæ æцæгдæр кодтой ламаз. Бæхты къæхтæ уыдысты баст. Уый сæ суæгъд кодта æмæ сæ ратардта. Уыцы рæстæг æм æхсинæг касти арвайдæнæй æмæ лæппуйы уыдта, кæм фæнды куы уыдаид, уæддæр. Афтæмæй аст æмæ ссæдз бæхы æрбатардта Дзлаты кæртмæ. Уыцы фæлварæн куы сæххæст кодта, уæд та йæ арвыста иу фурды æддемæ, уыцы ран уыдысты арабты рæгъæуттæ. Сæ рæгъаугæстæ та уыдысты æфсæндзых уырсытæ. Уыцы рæгъæуттæм ма-иу уыдис бирæ ацæуджытæ, фæлæ дзы фæстæмæ ничи здæхт. Уыдон зыдта æрмæстдæр иу хъæуы цæрæг зæронд лæг, йæ заманы хаттис алы хæтæнты. Уыцы лæджы кой куы фехъуыста Æмзорыхъо, уæд æм фæцыд æмæ йын бамбарын кодта йæ хабар. Уый йын радзырдта, кæй уыд уыцы ран йæхæдæг дæр æмæ ма дзы тыххæй цæфтæй кæй раирвæзт, æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй ма сфæнд кæна уырдæм ацæуын. Фæлæ Æмзорыхъо йæ сæрмæ не 'рхаста нæ ацæуын. Зæронд лæгæй куырдта, цæмæй ацыдаид йемæ æмæ йын бацамыдтаид фæндаг рæгъæуттæм. Уыцы заман та уыд ахæм æгъдау, æмæ-иу лæг лæджы сæрсæфæнмæ куы кодтаид, уæддæр ын æнæ сразыгæнгæ нæ уыд. Сразы ис зæронд лæг, æмæ араст сты. Æмзорыхъо йемæ ахаста писи. Уый та уымæн, æмæ уырсытæ бацæуджытæм лæбурдтой дæндагæй. Денджызы былмæ куы ныххæццæ сты, уæд стайын кодта писи, сæмхæццæ йæ кодта хуыримæ æмæ дзы сæвæрдта цъар йæ бæхыл. Зæронд лæджы дард ныууагъта, йæхæдæг ахызт фурды æддемæ æмæ бацыд рæгъауы астæумæ. Уырсытæ лæбурдтой бæхмæ сæ дæндæгтæй, фæлæ иуафон бафæлладысты æмæ йæ ныууагътой. Æмзорыхъо æнæ фæдис йæ сæрмæ нæ бахаста рæгъау ратæрын. Арвыста арабтæм, мæнæ уын уæ рæгъау тардæуы, зæгъгæ. Фæлæ уыдоны нæ бауырныдта, исчи сын æрбауæндыд сæ фосмæ, уый. Æртыккаг хатт сæм куы арвыста, уæд рацыдысты арабтæ. Уыцы рæстæгмæ Æмзорыхъо рæгъауы денджызы иннæ фарс фæкодта. Æрбахæццæ сты арабтæ. Æмзорыхъо бирæ фæхæцыд семæ, фæци цæфтæ дæр, фæлæ йын уæддæр бантыст рæгъау ратæрын. Æрбатардта та уый дæр Дзлаты мæсыджы кæртмæ æмæ йæ уæззау цæфтæй хъæрзгæйæ рараст йæ хæдзармæ. Æрдæгвæндагмæ нæма схæццæ, афтæ йæ бон нал уыд цæуын. Æрхызт йæ бæхæй æмæ та йæ саргъ йæ сæры бын, æфтаугæ йæ быны, афтæмæй æрхуыссыд, йæ нымæт та йæ уæлæ æрæмбæрзта. Уыцы рæстæг та йæм æхсинæг каст арвайдæнæй æмæ куы федта, йæхи æруагъта, уый, уæд æм æрбатахт æмæ йæ йæ хъæбысы æрбакодта. Æмзорыхъойæн алырдыгæй йæ цæфтæн цыд сæ цъæй. Æхсинæг бамбæрста, йæ мойаг кæй нал фервæздзæн, æмæ арвыста йæ кæстæр хомæ, цæмæй йын æрбахæссæ, сæ сынтæджы къухыл цы болат хæсгард ис,уый. Кæстæр хо цæмæй зыдта, æхсинæджы хæсгард цæмæн хъæуы, уый æмæ йын æй æрбахаста. Æхсинæг хæсгард райста æмæ дзы йæ къубал æрбалвæста. Уыцы ран амардысты дыууæйæ дæр.
     Фыдохы хабар фехъуыстой Æмзоратæ. Æрбаластой сæ зиантæ сæ хæдзармæ, бирæ фæхъыг кодтой, стæй сæ баныгæдтой иу ингæны. Гъе, афтæ фыццаг заманы адæм се 'хсардзинад æмæ уарзондзинад равдисыны фæдыл фæлвæрдтой алы хъизæмæрттæ дæр, цыдысты бахъуаджы сахат мæлæтмæ дæр.

Радзырдта йæ Лазарты Дзамболаты фырт Михал, 65-аздзыд, 20 июнь, 1969 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Лазарты Эммæ. Салæгаты Зояйы æмбырдгондæй.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru