Главная > Хицæн кадджытæ > Хæтæг барæг

Хæтæг барæг


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
     Сæлхæйы хъæуы Сæлхæйы-рæсугъд сфæнд кодта моймæ фæцæуын. Хъæуы царди Хæтæг Барæг æмæ уымæ 'хсайдта йæ зæрдæ. Хæтæг Барæг ницæмæй ауæрста йæхиуыл, цæмæй йæ бауарза Сæлхæйы-рæсугъд.
     Нæртон адæм-иу, æвæдза, фос фæкодтой, стæры уæвгæйæ, уæд иу Хæтæг Барæг сæ размæ ацыд, бафæсвæд-иу кодта йæхи, цалынмæ-иу Нарт æд фосы конд сæ хæдзæрттæ ссардтой, уалынмæ. Уæд-иу Хæтæг Барæг, Нарты стæрон фæндæгтыл цæуын чи нал фæрæзта, се счъилтæй-иу сæ ног фаджыс кæмæн калд, зæрдæ-иу бакæсын кæмæ нæ куымдта, уыцы фос скъуымбил кодта йæ разæй, Сæлхæйы мæсыджы рæзты сæ-иу æрбаскъæрдта мæлæты лæгау. Ракастаид-иу уæд Сæлхæйы-рæсугъд æмæ-иу бахудт йæ мидбылты. Цæуылнæ ныббузныг уыдаид Хæтæг Барæг дæр уыцы сахат йæхицæй!
     Сæлхæйы хъæуы ма царди къулбадæг усы фырт. Нæртон адæм æнæ уый нæ цыдысты стæры. Уый дæр бауарзта чызджы, фæлæ йæм Сæлхæйы-рæсугъд фæстæмæ дæр нæ касти.
     Уæд иуахæмы къулбадæджы фырт сарæзта фæндыр, Сæлхæйы мæсыгæн æрбадти йæ быны æмæ цæгъдынтæ байдыдта фæндырæй, кадджытæ дзы кодта. Фæндыры хъазт хъуысти уæларвмæ, цавддуртау æм-иу фесты хъусджытæ, фæлæ йæм нæ кæсы Сæлхæйы-рæсугъд.
     Фæндыр мæсыгыл ныццавта къулбадæг усы фырт, мæсыджы рæбын та 'рбады æмæ йæ зæрдæйы сагъæстæ, йæ уарзондзинады арты кой кæны йæ фæндыры цагъды. Зæрдæйы уидæгтæ 'нкъуысынц фæндыры цагъдмæ, арв æм атар вæййы, фæлæ йæм нæ хъусы, нæ, Сæлхæйы-рæсугъд. Мæсыджы къулыл та ныппырх кодта лæппу йæ хъисын фæндыр.
     Цæйбæрц рацыдаид, чи зоны, фæлæ та æртыккаг хатт скодта фæндыр къулбадæг усы фырт, бирæ хуыздæр раззаг фæндыртæй. Йæ бæрæгон бынаты та æрбады мæсыджы фарсмæ, цæгъдын та байдайы йæ фæндырæй. Пиллон арт уадзы фæндыры цагъд: дзыллæ йæм æмбырдтæ кæнынц, сæ маст, сæ зындзинæдтæ сæ рох кæнынц, сæ зæрдæйы сын æфтауы сахъдзинад, аивдзинад æмæ хæлардзинад.
     Нал æм фæлæууыд Сæлхæйы-рæсугъд: минæвар скæны лæппумæ, фæлæ уый зулмæ дæр нæ каст минæвармæ. Уæд æм уæладзыгæй æруагъта йæхи Сæлхæйы-рæсугъд, мæсыджы сæрмæ йæ схоны, йæхæдæг кæм царди, уыцы уатмæ: ныхас сын бацайдагъ вæййы дыууæ адæймагæн.
     – Хæтæг Барæг дæу аккаг нæу, – дзурын байдайы къулбадæг усы фырт, – цы хъарутæ йæм æнхъæл дæ, уыдонæй йæм иу дæр нæй; стæй дæуæн йæхи цы хуызы 'вдисы, уый дæр йе 'цæг хуыз нæу. Нартæн, стæры уæвгæйæ, фæндагыл цы 'нæсæрæнтæ аззайы, уыцы мæгуырау фосы муртæ 'рбаскъæры йæ разæй, а мæсыджы рæзты сæ 'рбатæры, 'мæ ды афтæ банхъæлыс, æмæ Хæтæг Барæг фесгуыхти.Уый та, мæгуыр, мах кæуыл нæ фервæссæм, уыдонæй схъал кæны йæхи дæ разы.
     – Æмæ уæдæ ныр цы хуыздæр бачындæуа мæ раны? – загъта Сæлхæйы-рæсугъд.
     – Иу рæстæджы та Нарт уыдзысты стæры, Хæтæг Барæг кæндзæн йæ кæнон; нæ размæ та ацæудзæн, æмæ нæ фосæй фæстейы чи аззайа, уыдон та дæ рæзты, мæлæты лæгау, æрбаскъæрдзæн, фæлæ йæм ды мауал ракæс. Куы дæ фæрса, цæуылнæ йæм ракастæ, зæгъгæ, уæд ын-иу бацæгъд йæ хъусы, къулбадæг усы фырт дæ иттæг-иттæг рафаудта, зæгъгæ. Кæд лæг дæ, уæд æй балцы фæхон, ныууæй йæ кæн искуы æмæ мын й' аргъæй иу хæлайфаг балхæн. Стæй куы раст кæнæм балцы, уæд нæм-иу мæсыджы сæрæй ракæс; кæмæ нæ цы хъару уа, уый дын хурæй бæрæгдæр суыдзæн.
     Лæппуйы дзырд æрцыди.
     Хæтæг Барæг иуахæмы, Нарты фосы кондæй фæндагыл чи баззад, уыдон йæ разæй æрбатымбыл кодта, Сæлхæйырæсугъды рæзты сæ, мæлæты лæгау, æрбаскъæры. Бæргæ ма скæсы мæсыгмæ... Фæлæ Сæлхæйырæсугъд нал ракаст, нал, Хæтæг Барæгмæ æмæ йæм нал бахудт йæ мидбылты.
     – Цы кодтай, дæ зæрдæ мыл цæмæн ивыс?
     – Æртæ боны æмæ мын æртæ 'хсæвы къулбадæг усы фырт фæкодта дæ фыдкой, фауынæй дыл нæ бацауæрста; уыйадыл мын нал дæ, нал, уыйбæрц адджын. Мæ зæрдæ мын нал ссардтай, цалынмæ мын уый аргъæй нæ балхæнай иу хæлайфаг.
     Барæвдзытæ кодта Хæтæг Барæг балцмæ йæхи; тыхтæ 'мæ 'хсæрттæй лæппуйæн бæх æмæ хæцæнгæрзтæ ссардта. Къулбадæг усы кæрты 'рхызти.
     – Дæ бон хорз, лæппу! – дзуры Хæтæг Барæг.
     – Æгас цу, – загъта лæппу, – мидæмæ нæм – фысым дын уыдзыстæм.
     – Цом мæнимæ балцы,иучысыл ахæтæм.
     – Мæ мады 'вастæй æз къæсæры дуарæй дæр нæ хизын. Хæдзармæ цом æмæ дзы ракурæм.
     Бацыдысты хæдзармæ. Хæтæг Барæг æгъдау радта къулбадæг усæн æмæ дзуры:
     – Хæтынмæ цæуын, æмæ мын дæ фырты кæстæрæн рауадз.
     – Æна дæ сæрыл хаст фæуæд, æмæ цы бакæндзæн мæ саби демæ? Стæй рæвдз дæр куы ницæмæй у: нæ йæм – бæх, нæ – хæцæнгæрзтæ.
     – Уыдон ын цæттæ сты, – загъта Хæтæг Барæг. – Бæх ын дуармæ, адон та йын хæцæнгæрзтæ.
     – Лæппу, уазæг тых хæссæг у, – загъта зæронд ус, – барæвдзытæ кæн балцы дæхи.
     Лæппу гæрзтæ райста Хæтæг Барæгæй, рацыд хæдзарæй; æркаст бæхтæм, бæхты ифтæнгтæм, æмæ зæрдæмæ бацæуинаг куы нæ разындысты, уæд æрмур кодта хæцæнгæрзтæ, бæхтæн æрхоста се рæгътæ æмæ сæ дуары æдде фæкодта.
     Уый фæдыл къулбадæг усы фырт бахуыдта Хæтæг Барæджы бæхдонмæ. Хæрзæфснайд бæхдоны дыууадæс æфсургъы, кæрæдзийæ ивддзаг фæуыдаиккой; алкæмæн дзы къулыл йæ сæрмæ хæрзифтонгæй саргъ æд дзаумæттæ, стæй хæцæнгæрзтæ, барæджы хардз; хæцæнгæрзтæ тæмæнтæ калдтой фырсыгъдæгæй.
     Хорзау нал фæци Хæтæг Барæг, къулбадæг усы фырты рæвдзытæ куы федта, уæд; фæсмон æм æрцыд, йæхи стæры цæуæг кæй скодта, уый тыххæй, фæлæ ма йын цы амал уыди.
     – Равзар дæхицæн бæх уыцы ифтонгæй, – загъта лæппу, – нæ балц дард балц куы фæуа, мыййаг, æмæ нæ фыдæнхъæл куы фæкæной дæ бæхтæ.
     Нæ сæм хæссы йæ ныфс Хæтæг Барæг. Лæппу арæвдз кодта дыууæ 'фсургъы, хæцæнгæрзтæ радта Хæтæг Барæгæн; сбадын æй кодта 'фсургъыл æмæ мæсыджы рæзты фæраст кæнынц.
     Раджы ма уыди – Сæлхæйы-рæсугъд нæ хъал кæны. Уæд къулбадæг усы фырт ахæм цæлхъхъытæ ныккодта йæ бæхæн, æмæ мæсыг йæ бынæй йæ сæрмæ банкъуысти; хæрдмæ фæхауди Сæлхæйы-рæсугъд йæ хуыссæнуаты æмæ фестади тæрсгæ-ризгæйæ.
     – Арв мын æрцавта мæ мæсыг, – загъта чызг, фæлæ рудзынгæй куы ракаст, уæд бамбæрста, цæй аххосагæй ныррызти йæ мæсыг.
     Фæндагыл фæцæуынц дыууæ барæджы, æмæ уыди хурæй бæрæгдæр, кæмæ сæ цы хъару уыди, уый.
     Цæуынтæ байдыдтой барджытæ. Æхсæв æмæ бон фæцыдысты, афтæ дзуры Хæтæг Барæг:
     – Фæцыбыр кæнæм нæ фæндаг, фос фæкæнæм ардыгæй, чысыл дзы куы нæ ис.
     – Хæтæг Барæг, цы быдыры цæуæм, уыдон мæ зæххытæ сты, цы фос дзы федтай, уыдон мæхи фос сты: галрæгъауæй, хуыскъаг стурæй, бæхрæгъауæй, фысфосæй. Ау, æмæ мын тæрын хъæуы мæхи фос?
     Цæуын та байдыдтой. Бирæ та фæцыдысты, чысыл, чи зоны, æмæ та дзуры Хæтæг Барæг:
     – Фос фæкæнæм ардыгæй.
     – Адон мæ цагъар адæмы фос сты, – загъта къулбадæг усы фырт, æмæ та сæ цыды кой кæнынц.
     Бахæццæ сты иу ранмæ, авд фæндаджы кæм баиу вæййынц, уырдæм. Æрхызтысты барджытæ.
     Къулбадæг усы фырт ракодта иу бæлас; авдтигъон цæджындз дзы самадта, авд фæндаджы кæм сиу вæййынц, уыцы ран æй æрсагъта; авд æвзагыл ын йæ авд фарсыл ныффыста, йæхæдæг дзуры Хæтæг Барæгмæ:
     – Ацы ран лæуу æмæ дæ цæст дар цæуджытæм: уыдон мын сæ хъалон уадздзысты ацы ран; ахæм дзы куы разына, цы йыл æмбæлы, уый чи нæ ныууадза, уæд уыимæ дæр фидаудзыстæм. Æз цæуын Донбеттырты æртæ 'фсымæрмæ; уыдон мын нæ знагыл лæууынц, нæ лымæныл. Фæстаг хатт ма сæм хатын, цæмæй мын сбæрæг кæной сæ зæрдæйы хатт. Уый нæй, уæд нал у мæ аххос: æз сын, цы хъæуа, уый бакæндзынæн. Кæс-иу, æмæ кæд денджыз урс фынк хæсса бæрæгафон, афтæ-иу барджитæ бæтгæ, хъалонæй дæм цы 'рæмбырд уа, уыдонæй; дæхи-иу барæвдз кæн: намæ 'вæдза денджызы сæр сырх адардта, афтæ-иу дæхи æфснайыны кой бакæн; уый уыдзæн мæ мæлæты нысан.
     Лæппу доны йе 'фсургъ фæцарæзта, æмæ 'фсургъ кæсагау алыг кодта денджыз цæхгæрмæ. Донбеттырты æфсымæртæм бацыд æмæ сæм дзуры:
     – Уыцы цыд уæм фæкодтон æмæ мын ницы дзуапп дæттут: нæ мын лымæнæй лæуут, нæ знагæй. Ацы хатт ма уын дзурын, бæрæг дзуапп мын раттут: знагыл уæ нымайон æви лымæныл?! Уый зонут æмæ н' алфамблай адæмæй ахæм нал баззад, мæнæн хъалондар чи нæ у, кæнæ цагъайраг кæй не скодтон мæхицæн.
     – Уæле – дæ фистæджытæ, дæле – дæ бæхджынтæ, – загътой йын Донбеттыртæ. – Дæ хуызæттæ ныл бирæ сфæнд кодтой, бирæ февзæрстой махимæ сæ хъару. Дæ лымæн дæр нæ ницæмæн хъæуы, де знагдзинад дæр дын æрдумæ дæр нæ дарæм.
     – Аххос сымахырдыгæй фæуæд уæдæ!
     – Дæ фæндаг дзæбæхæй дар, гъеуый дын нæ дзуапп, – загътой æфсымæртæ.
     Донбеттырты рæгъауыл рахъæр кодта къулбадæг усы фырт; доны сæ фæцарæзта æмæ фатау денджызæн йе 'ннæ фарс фесты.
     Хæтæг Барæгæн фæдзæхст куыд уыди, афтæ барджитæ акодта хъалонæй авд фæндаджы астæу, бæхуæргътæ сæ абаста. Уалынмæ йæм къулбадæг усы фырт дæр æрбахæццæ, Донбеттыры бæхрæгъау йæ разæй, афтæмæй.
     – Дæ фыццаг скæн ацы рæгъау дæр æмæ дæ фæндаг размæ дар, – загъта лæппу, – æрмæст-иу æз цы архайон, уымæ дæр-иу ракæс фæстæмæ: хæрз иунæгæй мæ ма ныууадз. Ныртæккæ мыл стых уыдзысты фæдис, бирæ не сты, фæлæ цы сты, уыдонимæ хæцын хъæудзæн: лидзын сæрмæ бахæссинаг нæу. Кæд н' амонд уа, уæд сарæхсдзыстæм.
     Дзырд дардыл ацæуы, фæлæ дын уалынмæ бæстæ ныссырх и.
     Фæкастысты фæстæмæ, æмæ дын иу барæг сырх бæхыл æрбацæуы.
     – Гъæ, куыдзы цагъар! Кæй рæгъау фæтæрыс? – æмæ суагъта йæ фат.
     Лæппу саргъæй фехста уæд йæхи, æмæ фат сагæхты астæу афардæг. Фæстæмæ бахста сырх барæджы, æмæ барæг рафæлдæхти бæхæй. Систа йын йæ хотыхтæ, сырх бæхы баскъæры рæгъаумæ.
     – Цырд лæуу, Хæтæг Барæг, дæ цыды кой кæн, фæлæ мæм дар дæ цæстызул дæр.
     Уалынмæ та дын батар ис рухс дуне; уый Донбеттырты дыккаг æфсымæр æрбацæуы сау бæхыл: уымæй батар рухс дуне.
     – Гъæ, куыдзæй цы цагъар равзæрди, нæ фæтæрдзынæ нæ рæгъау, нæ дын батайдзæн, нæ, ме 'фсымæры мард! – æмæ та суагъта уый дæр йæ фат.
     Къулбадæг усы фырт та саргъæй йæхи систа æмæ та фат сагæхты ацыди. Фæстæмæ та суагъта фат: сау барæг ратылди йæ сау бæхæй. Систа хотыхтæ, бæхы бауагъта рæгъаумæ.
     – Размæ, размæ, Хæтæг Барæг, фæлæ-иу фæстæмæ дæр дæ цæст рахæсс.
     Уалынмæ бæстæ ныррухс. Уый Донбеттырты æртыккаг æфсымæр æрбацæуы йæ урс бæхыл, æмæ уымæн ныррухс дуне.
     – Мæнæй нал фæцæудзынæ, куыдзы цагъайраг, ме 'фсымæрты туг дын нал батайдзæн. – Уыйадыл систа йæ фат æмæ йын фæдзæхсы: – Куы дæ суадзон, уæд та уыцы фыдгæнæг саргъæй фехсдзæн йæхи, фæлæ ды фатты фыддæр фест, дæхи иуцъусдуг куы нæ бауромай, æмæ æвæдза саргъыл фенгом, афтæ йын йæ бичъы бын иннæрдæм куы нæ ахизай.
     Æмæ урс барæг, Донбеттыры фырт, суагъта йæ фат. Къулбадæг усы фырт дæр саргъæй бæргæ фехсы йæхи, фæлæ бафæстиат фат, цалынмæ лæппу саргъыл фенгом, уалынмæ, стæй уæ балгъитæг знаджы амæттаг фæуæд!.. Фат бичъы бын иннæрдæм акаст.
     Къулбадæг усы фырт фат йæ фæсонтæй фелвæста, æрдыныл æй æрбавæрдта æмæ йæ суагъта фæстæмæ: ныггуыпп ласта зæххыл урс барæг, Донбеттырты 'нхъæлцау.
     – Цы фæдæ, Хæтæг Барæг, фæдисоны хотыхтæ рахæсс тагъд, намæ бæстæ худинаг кæнæм, исчи нæ, мыййаг, афтæмæй куы 'рбаййафа, уæд, – мæнæн хорз нал сты, нал, ме 'ууæлтæ.
     Фæцарæхст Хæтæг Барæг: фæдисоны хотыхтæ систа, урс бæхы рæгъаумæ баскъæрдта.
     Бæхæй æрхызт къулбадæг усы фырт, басылыхъхъæй æрбабаста йæ цæф æмæ губаккыл æрбадт.
     – Хæтæг Барæг, мæнæн мæ бон нал бауыдзæн бæхыл бадын, фæлæ куыд лæг дæ, афтæ тæргæ нæ фосы конд, фехъусын кæн мæ хабар.
     Бæхты рæгъау, барджиты баст хъалон уæргътæгондæй сæ хъæуыл сæмбæлын кодта Хæтæг Барæг. Рæгъауæн йæ фылдæр æмбис, хъалоны уæргътæ, лæппуйы бæх хъæугæроны баздæхта сæ хæдзармæ.
     Хæтæг Барæг радзырдта Сæлхæйы-рæсугъдæн хъуыддаг, сæрæй бынмæ куыддæриддæр æрцыди, афтæ.
     Сæлхæйы-рæсугъд рабæлццон кæны йæхи, мæлæг адæймаджы ма удæгасæй ныййафы губаччы сæрыл.
     – Мæнæн нал ис бирæ цæрæнбон, Сæлхæйы-рæсугъд, фæлæ дын фæдзæхсын: мæ цагъартæн сæ бар сæхиуыл куыд цæуа амæй фæстæмæ, бархъомыс сæм куыд ничиуал дара. Цы фос уадзын мæ фæстæ, уыдон æртæ хайы бакæн: аккаг кæнын сæ иу хай ме схæссæг мадæн, аннæ – мæгуыртæн, æртыккаг хай лæвар кæнын Хæтæг Барæгæн, нæ иумæйаг балцы раст цæсгом кæй равдыста, уый тыххæй.
     Ныхас конд фæци, афтæ йæ Сæлхæйы-рæсугъд систа йæ хъæбысмæ, æмæ уыйадыл къулбадæг усы фырт систа йæ уд.
     Стыр зиан ис Сæлхæйы хъæуы. Абон Сæлхæйы хъæубæстæ къулбадæг усæн йæ иунæджы æвæрынц йе 'нусон сыджытыл.
     Сæлхæйы-рæсугъд æрбасидти ингæнкъахджытæм æмæ сын дзуры:
     – Ингæн-иу уæрæх скъахут.
     Марды рахастой уæлмæрдмæ. Сæлхæйы-рæсугъд дæр рацыди марды фæстæ болат хæсгардимæ. Æвæдза, марды ингæны бавæрой, афтæ Сæлхæйы-рæсугъд болат хæсгардæй фæрæхуыста йæ зæрдæ æмæ уыцы ран систа уый дæр йæ уд.
     Сæлхæйы дзыллæ иу ингæны бавæрдтой дыууæ марды дæр.
     Афæдзы бонмæ ингæныл æрзади кæрдо бæлас æмæ фæткъуы бæлас, кæрæдзийыл уæрдæхау стыхстысты æмæ сæ къалиутæй ингæн дæрдтыл æрæмбæрзтой.

Радзырдтой йæ Баскаты Дебола, Дзугкойты Гаппо æмæ Тæбæхсæуты Дударыхъо. Æрыдон. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко.
«Ирон адæмы таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ», 3-аг хай, Дзæуджыхъæу, 1928, ф. 17–23.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru