Уæй, уæрæйдæ, Уæй, уæрæйди-райди, уæйтæ! Хохы цуанон сау зым амардта, Илаты Дзыбыртт сауджыны амардта. Далæ Сæнæг дон-дон æрбацыди, Йембал Дзитдзайы лæппу та йыл комдзог рацыди. Чехойты Цопан Дзæуæджыхъæуæй Бадмæ æрбацыд, Бадмæ æрбацыд, Уæй-уæй, уæй-уæрæйди, рæйди-уæйтæ! Илаты Дзыбыртты куы 'рцахстой, уæд ауындзæнмæ Заргæ æрбацыди, Заргæ æрбацыди.
Радзырдта йæ Туаты Батырадз, 25 август, 1928 аз, Туалгом, Цми. Ныффыста йæ Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, 15, папкæ 8, ф. 268.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |