Главная > Хицæн кадджытæ > Дзылаты рæсугъд Азаухан æмæ Æмзораты чысыл Æмзор

Дзылаты рæсугъд Азаухан æмæ Æмзораты чысыл Æмзор


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
     Æмзор чысыл лæппуйæ хъаны лæвæрд уыдис йе 'мцеджджытæм æмæ-иу алы бон дæр Терчы былмæ бабыздзуан цыд. Иухатт куы уыди, уæд Æмзор цуангæнгæ Терчы былтыл Елхоты Дзлаты размæ ссыди. Фæкасти Дзлатмæ æмæ дистæ байдыдта йæ рæсугъддзинадыл, уæлæмæ йæм фæкаст, æмæ йæ цæстытыл ауад рæсугъд чызджы ныв. Ноджыдæр тынгдæр ныддис кодта Æмзор: «Цæй диссаг, цæй æмбисонд у, зæххон рæсугъд æви уæларвон мелек лæууы мæ разы?! Æви мæ мæ цæстытæ сайынц? Мæ дунейыл ахæм рæсугъд никуы федтон». Йæ цæстытæ асæрфы, ракæс-бакæс акæны йæ алыварсмæ, уæддæр та йæ цæст Дзлатмæ бахæссы. Йæ цæстытæ ныццавта Æмзор Дзлатмæ æмæ та дзы ауыдта Азауханы рæсугъды.
     Азаухан лæууыд рудзынджы раз,йæ уæлæ урс къаба, йæ сау дзыккутæ хæлдта æмæ сæ æруагъта даргъ йе уæхсчытыл. Мæйы рухс ныккаст йæ цæсгоммæ æмæ æрттывта зымæгон митау. Йæ сау цæстытæ æрттывтой зынаргъ дуртау. Йæ фæлмæн цæстæнгас басыгъта лæппуйы зæрдæ фæззыгон хурау. Лæппуйы зæрды куыннæ бахызт Азаухан! Стыр хъуыдытимæ араст лæппу йе 'мцеджджытæм. Уазæгдонмæ бацыд, йæхи хуыссæны баппæрста æмæ ставд цæстысыг ныккалдта.
     Йæ фысымтæ йæм радыгай цæуынц æмæ йæ фæрсынц:
     – Цы кæныс, мæ хур, цы дæ риссы? Цæуыл дæ цæстысыг æнæвгъау калыс?
     Ницы сæм дзуры Æмзор. Стæй йын иу ус загъта:
     – Æвæццæгæн æмæ, мæ хуры хай, дзæбæх лæппу, Азаухан-рæсугъды федтай?
     Æмзор йæ мидбылты бахудт, йæ цæссыг йæ рустыл, афтæмæй йæ хабæрттæ радзырдта.
     – Дæхи мауал риссын кæн,– загъта йын уыцы ус,– уымæн гæнæн ис, æцæг ныр, зымæгон нæ, фæлæ уалдзæг. Азаухан тынг дæсны у ленк кæнынмæ æмæ кæддæриддæр йæ уынауыттимæ уалдзыгон мæйрухс æхсæв ленк кæнынмæ рацæуы Теркмæ.
     Иу уалдзыгон æхсæв уыцы ус Æмзорæн загъта:
     – Гъеныр дæ амонд бæрæггæнæн æхсæв æрцыд. Азаухан ленк кæнынмæ йæ уынауыттимæ Теркмæ рацыд. Ды дæхи бæлæгъы бабæтт æмæ йæ сæ размæ ауадз, афтæмæй йæ æрцахсдзынæ.
     Æмзор усы коммæ бакаст, йæхи бæлæгъы дон-дон ауагъта, æмæ йæ уынауыттæ куы ауыдтой, уæд æмхуызонæй Азауханмæ сдзырдтой:
     – Дæ хорзæхæй, не 'хсин, уæртæ-ма нын уыцы суг дæр æрцахс æххæст.
     Азаухан йæ размæ куы баленк кодта, уæд æй Æмзор рацахста.
     Азаухан йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта:
     – Иунæг Хуыцауы хатыр бакæн æмæ мæ ацы адæмы раз ма фæхудинаг кæн. Æвæццæгæн мæ Хуыцау дæу тыххæй радта, æз дæуæй фæхауинаг нал дæн, фæлæ дæ курын, Хуыцауы хатыр бакæн æмæ мæ чысыл Дзлатмæ бауадз.
     Азаухан Дзлатмæ ссыд æмæ йæм уырдыгæй фæстæмæ радзырдта:
     – Æз дæу тыххæй ам нæ бадын, дæ хъуымыз дæ донгæмттæй кæлгæ! Æз ахæм лæппуйæн бакомдзынæн, далæ стыр Ногъайы рæгъау йæ разæй тæргæ чи кæна, фæстæмæ та фæдисимæ хæцгæ чи кæна, афтæмæй сæ мæ Дзлаты размæ чи стæра!
     Никæмæн ницы загъта лæппу, афтæмæй æнæ исты сдзургæйæ фæстæмæ йе 'мцеччытæм ссыд. Хъæлдзæгæй йæхи срæвдз кодта гæрзты хорз, бæхы хорзæй, афтæмæй араст стыр Ногъайы рæгъау тæрынмæ.
     Ратардта сын сæ рæгъау, афтæ йæ фæсте фæдис раййæфтой. Æмзор фæстæмæ хæцыд фæдисыл, йæ разæй та сын тардта сæ рæгъау. Къорд цæфы фæцис Æмзор, фæлæ уæддæр нæ радта йæ рæгъау, æгаддзинад йæ сæрмæ не 'рхаста. Дзлаты размæ куы схæццæ, уæд Æмзор йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта:
      – Азаухан! Мæнæ дын дæ рæгъау стардтон!
     Йæхицæн нал уыдис йæ бон, йæ донгæмттæй калдис фæйнæрдæм йæ туг, йæ рагъæй систа йæ нымæт, æрытыдта йæ зæххыл, йæхи йыл æруагъта, афтæмæй амард.
     Азаухан Дзлатæй йæ размæ æрцыд, йæ зонгуытыл æрхауд, ставд цæссыг ныккалдта æмæ загъта:
      – Ды дæ цард схицæн кодтай мæн тыххæй, æмæ мæн дæр мæ царды уаг нал хъæуы æнæ дæу.
     Йæхæдæг фæстæмæ Дзлатмæ ссыд æмæ йæ уынауыттæн загъта:
     – Курын уæ, æмæ куы амæлон, уæд нæ-иу ацы донæн йæ фæйнæ фарс баныгæнут.
     Йæ болат хæсгард райста Азаухан æмæ йæ йæ хурхыл æнæвгъау æрбавæрдта, афтæмæй йæ дунейы рухсæй йæхи схицæн кодта. Уынауыттæ, куыд сын бафæдзæхста Азаухан, афтæ доны фæйнæ фарс баныгæдтой сæ дыууæйы дæр.
     Иуæй дзы сзад фæткъуы бæлас, иннæмæй та æнгуз бæлас æмæ дыууæ бæласы доны фæйнæ фарсæй кæрæдзимæ æрбацыдысты.
     Æрæджы дæр ма сæ бындзæфхæдтæ уым уыдысты.

Ныффыста йæ Хъаныхъуаты Батырбег, 1924 аз, Хъобан. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 3, папкæ 2, ф. 4–6.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru