Главная > Историон таурæгътæ > Биазты Сæбанон

Биазты Сæбанон


15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Биазтæ цардысты Дыгургомы Нары... Иуахæмы адæмыл бахæцыд цавæрдæр емынæйы низ, æмæ хъæугай, комгай мардысты. Фесæфти Биазты мыггаг дæр. Фæстагмæ ма дзы баззадис Биазтæй сæ чындзытæй иу, Сæбанон, зæгъгæ, йæ сывæллон йæ гуыбыны, афтæмæй, Сæбанонæн йæ тиу, æмæ ма иу зæронд ус. Уалынмæ фæрынчын уыцы зæронд ус дæр æмæ йæ мæлæты размæ афтæ зæгъы: «Сæбанонæн-иу зæгъут — мæ фос, мæ хæдзармæ мын-иу йæ цæст фæдарæд». Амард уый дæр. Ууыл бирæ нæ рацыдаид, афтæ Сæбанонæн йæ тиуы амардæуыд мулчы фæдыл. Сæбанон иунæгæй мыггаджы быныл баззад.
    Иуцасдæр рæстæджы фæстæ Сæбанонæн райгуырд лæппу, æмæ зонд-джын ус хъуыды кодта, мæ лæппуйы кой мæ туджджынты хъустыл куы 'рцæуа, зæгъгæ, æмæ уыдон куы тæрсой, куы бахъомыл уа, уæд нæ йæ туг куы агура. Уымæ гæсгæ загъта: «Цалынмæ ницы бæллæх æрцыд, уæдмæ сын ской кæнон, мæ туджджынтæ кæй сты, уый», æмæ цæм барвыста, зæгъут сын, Биазты Сæбанон йæ тиуы туг агуры, зæгъгæ.
    Фæлæ уыцы туджджынтæ, хæрам адæм, сылгоймаджы ныхæстæ ницæмæ æрдардтой. Сæбанон уый куы фехъуыста, уæд сæ рагон гæнахæй йæ хицæутты гæрзтæ райста æмæ Мæцыты фале Амырханы хиды уæле хохы дагъы æрбадт, йæ туджджынты рацæуынмæ æнхъæлмæ каст.
    Уалынмæ туджджынтæ сæ хъал бæхтыл сæ фырхъалæй сæ сæрæй хъазгæ рацæуынц. Уæд сæм Сæбанон дзуры хохы дагъæй:
    – Гъей, дæлæ хъал мыггаг, æз Биазты Сæбанон дæн, мæ тиуы туг нæ ныууадздзынæн...
    Ныхасимæ хъримаджы гæрах комы нарæджы ныййазæлыд. Тудж-джынтæ гæрзтæ нæ систой. Сæ худтæ систой æмæ загътой:
    — Мауал нæ фехс. Сылгоймаг уæвгæйæ дæм лæджы хъару æмæ 'гъдау ис. Мах дæ разы нæхи нымайæм аххосджыныл. Ирон æгъдауы цы баззадис, уымæй æгъдау уыдзæн...
    Дыггаг бон комы дзырддзæугæдæр лæгтæ Биазты дуары цур æрлæууыдысты туджджынты фидауынгæнæг. Бафидыдтой, бафыстой йын лæджы мард, 'рбаскъæрдтой бирæ фос, радтой йын мулк.
    Сæбаноны иунæг лæппу бахъомыл и, ус ын æрхаста (Хъамболты чызджы), æмæ йын райгуырди авд фырты. Афтæмæй та фæстæмæ смыггаг сты Биазтæ.
    Биазты Сæбанон æрдзон хъаруйæ тынг хайджын уыд. Иуахæмы Сæбанон хæдзар кодта æмæ хæдзаргæнджытæ баххуырста. Уыдон æвæрдтой дуары сæрмæ дур æмæ йæ цалдæр лæгæй нæ фæрæзтой. Уæд сæм Сæбанон дзуры:
    — Мæнæ уал исты къæбæр ахæрут æмæ кæд уæ зæнджы магъз фæфидардæр уаид.
    Лæгтæ къæбæр хæрынмæ куы бацыдысты, уæд Сæбанон йæ даргъ къабайы фæдджитæ йæ сины фæсагъта æмæ стыр дур йæ бынаты сæвæрдта.
    Абон дæр уыцы дурмæ бирæтæ бацамоны, уый Биазты Сæбанон сæвæрдта, зæгъгæ.

Радзырдта йæ Айларты Гаспо, 52-аздзыд, 1975 аз, Алагир. Фе¬хъуыста йæ Салхъазанты Хъуыбадыйæ, 157-аздзыдæй, Уæллагкомы Гæлиаты хъæуы цæрæгæй. Ныффыста йæ Уырымты Ритæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, № 52.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru