Главная > Хицæн кадджытæ > Охæдæги фурт Хуймани зар (вариант)

Охæдæги фурт Хуймани зар (вариант)


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

     Охæдæги фурт Хуйман цардæй Стур Дигори. Цауæйнон лæг адтæй, ку фæццæуидæ, уæд ревæдæй некæд æздахтæй. Уалдæнмæ æхецæн бинонтæ агорун райдæдта. Зæронд мадæ ин адтæй. Е ци кизгæ курдта, уой ба ма курдта Хъантемурти Хъасболат дæр. Нур ба 'й равардтонцæ Охæдæги фурт Хуйманæн, е хуæздæр лæг адтæй. Уалдæнги æрхудта, еу анзмæ хæстæг ибæл рацудæй. Охæдæги фурт Хуйман цауæни рандæй, 'ма Стур Дигори уорс хонхи бунмæ иссудæй. Уоми ба дзабодуртæ иссердта 'ма сæ æхсун райдæдта. 'Ма си еу къуар рахаун кодта. Стур Дигори ба нихæси зæронд лæгтæ бадтæнцæ, 'ма дес кодтонцæ: «А мæнæ дессаг, уорс хонхи сæрæй арви гъæртæ цæуй, 'ма ци уодзæнæй, хор бон ку 'й, уæд, ка 'й бабæрæг кæндзæй». Хъасболат ба 'й фæййидта цауæни цæугæ Хуймани. 'Ма дзоруй зæрæндтæмæ: «Æз æй бабæрæг кæндзæн, æтт, бæргæ», – зæгъгæ. 'Ма исхъæрттæй, 'ма 'й дзæбодури мард стъегъгæ иссæййафта Хуймани, æ фæрстæмæ ма нигкидæр сирди мæрдтæ. Хасболат имæ дзоруй : «Æтт, берæ дин Хуцау ратта!» Хуйман ба имæ исдзурдта: «Еумæ нин сæ равардта», – зæгъгæ. «'Ма – зæгъæ, атæ дæр хуарз, фал дæлæ Рæвий буни дзæбодурти къуар бадуй, 'ма уæхæн нард сирд нæма фæййидтон», – зæгъгæ. 'Ма Хуйман фæггæпп ласта: «Кæми, рауайæ, æркæсон сæмæ», – зæгъгæ. 'Ма хонхи билæй никкæсæ-никкæсæ кодта, 'ма некæми неци: «Кæми 'нцæ, ку некæми зиннунцæ». «'Ма, – зæгъгæ, – рæбунæй æнцæ, æрбадæдтай дæ къох, æз ба дæбæл фæххуæцон, 'ма сæмæ никкæсæ». 'Ма имæ æ къох февардта, 'ма 'й фесхуста, 'ма рахаудтæй. И хонхæй ку рахаудтæй, уæд ма еу гъæр фæккодта Хуйман. «Æтт, мæ тогесæг тæгæри сифæ». Æ хæтдзæ ба еу куй адтæй Хуйманæн, ма никъос-къос кодта, нинниудта, 'ма катай кодта, уæдта уайун байдæдта, 'ма имæ Хъасболат дæр кастæй, а ци кæндзæй, зæгъгæ. Гъема и куй ка 'й, е ин æ билтæ растардта, уæдта нинниудта, ма гъæуæрдæмæ ниййарцæй, гъæуи сæрмæ исхъæрттæй, 'ма нинниудта, гъе ма Хуймани зæронд мадæ имæ рауадæй, и уосæ дæр рауадæй, куй ба нинниудта, 'ма æхе кæрззилд фæккодта, 'ма ледзунмæ фæцæй. Куй ледзуй, Хуймани уосæ дæр æ фæсте, гъе 'ма 'й раст марди сæргъи балæуун кодта. Уæдмæ ба гъæуæй дæр фæдесонтæ æрхъæрттæнцæ. Хъантемури-фурт ба сирди мæрдтæ æрæмбурд кодта, 'ма фидиуаргъи хæццæ ниццудæй сæ хæдзарæмæ. Фæдесонтæ ба мард æрхастонцæ. Хъасполат мæрддзигойни адæми хæццæ лæудтæй, 'ма имæ куй æхе батардта еу рæстæги, 'ма 'й расурдтонцæ, а ци кæнуй, зæгъгæ.
     Хуймани осæ ба фестадæй, 'ма æ цæгатмæ рандæй. Гъе уæдта 'й Хасполат корун райдæдта. 'Ма ин æй равардтонцæ, а æй раздæр дæр курдта, 'ма ин æй раттæн, зæгъгæ. Æрæйхудта, цардæнцæ. 'Ма еухатт хуасæ кæрдунмæ Комартимæ рандæй (Къуссуй уоцифарс), 'ма рæфтадмæ ба исбадтæй тæгæри бæласи буни. Æ уосæ ба ин къумæли къос бахаста. 'Ма къумæли къос æ къохи Хъасполатæн, уотемæй ба тæгæри сифæ æрцудæй, 'ма Хъасполатæн æ къоси ниххаудтæй. 'Ма Хъасполат ниххудтæй: «Мæн' а ке тогесæг æй», – зæгъгæ. И осæ ба 'й нæбал уагъта, цæбæл ниххудтæ, зæгъгæ. 'Ма ин æй уæдта загъта: «Дæ лæги дин билæй ку рагæлстон, гъе уæд уотæ нигъгъæр кодта: «Тæгæри сифæ мæ тогесæг», – зæгъгæ, 'ма мæнайæ ке тогесæг æй», – зæгъгæ. Нецибал исдзурдта и осæ, рацудæнцæ и 'хсæвæ сæ хæдзарæмæ. Лæг æхсæвæр бахуардта, ниййинуат кодта æ осæ, 'ма ниххустæй лæг. И осæ дæр рацудæй, ма æ къохи æрбахаста кард, устур кард. 'Ма и лæг уæсгоммæ хустæй, ма ин уосæ кард æ тæккæ зæрди ниццавта. Лæг рамардæй, нигъгъосæ 'й. Осæ рацудæй 'ма Хуймани мадæмæ бадзурдта: «Дæ фуртæн æ цирти дор бахуайæ, æ тог ин райстон, мæхецæн ба ами цæрæнбунат нæбал ес, 'ма фæццæун», – зæгъгæ. 'Ма рандæй.

Радзырдта йæ Малиты Али, 85-аздзыд, 1977 аз, Толдзгун. Ныффыста йæ Дамбегты Иринæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1977, № 54.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru