Главная > Хицæн кадджытæ > Азнаури кадæнгæ

Азнаури кадæнгæ


8 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Таухъани фурт Ибахъ ку адтæй;
Азнаури мæгур Йеунæг уод
Ка бахуардта, йе ба Сау-Ногъай
И бæрзæйгин Сидахъ-æлдар ку адтæй.

Азнаурæн æ уосæ ба Абайти кизгæ
И рæсугъд Кумусхан уæд ку адтæй,
Æ йенцег æрвадæ ба Хъайтухъи-фурт
Хамурз-æлдар уæд ку адтæй.
Хамурз-æлдар Азнаурмæ уæд ферветуй:
«Æрцо, Азнаур, ме 'нцег æрвадæ,
Мах ба æрбатæрæн Сау-Ногъай
И барзæйгин æлдар Сидахъи бæхæргъау».

Уоци хабар фегъосгæй, Азнаур
Æ уосæ Кумусхани-рæсугъдмæ бадзоруй:
«Тагьд мæ рарæвдзæ кæнæ,
Æз ба дæлæ Сау-Ногъай бæхæргъау æрбатæрон».

Саурæсугъд Кумусхан дæр дин
Зонæнгин кæми н' адтæй,
Æма ин дзиуаппæн загъта:
«Æз дæ уæд исрæвдзæ кæндзæнæн,
Æма мæнмæ марддзогойнæ,
Байсати Дзæнæй разæй мардæгъдаугæнгæ,
Ку 'рбацæуиуонцæ
Æма сæ цæстисуг йехæ 'врагъау мæнмæ ку хъæрта.
Æма и уæллагон думгæ сау дзигкоти
Пæскъутæ мегъи стугау ку хæсса,
Æз ба мæ уорс базгутæ пъæстугай ку тонон
Æма мæ сау дзигкотæ мартъий метау
Тъæпбилæй ку калон,
Æз ба дæ гъе уæд исрæвдзæ кæндзæнæн».
Азнаур ба ин загъта:
«Нæ-а, æз мæ уоди тасæй нæ ниллæудзæнæн!»
«Уа-нæ уа дæр кæд нæ лæууис,
Уæд мæ цæгат Абайтæмæ
Сау уйрæгтæ сау хъумæцтæ
Беурæ æрластонцæ, æма дин
Сау даритæй мæ сау фæлуст
Дæ рацудмæ уæд исрæвдзæ кæндзæнæн».

Азнаур æ уоси дзурдмæ кæми байгъуста,
Бауадæй æма æ борцъух бор аласабæл
Æ сау саргъ æнгом февардта
Æма ин йе 'лвасæнтæ итинг æрбалваста.

Æ уæле кæрдагæ сау хъæндзал кард æрбаста,
Йе 'хсагæ хъæрæймаг топп дæр æрауигъта,
Йе згъæр, йе згъæр цæнгтæ 'ма йе згъæр ходæ дæр
Æ уæле æркæнгæй, ранæхстæрæй.

Хъосбарти хедмæ ку нихъхъæрттæй,
Уæд уоми æ йеунæг косæг Майрæнхъул
Æ уæргутæбæл тæрсæ 'ндзалæ тæссармæ 'ривардта
Æма уотемæй йеци хедбæл æрбадтæй.

Майрæнхъул ин загъта:
«Йеунæгæй мæ ку уадзис, мæгурæй.
Уа-нæуа дæр мæ кæд уадзис йеунæгæй,
Уæд мæ бафæдзæхсæ Айдаболти
Дзандарæй, Дзæрæхмæтæй йесгæбæл».

Азнаур ин загъта фæстæмæ дзиуаппæн:
«Гъе, хъулхъасхан, ду дæр ма мæ фингæбæл
Ку сæвардтай», — æма уотемæй æ бæх
Ниццæфтæгæнгæй æ йеу фæрсти багæпп ласта.

Уотемæй уайун байдæдта
Æма Хъайтухътæмæ нихъхъæрттæй.
Æ борцъух бор аласай исфæсахсæн кодта
Æма æ сау иимæтæй æхе бамбарзта, — рарæхстæй.

Уæд æрбайгъал æй æма хæдзарæмæ бацудæй.
Хамурз-æлдарæн æ фун радзурдта:
«Æз аци бон фæууидтон дессаг фун, —
Мæ бæхи цуппар къахей астæуæй
Баллон берæгъ фелвæстæй
Æма мæ цъæх арцæй æрбарæхуста,
Еци фун ци уодзæнæй, уомæн неци зонун мæхецæн».
Хамурз-æлдар ин загъта дзиуаппæн:
«Нæ уоди тасæй нæбал байзайдзинан мах,
Фал цæудзинан нæ надбæл».

Ранæхстæрæнцæ 'ма цæунтæ байдæдтонцæ.
Уæд ин Азнаур загъта фæндагбæл:
«Хамурз-æлдар, мæнæ мæ рæуæг дзауматæ
Райсæ дæхецæн æнцонæн».

Хамурз-æлдар æрбайста Азнаурæй
Æ хъæрæймаг — æргъæвагæ топп,
Æ сау хъæндзал – кæрдагæ кард, йе згъæр ходæ,
Йе згъæр цæнгтæ 'ма сæ æргæлста æ уæле.

Уалинмæ рахъæрттæнцæ Стур Ногъай бæстæмæ
Æма рагъæр кодтонцæ Сау-Ногъай и устур
Бæрзæйгин æлдар Сидахъи бæхæргъаубæл
Æма сæ сæ разæй тæрунтæ байдæдтонцæ.

Уалинмæ сæ Сау-Ногъай содзгæ фæдес сорунтæ байдæдтонцæ.
Хæстæг кæнун сæмæ ку райдæдтонцæ,
Уæд сæмæ раздæр исхъæрттæй Сидахъ-æлдар
Æма сæмæ дзоруй: «Фæццæун уæ фæнддзæнæй,
Фал нæ фæццæудзинайтæ!»

Уотæ рæхги бастадæй Хамурз-æлдари бæх.
Азнаур имæ уæд дзоруй: «Мæнæ хуæздæр бæхбæл ду рабадæ».
Хамурз-æлдар рабадтæй Азнаури борцъух бæхбæл
Æма ибæл, ниццæфтæгæнгæй,
Фæллигъдæй æ уоди тасæй.
Азнаур æй ралгъиста: «Мæ тæрегъæдæй дæ
Хуцау æгад æлдарæй фæццæрун кæнæд
Биасланти астæу æма дин синони хай
С’ астæу макебал раттæд».

Азнаурæн Хамурз-æлдари аласа ку бастадæй,
Уæд загъта: «Мæнæн аци бон мæ борцъух бæх,
Мæ сау хъæндзал — кæрдагæ кард,
Мæ хъæрæймаг — æхсагæ топп, ме згъæр, ме згъæр ходæ,
Ме згъæр цæнгтæ мæхемæ ку адтайонцæ,
Уæд искодтайнæ Сау-Ногъайæн æносмæ
Тангъада 'ма тамаса,
Адæмæн ба æносон дессаг æма æмбесонд».

Уалинмæ 'й, Азнаури, исаййафуй Сидахъ-æлдар
Æма имæ дзоруй: «Гъой, гиаур, церкес!..
Фæццæун дæ фæнддзæнæй, уадзæг дæ ку уа, уæд!
Цæвæ, гъе нур, лæг кæд дæ, уæд!»

Азнаур имæ, йе 'ргон рахатгæй, дзоруй:
«Цæмæн дæ цæвон? — Мæ борцъух аласабæл
Æз ку нæ бадун, ме 'хсагæ хъæрæймаг топп,
Мæ кереке, ме згъæр, ме згъæр ходæ, ме згъæр цæнгтæ
Æма мæ сау хъæндзал — кæрдагæ кард мæнмæ ку нæ 'нцæ».
«Мæ фидистæн, æдта æз иттæг ефтонг дæн!» —
Зæгъгæ имæ дзоруй и бæрзæйгин Сидахъ-æлдар
Æма ибæл исуадзуй и бæдæйнаг хъæрæймаг топп,
Æма и налат фат исæнбæлуй Азнаурæн æ зæрди сæри.

               * * *

«Æз дæр æдта дæу фагæ йефтонг ба исодзæнæн!» —
Азнаур имæ уотæ дзоруй фæстæмæ,
Æма ибæл æ уруссаг топп, фелвасгæй, исуадзуй,
Æма Сидахъ-æлдарæн æ тæккæ тæрнихи исæнбæлуй.

Сæ дууæ дæр бæхтæй рахаунцæ
Æма кæрæдземæ æрхæстæгунцæ
Æма сæ кæрæдзей фæрсунтæ райдайунцæ:

«Кæмæй æй, ка ци æй», — зæгъгæ, йеу инней бафæрсуй,
Уалинмæ йетæ дууæ æмхуæрифурти разиннунцæ,
Кæрæдзебæл кæунтæ, лæдæрунтæ райдаунцæ,
Йеу инней нæ зонгæй ке рамардта, уой туххæн.

«Ци дин кæнон? — Азнаурмæ дзоруй Сидахъ-æлдар, –
Мæнæ мæ бæх уæддæр хуæздæр æй,
Æма ибæл рабадæ, цæмæй дæ
Уæддæр уæ бæстæбæл банцойнæ кæна».
Бæхбæл рабадгæй, Азнаур ранæхстæрæй.
Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Лæутигъæумæ.
Лæутигъæуи дони хеди гъоси æ уодæн нæбал адтæй
Æма æ бæхæй æрфестæгæй зæнхæмæ.

Уалинмæ уæллагон думгæ разилдта сихирна.
Азнаур уой фæууингæй загъта:
«Йа уæу-уæй! Сихирна дæр ма сæдæ цъаси уогæй
Мæ фæрсти пæр-пæргæнгæ разилдæй,
Æз ба ами, Лæути дони хеди гъоси, м 'адзал куд фæккæндзæнæн».

Уæд уотемæй нæуæгæй бæхбæл исбадуй,
Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Байсатигъæумæ,
Æ иуазæгдонæмæ бацæуй æма хъурмæ кæнун байдайуй,
Хъурмæ кæнун байдайгæй, Азнаур загъта:

«Мæ сон ка 'й, йе Хъайтухътæй йенцег исхæссæд, —
Баллон берæгъау æнбалхуар йетæ ку 'нцæ.
Мæ сон ка 'й, Абайтæй дæр кизгæ ракорæд, —
Се 'лгъистæ ка 'й, йе сау хъæндзал кардау кæрдуй».

Уотемæй ма тæрхъосдзарæй дууæ уафси бахуйун кодта
Æма иуазæгдони рацобацогæнгæй син
Сæ дæлфæдтæ исхаун кодта.
Уой фæсте ламаздухъ æриста
Æма, Хуцаумæ баковгæй, æ уод исиста.

Кадæг ракодта Салæгаты Бадзай, дала-фæндырæй цæгъдгæйæ, Стыр Дыгур, 1898 аз. Ныффыста йæ Собиты Инал Тотырыхъы фырт.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 11, папкæ 5, ф. 304—315. Дигорские сказания по записям дигорцев И.Т.Собиева, К.С.Гарданова и С.А.Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по востоковедению, издаваемые Лазаревским институтом Восточных языков, Москва, 1902, с. 51—57.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru