Главная > Историон таурæгътæ > Цъамад æмæ Сахы æфсæдты хæст

Цъамад æмæ Сахы æфсæдты хæст


16 ноября 2011. Разместил: 00mN1ck
    Дардыл айхъуысти, Цъамады кæй ис фидар хæцæндон, йæ бон кæй никæмæн у ацы фидар байсын.
    Уымæ гæсгæ сæм Куырттаты комæй æфцæгыл æрбахызт Сахы æфсад æмæ хæцынтæ самадта Цъамады хъæбатыр мæсыгæй хæцджытимæ. Иурæстæг, Цъамады мæсыгæй чи хæцыд, уыдонмæ нæмыг, топпыхос нал уыд. Æрмæст ма хæцыдысты армы дурæй.
    Сахы æфсæдтæ-иу сæ сæрыл кау сæвæрдтой, афтæмæй фæцæйбырстой мæсыгмæ.
    Уæд сæм-иу мæсыджы хæцджытæ дуарæй даргъ хъайван рауагътой, йæ бырынкъыл æфсæн конд, афтæмæй. Каумæ-иу æй быцæу фæдардтой æмæ-иу ыл рахæцыдысты, афтæмæй-иу Сахы æфсæдтæ былæй ракалдысты.
    Уæд Сахы æфсæдтæ мæсыджы хæцджыты ныууагътой æмæ рацыдысты дарддæр. Алардыйы кувæндон кæм ис, уырдыгæй сæм дарын байдыд¬той хурсудзæн æвгтæ.
    Мæсыгæн йæ чъыр, йæ дуæрттæ судзын райдыдтой. Цъамады мæсы-джы хæцæг адæм фæтарстысты æмæ урс тырыса сдаргæйæ сæхи радтой Сахы æфсæдтæн. Уый фæстæ Сахы æфсæдты куыд фæндыд, афтæ бакодтой. Бирæ адæм цагъды фæцис, бирæйы дзы семæ акодтой. Ацы хъæуы сæрмæ ныртæккæ дæр ис фæндаг, хонынц æй Сахы фæндаг.

Радзырдта йæ Черчесты Джеорджи Знайы фырт, 95-аздзыд, 23 июль, 1932 аз, Цъамад. Ныффыста йæ Цæллагты Муссæ.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23—1, папкæ 15, ф. 168—169.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru