(вариант) Тотæраз цардæй Турсуй коми, Далæ Заманхъулмæ ралигъдæй. Заманхъули гъонгæс ниллæудтæй, Хъусати Хъасай адтæй æ фусун, Насирани мæнæутæ бахуардтонцæ æ фонс, Йе 'рдхуард адтæй Насирани мæнæугæс, Къуда гал æргъауæн биндзсорæг. «Гъæйдт, гæбæр ирон, æз дин еу баниуазун кæндзæнæн!» «Мæнæн еу ка баниуазун кæна, æз ба уомæн дууæ баниуазун кæндзæнæн, ме 'рдхуард!» Уæд æй рамардта. Насирани еци хабар исæмбалдæй, Йе 'намондтæй дууадæс бæхгини равзурстонцæ. Цæуæнтæ, æнсувæртæ, Иристонæй фонс æрбакæнæн. Насирани хеди гъоси еу саударæг уосæ, Æ галеу къохи – æ къохмæрзæн, Æ разес къохи ба – ниуазæн: «Ирон лæгæй мин мæ лæги тог ка райса, Уомæн ме 'ртæ кизгемæй барæ ратдзæнæн». Еуæндæс бæхгини имæ фæрсмæ дæр нæ ракастæнцæ. Еу гæбæр бæхгин ба: «Æз дин ирон лæг дæ лæги цирти сæргъи нивгæрддзæнæн». Рандæнцæ. «Зæронд, нæ хæтдзæ рацо киндзхон, Нæ кæстæртæ дæ нæ ниууадздзæнæнцæ, мах хæтдзæ ку нæ рацæуай, уæддæр». Гæбæр бæхгин æ фæсарцæ багæлста зæронд лæги. Никкудтæй кизгау; «Иристон ходуйнаг фæккодтон». Æ фарсæй йин æ дамбаца фелваста, 'Ма йин æй æ тæккæ фæсонти фæккодта, Фæрсæрдæмæ 'й рагæлста саргъæй, æхуæдæг ба саргъбæл рабадтæй. Дууадæс бæхгини гæрæхтæ кæнун исамадта сæхе дамбацайæй, 'Ма си æхсæз рамардта, Æхуæдæгка æхсæз бæхей устур кæрдтуй коми исбаста. Æхсæз лæги ба фæрсæй тамаку думдтонцæ хъантæй, Æхецæн дæр йин æ уæраги сæр фæццæф кодтонцæ, Æ фусунмæ уодагъайтæгæнгæ нихъхъæрттæй туххæй. «Хъасай, уæлæ гиауртæ бахуардтонцæ». «Кæд неци бакодтай, уæд дæ сабитæ Арæхъи къæбæргорæй берæ фæххæтдзæнæнцæ». «Уæлæ устур кæрдтуй коми кæрдтуй бæласи буни æхсæз бæхи æд идæнттæ, Æхсæз лæги ба хъæнттæй фæрсæй тамаку думунцæ». Æ фусун Хъусати Хъасай сæумæй кæрдтуй коммæ исмедæгæй Æма æцæгдзинадæй æхсæз бæхи æд идæнттæ æрбаласта. Йе 'рцудмæ Берозти Тотæраз æ уод исиста, рамардæй. Хъæбæр хуарз хист ин искодтонцæ. Уæлмæрдтæмæ 'й рахастонцæ, цирти 'й æривардтонцæ. «Рохсаг уо, Тотæраз. Дæ сабитæ бустон дзæгъæл нæ байзадæнцæ», – Хъусати Хъасай йин загъта.
Радзырдта йæ Хъыбызты Смел, 18-аздзыд, 13 август, 1927 аз, Дымтæ. Ныффыста йæ Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №15, папкæ 82, ф.222–223.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |