Главная > Историон таурæгътæ > Урсдон куыд æрынцад ам

Урсдон куыд æрынцад ам


15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Урсдоны цæрæг адæм ардæм æрбалыгъдысты Сау денджызы былæй.
    Сæ раздзог уыд Оси-Бæгъатыр æмæ Кæсæг, Ногъайы æфсæдты ныхмæ йæхицæн самадта хæцæнтæ.
    Оси-Бæгъатырæн йæ ус уыд гуырдзиаг. Хуыдтой йæ Æхсин,уымæн йæхи номыл уыд стыр хуым (фæз). Ноджы фидæртты мидæг ис Æхсины бадæн, ома Æхсин-иу кæм бадт, уый.
    Ацы усæй Оси-Бæгъатырæн райгуырд иунæг лæппу, æмæ йыл ном сæвæрдтой Цъæхил. Оси-Бæгъатырæн йæ зæххы арæнтæ уыдысты дæлæрдыгæй: Бызыхъæу, Чъырамад. Фалæрдыгæй та — Нузалы фидæрттæ, Куырттаты комы та — Хилачъы фидæрттæ — иу къæдзæхæй иннæ¬мæ. Раджы заман ам цардысты Æмбалтæ, Цæллагтæ, Дзугатæ, Таутиатæ, Гутынатæ, Чеселтæ, Челæхсатæ, Айлартæ, Дзыгастæ, Дауыратæ, Суантæ, Дзбойтæ, Тъорæтæ, Гæркъиатæ (æдæппæт 200 хæдзары бæрц).

Ныффыста йæ Цæллагты Муссæ, 1932 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 122, папкæ 92, ф. 114

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru