Мах стæм Гуылæртæй. Нæ мыггаг равзæрд афтæ. Ирæтты фыдæлы хуыдтой Ос-Бæгъатыр. Уымæн уыд фараст лæппуйы. Хистæр хуынд Кусæгой, æмæ уымæй равзæрд Тедеты æмæ Цхуырбаты мыггæгтæ. Кæстæр æфсымæры ном та хуынд Цъæхил. Цъæхилæн дæр уыд бирæ фырттæ. Уыдонæй сæ иу уыд Гуылæр. Гуылæрæн уыд фондз фырты: Слан, Зассе, Хуыга, Тебло, Коцой. Коцойæ равзæрд фæстæмæ æртæ мыгга¬джы: Нартыхтæ, Нанитæ æмæ Бæзатæ. Нæ фыдæл Хуыга ардæм æрцыд æхсæз фондзыссæдз азы размæ. Уый размæ цард Урстуалты. Уырдыгæй æфсымæртæ Хуыга, Зассе, Бæза æмæ Коцой алыгъдысты Къасарагомы Ныхасы хъæумæ. Уым иудзæвгар куы рацардысты, уæд иу хатт Хуыга цуаны рацыд. Цуангæнгæ æрхаудта, уæртæ Часавалы сæрмæ къæдзæхы сæрыл цы хъæу ис ныр, уырдæм. Ссардта дзы хæдзар æмæ мæсыг. Æхсæвы уым баззад. Ног бынаты федта фын, цыма саг амардта. Райсомы райхъал, æддæмæ рахызт, æмæ æцæгæй хæдзары раз уыд саджы мард. Йæ сыкъатæ æрæджыйы онг дæр ма уыдысты хъæуы. Лæджы зæрдæмæ фæцыд бынат. Фæстæмæ аздæхт æмæ йе 'фсымæрты— Зассе, Бæза æмæ Коцойы йемæ ракодта æмæ æрцардысты ацы комы. Нæ фыдæлтæ уыдысты фосджын. Æмæ, ныртæккæ мах кæм цæрæм, уыдон уыдысты фосдарæнтæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ ам сцæрæн бынат ис.
Радзырдта йæ Хуыгаты Созаны фырт Илар, 1961аз, Хæрдысæр. Ныффыста йæ Цыбырты Людвиг. Ирон адæмон аргъæуттæ 3 томæй, Цхинвал, т.III, 1962, ф.141.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |