Главная > Историон таурæгътæ > Гуырдзыйæн æххуысы фæдис

Гуырдзыйæн æххуысы фæдис


15 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Гуырдзыйы хъыгдардтой грекъ æмæ тæтæр. Бабырстой-иу Гуырдзыс-тонмæ, кодтой сæм богалтæ. Бахъуыды заман-иу гуырдзы агуырдтой Ирæй æххуыс.
    Иуахæмы та гуырдзы куырдтой æххуыс Ирæй, тæтæр сæм куы æрба-бырстой, уæд. Хетæджы цотæй Нары Гоцъи уыд домбай æмæ хъæбатыр лæг, йæ ас гыццыл, бæзæрхыгарæзт. Уый тынг арæхсти кард, топп æмæ æндæр хæцæнгæрзтæй. Гоцъи ацыд Гуырдзымæ æххуысмæ.
    Гоцъиимæ ма уыд æндæр хæстон лæгтæ дæр Уæлладжырæй, Мамы-сонæй. Куырттатæй ничи уыд семæ уыцы заман.
    Цæугæ та тынгдæр уымæн кодтой Гуырдзымæ æмæ йæ зыдтой, тæтæр кæнæ æндæр исчи Гуырдзыйы куы басæттой, уæд сæ Ирмæ дæр кæй хъæуы, уый.
    Гоцъи йе згъæр хæдон байсæрста сасмы донæй, стæй йыл байзæрста змис, кард ыл куыд нæ хæцыдаид, афтæ. Адæм Чъребайы бæрзонд лæууæнтæ сарæзтой паддзæхтæн кæсынæн. Дыууæрдыгæй æрлæууыдысты знæгтæ. Æнхъæлмæ кастысты иугай хъазуаттæм рацæуынмæ. Иудзæвгар рæстæг нæ уыд зынæг иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр. Уæд Гоцъи ныхъхъæр кодта:
    – Æз цæуын, фæлæ мын мæ бæх раласут.
    Гоцъийы ныхмæ рацыд тæтæйраг богал. Гоцъи йын бар радта, цæмæй йæ фæнды, уымæй схæцынмæ: кардæй, топпæй, хъæбысæй. Тæтæйраг сразы ис кардæй хæстыл.
    Гоцъи æмæ тæтæйраг кæрæдзимæ бæхтæ батардтой, тæтæйраг кардæй æрсæрфта Гоцъийы, Гоцъи йæм нымæты бынæй фæдардта йæ уарт. Кард уартыл фæбырыд æмæ Гоцъимæ нæ бахæццæ. Уæд Гоцъи расæрфта кардæй тæтæйраджы, йæ ронбастыл æй дыууæ дихы аха-уын кодта æмæ йе 'рдæг зæхмæ æрзæбул. Гоцъи æмæ йе 'мбæлттæн ракодтой лæвæрттæ.
    Гоцъийæн цы нуазæн балæвар кодтой, уый баззад сыкъатимæ Кочы-наты Акцизнæмæ (ольгинскæйагмæ).

Радзырдта йæ Мамиаты Леуан Сидæйы фырт, 70-аздзыд, Къостайыхъæу. Ныффыста йæ Бигъуылаты Барис, 1940 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф.231—232.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru