Главная > Хицæн кадджытæ > Хæмицати Хæмици зар

Хæмицати Хæмици зар


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Хъæбæрде, Хъæбæрде кæмæй адтæнцæ?
Тасолтанти Солтанбий-æлдарæй.
Уомæн адтæй авд лæхъуæни æма йеунæг кизгæ.
Æ авд лæхъуæнемæн уоститæ æрхудта;
Æ кизги ба лæгмæ нæма равардта,
Уотемæй адзали сæйгæ фæццæй.
Æма уосиат кодта æ лæхъуæнтæн:
– Нивæрзæн адзали нисан æй,
Ка 'й зонуй, æз мæ дуйнейæй
Ку рахецæн уон,
Уæд уæ йеунæг хуæрæбæл
Дзурд ма бафтауетæ,
Цалдæнгæ мæ адзали бонæй
Афæй рахецæн уа, уалдæн!
Рамардæй Солтанбий-æлдар. –
Æ афæдзи бон æрхъæрттæй;
Тасолтанти авд æнсувæри
Рарвистонцæ аллирдæмæ,
Нæ хуæри дæтгæ кæнæн, зæгъгæ.
Æмбурд кæнун райдæдтонцæ
Алли æрдæгæй уосгортæ;
Æрæгиау байгъустæй йеци хабар медхонхмæ;
Хæмицати Хæмици фурт мæнкъæй
Хæмиц уой ку фегъуста, уæд загъта:
– Цæй, мах Дигорæ дæр,
Бабæрæг кæнæн йеу хатт.
Байзадан къуми æлхъивдæй!
Ракурдта над сæ зæрæндтæй
Æма рацудæй сау хъадирбæл.
Надбæл, ку ниххæстæг æй,
Уæд фæййидта берæ бæхгинтæ
'Ма дес кодта:
«Атæ ци уонцæ? Мæрддзогойнæ уонцæ,
Æма мæрддзогойни цуд ку нæ кæнунцæ;
Киндзхонтæ уонцæ, æма йе куд уа?»
Уæд имæ исхъæрттæнцæ,
Æма сæ фæрсуй:
– Ци 'й а, ци 'рдæгæй,
Кæми адтайтæ? –
Æма йин загътонцæ:
– Тасолтанти авд æнсувæри
Сæ йеунæг хуæрæ Фатъимæт-рæсугъди
Дæтгæ кæнунцæ.
Æма мах дæр уомæ фæццудан.
Хæмицай-фурт фæрсуй:
– Мадта кутемæй исæздахтайтæ?
– Æ сæри аргъ ин хъазар кодтонцæ,
Солтанбий-æлдари уосиат авд фуртемæн:
Ка 'й зонуй, уæ хуæрæбæл дзурд ку 'фтауайтæ,
Уæд уин æ сæри æмаргъ йе уодзæнæй.
Сау Ногъайи æлдари бæхтæй
Сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ,
Æма йейæ нæ бон не 'ссæй.
Рандæй уотемæй Хæмицати Хæмиц;
Бацудæй Тасолтантæмæ уосгори æгъдауæй;
Райиндзурдтонцæ авд æнсувæри
Сæ йеунæг хуæрæн æ сæри аргъ:
– Сау Ногъайæй сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ,
Уомæн ратдзинан нæ йеунæг хуæри.
Хæмиц син загъта:
– Цæуон, мадта махмæ дæр
Йес хестæртæ;
Уони бафæрсон.
Æ над рафæливта
Æма рандæй Ногъай æлдармæ.
Сæумæ бонивайæни æрбахъæрттæй бæхæргъауи хæтдзæ,
Сæдæ бæхи æрбатардта æд урситæ,
Æртæ сæ уæлдай.
Тасолтантæн сæ галауани сæрти
Цъеу, маргъ нæ тахтæй;
Хæмиц ба син се 'фсæн дуар
Йе 'хси фиййæй бакъуæрдта
Æма сæдæ бæхи бакодта,
Æртæ си уæлдай, тургъæмæ.
Æхуæдæгка сæ астæу
Сау нимæти æрбахустæй.
Фатъимæт ракастæй
Æма дзоруй:
– Тасолтантæ, бун бацайтæ,
Æндæмæ ракæсетæ,
Нæ тургъæ бæхæй байдзаг æй!
Ракастæнцæ авд æнсувæри
Æма дзорунцæ Хæмицмæ:
– Ци дæ, йе циуавæр дæ,
Дæ цæсгом нæмæ равдесæ!
Фестадæй Хæмиц 'ма дзоруй,
– Æз дæн Хæмицати Хæмиц, – зæгъгæ.
Дзорунцæ Тасолтантæ:
– А ци дессаг æй,
Сæдæ бæхи 'ма сæдæ бæхи æнцæ,
Фал ма дин æртæ уæлдай
Ци уодзæнæнцæ?
– Уони дæр уин зæгъдзæнæн, –
Зæгъгæ, загъта Хæмиц,
– Уонæй йеу уодзæнæй,
Дигорон æгъдауæй, мадирвади бæх.
Тасолтантæ бабæй дзорунцæ:
– Уомæн бунат иссердтай,
Фал ма дин а дууæ ци уодзæнæнцæ?
Хæмиц син загъта:
– Дуггаг ба уодзæнæй
Дигорон æгъдауæй, цæсгоми хъумац.
Тасолтантæ дзорунцæ:
– Уомæн дæр бунат иссердтай,
Фал ма дин æртиггаг ци уодзæнæй?
Хæмиц син загъта:
– Йе ба уодзæнæй колдуари бæх.
Тасолтантæ равардтонцæ
Фатъимæт-рæсугъди Хæмицай-фуртæн.
Рандæй Хæмицай-фурт бийнонти хæтдзæ.
Ци рацудæй, Хуцау зонуй,
Уæд 'нæуарзонтæ цъухтæ хæссун байдæдтонцæ
Тасолтантæмæ:
– Уæ йеунæг хуæри уин Хæмицай-фурт
Курондзау æма фагусхæссæг искодта!
Еци æфхуæрд Тасолтантæ
Сæхецæн не 'саггаг кодтонцæ
Æма рамбурд æнцæ сæ фæсевæд:
Сæ хуæри бæрæг кæнунмæ ранæхстæр æнцæ коми думæгмæ.
Уæд сæбæл исæмбалдæй Хæмицай-фурт,
Расæмæфестæгæй æма сæбæл бацийнæ кодта;
Уалдæн син загъта:
– Ранæмæхæстæгуотæ,
Уæ хæтдзæ цæуинæ,
Фал махмæ дæр хестæртæ йес
Æма мин æй ходуйнаг искæндзæнæнцæ,
Кегъæре уæ нæ гъæуй!
Раарфæ кодтонцæ кæрæдземæн.
Хæмицай-фурт æхе ку фæззилдта,
Уæд йин æ фæтæн уонтæбæл
Никкалдтонцæ.
Уой ку рамардтонцæ,
Уæд рандæнцæ,
Цæуæн нæ хуæри рахонæн, зæгъгæ.
Бацудæнцæ сæ хуæрæмæ;
Бадзурдтонцæ тургъæй сæ хуæрæмæ:
– Ранæмæкæсæ!
Сæ хуæрæ сæмæ дзоруй:
– Неци уæмæ рацæудзæнæн æндæмæ,
Медæгмæ рацотæ!
Уæд сæ кæстæри барвистонцæ,
Цæугæ, нæ хабар йин ракæнæ, зæгъгæ.
Сæ кæстæр ку бацудæй,
Уæд авари рæсугъддзинадæ,
Æ дарийти пæр-пæр æма авари авгин фæрстæ
Уомæ дессаг кастæнцæ æма загъта:
– Мæнæ ци рæдуд фæккодтан, зæгъгæ,
Æма æ зæрдæ багъар æй.
Уæд сæмæ Фатъимæт рацудæй:
– Хуцау уи ма 'сарази уæд,
Æнгъæлдæн 'ма цидæр бакодтайтæ.
Загътонцæ йин йетæ дæр:
– Цъухтæ нæмæ фæххастæй,
Æма дин дæ лæги, Хæмицай-фурти, рамардтан!
– Хуцау уи ма сарази уæд,
Уайтæгкидæр, аци цард мæнæн
Æгæр æвгъау адтæй, – зæгъгæ,
Æма бацудæй хæдзарæмæ
Æма кæрдæн æ дууæ дзедзей астæу рацафта
Æма рамардæй.
Уæд Тасолтантæ рацудæнцæ
Æфхуæрдæй сæхемæ.
Хæмицай-фуртæн йе 'нсувæр
Адтæй коми думæги хуасæ кæрдуни;
Хабар йимæ ку райгъустæй,
Уæд сæ размæ бабадтæй;
Гагадзагъд сæ никкодта. Сæ хауæггаг – ледзæггаг,
Сæ ледзæггаг ба хауæггаг фæцæй,
Уотемæй Хæмицатæ æма Тасолтантæ
Рахецæн æнцæ кæрæдземæй.

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 126, папкæ, ф. 517–524.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru