Главная > Хицæн кадджытæ > Дзандзирахъи зар

Дзандзирахъи зар


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Уæ, Къаматæ, Къаматæ!
Донæй уорс, сау Къаматæ,
Кæрдзинæй хъал, Дигоргоммæ
Ку æрæмбурд унцæ, Стонамæ.
Исдзорунцæ муггагæй;
Дзандзирахъи рæсугъди сæрггæгтæй
Ку раласунцæ Бæрзæфцæгæй:
– Дзандзирахъ-рæсугъд ке уодзæнæй?
Дзандзирахъ-рæсугъд куд уодзæнæй?
Уæд Дзандзирахъ-рæсугъд ку дзоруй:
– Æхе дууæ къохемæй топп ка искæндзæнæй,
Билæги коммæ ка ниффардæг уодзæнæй,
Уоми мин сæдсиуон саг ка рамардзæнæй,
Уомæн æ дууæ сиуи сирди къæхтæ ка ниссадздзæнæй;
Æхе исконд аги 'й ка исфицдзæнæй;
Æхе исконд фингæбæл æй ка æриуардзæнæй;
Дигоргоми хуарз адæмтæн æгъдау ка ратдзæнæй,
Гъе, Дзандзирахъ-рæсугъд уой уодзæнæй!
Уæд Къамати фæсевæд кæрæдземæ ку бадзорунцæ:
– Æ, мадта йе ба ка уодзæнæй?
Куд уодзæнæй?
– Æ, мадта йе ба ку уодзæнæй
Темисати Темиси фурт мæнги Айдар.
Темисати Темиси фурт мæнги Айдар
Дзандзирахъи дзурд ку исæнхæст кæнуй.
Дзандзирахъи алай-булайæй ку ниффардæг кодта
Темисати Темиси фурт мæнги Айдар.
Уомæн къохбæлхуæцæг ку адтæй
Муалсати Муалсай фурт Артуд.
Уæд мæнги Айдар афæй балци ку ниффардæг æй,
Дзандзирахъ-рæсугъди ку бауосиат кæнуй Артудбæл,
Уæд имæ Артуд æхуæдæг хицæ кæнун ку байдайуй.
Йеу хатт ин ку ской кодта æ зæрди фæндон.
Дзандзирахъ-рæсугъд ин ку загъта:
«Æз мæ ардæн не смæнгæ уодзæнæн,
Æз мæ зæгъгæ дзурд нæ фæссайдзæнæн!»
Уотемæй йимæ ку нæ байгъуста.
Уæд афæдзи балцимæ Айдари исцудмæ
Артуд æхецæн тæрсун ку байдæдта.
Æхе йимæ ку рараздæр кодта и надмæ;
Уæд ин уоми ку æртаус кæнуй мæтъæлæй:
«Дæу дæр æма мæн дæр ку фесафта,
Дзандзирахъ-рæсугъд лæг ку бакодта, зæгъгæ,
Æз дин уой нæбал аггаг кæнун
Æмбалæн фæддарунмæ».
Уæд Айдар æнæ дзоргæй ку исцæуй
Æма 'й 'хсæвæ Дзандзирахъи-рæсугъди
Хъалай бæрзондæй Айгоми хедæй
Цъæх дони цæхъалтæмæ ку рагæлдзуй.
Дзандзирахъ-рæсугъд ку нæбал разиндтæй.
Адæмтæ уобæл дестæ кæнун ку байдæдтонцæ.
Гъос-гъосæй дзорун ку байдæдтонцæ:
Æ, мадта ци фæууа, зæгъгæ.
Уæд Къубуси хоргонæй
И фиййау ку низзардта æ хæтæлæй:
«Федаунцæ Донифарси согдзаутæ
И хоргони Къубусæй;
Фелаунцæ Айгоми хеди бунæй
И цъæх дони цæхъалтæй усмæй-усмæмæ
Дзандзирахъи сау дзиккотæ».
Æримæфæдес унцæ Къаматæ
Æма 'й исхастонцæ сæ нихæсмæ.
Уæд Айдар дæр ку базудта
Дзандзирахъæн æ растдзинадæ
Æма и марди уæлгъос ку низзардта:
«Муалсати Муалсай фурт Артуд æй,
Абонæй фæстæмæ макебал рамарæд
Æ уарзон адгин æмбали
Есге цъухти, билти ардудæй!»

Радзырдта йæ Тубеты Дзæрдæг, 1934 аз, Лескен. Ныффыста йæ Хъазыбегты Хъазыбег.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 166–168.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru