Главная > Хицæн кадджытæ > Гуыйманы кадæг (вариант)

Гуыйманы кадæг (вариант)


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

     Гуыйман уыдис сидзæр лæппу. Уыдис цуанон. Уыдис æм гыццыл сау къæбыла. Æххуырсты бацыд хъæздыг æлдармæ. Æлдарæн уыдис рæсугъд чызг, йæ ном Замирæт. Уыдис уымæн мæсыг амад. Гуыйман æмæ Замирæт кæрæдзийы бауарзтой. Мæгуыр лæппу барвыста æлдармæ йæ минæвæртты – бадис кодта ууыл æлдар. Фæлæ йын загъта: «Иу боны гуырд сæдæ дзæбидырæн сæ рахиз уыргтæ куы 'рбахæссай, уæд ныхас кæндзыстæм». Уыди Гуыйманæн æмбал – Дзасары фырт. Æмæ уый дæр уарзта Замирæты. Уый дæр фæраст Гуыйманимæ хохмæ. Цыбыр дзырдæй, цы хъуыддаджы фæдыл рацыд, уый Гуыйманæн бантыст. Йæ къæбыла дæр ын тынг æххуыс кодта. Дзасары фыртæн та йæ къухы ницы бафтыд. Уый тынг бахæлæг кодта Гуыйманмæ æмæ йæ сфæнд кодта фесафын. Бацыд Гуыйманмæ æмæ йæм дзуры: «Уæртæ къæдзæхыл урс дзæбидыр федтон, æмæ уый æлдарæн куы ныххæссиккам æгасæй». Фæцыдысты, уæдæ ма цы. Æмæ Дзасары фырт – тугзæрдæ – асхуыста Гуыйманы къæдзæхæй. Йæхæдæг та æрцыд æлдармæ æмæ йæм дзуры: «Гъа, æлдар, дзæбидырты уыргтæ æмæ æри дæ чызджы мæнæн». Чызг æм бадзырдта: «Уыдон чи амардта, ды уый фæхъхъау фæу».
     Гуыйманы къæбыла та рацыд хъæумæ, уынгты ниугæйæ хæдзармæ батахт æмæ Гуыйманы мады раз ниуы. Мад бамбæрста, цыдæр кæй æрцыд йæ фыртыл, уый. Адæм куыдзы фæдыл рацыдысты, æмæ цæ уый, Гуыйманы Дзасары фырт кæцæй асхуыста, уырдæм æрбакодта. Гуыйманы ссардтой мардæй, адæм кæуынц. Дзасары фырт дæр йæхи кæуæг акодта. Куыдз æм багæпп кодта æмæ йын йæ тъæнгтæ ракалдта.

Радзырдта йæ Цопанты Агуыбе Гадæццийы фырт, 64-аздзыд, 1979 аз, Алагир. Ныффыстой йæ Лолаты Зæлинæ æмæ Суанты Маргаритæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1979 аз.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru