Главная > Историон таурæгътæ > Дзæуджы хабар

Дзæуджы хабар


15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Бигъуылаты Дзæуг Тменыхъæуы царди, ныр дæр ма йæ мæсыг лæууы Тменыхъæуы сæрмæ. Дзæуг быцæу уыди Хъобаны æлдæрттимæ, Хъаныхъуатимæ, афтæмæй семæ фæтуджджын. Дзæуг—комы хуыздæр цуанон, амардта йе 'фхæрæджы.
    Тыхджын мыггагæй туджджын уæвгæйæ фæлыгъдис йæ райгуырæн хъæуæй. Йæ хистæр æфсымæримæ иу аз фæцард Къобы йæ зонгæтæм. Уый фæстæ алыгъд Арвыкомы дымæгмæ æмæ æрцардис йæ кæстæр æфсымæримæ Терчы рахиз фарс, бæрзондыл.
    Дзæуг æппæты фыццаг цы хæдзары къуым сарæзта, уый уыдис, ныртæккæ Къостайы номыл ирон литературæйы музей кæм ис, уыцы ран.
    Уый фæстæ Дзæуджы фарсмæ æрцардысты йæ санибайаг хæстæджытæ — Байатæ, Хъабантæ, Смайлатæ æмæ æндæртæ. Уыцы хъæуыл баззади Дзæуджы ном — Дзæуджыхъæу.

Радзырдтой йæ Цырыхаты Алыксандр Дзибойы фырт, 68-аздзыд, Куырттаты ком, Уæллаг Хъæни; Бигъаты Дзамболат Афæхъойы фырт, 79-аздзыд, Джызæл.
Цырыхаты Алыксандр Дзæуджы хабæрттæ фехъуыста йæ фыд Дзибойæ, уый та 1930 азы амард, 116-аздзыдæй.
Ныффыстой йæ Наниты Б. æмæ Мякинин В.
«Ирон адæмон аргъæуттæ», III том, сарæзта йæ Биазырты Александр, Цхинвал, 1962, ф. 256.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru