Главная > Хицæн кадджытæ > Дзанджерахъ

Дзанджерахъ


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
     Уæхъæци цардæй Къамати рæсугъд кизгæ Дзандзерахъ. Йе уæхæн рæсугъд адтæй, 'ма ку баходидæ, уæд авари цуппар фарси дæр ниррохс уиуонцæ. 'Ма йибæл уосгортæ Кæсæгæй æма Ирæй авд æмбурди æрцæнцæ сæ лæгдзинадæ æвдесунмæ. Дзандзерахъ уæд мæсугмæ схизтæй 'ма ниццагъта фæндурæй. 'Ма æ цагъди хæтдзæ ба уотæ заруй: «Æз уæхæнмæ æрцæудзæнæн, 'ма æхуæдæг топп ка скæна, 'ма Хускъæни бæрзондбæл ка рамара дзæбодур, 'ма 'й æхе конд кардæй ка нивгæрда, 'ма 'й æхе конд аги ка никъкъуæхтæ кæна, 'ма 'й æхе конд рæхисбæл ка сбæтта».
     'Ма сæ Темисати Темуси фурт Айдарухъ æгасæй дæр исæнхæст кодта. 'Ма 'й уæдта æрхудта æ хæдзарæмæ алай-булайгæнгæ. Уоци замани ба ходуйнаг адтæй æ уоси фарсмæ бадун. 'Ма Айдарухъ еу анз рандæй кумæдæр балци. 'Ма йимæ уæдта йеу хатт ба æ къохбæлхуæцæг Мулдари-фурт æрцудæй 'ма ин уæдта загъта, фæллимæн уæн, зæгъгæ. Ма ин Дзандзерахъ ба загъта: «Æз мæхецæн уойдзаг уосгорти æхсæн ке равзурстон, уой некæбæл баййевдзæнæн». 'Ма йимæ уæдта Мулдари-фурт фæммæстгун æй, 'ма, Айдарухъ фæстæмæ ку æрбаздагъдæй, уæд йимæ æ размæ рацудæй 'ма 'й Дзанджерахъбæл мæнгæттæй фæййардудта, дæ фæсаууон дин æндæри хæтдзæ фæллимæнæй, зæгъгæ. 'Ма Айдарухъбæл йе 'мбæлттæ хъæбæр фæццинæ кодтонцæ, æртæ бони 'ма æртæ æхсæви ба кувди фæббадтæнцæ. Æртиггаг æхсæвæ ба æ уоси уатмæ бацудæй, æ сæр хъæбæр ниллæг æруагъта, уотемæй æрбадтæй, æ уосæмæ дзоргæ дæр не скæнгæй. 'Ма йимæ уæдта Дзандзерахъи-рæсугъд дзоруй: «Ци кæни, дзорæгмæ дзоргæ дæр кунæ кæнис, ходæгмæ кунæ ходис, цæбæл уотæ зин кæнис».
     'Ма йимæ уæдта Айдарухъ нæбал ниббухстæй, ду ба ма мæ хæццæ уотæ дзорун куд æндеуис, уотитæ бакæнгæй, зæгъгæ, 'ма ин æ сæр, æ цохъай ци бæрзи соги фадæггаг бахаста, уомæй ниццавта. 'Ма 'й уæдта бæрзæ цæггагбæл ниббаста 'ма 'й Теркмæ багæлста. 'Ма уæдта 'й дон ба еу хъуммæ æрбаласта 'ма уоми ниххастæй, æ дууæ сау зæлдаг дззигкой ба райхалдæнцæ ма дони гъазти хæтдзæ рафеллау-бафеллау кодтонцæ. Уой фæййидта еу фиййау-биццеу æ фонси дзог хезгæй 'ма 'й ку бафæсмардта, уæд Къаматæмæ фæццудæй 'ма син уотæ зæгъуй: «Донæй хаст, кæрдзинæй хъалтæ, ами бадуни бæсти (кувди) уæ кизги мард иссеретæ».
     'Ма 'й ку фарстонцæ, уæдта син уотæ зæгъуй: «Сумах мин кувди хай дæр ма хисти хай дæр ку некæд ниууагътайтæ, ку некæд мæ æргъуди кодтайтæ, уæд уин цæмæн зæгъон,» – зæгъгæ. Ма си уæдта Къаматæ ракурдтонцæ: «Амæй фæстæмæ дин уадздзинан хисти хай дæр ма кувди хай дæр, ма нин нæ кизги мард байамонæ».
     'Ма сæ уæд йе фæххудта еци хъуммæ 'ма, ку никкастæнцæ, уæд æй æ джигкотæмæ гæсгæ бафæсмардтонцæ 'ма 'й фæххастонцæ Уæхъæцмæ 'ма 'й уоми банигæдтонцæ. Айдарухъ ба уой ку базудта 'ма 'й рæстбæл рамардта есге æрдуди туххæй, уæд æхе дæр æхе конд кардæй рамардта.

                         З а р æ г

Аци зар ку федауй
Сугъд æскъæти тегъæбæл
Мæгур седзæр цæгæрхуæрд биццеуи дзухи.
Темиси-фурт Айдарухъ радзоруй:
«Мæнмæ æзнаг ка уа,
Е æ рæсугъд уоси ардуди туххæй
Макæдбал рамарæд».
Дзорунцæ Къаматæ муггагæй:
«Рамардтонцæ Дзанджерахъи бæрзæ луггагæй.
Айгомухъ хеди гъоси æ дууæ джигкой
Рафеллау-бафеллау кæнунцæ».

Радзырдта йæ Гæтæгты Сослæнбег, 85-аздзыд, 1973 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Баликъоты Дзандары чызг Эммæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1973 аз, № 41.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru