Главная > Историон таурæгътæ > Раджы заманы Куырттаты комы

Раджы заманы Куырттаты комы


15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Раджы заманы Куырттаты комы цæрæг нæ уыди. Æрмæст дзы цардысты Томайты æртæ 'фсымæры: Тома, Беккуызар, Дзго. Сæ фыды мулк дих кæнын куы райдыдтой, уæд Тома хайæн ницы райста, дур йеддæмæ, сæ фос-иу кæй разы хызтой. Дзго быдырмæ ралыгъди, Беккуызар та ацыди Уæлладжыры коммæ.
    Тома фыццаг бацыд Къорамæ, уым уыди тынг бирæ сагтæ. Сагтæ дыгъта æмæ-иу æхсыр дуры дзыхъхъы куы ныккодта, уæд-иу райсоммæ бацахсти. «Ам цæрынмæ бæззы», — ахъуыды кодта Тома æмæ дзы æрцарди.
    Гуырдзыйæ иу лæг – Цымыти – рацыди Куырттаты коммæ зæхх агурынмæ. Йемæ рахаста йæ дзаумæттæ дæр. Æхсæвæр кæнгæйæ-иу расаста дыууæ лæдзæджы, йæ къæрта сыл æрцауыгъта æмæ афтæмæй хæринаг кодта.
    Райсомæй йæ фæндаг амонынмæ къæцæлтæ акъæдз кодта, афтæмæй дарддæр цыди. Цымыти æрцахста комы зæххытæ. Цымыти уыди æцæг лæг, фæлæ тынг уарзта загъд, хъуыр-хъуыр кæнын. Йе 'фсымæр Куыртта та уыди мæнгард, гæды лæг, æмæ йæ Цымыти ратардта комæй.
    Иухатт Хъæриуы рæбын йæ фос хизгæйæ Тома федта иу сылгоймаджы æмæ дзы фæтарсти (уый тыххæй æмæ йæ разы адæм нæ уыди), фенхъæлдта йæ хæйрæг. Сылгоймаг ын загъта:
    — Мæ лæг Цымытийы агурын æмæ мын æй бацамон.
    Тома йын дзуапп радта:
    —Мæ фæстæ цу, фæлæ мæм дæхи ма 'рбахæстæг кæн.
    Ус йæ фæдыл цыди, æмæ бахæццæ сты Хъæриуы фарсмæ.
    Тома схъæр кодта Цымытимæ æмæ йын бамбарын кодта хъуыддаг, фæлæ уый загъд систа æмæ бафарста сылгоймаджы номæй. Ус йæхи схуыдта Када. Цымыти загъта:
     —Хæстæг мæм æй ма 'рбауадз. Гуырдзыйæ ардæм цæугæйæ æнæ искæуыл фембæлгæ нæ уыдаид æмæ мæ нал хъæуы.
    Ус ныккуыдта, æмæ та Тома Цымытимæ схъæр кодта. Цымыти бацамыдта Кадайæн цæрынæн бынат (фæлæ иумæ нæ цардысты), æмæ Тома аздæхти. Къадаты доныл ус скодта куырой æмæ афтæмæй царди.
    Иуахæмы Кадайы зынг ахуыссыди, æмæ Цымытийæ куырдта. Цымыти загъта:
    — Рауай, фæлæ мæм дæхи ма 'рбавдис. Æз та цæуын ме 'фсымæрмæ бæрæггæнæг æмæ мæ зынгмæ дæр дæ цæст фæдар.
    Куы æрыздæхти, уæд федта, Када йын йæ хæдзармæ хорз касти, уый.
    Ноджы Кадамæ куырой уыди (уый хаста бирæ пайда), æмæ Када æрцарди Цымытиимæ.
    Хъæу сси Къадаты хъæу, бинонтæн райгуырди цот. Алырдыгæй адæм лидзын райдыдтой коммæ.
    Куыртта цы комы царди, уый та йæ номмæ гæсгæ сси Куырттаты ком.

Радзырдта йæ Къарджиаты Царицæ Гадзыбейы чызг, 69-аздзыд, 1 июль, 1983 аз, Курттат. Ныффыста йæ Цакъоты Ларисæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru