Главная > Хицæн кадджытæ > Мæгуыры тугагур Хуыцау у

Мæгуыры тугагур Хуыцау у


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
     Иу мæгуыр лæг ацыди хъæдмæ суг сæттынмæ. Абырджытæ йæ уым æрцахстой æмæ йæ иу тæгæр бæласы бын мардтой.
     – Бахатыр кæнут, æмæ мын дыууæ ныхасы бар радтут, стæй мæ марат, цы кæнат, уымæй бар уæхи.
     – Зæгъ, – зæгъгæ, загътой абырджытæ.
     Уæд мæгуыр лæг загъта:
     – Хурзæрин, ды мæ уацхæссæг фæу, мæнæ тæгæр бæлас, ды та – мæ тугагур.
     Уый фæстæ йæ амардтой. Иукъорд боны фæстæ фæдисæттæ ссардтой хъæды мæгуыр лæджы мард. Баныгæдтой йæ æмæ йын уæлмæрд хæрнæг скодтой. Уыцы бон хъæуы уынгты Хуыцау æрхаста, чи йæ амардта, уыцы æртæ абырæджы. Мæрдджыны дуармæ куы æрхæццæ сты, уæд сæ æрурæдтой æмæ сæ уазæгдонмæ бакодтой хист хæрынмæ. Сæ разы сын фынг æрцарæзтой марды рухсаджы тыххæй.
     Бахордтой, банызтой арахъ, цас цæ хъуыди, уыйас. Фæстагмæ цæм авæрдтой стыр бæгæныйы къус, æмæ куыддæр сæ хистæр бæгæныйы къус йæ къухтæм райста, афтæ хуры тын рудзынгæй ныккасти бæгæныйы нуазæнмæ, кæцæйдæр фæзынди тæгæры сыф дæр æмæ нуазæны абадти.
     Уазджытæ сæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ сæ иу сдзырдта:
     – Хуыцауы диссаг нæу! Хъæды цы лæг амардтам, тæгæры бæласы бын, уый дзырд куыд æрцыди! Ныр адон куы зониккой, ацы хуры тын æмæ тæгæр бæласы сыфтæр цы сты, уый, уæд мах ардыгæй æгасæй нал аирвæзиккам.
     Уырдыгсджытæй иу зыдта се 'взагæй, райста йæхи æддæмæ æмæ бамбарын кодта мæрдджынтæн.
     Уыйадыл æрхæцыдысты абырджытыл. Сæрæй бынмæ сæ рафарстой хуры тын æмæ тæгæры бæласы сыфтæрæй, æмæ куы сбæлвырд, уыдон йæ марджытæ уыдысты, уый, уæд цæ æрцахстой æмæ цæ уæлмæрдтæм акодтой, æмæ се 'ртæйы дæр уым мæгуыр лæджы ингæны уæлæ сæргæвстой.

Йæ радзурæг бæрæг нæу. Ныффыста йæ Цомайты Хадзырæт. Скъуынгæ къæлиндар, 1926 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, опись I, дело 47–16, ф. 210–211.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru