Главная > Хицæн кадджытæ > Сланты Хъанцауби (вариант)

Сланты Хъанцауби (вариант)


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
вариант)

     Хъанцауби уыди сæрæн лæппу. Æмæ йæм сæ сыхæгты ус хæлæг кодта. Уыцы къæбæда ус архайдта, цæмæй йæ сæрæн хъуыдытæ ма æнтысой. Скодта йын хин, æмæ йыл хæлмаг низ бахæцыд. Адæмы æхсæнмæ нал цыди, фæлæ ацыд цæрынмæ хохмæ лæгæтмæ.Йæ хо йæ бирæ уарзта æмæ йын лæгæтмæ хæринаг хаста. Йæхимæ та Хъанцаубийæн йæ къух нæ тасыди. Йæ хæринæгтæ хæргæ нæ кодта, кæд æххормагæй амæлин, зæгъгæ, фæлæ сæ кодта дурын лæгæты къуымы.
     Иухатт лæгæты хуынкъæй рабырыди калм æмæ йын йæ хæринæгтæ бахордта, фæлæ фæстæмæ хуынчъы нал бырыди æмæ сæ уæд фæуомдта дурынмæ. Хъанцауби сæ бахордта цин кæнгæ, кæд амæлин, зæгъгæ. Райсомæй куы райхъал, уæд йæ буар, цыма йæ мадæй райгуырд, афтæ сси.
     Йæ уарзон чызг æнхъæлмæ касти Хъанцаубимæ дыууадæс азы. Тынг бирæ курджытæ йæ уыди, фæлæ цын лæвæрдта иу дзуапп: «Цалынмæ йын йæ марды кæнæ йæ царды хабар фехъусон, уæдмæ æз нæ мой кæнын».
     Рацыдис-иу, авд фæндаджы кæм баиу вæййынц комы, уыцы ранмæ æмæ Хъанцаубийæ фарста адæмы, йæ цæссыг калдта. Йæ цæссыгтæй æвзæрыдысты суадæттæ. Йæхицæн дзырдта: «Мæ мад, мæ фыды цæсгом куы бахордтон уый агургæйæ æмæ дзы мардæй, æгасæй куы ницы базыдтон». Афтæмæй фæрсгæйæ, кæугæйæ-иу аивгъуыди æнæхъæн бон. Изæрæй-иу фæстæмæ æрбаздæхти йæ хæдзармæ. Иуахæмы та æнкъардæй рацæйцыди сæхимæ. Хур йæ бынатмæ рацыди, афтæмæй ма йæ фæстаг тынтæй дардмæ равдыста иу бæлццоны.
     Чызг загъта йæхицæн: «Ацы бæлццонмæ ма банхъæлмæ кæсон». Бæлццон та разынди йæ уарзон Хъанцауби. Тагъд скодтой стыр чындзæхсæв. Хæларæй, уарзонæй фæцардысты, сæ фæстæ рацыди бирæ сывæллæттæ.

Радзырдта йæ Цакъоты Ахуырбег Хъæрæсейы фырт. Ныффыста йæ Браты Нинæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru