Главная > Хицæн кадджытæ > Иунæджы кадæг

Иунæджы кадæг


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
     Уый, зæгъы, раджы уыд, нæ фыдæлты заманы. Мæгуыр сидзæр чызджы æвæндонæй радтой хъæздыг цауд лæгæн. Чызг, зæгъы, хъизæмар кæнын райдыдта, тухитæ æвзæрста.
     Иубон куы уыдис, уæд ын йæ сæрыхицауы абырджытæ амардтой. Бынтон бамæгуыр чызгæн йæ зæрдæ. Сагъæстæ райдыдта, уæдæ цы кæна? Кæдæм фæцæуа уыцы хæдзарæй? Чи йæ дардзæни? Мыййаг ын сывæллон куы райгуыра, уæд куыд цæрдзæни ацы фыдмыггаджы 'хсæн? Лидзгæ фæкæнид, фæлæ кæйонг ацæудзæн, чи йæ суазæг кæндзæни, кæй руаджы цæрдзæни? Уæ, мæгуыр сылгоймаг, дæуæн бар никуы уыд дæ фæндон сæххæстæн.
     Бирæ фæндты фæстæ сылгоймаг сфæнд кодта уыцы фыдмыггагæй дарддæр ацæуын.
     Иу мæйдар æхсæвы куы рарæвдз вæййы; йæ ронбасты, зæгъы, фæрæт æртъыссы, йæ уæхскмæ та, зæгъы, сисы уæззау фат æмæ æрдын.
     Цæуынтæ байдыдта, лидзынтæ систа. Тархъæды астæумæ куы бахæццæ вæййы æмæ йæ бон сыстын куы нæуал свæййы. Уыцы ран, зæгъы, æнамонд сылгоймаг лæппу куы ныййары. Уæ, мæгуыр сылгоймаг, цытæ æвзæрстай!
     Тухитæ фæкодта, тыхтæй-амæлттæй сау бæрзы къалиутæй мусонг скодта. Цæрынтæ байдыдта. Хъомыл кæнын байдыдта йæ сидзæр хъæбулы. Бон цуаны цыдис, æхсæв судзаг цæстысыгтæй йæхи æхсадта.
     Бонтæ цыдысты, азтæ ивгъуыдтой,уæдæ цы уыдаид.
     Сидзæр, зæгъы, куы райрæзид, куы бахъомыл уаид. Цуан кæнын райдыдта, сырдтæ хæссын райдыдта. Мадæн фенцондæр, сагъæстæй фæуæгъддæр...
     Иуахæмы, зæгъы, лæппу сагъæсхуызæй йæ мады куы бафæрсы:
     – Зæгъ-ма мын, Дзицца, цæмæн ам цæрæм, кæм ис нæ дарæг?
     Мад, зæгъы, ныхъхъуыды кодта, ныссагъæс кодта. Фæлæ цы кæна, куыд сæ бамбæхса йæ мæгуыр хъæбулæй? Бирæ хъуыдыты фæстæ мад йæ хъæбулы æрбахъæбыс кæны æмæ йын радзуры уæззау хабæрттæ.
     Лæппу, зæгъы, куы ницы сдзурид, фæлæ, зæгъы, куы фенкъард уаид.
     Аз фæцардысты, дыууæ фæцардысты, æмæ, зæгъы, иуахæмы лæппу йæ мадмæ бацæуы.
     – Мæ фыны, – зæгъы, дадайы федтон. Уый мын, зæгъы, уайдзæфтæ кодта. Дынджыр лæг, зæгъы, бæргæ сдæ, фæлæ, зæгъы, байрох кодтай мæрдтæм дæ фыды.
     Мад, зæгъы, ницы фæзæгъы, ныссагъæс кæны, уæдæ цы кæнæм, уый хист куы агуры. Цæй мæгуыр дæ, сидзæр, куыд ма цæрай дарддæр ахæм уавæры? Сагъæс дзы бацыд йæ фыды тыххæй: «Дада, бæргæ йæ зонын, хист дын кæй хъæуы, фæлæ цы кæнон, цæмæй æвналон?» Йæ мусонгыл, зæгъы, йæ цæст ахæссы, йæ мадмæ бадзуры:
     – Дзицца, ме схæссæг, цæуын æз цуаны. Бавдæлæм æмæ сырды фыдæй дадайæн хист скæнæм.
     Мад, зæгъы, йæхи фенкъардхуыз кодта, фæлæ цы зæгъа, цы æрхъуыды кæна? Ныффæндараст кодта йæ иунæг хъæбулы, лæварæн ын радта йæ фыды хæтæл.
     Уæ, мæгуыр сидзæр, цæй диссаг у цард! Сидзæрмæ, зæгъы, амонд хæстæг нæ цæуы, адæм та дзы, зæгъгы, дардмæ фæлидзынц...
     Бирæ фæцыди, гыццыл фæцыд, фæлæ, зæгъы, иуахæмы, йæ саджы мард йе 'ккойы, афтæмæй иу дынджыр тæгæр бæласы бынмæ куы бахæццæ вæййы. Æрбадти, зæгъы, йæ фæллад уадзынмæ, йæхимидæг, зæгъы, уый цинæй марди. Дадайæн, зæгъы, ацы сырдæй хист скæндзынæн æмæ, зæгъы, мæрдты йæ зæрдæ мæныл нæ худдзæн. Уалынмæ, зæгъы, æртæ барæджы кæцæйдæр фæзындис сидзæры уæлхъус. Сидзæр сæ, зæгъы, суазæг кæны, стæй сын фæзæгъы, ахæссут уæхицæн ацы саджы мард. Мæнæн, зæгъы, мæ хæтæл хорз æхсы, дадайæн, зæгъы, хистæн ног исты самал кæндзынæн. Дæлæ фæкодтой, уæлæ фæкодтой, абырджытæ, зæгъы, куы сфæнд кæниккой иунæгæн йæ хæтæл байсын.
     Фæлæ сын, зæгъы, мæгуыр иунæг ууыл нæ разы кодта. Тугдзыхтæ, зæгъы, ныффæнд кодтой иунæгæн йæ туг ныккалын, тыххæй сæхицæн хæтæл ахæссын.
     Хурмæ, зæгъы, æндон ферттивы иунæджы хæд сæрмæ. Сидзæр ыскувы:
     – Уæ, уæлæ хурзæрин, ды-иу мæ мастисæг фæу, тæгæры сыфтæ, сымах та мын – æвдисæн.
     Уыцы ныхæстæм дур дæр аскъуыди,хох дæр барызти, иунæджы сæрмæ сау мигъ сæмбырд и, фæлæ барджытæм ницы бахъардта.
     Сау æндон хæцæнгарз иунæджы рæзгæ зæрдæ дыууæрдæм, зæгъы, афаста. Гъæ, уæууæй, иунæг, дæ иунæг мады кæмæн ныууагътай, уаих æрбауай, цæй æдых разындтæ!
     Фыдзæрдæ лæгхортæм, зæгъы, куыд ницы бахъардта. Сæ кæстæр ма, зæгъы, бæргæ лæгъстæ кодта, ма йæ амарут, зæгъгæ...
     Амардтой, зæгъы, æнамонд иунæджы, уæдæ цы уыдаид, йæ мард ын ныууагътой стыр тæгæры бын. Сырдтæн, зæгъы, холыйæн...
     Гъæ, уæууæй, æнамонд ныййарæг, цытæ та æвзарыс?!
     Бонтæ цыдысты, мæйтæ ивгъуыдтой, уæддæр ма, зæгъы, зæронд мад-ныййарæг æнхъæлмæ кастис.
     Иу афæдз фенхъæлмæ каст, дыккаг æрлæууыд, йæ бон дзы, зæгъы, куы базоны йæ иунæг хъæбулæй. Карз цæстысыг, зæгъы, куы ныккалы, йæ хъарæгæй, зæгъы, хæхтæ куы нырризынц, уæдæ цы кæна, йæ зæрдæ цæуыл фæлæууа? Гъе стæй, зæгъы, ныффæнд кæны йæ хъаст йæ фыды мыггагмæ фæхæссын. Æмæ, зæгъы, куы рараст вæййы тархъæдæй хъæумæ. Хъæуы адæм ыл, зæгъы, диссаджы цин куы фæкæниккой, йæ æнамонддзинæдтæн ын зæрдæтæ куы бавæриккой. Хъæуы цæрджытæ, зæгъы, куы æрбамбырд вæййынц, сæхи куы ницæмæй аласынц æмæ, зæгъы, æнамонд иунæгæн стыр хист куы скæнынц. Хистæртæ, зæгъы, куы æрбадынц æмæ, зæгъы, цæссыг калгæ рухсаг куы рауадзынц. Хурзæрин, зæгъы, зæхмæ йæ тынтæ куы 'руадзы æмæ, зæгъы, зæхх сидзæргæсы тæригъæдæй скъуыдтæ куы кæны. Раст, зæгъы, уыцы афон уынджы æртæ барæджы куы æрцæйцæуынц.
     Кæстæр фæсивæд сæ,зæгъы, уым бæхтæй куы æрхизын кæниккой, мидæмæ, зæгъгæ, ахизут æмæ, зæгъы, рухсаг бануазут, афтæ æмбæлы. Хистæр сæм, зæгъы, хъæзын къусыдзаг бæгæны куы радæтты, рухсаг зæгъут, зæгъгæ. Сæ хистæр æй, зæгъы, куы райсы, рухсаг куы зæгъы æмæ йæ, зæгъы, йæ дзыхмæ куы схæссы.
     Раст, зæгъы, уыцы афон æнгом агъуысты сидзæры мастисæг-хурзæрин йæ тынтæ куы ныййирд кæнид æмæ, зæгъы, уазæджы къусмæ куы ныккæсид йæ зынг цæстæй.
     Сау бæгæны, зæгъы, уазæджы къусы туджы къуыбар куы фесты. Уазæг, зæгъы, куы ницы сдзурид, уалынмæ та, зæгъы, дыккаг уазæджы къухы къусы мидæг туджы къуыбæрттæ куы фестид; уый зæгъы, дисы бафтыд æмæ йæ, зæгъы, кæстæрмæ авæрдта, ай цы диссаг у, зæгъгæ. Раст, зæгъы, уыцы афон агъуысты хуылфы зилгæ-дымгæ сыстадис æмæ, зæгъы, иунæгæн æвдисæн тæгæры сыфтæ къусы куы ныккæлынц.
     Уæд, зæгъы, кæстæр уазæг йæ хистæртæм куы бадзуры. «Диссаг уæм, зæгъы, ма кæсæд. Хъуыды-ма, зæгъы, кæнут, тæгæры бын цы лæппуйы амардтат, уый, зæгъы, хурзæринæн фæдзæхсгæ куы кодта, мæ мастисæг фæу, зæгъгæ, тæгæры сыфты та, зæгъы, æвдисæн куы скодта...» Адæмы размæ, зæгъы, сидзæргæс саударæг уыцы афон нуазæн куы æрбахæссы æмæ, зæгъы, хистæр уазæджы рагъыл йæ хъæбулы хæтæл куы фены. Уыцы ран, зæгъы, йæхимæ куы фæлæбуры, куы ныхъхъарæг кæны, уый мæ иунæджы хæтæл куы у, зæгъгæ.
     Уæд, зæгъы, хистæртæ куы сыстынц æмæ, зæгъы, куы фæзæгъынц, адон махæн нæ туджджынтæ сты, зæгъгæ.
     Фæуынаффæ кодтой æмæ, зæгъы, карз тæрхон рахастой. Дыууæ хистæры, зæгъы, тархъæды мард куыд æрцæуой, кæстæрæн та, зæгъы, ацы хатт барст фæуæд иунæджы туг ныккалд.

Азарыд æй хъисын фæндыримæ Уаниаты Тузар Дрисы фырт, 89-аздзыд, 1969 азы, Беслæн.
Ныффыста йæ Уаниаты Зариффæ. Салæгаты Зойæйы æмбырдгондæй.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru