Главная > Историон таурæгътæ > Тамарæйы, Оси-Бæгъатыры усы таурæгъ

Тамарæйы, Оси-Бæгъатыры усы таурæгъ


15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Тамарæ уыди гуырдзиаг паддзах, æмæ йæ мой, гуырдзиаг мæличчытæй, амарди. Гуырдзыстон ын мой кæнын кодтой, Гуырдзыстон паддзахæй куыд нæ фæцух уа, афтæ. Фæлæ мой кæнын нæ куымдта Тамарæ. Куынæуал æй уагътой, уæд сын загъта:
    — Ацæут алы бæстæтæм æмæ æрхонут, не 'мхуызон адæмæй мын мой скæнын аккаг чи у, ахæмтæ; акæнут сæ Калачы уынгты æмæ размæ чи цæуа æнæ исчердæм фæкæсгæйæ, уый-иу мæнмæ ракæнут.
    Æрæмбырд кодтой лæгтæ се 'мхуызон адæмтæй æмæ сæ Калачы уынгтæм ракодтой. Иууылдæр алырдæм ракæс-бакæс кодтой, æрмæст Оси-Бæгъатыр дис ницæуыл кодта. Уæд æй мæличчытæ ахуыдтой Тамар- Дудупалмæ.
    Тамар-Дудупал æй фæрсы:
    — Калачы дуканитæй цы бацыдис дæ зæрдæмæ?
    Оси-Бæгъатыр ын загъта:
    – Армæй хорз хæзна — урс фæринк кард.
    Уæддæр Оси-Бæгъатырæн дæр нæ куымдта Тамар-Дудупал. Æмæ уæд мæличчытæ сфæнд кодтой:
    — Уæдæ йæ нозты хъæстæ фæкæнæм æмæ кæд фæрæдиид.
    Æмæ йæ куывдмæ акодтой, нозт ын бадардтой, æмæ куы бахъæлдзæг и, уæд фæрæдыд æмæ фæци Оси-Бæгъатырæн йæ буары хъæстæ, афтæмæй йын баззадис Тамар-Дудупал бинонтæн.
    Тамар-Дудупал мой скæныны размæ ахæм тыхджын паддзах уыди, ахæм уæздан, æмæ йæ рахиз уæны сыгъзæринæй крест, йæ сæрыл сыгъзæрин гоцора, афтæмæй райгуырди. Хур куы 'рбакасти, уæд Тамар-Дудупал йæ дзаумæттæ хуры тынтыл байтыдта, æмæ сæ хур урæдта, зæхмæ нæ хаудысты.
    Фæлæ Оси-Бæгъатырæй куы смой кодта, уæд ын хур дæр йæ дзаумæттæ нал урæдта, æмæ зæхмæ хаудысты.
    Оси-Бæгъатырæн Тамар-Дудупалæй райгуырди дыууæ лæппуйы: Давид-Сослан æмæ Алгъуыз.
    Оси-Бæгъатыры куы амардтой, уæд ма бирæ азтæ дыууæ лæппуйы паддзахад кодтой.Уыдон басастой суанг Ростовы онг шах-паддзахы, сæ цæрæнбынат æркодтой Доны æмæ Днепры, фæлæ уым бирæ нæ ахастой, фæйнæрдæм ахæлиу сты. Æмæ сæ шах-паддзах (Гречъы паддзах) фæцагъта: кæй уацары айста, кæй маргæ акодтой.
    Оси-Бæгъатыры размæ ирон адæмæй паддзахад кодтой фараст æмæ æртиссæдз паддзахы.
    Давид-Сослан æмæ Алгъуыз уыдысты фæстаг ирон паддзæхтæ. Шах-паддзах сæ Ростовы 'рдыгæй басаста æмæ уым хæсты амардысты. Сæ фæстæ та Тамар-Дудупал бирæ азтæ паддзахад кодта ирон адæмæн. Нузалы аргъуан дæр йæхицæн сарæзта, Къасарайы цы фидар ис, уый дæр Тамар-Дудупалы арæзт у.

Радзырдта йæ Хъайтыхъты Аслæнбег, 98-аздзыд, 21 июль, 1932 аз, Ход. Ныффыста йæ Джыккайты Е.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №23, папкæ 15, ф. 928—932.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru