Фыццаг рæстæджы-иу ирон дзуарæй ард бахордтой æмæ-иу ард чи бахордта, зæхх-иу уымæн баззад. Æгас Зæрæмæгимæ мах тох кодтам «Æддаг хъæдыл», Боциты хъæуимæ та «Наргъыл». Уымæн æмæ дыууæ дæр нæхи уыдысты æмæ нын тых кодтой æмæ нæ нæ уагътой. Цæргæсатимæ уыцы хъæдтæ уыдысты уæрст, нæхимидæг уæрст никуы уыдысты. Туаты хъæуы цæрджытæ кодтой хицæн дихтæ: Хъайсынтæ фыдыфырт уыдысты, Абелтæ дæр фыдыфырт уыдысты, Болатыхъотæ – фыдыфырт, Чеметæ дæр — фыдыфырт. Æдæппæт уыдысты цыппар фыдыфырты, цыппар æфсымæры цæуæт. Туатæй цæры Чырыстонхъæуы, Хуымæллæджы, Хъахъхъæдуры, Къобы æмæ æрæджы алидзгæтæй – Кировыхъæуы. Иууылдæр уыдон фыссынц сæхи Туатыл, фæлæ кæй фырттæ уыдысты, уый нæ зонын. Гæркъа кæй хонынц, уырдыгæй ралыгъди, загътой, Туа. Фыццаг Зæрæмæджы, Бодзитæ кæм цæрынц, гъеуым æрцарди. Уырдыгæй цуаны рацыд. Уæллагхъæуы рæгътыл æрцыд ардæм (Адайы комы уыд цуаны). Ам зæхх куы федта, уæд Саппы сæр байтыдта хор æмæ (кæрвæз) мæнæу, æмæ тынг хорз æрзадысты фæззæгмæ. Æрмæст хъуыды кодта, донæн цы кæндзынæн, зæгъгæ. Уымæн æмæ ам тархъæд уыд. Доны сæр хъуына сæвæрдта æмæ йæ хъуыр-хъуыр цыд, стæй йæ къæпийæ куы ракъахта, уæд дон сзынди. Йæ хъæды мыггаг: тулдз, бæрз, нæзы. Бигъуылатимæ хæцыд Туа, уымæн æмæ Туатæй лæг амардтой. Туатæй Бырнац, Хъайсыны лæппу, амардта тугмæ Бигъуылатæй Хамызайы. Хамыза Мамысоны 'рдæм кæдæмдæр бацыди, æмæ Хъайсын барвыста Болатыхъомæ: бæх, дам, знæт бæх у, æмæ йын мидæгдон бадарæм æви йæ æддæмæ ауадзæм? Уæд сæм Болатыхъо рарвыста: уæгъдæй йæ ауадзут, кæннод уæ искæй ныццæвдзæн. Стæй Æддаг хъугоммæ куы ацыд, уæд æй фехстой, æмæ нæмыг йæ ронбастыл сæмбæлд. Уый ма мæкъуылы аууонмæ ныллыгъд йæ тæвдæй, стæй сын загъта: ма мæ ныкъкъуыхтæ кæнут, зæгъгæ, æмæ ма удыгасæй аирвæзт дæлæмæ. Тох цыдис зæххы тыххæй. Мæсгуытæ нæ хъæуы арæзт æрцыдысты Особайы заманы. Особа хуыдтой, мыггаг мыггагимæ куы хæцыдис, уый. Тъæбæгъæуы цæрынц Абелтæ æмæ Болатыхъотæ. Болатыхъо æмæ Абел æфсымæртæ уыдысты. Чеметæ, Хъайсынтæ æмæ Æрдзабантæ дæр хицæн фыдыфырттæ уыдысты. Æрвадиуæг кæнæм Дзауы комы Уалытимæ, Уалытæ алыгъдысты ардыгæй.
Радзырдта йæ Туаты Елмæрза Мысырбийы фырт, 65-аздзыд, 6 июль, 1932 аз, Туатыхъæу Сатъат. Ныффыста йæ Боциты Барон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 122, папкæ 92.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |