Главная > Историон таурæгътæ > Ногъай тауæрæхъ

Ногъай тауæрæхъ


16 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Ногъай æма Хъалмухъ адтæнцæ дууæ æнсувæрей цæуæт. Сæ хантæ дæр адтæнцæ æнсувæртæ. Хъалмухъ æрбадтæнцæ Терк-ордæг стур Цецени 'рдигæй, Ногъай ба — й' ардæг, Ир ба Дигори рæбунти 'ма Кæсæги. Дууæ дæр, Ногъай хан дæр æма Хъалмухъи хан дæр, æрцудæнцæ Ахъсахъ-Темури æфсæдти хæтдзæ. Ахъсахъ-Темур ой бæрцæ зиндзинадæ равардта хонхи цæрæг адæмтæн, æма нур дæр ма, æгæр ка бахуæруй, омæй фæззæгъунцæ: «Ахъсахъ-Темури хуæрд нæ бакодта», зæгъгæ.
    Цалдæнмæ Ногъайæн дæр æма Хъалмухъæн дæр сæ тухæ сæхемæ адтæй, уалдæнмæ хонхи адæмæн сæ бон неци адтæй, айдагъ унгæг кæмтти федæртти сæхемæ бацæун нæ уагътонцæ медæг хонхмæ. Ногъай адæм кустонцæ гъæди куст æма хуæнхтæй будурмæ неке уагътонцæ.
    Фал æрæгиау Ногъай хан æма Хъалмухъи хан нæбал федудтонцæ, 'ма сæ хъаруæ сæттун байдæдта. Уæдта сæбæл еминæ дæр растадæй, æма нур дæр гъæдрæбунтæ сæ уæлмæрдтæй идзаг æнцæ. Туппуртæ дæр æнцæ Ногъай конд сæ фулдæр.
    Йеу хатт ногъайаг æлдар гъæди куст куд кæнун кодта æ косгутæн, отемæй йеу рауæн галтæ гъæдласæ нæбал фæразтонцæ, æма адæми туххæй дæр тардта галти бæсти. Гъæди кустæй хъæбæрдæр неци сæттуй лæги хъаруæ, æма, цид, фæллад лæгтæ æхсæвæ сæ хæдзæрттæмæ æрцæугæй сæ остити хæтдзæ гъазун нæбал фæразтонцæ. Уæд йеу сæумæ йеу осæ, æлдар æй куд игъустайдæ, отемæй æй ралгъиста. «О, мæнæ гъæу, гъæууатæй дæ йеунæг Хуцау байзайун кæнæд, гал галеуæг кæми нæбал кæнуй, лæг лæгеуæг кæми нæбал фæразуй». Йе 'лгъистæ æлдарбæл æрцудæй. Знæгтæ Ногъайбæл сахидæнцæ, æма Ногъай æлдар æхе хонхрæбунтæй Æргиунгæгмæ райста. Гъæу кæми адтæй, йе хундтæй Хъæрагач, ома сау гъæдæ æма адтæй Орсдонбæл. Ой номбæл байзадæй Хъæрæгъæс нур дæр Орсдонбæл.

Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег, 1906 аз, январь. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 13, папкæ 6, ф. 9–10.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru