Главная > Хицæн кадджытæ > Дзампиати бæгъатæр абæрег Какуй кадæнгæ

Дзампиати бæгъатæр абæрег Какуй кадæнгæ


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
     Хохы Хъæрмæдон низæппарæн,
     Æз ай куы зыдтаин, æвзæр сæнгуыбын Олгинцкæ,
     Уæд уын арвы цæлхъау топпы гæрахæй бæргæ уæ ныккодтаин сыхгæйттæ,
     Фæлæ, уæ амондæн мæнæн асаст мæ гилдзæппарæн.
     Горæты дзæнæты бæлас,
     Мулухойы полкъы хицауæн æрæгиау æз бæргæ ныккодтон мæлæты гæрах.
     Кæку абæрег хъæзныг лæги фос иста,
     Цард ихалдта æмæ 'й мæгур лæгæн лæвæрдта.
     Ус ын курдуаты уыди Олгинцкæйы.
     Æ курд ус æ зæрдыл æллæууыди.
     Æнафонгомау бæхыл абадти; сусæгæйты æрцыди æ каистæм.
     Кидæр æй федта æмæ йыл хъæуыхицаумæ дзырд бахæссы,
     Хъæуыхицау та дзы уыди Абайты Гаппо.
     Æ дыууæ къулеримæ куы бады Гаппо бæхтыл æмæ йæ æ тæгкæ
     Каисты дуармæ æрыййафынц лæугæ.
     Æмæ Гаппо дзуры:
     – Гъеныр дын, Кæку, амал нал ис, æмæ æри дæ гæрзтæ.
     – Гъæйтт, Гаппо, ирон лæг куы дæ, æз дæр ирон лæг куы дæн,
     Æмæ мын унгы æнæ бафхæргæ нæй, мæ каисты дуармæ?
     Кæд ын æнæ исгæ нал и, уæд рауай æмæ дæм æй дæлæ
                                        быдыры ратдзынæн.
     Рацæуы йемæ Олгинцкæйы дæлæ лæгъз быдырмæ
     Æмæ йæм лæгъз быдыры мидæг дзуры:
     – Гъæй, Гаппо, дæ сæр киргъæдæй дæр дынджырдæр куы у,
     Æмæ дæ зонд цæй цыбыр у;
     А ронбаст хъатарайы цалынмæ иу нæмыг уа,
     Уалынмæ мæ гæрзтæ нæ ратдзынæн,
     Фæлæ-ма, æвзæр дынджырсæр Гаппо,
     Мулухойы полкъыл фæдис ныхъхъæр кæ.
     Мулухойы полкъыл ныффæдис кæны: «Абырæг Кæку ам ис!»
     Дзампиаты хъæбатыр Кæкуйы акружит æркæны Мулухойы полкъ æмæ
                                        хъæр кæны:
     – Гъæй, ирон адæм! Мæ фидæн мæ туджджын ныууадзын нæ фæнды,
     Æмæ уæхи иуæрдæм райсут, ме 'хст мын мæ бар уадзут!
     Æгас полкъæй дæс æмæ дыууиссæдзы амары,
     Мулухойы полкъы хицаумæ уæд тилифонæй бадзурынц Дзæуджыхъæумæ:
     Мулухойы полкъы хицау уæд файтъоны фæбады,
     Æ садник йемæ, афтæмæй йæм æрхæццæ вæййы.
     Адæмæн се 'хсын бауромын кæны æмæ дзуры:
     – Гъæй, абæрег Кæку, дæхи ма марын кæ, фæлæ дæхи ратт æгасудæй,
     Æз дæ паддзахмæ хъæбатыр лæгæн арвитон.
     Ныххуды йыл:
     – Гъай-гъай, дæуæн Кæку æгасудæй йæхи куы раттид,
     Æмæ ды паддзахмæ телеграмм куы раттис,
     Æмæ дæуæн, æвзæр хæдмæлхор, Мулухойы полкъы хицау
     Сыгъзæрин хъуырдаргæ майдан ку сæрвитид!
     Фæлæ-ма дæхимæ фæкæс, хъæбатыр Кæку та цæхæн крест дæтты хъæдæй.
     Байгæрах кæны, æ дынджыр рихитæ йын
     Хæрынкъайæй дасæгау топпы нæмыг дасгæ бацыди.
     Уæлгоммæ файтъонæй ахауди.
     Фæгæпп кæны æмæ хъæр кæны:
     – Æмгуыпп æй кæнут!
     Æмгуыпп æй ныккæнынц, æмæ æ агъд фæцæф вæййы.
     Æ цæф æ къухæй абæрæг кæны, дзуры йæхимæ хъæбатыр Кæку:
     – Гъæтт, Кæку, тæрсгæ ма кæ, ма, сау фыды цæф у!
     Донмæ ныггæпп кæны. Уыдонæй афтæ, фæмард и æмæ
                                        къæхæнæй ныххауди.
     Æфсæдтæ ныххæррæтт кæнынц, уыцы æхсаг топп мæн куы фæуаид,
                                        зæгъгæ.
     Абæрег Кæку йæхи ахсы, дон аназы æмæ та сгæпп кæны
                                        къæхæнæй уæлбылмæ æмæ та:
     – Гъа-гъа, гаур, мæнæ нæ дзæгъæлы æрбасайдта æмæ та нæ цæгъды!
     Æмæ та дзы фондз лæджы ноджыдæр æрбамардта.
     Стæй Мулухойы полкъы хицаумæ æ садник дзуры:
     – Мæнæн-ма æхсты бар ратт иунæгæй!
     Фæйгæрах кæны æмæ йæ бæхбæттæн фæмур кæны. Дзуры:
     – Ирон адæм, нæмыг дæр мæм нал и,
     Фæлæ мын мæ фæндаг мæ бар раттут,
     Мæ фыды зæронды ма кæд фенин.
     Ирон адæм ын фæндаг раттынц, æмæ æнæргъуыдыйæ уæд цыд фæци æ
                                        каисты уынгыл.
     Æ курд усыл æрæмбырд ысты йе 'мгар кизгитæ
     Æмæ кæуы, дзыназы, лæдары,
     Æддæмæ томар кæны,
     Æмæ йæ йе 'мгар кизгитæ нæ уадзынц æддæмæ:
     – Гъе, нæ адгин æмгар, æфсымæр-хо, худинаг у, бæстæтæ,
                                        дзыллæтæ æ фæстæ сты,
     Æмæ дын худинаг уыдзæн уыцы цыд, æмæ дыл худдзысты адæм.
     Дзуры сæм:
     – Уæ хорзæхæй, ме 'фсымæртæ! Ауадзут мæ, кæд ма йын æ фæдкийы
                                        кæрон фенин!
     Нæ 'й рауадзынц. Исивгъуыйы æ каистыл.
     Уынгы мидæг:
     – Гъæ, мæ хъæубæстæ, мæнæ мæ удхæсджытæ мæ фæстæ сты, схæстæг мæм кæнынц æмæ-ма мын иу-дыууæ нæмыджы иски куы раппарид!
     Бæтæхъойыхъæуккаг Фидараты чызг Хадыхъаты ус Хамбечер бауайы хæдзармæ хæлæфгомау, йæ лæджы хъатара хæдзары рагъæныл ауыгъдæй лæууыди, æмæ дзы æртæ нæмыджы фелвасы хъатарайæй æмæ йын кауы сæрты аппары уынгмæ.
     Абæрег Кæку сæм æвналы æмæ сæ тагъдгомау фелвасы. Дзуры йæм:
     – Гъе, уæй-уæй, Кæку! Мæнæн абон лæджы худ цы Хуыцау нæ радта, уый хъомгæсæй фæхæта, æндæр æз абон бакодтаид дæуæн æфсымæриуæг.
     Хъæбатыр абæрег Кæку топпы нæмыг бæргæ айвæры, фæлæ йæ бæхбæттæн æруазал вæййы æмæ йæ æрбалхъивын нал бафæразы.
     Уынджы астæу дур æмæ дзуры:
     – Уæдæ, æвзæр цæуæг ацы топп æнæ састæй нæ хæсдзыстут!
     Йæ галиу къухæй йæ дурыл ныццæвы уынджы астæу, æмæ ныггæрах кæны топп, æмæ та дзы дыууæ фæмард вæййы, æмæ та фæстæмæ уынджы алидзынц, æмæ та сæ дыууæ уынджы мидæг сæ къæхты быны фæмард вæййы.
     Йæ фыды зæронды суыны: дуаррæбын бадтис æмæ йæм уырдыгмæ мæтъæлæй кæсы; æнæбарыгомау фесты æмæ йыл дуар ахгæны; æхæдæг бацæуы æмæ дынджыр топп рахæссы æмæ 'й хæрдмæ ныггæрах кæны.
     Абæрег Кæку дæр уырдæм ысхæццæ вæййы æмæ уынджы рауай-бауай кæны:
     – Йа, мæ мадæлтæ, дойныйæ уын фæмæлын!
     Тарханаты зæронд ус Фатыма хъæдын къусыдзаг ын дон радавы. Тæвдæй дон куы аназы, уæд гуыппæй ахауы æмæ йæ уд сисы. Зæронд ус æй йæ хъæбысы æртухы. Æфсæдтæ – ки кардластæй, ки хъамаластæй хъæр кæнынц:
     – Рахæсс æй, мах æй амарæм!
     Зæронд ус сæм дзуры:
     – Амарди, амарди! Марын æй нал хъæуы!
     Мулухойы полкъы хицау сæм дзуры:
     – Райсут марды!
     Ус æй нæ дæтты:
     – Амарут мæн дæр, гъеуæд æй ратдзынæн!
     Горæтмæ 'й усимæ сласынц, цисовники 'й сæвæрынц, æртæ боны йæ фæдарынц усимæ марды.
     Фæрсынц усы:
     – Нæма дæттыс марды? Ратт æй, кæнæ дæ марæм дæхи дæр.
     – Дзырд куы радтон: цалынмæ мæ амарат, уалынмæ мард нæ ратдзынæн.
     Уæд ын Мулухойы полкъы хицау уæрдон сифтындзын кæны. Цыппæрдзæлхон уæрдон, æмæ йæ Олгинцки уæлмæрдтæм æрбаласы. Тарханаты зæронд ус Фатыма йæ лæппуйы фарсмæ бавæры. Афæдзы афæймæ йын хистытæ фæкæны. Рухсаг уæд, дзæнæты бадæд хъæбатыр Кæку.
     Уыцы уайгæй-уайгæ ацы зарæг æхæдæг йæхиуыл скодта:
     «Сæнгуыбын Олгинцкæ, æз уын ай куы зыдтаин, афтæ мыл гадзрахатæй цæудзыстут, уæд уын арвы цæлхъау топпы гæрахæй бæргæ ныккодтаин сыхгæйдтæ, фæлæ уæ амондæн мæнæн асасти мæ гилдзæппарæн.
     Дзæуджыхъæуы дзæнæты бæлас, Мулухойы полкъы хицауæн æз бæргæ ныккодтон æрæджиау мæлæты гæрах.
     Фæлæ йæ амондхор уæд!»
     Рухсаг у, Дзампиаты Кæку!
     
     
Радзырдта йæ Гатуты Дабег, 15 август, 1924 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
     ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 17 «а», ф. 201–205.

     
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

     
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru